МАХЪОТИ САХЪ АЛИХАН ФӔЛТӔРТИ ЗӔРДИТИ ӔНОСМӔ ЦӔРДЗӔНӔЙ!..
Кертанти Тæхир
СОВЕТОН ЦӔДЕСИ БӔГЪАТӔР МАХЪОТИ АЛИХАНИ ЗАР
«Гъей, нана, сæумон талингæй
Æз ку райгъустон
Æнамонд хабар:
Гъей, зæгъуй, нæ рохс бæстæмæ
Æрбалæбурдта Гитлери цъаммар.
Гъей, нана, æзнаги нихмæ
Исистадæнцæ Советон адæм.
Гъей, нана, мæнæн дæр гъенур
Ку нæбал ес, ку,
Сабурæй бадæн.
Гъей, æма, æз дæр абони
И тохæнгæрзтæ
Есун мæ къохмæ,
Гъей, æма, æзнаги нихмæ
Ку нæхстæр кæнун
Хъазауат тохмæ.
Гъей, нана, ма æнкъард кæнæ,
Нифсæйдзаг ку æй
Дæ исгъомбæлгонд.
Гъей, нана, æфсæддони ном
Сауæнг кæронмæ
Хæсдзæнæн бæрзонд.
Гъей, нана, гъæубæсти размæ
Ку дæттун дæуæн
Фурти федар дзурд:
Гъей, нана, цъаммар æзнагæй
Ку фæттæрса, ку,
Де ‘сгъомбæлгонд фурт,
Гъей, нана, мæ уарзон мадæ,
Дæ реуи ‘хсир уæд
Фæккала маргæй!» –
Гъей, нана, уотемæй дæ фурт
Ку ранæхстæр уй,
Цъæхснаг низзаргæй.
Гъей, æма, нифсæйдзаг уогæй,
Ку исмедæг уй
И тохи карзи.
Гъей, æма, тогкалæн тохи
Ку ниффæнзуй е
Нарти Батрази.
Гъей, нана, æзнаги соргæй,
Иристон – Берлин,–
Æ тугъдон фæндаг.
Гъей, нана, бæгъатæр тохи
Æрцудæй пурхгонд
Нæ цъаммар æзнаг.
Гъей, нана, нæ уарзон мадæ,
Дæ сахъ Алихан,
Дæ дессаг игурд,
Гъей, æма, устур кадгинæй
Исæнхæст кодта,
Исæнхæст æ дзурд.
Гъей, æма, тохи медæгæ
Ку разиндтæй е
Бæгъатæртæй еу.
Гъей, нана, и хуæрзеугутæй
Хорау ку ‘рттевуй,
Хорау нур æ реу.
Гъей, нана, нæ устур бæсти
Ку райгъустæй, ку,
Дæ дессаги кой:
Гъей, зæгъгæ, нæ хецауадæ
Равардта уомæн
Устур ном – Герой!
Гъей, нана, берæ фæццæра
Дæ зæрди фæндон
Дæ исгъомбæлгонд!
Гъей, нана, дессаги мадæ,
Арфиаг нин уай,
Цæрæ æд амонд, гъей!
Октябрь, 1946 анз
БАБОЧИТИ Руслан
СОВЕТОН ЦӔДЕСИ БӔГЪАТӔР МАХЪОТИ АЛИХАНИ ЗАР
Гъей мæнæ зæгъуй, сæрдигон хор бон
Æвеппайди уæд мегъæ расайдта,
Нæ Дигорæмæ сонти фæдесон
Фуди сау хабар фудæн æрхаста.
Гъей дæлæ зæгъуй,
Цæгаттаг берæгъбæл.
Хонсарæрдæмæ дæндаг нийинста.
Фашистон Герман нæ рохс бæстæмæ.
Гъæди цæф арсау, зудæй нимпурста…
Гъей зæгъуй, уæлæ Ири уорс хуæнхтæ
И таруг мегътæй сæрдæр зиннунцæ,
Хъазауати, дан, дзилли лæгдæртæ
И рæстбæл тохи сæрбонс фæуунцæ…
Гъей мæнæ зæгъуй, æригон цæргæс
Æ гъар астъонæй æсхъæтæг кæнуй,
Махъоти Алихан æ адгин гъæубæстæн
Æд тохæнгæрзтæ хуæрзбон ку зæгъуй
Гъей уæлæ зæгъуй, фæззигон арвбæл
Хъурройти къуарæн финдздзæуæг фæууй,
Нæ сахъ Алихан кади фæндагбæл
Е ‘фсади разæй мæсугæн цæуй.
Гъей дæлæ зæгъуй, уорс Елиай цæфтæй
Æносон зæнхæ уæззау низмæлуй.
Нæртон Алихан тугъди будури
Цъамар æзнæгти наси карст кæнуй.
Гъей мæнæ зæгъуй, хуарз цауæйнон, дан,
Берæгъи фæдбæл кæронмæ цæуй,
Дигори номгæнæг нæ фудæзнаги
Æхе лæгæти æдæрсгæ цæвуй.
Гъей зæгъуй мæнæ, фæскъæвда хор бон
Зæрдæ ма цæстæн уæлдай адгин æй.
Бæгъатæр Алихан æ гъæубæстæмæ
Ку æриздæхуй устур кадгинæй.
Гъей уæртæ,, зæгъуй, нæ федар толдзæ
И карз думгити ку нæ фезмалдæй,
И цъæх уалдзæги и хори гъармæ
Æнæнгъæлти уæд цæмæн ракалдæй!
Сау уг ниууаста Чиколай сæрмæ:
«Уæ лæгдæри уин сау нез фæххаста!»
Махъоти Алихан рохсаг æрбауай,
Æзнаг басæтгæй, фат ке нæ райста!
ХАХАНТЫ Дудары
арæзт æмбырдгондæй
МАХЪОТЫ АЛИХАНЫ ЗАРӔГ
Алиханæн йæ фæтæн рон, йе ‘ргъæвæг
разæй
Æрттывта, дардæй куы зынди.
Алиханы батальон йæ разæй
Знæгты куы бырста, разæй-иу цыди,
уæдæ, гъей, гъей!
Уалæ нæхи хосдзуатæ кæрдæгæн
уыгæрдæны
Уæд хос ‘мбырд кодтой.
Махъойы-фырт бадзуры, фашистон
цъаммартæ
Нæ разæй Германмæ фосы лыгъд
фæкодтой, гъей, гъей!
Рацæуы поезд дард бæстæй, зынг æвзалы
Фæздæгимæ цæхæртæ куы калы.
Алихан уæлахизæй сыздæхы карз хæстæй,
Сырх Стъалы йæ риуæй тæмæнтæ куы
калы, гъей, гъей!
Бирæ нын фæцæрай, зынгзæрдæ лæппу
домбай Алихан, гъей, гъей!
ЦÆГÆРАТЫ Гиго
МАХЪОТЫ АЛИХАНЫ ЗАРӔГ
Сæрæн лæг æдзухдæр Фыдыбæсты кадыл
Æдæрсгæ хæцыди, гъей!
Махъоты Алихан фыдгулты цæгъдынмæ
Æд гæрзтæ фæцыди, гъей!
Нæ хур нæм-иу хатгай фæздæджы аууонæй
Æппындæр нæ касти, гъей!
Махъоты Алихан ызнаджы нæмгуытæй
Æппындæр нæ тарсти, гъей!
Фыдызнаг бырсгæйæ æгæрон уæлмæрдтæ
Йæ фæдыл куы уыдта, гъей!
Махъоты Алихан йæ хæстон æмбæлтты
Йæ фæдыл куы хуыдта, гъей!
Фыдгулы æфсæдтæн сæ фæстагдæр бонтæ
Уæлдай зындæр фесты, гъей!
Махъоты Алихан Берлины хæстыты
Уæлдай тынгдæр фесгуыхт, гъей!
Кæсут-ма, кæсут-ма, зæрин хур йæ тынтæ
Хъæриуыл æруагъта, гъей!
Алиханæн Бæстæ Сыгъзæрин Ыстъалы
Йæ риуыл æрсагъта, гъей!
Уæлахиздзауты цин нæ сæрибар зæххыл
Æнусмæ нæрдзæни, гъей!
Махъоты Алихан фæлтæрты зæрдæты
Æнусмæ цæрдзæни, гъей!
Махъоти Алихан æ рæстæги каст фæцæй Чиколай астæуккаг скъола æма абони е хæссуй æ ном, бацæуæни фарсбæл æвæрд æй мемориалон фæйнæг (галеуæрдигæй). Иннæ мемориалон фæйнæг ба æвæрд æй, Махъой-фурт Дзæуæгигъæуи ци хæдзари цардæй, уой фарсбæл.