21 декабря 2024

МÆНГÆФСÆРМИ ÆМÆ Æ ЗÆРАН

27.05.2023 | 21:48

ГАССИТИ Хсари конд хузæ.

Сауæнгæ недзамантæй райдайæ æма берæ æности дæргъи нæ адæммæ уæлдай табуйаг адтæй æфсармæ… Цæйбæрцæбæл арф гъуди, цæйбæрцæбæл устур тухæ ес нæ адæми аци зæрдирай менеуæги!.. Нæ адæмон  æфсармæ ци ’й, зæгъгæ, уæхæн фарстайæн æнхæст дзуапп раттунæн, æнæмæнгæ, багъæудзæнæй устур зонадон куститæ ниффинсун, уомæн æма е æй берæвæрсуг æма вазуггин уодварнон гъуди. Хуæрзцубурæй ба ин дзуапп раттæн ес уотæ: æфсармæ ’й еумæйагæй  не ’гъдæуттæ, адæмондзийнади цитгийнаг æма домæнтæ ездонæй, федауцæй, зæрдæмæдзæугæй, рæсугъдæй æнхæст кæнун.

Æфсармæ кæмæ ес, е æй æцæг намусгин адæймаг. Уæхæн адæймæгути сорæттæ хъæбæр ахид æвдист цæунцæ Нарти кадæнгити, нæ адæмон исфæлдистади, нæ финсгути уадзимисти.  Æфсармæ ’й нæ адæми хуæздæр менеугутæй еу.

Уотæ фæззæгъунцæ: æгъдау æма, дан, æфсармæ адæймагæн æ хæццæ еумæ райгурунцæ; етæ еу фæлтæрæй цæунцæ иннæ фæлтæрмæ, хестæрæй сæ сæ царди развæндагамонæгæн райсунцæ кæстæртæ, етæ ’нцæ нæ адæми уодигъæди æнæфинст федар закъæнттæ. Нæ царди медæги кæд æма кæми нæ гъæунцæ, æвæдзи, уæхæн рæстæг æма уæхæн рауæн нæййес.

Æфсармæ кæмæ ес, уомæ æгъдау дæр ес. Æфсæрмигæнагæ адæймаг фæууй кадгин, адæмæн – уарзон. Уой хæццæ ба адæми ’хсæн хъæбæр æгадæ ’й æнæфсармæ адæймаг. Æ цæсгон æведауцæй ка исуадзуй, уобæл адæм сæхе ратегъæ кæнунцæ, æ хæццæ некебал лимæн кæнуй, алкедæр си æхе еуварс ласуй.

Æгъдау нæ адæми уодиконди сæйрагдæр менеугутæй ке ’й, е бæлвурд æй, нæ рагфидтæлтæй нæмæ ци курухон зæгъдтитæ æма хабæрттæ æрбахъæрттæй, уонæй дæр. Хумæтæги нæ зæгъиуонцæ æма ма нур дæр нæ кувдтити нæ фæззæгъæн: «Не ’фсармæ  нин Хуцау макæд байсусун кæнæд!..» Адæм æгъдауи фæрци адтæнцæ кæрæдзебæл æновуд, æнгон баст, кæрæдзей хъаурæй хъаурæгин, кæрæдзей нифсæй – нифсгун. Æфсармæ дууердæмæ ’й: ескæмæй ка ’фсæрми кæнуй, ескæмæн багъæуаги зæрдиагæй ка балæггадæ кæнуй, е æхецæй æфсæрми кæнуй, е æхецæн лæггадæ кæнуй. Æхе ка нæ уарзуй, уæхæн уогæ дæр нæййес. Фал еци хеуарзондзийнадæ дæр æфсарми бундорæй ирæза. Æма дин адæм цæмæй зæрдиагæй лæггадæ кæнонцæ, адæм ди цæмæй æфсæрми кæнонцæ, уой туххæй ба син дæхуæдæг дæр рæстзæрдæй лæггадæ кæнæ, дæхуæдæг дæр си æфсæрми кæнæ.

Нæ адæм цæргæ-цæрæнбонти дæр кади фæдбæл сауæнгæ сæ цард дæр ма раттиуонцæ – е нæ тоги æй, е нин нартæй байзайгæ æгъдау æй: ходуйнаги бæсти мæлæт равзарун, уæхæн зундирахастбæл хуæст лæг æхецæн кадæ кæнуй.

Æ адæми æгъдæуттæн æцæгæй аргъ ка кæнуй, хæзнати хæзна кæмæн æнцæ, е сæмæ деголæ некæци хузи фæккæнуй, еци æведауцæ миуæ æ сæрмæ нæ хæссуй, уони дæр æма æхе дæр нæ æгадæ кæнуй. Фал кæмæндæрти ба еци миуæ иссæй сæ сæйраг куст – еудадзугдæр не ’гъдæутти агорунцæ гъæнтæ æма федиссæгтæ, еудадзугдæр сæ кæнунцæ фаугæ. Алли адæм иннæ адæмтæй хецæн хуз фæддаруй æ бундорон рæсугъд æгъдæуттæй. Уонæн аргъ ка нæ кæнуй, е син гъæуама сæ кой дæр æгириддæр ма кæна, уомæн æма сæ нæ лæдæруй, уæдта сæ балæдæрунмæ дæр нæ тундзуй, нæ имæ гъарунцæ.


ÆРГОМ ЗАГЪД

Цæликкати Ахмæт (1882-1928), æхсæнадон архайæг, финсæг, публицист:

– Ирон лæг æцæгæлон адæймаги æ хæдзарæмæ æрбахонуй æма ’й хуарз фæххинцуй. Æнгъæлетæ, стонг адæймаги бафсадуни туххæй? Нæ, æ гъуди бустæги æндæрбæл æй – кæддæр æма кæмидæр си иуазæг раппæлдзæнæй: Тотраз кенæ ба Сослæнбеги хæдзари мæ куд дзæбæх исиуазæг кодтонцæ! Кадæбæлмард фусун…

Тугъди будури иристойнаг лæгæн е ’мбæлттæ размæ ку æмпурсонцæ, уæд æй нæ бафæнддзæнæй кæмидæр фæскъилдуни бæхтæрæгæй байзайун. Цийфæнди ку тæрса, уæддæр тугъди будурмæ тундзуй:

«Æз иннетæй æгудзæгдæр дæн? Еске ми, «Фæстеггæй æхе баримахста», зæгъгæ, куд гъæуама зæгъа?» Ходуйнаг…

Лæг æ фæстаг стори равгæрдуй хистæн æма гæвзуккæй байзайуй. Мадта! Адæм уотæ ку зæгъонцæ: «Æ мæрдтæ ци бахуæронцæ, е син нæййес!..» Ходуйнаг…


Уотæ нæ зæгъун, æма не ’гъдæуттæ еугурæйдæр бустæги æнæлазæ ’нцæ, фæстезаддзийнæдтæ æма нæгъæугæдзийнæдтæ си нæййес. Ес си æма сæ райеуварс кæнунбæл ба рæстуодæй æма рæстзундæй архайун гъæуй. Фал уæддæр не ’гъдæуттæ еумæ райсгæй ба еудадзуг разгелæ-базгелæ кæнун нæ гъæуй. Царди домæнтæн си дзуапп кæцитæ нæбал фæддæттунцæ, етæ сæхуæдтæ минкъийгай феронх унцæ, цард сæ райеуварс кæнуй.

Фал нин нæ дзæбæх æгъдæуттæ иннердæмæ ка кæнуй, уони нихмæ дзорун дæр гъæуй æма тох кæнун дæр æргомæй, цæстуарзонæй, адæми идарддæри цардбæл, не ’гъдæутти карнæ æма исонибонбæл гъуди кæнгæй. Махæн нæ адæмæн æфсармæ алкæддæр нæ сæрустурдзийнадæ ке адтæй, уомæ гæсгæ ба гъæуама абони дæр æма исонибони дæр нæ еци сæрустурдзийнадæ нин бæрзонддæр унæй уæлдай ниллæгдæр ба æгириддæр ма кæна.

Кадæмæ бæллун  ходуйнаг нæй, кадæ бæрзонддæр æма хуæздæр кæнун растауйнаг, фæнзуйнаг гъуддаг ке ’й, уой ку лæдæрай, уæд. Фал, гъулæггагæн,  фулдæр уотæ дæр рауайуй, уæхæн домæнти фæсте сæхе римæхсунцæ хъалтаг, æнæнвæрсон, хестауагæ, нецæййаг, ихæлд зундбæл хуæст адæймæгутæ. Етæ сæ лæгъуздзийнæдтæ, се ’цæг цæсгон фулдæр хатт фæрримæхсунцæ мæнгæфсæрми аууони, цæмæй сæ мæнгард миутæ ма раргом уонцæ, уой туххæй.

Мæ дзубанди дæр æй, æцæг, нæ адæммæ бæрзонд цæстиварди æфсармæ æгадæ æма ходуйнаг ци кæнуй, уой фæдбæл – мæнгæфсæрмибæл. Мах адæми цардиуаги  æфсæрмийæн æгириддæр еумæйагæй неци ес мæнгæфсæрми хæццæ, кæд мæнгæфсæрми æхе æцæг æфсæрмий хузи февдесуй, уæддæр. Мæнгæфсæрмийæн уой бæрцæ сосæг, римæхст хузтæ æма менеугутæ ес, æма син кæрон дæр нæййес. Сæ еугуребæл еу уаци æрдзорунæн фадуат нæййес, фал си еуцалдæрей кой ба искæнæн.

Мæнгæфсæрми адæмæн фидбилиз, зианхæссæг æй, æма имæ уæлæнгай цæстæй кæсæн нæййес. Мæнгæфсæрмийæй æ уодæн æцæг знаг ка исуй, етæ берæ ’нцæ. Æ уацари ахиддæр бахаунцæ æнæбон, æгудзæг, æнæсæрфат, фæлмæнвад, æфсæрмдзаст, æууæндагæ адæм. Дæхе сæмæ бахатæ, æма дин алцæбæлдæр исарази уодзæнæнцæ, æнæ сибирттæй исæнхæст кæндзæнæнцæ алке дзурд дæр. Æфсæрмибæл бахуæрдзæнæнцæ хъилма дæр, баниуаздзæнæнцæ еминæ дæр. Е циуавæр æфсæрми æй? Нæ, е æфсæрми нæй, е мæнгæфсæрми æй!.. Е лæгдзийнадæ нæй, е тæрсундзийнадæ ’й…

Дæхебæл ку нæ ауæрдай, дæхе ку нæ гъæуай кæнай, уæд дæбæл ка гъæуама ауæрда, ка дæ гъæуама гъæуай кæна?!. Ци дин нæ бæззуй, уой хуæрун, уой ниуазун æй ескæмæй æфсæрмибæл мæнгæфсæрмæ. Æфсæрмибæл дæхе цæмæн сæйгæ кæнис, цæмæн марис? Ке гъæуй еци æфсæрми? Кæмæн си ци пайда искæндзæнæ? Уæхæн мæнгæфсæрми берети бабун кодта. Маргæ дæ ка кæнуй, уомæй цæмæн гъæуй æфсæрми кæнун? Мæнгæфсæрмийæй дæхе маруни бæсти исистæ еци фингæй æма дæ хæдзарæмæ рандæ уо æнæфидбилизæй.

Мæнгæфсæрми нæ адæммæ рагæйдæр ходуйнаг адтæй, æгади бунати адтæй уæхæн адæймаг. Уой туххæй ибæл æргъуди кодтонцæ, æмбесæндтæ…

«Кадæр фиййау цæун æ сæрмæ нæ хаста, æ мизд есунæй ба æфсæрми кодта…»

«Кадæр фурæфсæрмийæй æ къере къæйæбæл ниууагъта».

«Æфсæрми хуарз æй, æгæр æфсæрми – ходуйнаг». «Фурæфсæрми – æнæфсæрми». «Æфсæрмибæл догъи ма цо»…

Еци фурæфсæрми мæнгæфсæрми æй. Лæг си æхе æгадæ кæнуй, ходуйнаг кæнуй. Дæ бон ци нæй, уой ку кæнай адæми цæстæмæ, уæд е дæр мæнгæфсæрми æй.

Иннæ мæнгæфсæрми ба е æй, æма кæмæдæр гæсгæ, кедæр фæнзгæй тухархайд, дæ бон ци нæй, уой ку кæнай. Кæмæ ес, е æ хъалæй хъайла цæгъдуй, æ зæронд мæрдтæн дæр догъ уадзуй. Æма, кæмæ нæййес, е дæр æхе уонæбæл ку бара, æфсæрмибæл уони ку фæнза, уæд си ци рауайдзæнæй? Неци!.. Æхе фегадæ кæндзæнæй, адæм ибæл ходдзæнæнцæ. Дæ къох куд амонуй, дæ бон ци ’й, уой ку кæнай æгъдаубæл, уæд зунд кæмæ ес, е дæбæл нæ нихходдзæнæй, нæ дин бауайдзæф кæндзæнæй, зæрдæй дæ балæдæрдзæнæй. Зунд кæмæ нæййес æма рæстдзийнадæ лæдæрунгъон ка нæй, уони гъуди ба нæмæ гъæуама цæмæн уа нимади!..

Хуæнхтæбæл, къæдзæхтæбæл цæун ка нæ зонуй, е æфсæрмибæл айнæги тегъæбæл фæлтæрдгун альпинистти хæццæ бæрзонд, зин исхезæн хонхи сæрмæ исхезунмæ ку гъава, уæд си ци рамолдзæнæй? Нæ бафæраздзæнæй еци фæлтæрдгун альпинистти хæццæ æмхъаурæ  æма æмарæхстгин ун, не ’схъæртдзæнæй хонхи сæрмæ. Ка ’й зонуй, ескæцæй ма хаугæ дæр ракæна æма къæдзæхтæбæл ниппурхæ уа.

АБИСАЛТИ Юрийи конд хузæ «Æрдхуæрдти зар».
Аци хузæ АБИСАЛТИ Юрий, æвæдзи, цийнæдзийнади фæдбæл исаразта. Фал уæмæ уотæ нæ кæсуй, цума нури рæстæгути нæ адæмæй кæцидæр хаййи сæри зунд уоййасæбæл никкуддæртæ ’й æма син цийнæдзийнадæй æма зиндзийнадæй уæлдай нæбал ес, мæрдæгъдауи сæхе æгæр «иссæребарæ» кæнунцæ æфсармæй, мæрдгинти хъонц æма зин сæмæ нимади æгириддæр нæбал фæууй…

Еци мæнгæфсæрмийæй дæхе цард, æма ма еске цард дæр тæссаг уавæри ку æвæрай, уæд е фудраконддзийнадæ ’й дæхе нихмæ дæр æма ма еске нихмæ дæр. Æма лæдæргæ адæймаг уæхæн æнæсæр миутæй гъæуама æхе гъæуай кæна.

Мæнгæфсæрмий хузтæй еуетæ ба ’нцæ козбау миутæгæнгути «лæггæдтæ». Цъухæй дæ дессаг берæ уарздзæнæнцæ, цæстæмæ миутæ, цæстæмæ дзубандитæ дин кæндзæнæнцæ, сæ зæрди ба дин нимайундзийнадæ мисхали бæрцæ дæр бунат нæ уодзæнæй: уæхæнттæ, сауæнгæ сæ мæрдти уодхæссæг кæмæй уинонцæ, уомæн дæр «лæггадæ» кæндзæнæнцæ. Сæ тундзундзийнадæ ’й айдагъдæр уомæ, цæмæй сæхе равдесонцæ, растауонцæ сæхецæй, кенæ сæ еске растауа: ци ’гъдау кæнунцæ, уой айдагъдæр сæхе номæн, айдагъдæр сæхе пайдайæн кæнунцæ. Айдагъдæр æхе уарзуни туххæй, айдагъдæр æхе æстауни туххæй ка архайуй лæггадæ кæнунбæл, уомæн æ цæстфæлдахæн миутæ, раги уа – æрæги уа, уæддæр раргом унцæ, адæм сæ базонунцæ – аци дуйнебæл сосæггагæй неци ес.

Еуетæ ба си сæхецæй туххæй дæр къере ковæг искæнунцæ, æма æнæнвæрсонæй, æсхъæл дзубандитæ кæнгæй ковунбæл исхуæцунцæ. Е адæми рази дæр, æма Хуцауи рази дæр тæрегъæд миуæ ’й, æбуалгъ миуæ. Хуцау билæскъелæй кувдтитæ, мæнгæ кувдтитæ барстæн нæ есуй, – айдагъдæр кæдзос уоди зæрдæбун кувдтитæ райсуй барстæн.

Æнæбайагурдæй хестæри бунати ка ’рбадуй, финги æгъдау ка исæзмæнтуй, уони синхбæстæ, гъæубæстæ нæ зонунцæ? Зонунцæ, фал сæ сæ еци мæнгæфсæрми æргомæй дзорун нæ уадзуй, гъома, æнæуагæ хестæрæн куд зæгъонцæ, хестæрæн ма исбадæ, зæгъгæ. Уобæл нæ гъуди кæнунцæ, æма еци хестæр кæстæрти дæр ихалгæ ке кæнуй, нæ адæми рæсугъд æгъдæуттæй гириз ке кæнуй. Æхуæдæг æгъдау ка ихалуй, еци хестæрæй æфсæрми кæнун нæ гъæуй, е мæнгæфсæрми æй, адæмæн зæранхæссæг гъуддаг. Хуарз æма уæхæн нецæййаг хестæрти нимæдзæ берæ нæй, æцæг курухон хестæртæ нæмæ фулдæр ес. Ес нæмæ уæхæн хестæртæ дæр, æма сæ карæмæ гæсгæ гъæуама цийни дæр æма зиани дæр финги хестæрæн бадиуонцæ, фал æргом фæззæгъунцæ, ковунмæ дæсни нæ дæн æма мин бахатир кæнетæ. Е дæр æгъдау æй, ездондзийнадæ.

Мæнгæфсæрми ахиддæр разиннуй мæрдæгъдæуттæ æнхæст кæнгæй,  кæндити рæстæги. Адæм, сæ кæрæдзей фæнзгæй, карзæй-карздæр кæнунцæ. Æвæдзи, гъуди кæндзинайтæ, Гæдиати Секъа æ уадзимис «Донæскъæфæни размæ хуцаубон»-и куд финсуй, уой: «Хуарз, зундгин адæмтæ архайунцæ, цæмæй сæ зиан тагъддæр феронх уонцæ, æма сæ цард цæмæй дзæбæхдæр кæнонцæ; мах ба нæ зиан иснæуæг кæнæн…» Кæрæдзей æфсæрмийæй саударæн бонтæ мæрдгинти цард бустæги баталингæ кæнунцæ айдагъ анзи дæргъи нæ, фал ма уой фæсте дæр. Уотемæй ба дзæгъæл хæрзтæ фулдæрæй-фулдæр кæнунцæ.

Кæрæдзей фæнзгæй, кæрæдзей æфсæрмæй нæ адæм кæнун райдæдтонцæ мæрдæхсæвæр. Раздæр æй уотæ кодтонцæ: æхсæвæ марди рази ка бадтайдæ, уони исæхсæвæр кæнунмæ кенæ синхæгтæмæ бахониуонцæ, кенæ ба син синхæгтæ, хеуæнттæ æрбахæссиуонцæ цæттæ хуæруйнаг… Мæрдгин хæдзари арт нæ кодтонцæ цалдæр бони. Уомæ гæсгæ  райгъустæй  силгоймæгтæй тасдзийнадæ ’вдесæг гъарæнгæ: «Мæ арт бауазал æй!..» Ци амонуй аци тарст гъæр? Хæдзарæбæл зиан ку ’рцæуидæ, уæд, цалинмæ мард е ’носон бунатбæл не ’сæмбæлун кæниуонцæ, уæдмæ си арт кæнун не ’нгъизтæй. Æма силгоймаг дæр, мæ хæдзарæбæл зиан ма ’рцæуа, зæгъгæ, уомæй тæрсгæй, уайсахат еци тарстзæрдæй исдзоридæ æвеппайди: «Мæ арт бауазал æй..!» Гъома, кæд нæбæл ести фидбилиз, ести зиан æрцудæй. Уотæ ку уидæ, уæд бауазал уидæ арт, хæдзари тохонайæй хъуæцæ нæбал цудæй. Хистæн ци гъудæй, уони дæр мардæвæрæн бони фунхтонцæ гъæунги, синхæгтæмæ. Дууæ-æртæ бони мæрдгин хæдзарæ адтæй уазал, æнæ арт.

Нур кæцидæр  хæдзарæбæл цалдæр зиани ку ’рцæуа, уæддæр беретæмæ  «арт бауазал æй» нимади дæр нæбал фæууй, уайтæккæ мæрдгин хæдзари къеретæ кæнун фæййагайунцæ, косарт ракæнунцæ, фингитæ хуæруйнаг-ниуæзтæй райдзаг кæнунцæ, æма, мард, куд фæззæгъунцæ, нæма æруазал уй, уотемæй бал еу хист рарæвдзæ уй, карз арахъæй кувдтитæ ( æндæр сæ куд исхондзæнæ, уæхæн уавæри еци финги сæргъи дзæнгæдатæ – Ред.) исахид унцæ. Е циуавæр æгъдау æй?.. Ке гъæуй æма цæмæн гъæуй аци мæрдæхсæвæр?..

Раздæр бадæнтæмæ (нур ба ’й мæрдæхсæвæр дæр хонунцæ) нæлгоймаг некæд цудæй – е хъæбæр ходуйнаг адтæй. Нæлгоймаг æхсæвбадæн ку нæ кæна, уæд æй цæй мæрдæхсæвæр гъæуй? Æ хæдзари нæ бахуæрдзæнæй æхсæвæр? Цæмæн байгъосæн нæ мæнгæфсæрмий фудæй губундзæлтæмæ, цæмæн бауадзæн уони мæрдгинти харзæй сæхецæн бабадт аразун? Æхецæн аргъ ка кæнуй, е уæхæн фингæбæл бадгæ дæр не ’ркæндзæнæй.


УОТÆ ДÆР ФÆУУЙ…

Курттати коми Барзигъæуи еу бийнонтæ сæ фидæн искодтонцæ æрæгвæззæги хист. Адтæй си æвгæрст дууæ æстори, дæс фуси, бæгæни фагæ, арахъ дæр берæ. Æнæгъæнæ комæй æрæмбурд æнцæ хист хуæрунмæ æма сæ бадт изæрмæ рахаста. Уæди рæстæги бадгути фингитæй æскъæфиуонцæ хисти хæйттæ. Еци изæр фиййæуттæй цалдæр лæхъуæни банæхстæр æнцæ хестæрти размæ, æма син сæ фингæй раскъафтонцæ гали сæр æма бæрзæй. Сæ фæдбæл ма бæргæ фæффæдеси ’нцæ, фал сæ нæ баййафтонцæ. Хестæртæ исхъаугъа ’нцæ, дзансахъ иситинг æй. Сæ еугурей хестæр карз æлгъист кодта: «Е ка адтæй, е мæрдти аци марди къæхти буни фæссæйæд!..» Уæд имæ æ фæстети бауадæй æ фурт æма ин æ гъоси бадзурдта: «Ма ’лгъетæ, Игко, бæрзæй мæнæ мæнмæ ’й…» Уæд фидæ загъта: «Аци марди хузæн фæууæд, мадта, кой дæр ма ’й ка искæна, е, мабал хъаугъа кæнетæ, банцайетæ, ниууадзетæ, хæлар син фæууæнтæ… Уæддæр ма си мæнæ нæ фагæ уодзæнæй…  Сæ барæ сæхе нæ кæстæртæн…»


Мæрдæхсæвæр искæнуни туххæй æ фæндæ ка фæззæгъуй, етæ æгириддæр мæрдгинтæбæл нæ мæтæ кæнунцæ, нæ син тæрегъæд кæнунцæ, фал, цума хъæбæр æфсæрми кæнунцæ, уотемæй сæхецæй искæнунцæ мæтæгæнагæ, унаффæгæнагæ, æгъдæуттæгæнагæ. Бакæсгæй, цума, мæрдгинæн уонæй æновуддæр хуæрзгæнæг нæййес, сæхе уотæ февдесунцæ. Уонæн ба сæ лæггадæ – мæнгæ лæггадæ, сæ æфсæрми – мæнгæфсæрми, сæ нисан – цæлæ кæнун.

Мæрдæгъдауи хæрзтæ нури хузæн берæ æма хъазар некæд адтæнцæ: мæрдгинтæй беретæн сæ бон балхæнун нæ фæууй косæрттæгтæ, аллихузон хуæруйнаг, ниуæзтæ уойбæрцæ мæрддзогойнæ адæми фагæ. Мадта ма син хистхуартæ уой хæццæ ба ма равгæрдун кæнунцæ косæрттæгтæ мæрдæхсæвæрæн, алли сабатизæри, дууинсæй бонемæн, анзи дæргъи мæрдти алли имисæн бони… Нури тухст царди цубуркъох уавæрти алке бон æй уæхæн устур хæрзтæ кæнун?.. Æма мæрдгин бийнонтæ ихæсти буни фæуунцæ. Уæд цæмæннæ расагъæс кæнæн: уотæ ке уодзæнæй, уой лæдæргæй, уæд, хуæрдæ-ниуæзтæй бафсæдæн кæмæн нæййес, уонæмæ цæмæн фегъосунцæ?..

Ами дæр бабæй мæрдгинтæбæл фæууæлахез æй сæ мæнгæфсæрми. Æма мæрдгинтæй сæ еци уæззау уавæри ка не ’фсæрми кæнуй, уомæ цæмæн гъæуй игъосун? Еци мæнгæфсæрми фидбилиз хæссуй. Алцидæр кæнун гъæуй федауцæй, æгъдауи рæстдзийнадæмæ гæсгæ, хъал миутæ некæми федаунцæ.

Æма еу мæнгæфсæрмий туххæй зиани æгъдæутти. Кæрæдземæй æфсæрми кæнунæй, кæрæдземæн æгъдау дæттунæй хуæздæр ма ци уа? Æцæг уой дæр кæнун гъæуй, æ бон кæмæн куд æй, уотæ. Синхаги фæдбæл цæун гъæуй цийнæмæ дæр æма зианмæ дæр, фал беретæн е сæ бон кæд нæ фæууй, уæддæр зæрдæходунæй тæрсгæй рандæуй. Фегъустон уæхæн хабар: тухст сæйгæ уогæй еу лæг æ синхаги фæдбæл рандæй æндæр гъæумæ зианмæ зуймон уазал рæстæги, уой фудæй  æй æ нез бустæги æрæлваста, æ хуссæнæй нæбал исистадæй æма цалдæр боней фæсте рамардæй. Цæмæн гъудæй еци мæнгæфсæрми еци адæймаги, синхаг æй, нæкæси, уадзгæ дæр ку нæ кодта? Мæнгæфсæрми ибæл фæууæлахез æй æма ’й мæрдтæмæ барвиста.

Хуарз æма берæ гъæути ес кадгин хестæртæ, æргомдзурд, зундгин унаффæгæнагæ, нæ ’нцæ «сæйгæ» мæнгæфсæрмийæй, кæстæрти дæр си гъæуай кæнунцæ; лæвархуартæн æрхуæстæнцæ сæ хорхбæл; нæбал сæ уадзунцæ æнæуагæ, æведауцæ, æнæгъдау миутæ кæнун нæдæр цийни бони, нæдæр зиани бони. Уæхæн арфиаг хестæртæ кæми фæуунцæ, уоми алкæддæр фæууй рæсугъд æгъдау, нæ си фæууй бунат мæнгæфсæрмийæн. Уони фæрци берæ рауæнти нæбал кæнунцæ мæрдæхсæвæртæ æма æндæр дзæгъæли хæрзтæ.

Æцæг æфсæрмигæнагæ адæймаг кадгин æй. Е мæнгæфсæрми, æгадæ, æнæсæрфат миутæ æ сæрмæ некæд æрхæсдзæнæй. Хуæдæфсæрмæ адæймаги хæццæ фембæлун, æ хæццæ радзубанди кæнун уодæн дæттуй æхцæуæндзийнадæ, тавуй адæймаги хори рохс тунти хузæн.

Нæ национ уодигъæдæбæл цæмæй ругæ ма бада, изгæ ибæл ма цæфса, уой туххæй арæхстгай пайда кæнун гъæуй нæ фидтæлти рæсугъд æгъдæуттæй, гъæуама сæ цæстигагуйау гъæуай кæнæн, иннердæмæ сæ ка кæнуй, уони æнæхъола миутæй. Гъæуайкæнуйнаг æнцæ нæ ездондзийнадæ, не ’фсармæ. Нæ еци æфсарми фарсмæ гъæуама бунат ма уа мæнгæфсæрмийæн.

ХЪЕСАТИ Валоди (1932-2015), æхсæнадон архайæг, публицист, финсæг