21 декабря 2024

«НӔ МӔЛӔТДЗАГ НИХКЪУӔРДӔЙ ЗНАГ ФӔЛЛЕДЗӔГИ ӔЙ!..»

28.01.2022 | 17:26

Цӕгат Иристон немуцаг-фашистон ӕрдонгтӕй исуӕгъдӕ кӕнуни тугъдтити архайгути имисуйнӕгтӕ

Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕг немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгутӕн бантӕстӕй Цӕгат Иристони уӕнгӕ ӕрбайервӕзун. Сӕ нисан адтӕй ардигӕй Фӕскавказмӕ бахъӕртун, Бакуй нефтбӕл фӕххуӕст ун. Уомӕн ба неци хузи адтӕй ӕруадзӕн. Ӕма райеудагъ ӕнцӕ карз тугъдтитӕ Цӕгат Иристони зӕнхӕбӕл. Еци тугъдтити рӕстӕг Сурх Ӕфсад тухгиндӕр разиндтӕй ӕма сахар Орджоникидзей (Владикавкази) рӕбун дӕрӕнгонд ӕрцудӕй немуцаг-фашистон ӕфсӕдти агъазиау къуар. 1942 анзи ноябри ӕма декабри знаг тард ӕрцудӕй нӕ республикӕй, 1943 анзи фиццаг ӕмбеси ба си бустӕгидӕр уӕгъдӕгонд ӕрцудӕй Цӕгат Кавказ.

Знаги нихмӕ тугъд куд цудӕй, немуцаг фашисттӕ Владикавкази размӕ куд дӕрӕнгонд ӕрцудӕнцӕ, уӕдта советон ӕфсӕддонти агъазиау бӕгъатӕрдзийнади туххӕй финст ӕрцудӕй берӕ киунугутӕ, публицистикон уацтӕ. Уони ахедундзийнадӕ агъазиау ӕй. Уӕлдай ахсгиаг ба ӕнцӕ, еци тугъдтити комкоммӕ ка архайдта, уони имисуйнӕгтӕ. Абони еци бӕгъатӕр тугъдонтӕй, гъулӕггагӕн, сӕ фулдӕр цардӕгас нӕбал ӕнцӕ, фал нин ниууагътонцӕ хъӕбӕр цӕмӕдессаг ӕвдесӕнтӕ – сӕ имисуйнӕгтӕ.

Уонӕй мах дӕр пайда кӕндзинан, Цӕгат Иристон немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгутӕй ӕнӕгъӕнӕй дӕр исуӕгъдӕ кӕнунбӕл цуппаринсӕй анзи ке ӕнхӕст кӕнуй, уой фӕдбӕл нӕ газети дзубанди кӕнгӕй. Абони мухур кӕнӕн, 1965 анзи апърели республикон газетти журналисттӕ Цӕгат Иристони зӕнхӕбӕл тугъдтити архайӕг тугъдонти хӕццӕ ци фембӕлд исаразтонцӕ, уоми ци дзубанди рауадӕй, уой туххӕй ӕрмӕг.

КЪАРИ: Фембæлди архайгутæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): бадунцæ – ЗÆНГИАТИ Владимир, Николай БУРЛАК, Антон Каравай, Дмитрий ВАЩЕНКО; лæуунцæ – А. КОЗЛОВСКИЙ, РÆМОНТИ Геуæрги, Валентин КАЛЕНЮК, ЗÆЛЕТИ Михаил, АБАЙТИ Александр, Михаил ПАВЛЕНКО, Орджоникидзей æфсæддон комиссариати косæг Д.ХАЛМАНСКИХ, НИГКОТИ Беза.

Гизӕли тугъдон операци куд цӕттӕгонд ӕрцудӕй ӕма рахецӕн ӕй, уой туххӕй бӕлвурд радзурдта запаси гвардий болкъон Михаил ПАВЛЕНКО. Уӕд е адтӕй 93 гвардион артиллерион полкки командир. Полк бахаудтӕй, 1942 анзи кӕрони сахар Орджоникидзей бунмӕ ка тох кодта, еци 11-аг гвардион фестӕг ӕфсади корпусмӕ.

– Кавказбӕл тох, – загъта М. Павленко, – ӕ уагӕ ӕма ахедундзийнадӕмӕ гӕсгӕ адтӕй агъазиау Устур Фидибӕстон тугъди дзамани. Немуцаг оккупанттӕ кӕд Мӕскуй бунмӕ дӕрӕнгонд ӕрцудӕнцӕ, уӕддӕр сӕ идарддӕри нимпурститӕ нӕ ниууагътонцӕ. Куд зонӕн, уотемӕй знаг 1942 анзи ӕ сӕйрагдӕр хъауритӕ исаразта Сталинградмӕ ӕма Кавказмӕ. Ардӕмӕ ӕмпурсгӕй, фашистон ӕрдонгтӕ гъавтонцӕ нефт ӕма тиллӕггин районтӕ байсунмӕ. Уомӕй уӕлдай ма сӕмӕ адтӕй никки ӕндӕр нисантӕ – Хӕстӕг Хорискӕсӕн ӕма Индимӕ бампурсун.

1942 анзи 25 августи знаг байахӕста Мӕздӕг. Мах тугъдтити хӕццӕ цудан Нальчик ӕрдӕмӕ. Уавӕр адӕй хъӕбӕр уӕззау ӕма тӕссаг. Ӕма советон командӕкӕнуйнадӕ ӕвӕстеуатӕй агъазиау мадзӕлттӕ исаразта Кавказ багъӕуай кӕнуни гъуддаги. Алли рауӕнтӕй ардӕмӕ ӕрвист цудӕнцӕ нӕуӕг ӕма нӕуӕг ӕфсӕддон хӕйттӕ. Арӕзт цудӕй аллихузон гъӕуайкӕнуйнадон федӕрттӕ, ӕфсӕдтӕ еудадзуг ефтонггонд цудӕнцӕ нӕуӕгдӕр хуӕцӕнгӕрзтӕй.

Баксан ӕма Мӕздӕги размӕ районтӕ байахӕсгӕй, фашисттӕн сӕ бон нӕ бацӕй идарддӕр цӕун. Ӕма кӕд сентябри, сӕ идарддӕри нимпурсти рӕстӕг, сӕ къохи бафтудӕй Малгобек байсун, уӕддӕр ацирдӕмӕ ӕнтӕстгинӕй ӕмпурсун нӕбал бафӕразтонцӕ. Не ’фсӕдтӕ бауорӕдтонцӕ знаги.

25 октябри немуцаг фашисттӕ ӕрбампурстонцӕ Баксани ’рдигӕй, дуккаг бон ба – Майский ӕма Котляревски ’рдигӕй, ӕма сӕ них исаразтонцӕ сахар Орджоникидземӕ. Ӕрбалӕборунмӕ гъавтонцӕ Даргъ-Къохи ’рдигӕй, фал е сӕ къохи нӕ бафтудӕй, уӕд. Чиколай ’рдӕмӕ раздӕхгӕй, ӕмпурсун райдӕдтонцӕ ецирдигӕй. Байстонцӕ Алагир ӕма Ӕрӕдон. Ӕма дууердигӕй се ’ргом исаразтонцӕ нӕ республики столицӕмӕ.

– Не ’фсӕдти нихмӕ знаг ӕрбампурста 2 ноябри, – дзоруй идарддӕр М. Павленко. – Авиаций хъаурӕгин бомбардировкити фӕсте знаг байахӕста Саниба ӕма Гизӕл. Немуцаг танкити къуар ӕ над исаразта Орджоникидземӕ, иннӕ къуар ба – Ӕрхонкӕмӕ. Изӕр ӕрдӕмӕ байеудагъ ӕнцӕ карз тугъдтитӕ мах артиллери ӕма знаги танкити ӕхсӕн, ӕма знагӕн идарддӕр рацӕун ӕ бон нӕбал иссӕй.

Ноябри еци бӕнтти советон командӕкӕнуйнадӕ исаразта никки ахсгиагдӕр мадзӕлттӕ сахар багъӕуай кӕнуни туххӕй. Ардӕмӕ ма никкидӕр гӕлст ӕрцудӕй уӕлӕнхасӕн ӕфсӕддон хӕйттӕ, танкити нихмӕ тохӕг цалдӕр артиллерион полкки.

3 ноябрӕй фӕстӕмӕ знаги нимпурст хъӕбӕрдӕр арӕзт цудӕй Ногир ӕма Ӕрхонки ’рдӕмӕ.

Советон командӕкӕнуйнадӕ ӕфсӕдти размӕ исӕвардта ихӕс: знаги нихмӕ нимпурсун ӕма ‘й ниддӕрӕн кӕнун. Не ’фсӕдти нимпурст райдӕдта 7 ноябри еци-еу рӕстӕг цӕгат-хорискӕсӕн ӕма хонсари ’рдигӕй. Ӕма 9-аг Ӕфсади хӕйттӕ знаги ку ӕрбалхъивтонцӕ аллирдигӕй, уӕд ӕртухсти бахаудтӕнцӕ, 11 ноябри ба бустӕгидӕр дӕрӕнгонд ӕрцудӕнцӕ. Мингай фашисттӕ мардӕй ӕма сӕдӕгай танкитӕ сугъдӕй байзадӕнцӕ тугъди будури. Гъе, уотемӕй рахецӕн ӕй Гизӕли (Владикавкази) тугъдон операци.

Сахар Орджоникидзей бунмӕ карз тугъд райдӕдта, Устур Фидибӕстон тугъди хъӕппӕрес советон ӕфсӕдти къохи ку бафтудӕй, уӕхӕн историон ӕууӕлти. Советон ӕфсадӕн ӕ бон бацӕй айдагъ немуцаг-фашистон ӕфсӕдти бауорамун нӕ, фал хъаурӕгин нимпурст исаразун. Гизӕли (Владикавкази) тугъдон операци адтӕй 1942 анзи фиццаг ӕнтӕстгин операци. Ӕ тугъдон агъазиау рахастдзийнадӕй уӕлдай ма, е хъӕбӕр агъаз фӕцӕй советон ӕфсӕдти нифс фӕффулдӕр кӕнунӕн. Мӕздӕг ӕма Орджоникидзей размӕ тугъдтити нӕ салдӕттӕ ӕма афицертӕ ци дзиллон ӕхсарӕ равдистонцӕ, уомӕй бӕлвурд зиндтӕй ӕфсӕдти тугъдон арӕхстдзийнадӕ ӕма нифс ӕрбалӕборӕг знагбӕл ӕнӕмӕнгӕ фӕууӕлахез унӕн.

– Мӕн, куд артиллеристи, уотӕ фӕндуй, – загъта ӕ радзубандий кӕрони М. Павленко, – уӕлдай хъӕбӕрдӕр артиллерий устур ахедундзийнадӕ байамонун Гизӕли (Владикавкази) операций. Комкоммӕ дзоргӕй, немуцаг танкити хъӕбӕрдӕр дӕрӕн кодтонцӕ артиллеристтӕ. Байамонунӕн фагӕ ӕй е дӕр, ӕма нӕ полкки сержант Тарликовский ӕма кӕстӕр сержант Бармини еунӕг дзармадзан басугъта знаги 16 танки. Артиллери ӕхе ӕвдиста ӕцӕг «тугъди Хуцауӕй».

Сахар Орджоникидзей размӕ НКВД-ий ӕфсӕдти 273-аг полкки куд тухтӕй, уой туххӕй адтӕй запаси болкъон Дмитрий ВАЩЕНКОЙ дзубанди.

– Нӕ полк арӕзт ӕрцудӕй Новосибирски размӕ, ӕма 1942 анзи августи ӕрвист ӕрцудӕй Орджоникидземӕ. Ӕрбунат кодтан сахари хонсар-хорнигулӕн кӕрони. Рахесӕрдигӕй нӕ синхаг адтӕй 26-аг Ленини орденхӕссӕг Хъиримаг арӕнгъӕуайгӕнӕг ӕфсӕдти хецӕн полк, галеуӕрдигӕй ба – 292-аг гурдзиаг полк.

Еци рӕстӕг сахари медӕгӕ ӕма ӕ кӕрӕнтти арӕзт цудӕнцӕ федӕрттӕ. Уобӕл ӕхсӕвӕ ӕма бонӕй, фӕллад нӕ зонгӕй, кустонцӕ сахари цӕргутӕ. Мах полкки размӕ, зӕгъӕн, архайдтонцӕ ирон ӕма уруссаг театрти артисттӕ. Адӕм къахтонцӕ танкити нихмӕ арф къӕхтитӕ. Ӕфсӕддонтӕ дӕр ӕма сахари цӕрӕг адӕм дӕр хуарз лӕдӕрдтӕнцӕ, аци арӕнтӕбӕл сӕ мӕлӕтдзаг тохи нихмӕ гъӕддухӕй лӕуун ке гъӕудзӕнӕй. Еугурӕйдӕр лӕдӕрдтӕнцӕ, цийфӕнди ку фӕууа, уӕддӕр ӕрбалӕборӕг знагӕн ӕрбауадзӕн ке нӕййес Арвикоммӕ дӕр ӕма Орджоникидзей размӕ дӕр.

Уавӕр уӕлдай уӕззаудӕр фӕцӕй 2 ноябри – знаг Гизӕл ку байахӕста ӕма сахармӕ ку ’рбахӕстӕг ӕй, уӕд. Ами, адӕгти, нӕ полкки ӕфсӕдтӕ исӕмбалдӕнцӕ немуцӕгтӕбӕл. Тугъди бацудӕй артиллери ӕма немуцӕгтӕ фӕстӕмӕ цӕун райдӕдтонцӕ, 3 ноябри ба нӕуӕгӕй фондз немуцаг танки ӕма фестӕг ӕфсади батальон нӕуӕгӕй ӕрбампурста не ’фсӕдтӕмӕ. Артиллеристтӕ си ӕртӕ танки ку басугътонцӕ, уӕд иннетӕ, уӕдта батальон фӕстӕмӕ раздахтӕнцӕ. Фал бабӕй дуккаг бон нӕуӕгӕй, уӕлӕнхасӕн ӕфсӕдти агъазӕй, исфӕндӕ кодтонцӕ Гизӕлӕй сахари ’хсӕн надбӕл ӕрбампурсунмӕ. Знаги ма Арвикоммӕ гъудӕй 800 метри, фал еци фӕндӕ сӕ къохи нӕ бафтудӕй – не ’фсӕдтӕ гъӕддух фӕллӕудтӕнцӕ, ӕма сӕ не ’рбауагътонцӕ.

6 ноябри нӕ полкмӕ ӕрбацудӕй морякти ротӕ. Уой размӕ ба етӕ танкитӕ ӕхсӕн топпитӕй басугътонцӕ цалдӕр немуцаг танки. Ӕрбахъӕрдтӕнцӕ реактивон минометтӕ – «Катюшитӕ» дӕр. Ӕма етӕ цалдӕр хатти ку бахстонцӕ знаги, уӕд немуцӕгтӕ нӕбал бандиудтонцӕ махӕрдӕмӕ ӕмпурсун.

Знаги нихмӕ еумӕйаг ӕмпурст 7 ноябри ку райдӕдта, уӕд фестӕг ӕфсӕдтӕн агъазиау агъаз кодта нӕ авиаци. «Ил» хуӕдтӕхгутӕ еци еугӕндзонӕй цудӕнцӕ ӕма цудӕнцӕ атаки ӕма сугътонцӕ немуцаг танкити.

– Орджоникидзей бунмӕ тугъдтитӕ, – дзурдта Д. Ващенко, – адтӕнцӕ хъӕбӕр карз, фал уӕддӕр знаг дӕрӕнгонд ӕрцудӕй. Еци уӕлахездзийнадӕ адтӕй Сталингради размӕ советон ӕфсӕдти агъазиау уӕлахези райдайӕн.

Идард Сибирӕй Кавказ багъӕуай кӕнунмӕ иссудӕнцӕ 273-аг полкки ӕфсӕддонтӕ. Ардӕмӕ, сахар Орджоникидзе багъӕуай кӕнунмӕ, 1942 анзи фӕззӕги нӕ Райгурӕн бӕсти столицӕ Мӕскуйӕй ӕрвист ӕрцудӕй НКВД-ий ӕфсӕдти 34-аг полк дӕр.

– Мах уайтӕккӕ дӕр ӕрвист ӕрцудан федӕрттӕ аразуни куститӕмӕ, – загъта еци полкки снайперти взводи командир Николай Антони фурт Бурлак. – Нуртӕккӕ турбазӕ кӕми ӕй, уой рази, Ной Буачидзей гъӕунги, Калакмӕ надбӕл ӕма ӕндӕр рауӕнти аразтан доттӕ. Ами, сахари, нӕ куститӕ ку рахецӕн ӕнцӕ, уӕдта федӕрттӕ аразун райдӕдтан Арвикоми надбӕл, сауӕнгӕ Казбегий гъӕуи уӕнгӕ.

Немуцӕгтӕ Гизӕл ку байстонцӕ, уӕд мах сахармӕ ӕрбацӕуӕнтӕ гъӕуай кодтан, нуртӕккӕ сувӕллӕнтти сӕйгӕдонӕ кӕми ӕй, уоми, ӕма Ной Буачидзей гъӕунги. Уой фӕсте ба знаги нихмӕ тухтан Мичуринӕй Ӕрӕдони ‘хсӕн. Нӕ полкки фиццаг батальон ӕмпурста Гизӕлмӕ. Аци батальони адтӕй номдзуд бӕгъатӕр автоматчик Петр Барбашов. Атаки рӕстӕг нӕ хъӕбӕр хъор кодта знаги еу дот – уордигӕй еудадзуг ӕхста пулеметчик. Петр Барбашов ибӕл гранат багӕлста, фал уӕддӕр пулемет нӕ банцадӕй. Уӕд е бабурдӕй доти размӕ ӕма ибӕл ӕхе багӕлста. Ӕ дессаги лӕгдзийнади туххӕй ин лӕвӕрд ӕрцудӕй Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном.

Гизӕли тугъдон операций Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном райста бронетанкон батальони командир капитан Кузнецов. Знаги нихмӕ бӕгъатӕр тох кодтонцӕ сурхӕфсӕддонтӕ – ӕнсувӕртӕ Остапенкотӕ. Сӕ еуемӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй Ленини орден, иннемӕн ба – Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном.

Не ’фсӕдти нифс ӕма бӕгъатӕрдзийнадӕ адтӕй берӕ, ци доттӕ аразтонцӕ, уонӕбӕл финстонцӕ: «Тоги зӕйтӕ ку райвулонцӕ сахари гъӕунгти, уӕддӕр сахарӕн раттӕн нӕййес!» Ӕма ӕфсӕдтӕ исӕнхӕст кодтонцӕ сӕ ардбахуӕрд – знаги сахармӕ не ’рбауагътонцӕ.

Ӕ дзубандий кӕрони Н.А. Бурлак зӕрдиаг дзурдтӕ загъта, полккӕн федӕрттӕ аразуни кустити ка агъаз кодта, еци студенттӕн. Еци гъуддаги ӕфсӕдтӕ хъӕбӕр арфиагӕй байзадӕнцӕ сахари цӕрӕг адӕмӕй дӕр. Республики столицӕ багъӕуай кӕнуни гъуддаги сахайрӕгтӕ куд зӕрдиагӕй архайдтонцӕ, уой туххӕй берӕ дзурдтонцӕ иннетӕ дӕр.

Дӕлболкъон Антон Ивани фурт КАРАВАЙ радзурдта гъе уой туххӕй. Уӕд е адтӕй сӕрмагонд полкки инженер. Полк арӕзт ӕрцудӕй С.М. Кирови номбӕл арӕнгъӕуайгӕнӕг училищей афицертӕ ӕма курсанттӕй. 1942 анзи училище каст ка фӕцӕй, етӕ сӕ митингти командӕкӕнуйнадӕй ракурдтонцӕ, цӕмӕй си арӕзт ӕрцӕуа хецӕн ӕфсӕддон хай ӕма син баихӕс кӕнонцӕ сахар гъӕуай кӕнун. Сӕ курдиадӕ ӕнхӕстгонд ӕрцудӕй. Фӕстӕдӕр ба аци полк, иннӕ уӕхӕн ӕфсӕддон хӕйтти хӕццӕ, иссӕй хецӕн дивизи. Ӕ командир ба иссӕй инӕлар Киселев.

Федӕрттӕ аразуни рӕстӕг А. Каравай ци саперти батальони адтӕй, уой доттӕ ӕма дзоттӕ аразта сахар Орджоникидзей.

– 1942 анзи октябри кӕрони, – зӕгъуй А. Каравай, – сахар Орджоникидзе иссӕй сӕрмагонд федар район. Арӕзтадон кустити нин устур агъаз бакодтонцӕ сахари промышленнон кустуӕттӕ ӕма цӕрӕг адӕм. Ӕма нӕмӕ кӕд механизмтӕ нӕ адтӕй, уӕддӕр пайда кодтан алли фӕрӕзнитӕй. Завод «Электроцинк» нин равардта уӕзесӕн кран, «Стеклотарӕ» – цемент. Вагӕнттӕцалцӕггӕнӕн заводи косгутӕй арӕзт ӕрцудӕй сӕрмагонд бригадитӕ, етӕ аразтонцӕ танкити нихмӕ цӕнгӕт «узунтӕ». Вагӕнтти цӕлхитӕ къуаргӕйттӕй нихастонцӕ кӕрӕдзебӕл, ӕма сӕ ӕвардтан сахари гъӕунгти.

Аллихузон мадзӕлтти фӕрци сахари цӕрӕн хӕдзӕрттӕн се ’мбес арӕзт ӕрцудӕнцӕ федӕртти хузи, доттӕ ӕма дзоттӕ арӕзт цудӕнцӕ хӕдзӕртти ӕма ӕндӕр рауӕнти. Еци гъуддаги мах испайда кодтан Севастополь, Ленинград ӕма Сталинград гъӕуай кӕнуни фӕлтӕрддзийнадӕй.

Партион ӕма фӕскомцӕдесон ӕмбурдти не ’фсӕддонтӕ иннӕ ӕфсӕддон хӕйтти хузӕн, ард хуардтонцӕ: «Еу ампъез дӕр фӕстӕмӕ нӕ!» Мах хуарз лӕдӕрдтан, фӕстӕмӕ цӕуӕн ке нӕййес, уой. Ӕма цӕттӕ адтан знаги нихмӕ мӕлӕтдзаг тохи бацӕунмӕ. Знагбӕл ӕнӕмӕнгӕ фӕууӕлахези туххӕй, ӕфсӕдтӕ сӕ хъаурӕ ӕма ӕхсарӕ равдистонцӕ Гизӕли тугъдтити. Сахармӕ хӕстӕг немуцӕгтӕ берӕ минитӕ ниввардтонцӕ адӕгти. Хъуӕцӕгӕнагӕ шашкитӕй испайда кӕнгӕй, не ’фсӕддонтӕ бацӕуӕнтӕ аразтонцӕ, минитӕ кӕми ӕвӕрд адтӕнцӕ, уоми. Гизӕли тугъдон операций берӕ сурхӕфсӕддонтӕ ӕма афицертӕ фескъуӕлхтӕнцӕ. Е адтӕй еугай адӕймӕгути нӕ, фал дзиллон бӕгъатӕрдзийнадӕ.

Фестӕг ӕфсӕдтӕн хъӕбӕр агъаз кодта авиаци. Хуӕдтӕхгутӕ берӕ къуӕрттӕй тахтӕнцӕ ӕма тахтӕнцӕ знаги позицити сӕрмӕ, уӕлдӕфи атакӕ кодтонцӕ немуцаг авиаций. Мах бомбӕгӕлдзгутӕ, кунӕггӕнгутӕ ӕма штурмовиктӕ ӕнцад нӕ уагътонцӕ знаги. Махӕй алкедӕр уидта, нӕ авиаций ратахти фӕсте немуцаг танкитӕ куд сугъдӕнцӕ, уой. Нӕ авиаций бӕгъатӕр тугъдон архайгутӕ никки нифсгундӕр ма кодтонцӕ еугур ӕфсӕдти.

Нӕ авиаций туххӕй А. Каравай хумӕтӕги нӕ дзурдта, – уой архӕйдтитӕ деси ӕфтудтонцӕ ӕфсӕддонти. Уой туххӕй дзурдтонцӕ нӕ иннӕ иуазгутӕ дӕр – фестӕг ӕфсӕдтӕ ӕма артиллерион ӕфсӕддон хӕйтти минӕвӕрттӕ. Авиаций туххӕй лӕмбунӕг радзурдта бӕгъатӕр тӕхӕг ЗӔНГИАТИ Владимир. Уомӕн знаг ӕргӕлста ӕ хуӕдтӕхӕг, содзгӕ дӕр ма кодта, фал уӕддӕр ӕгасӕй байзадӕй, мардбӕл дӕр ӕй банимадтонцӕ, уотемӕй ба знагӕн уӕлдӕфӕй кодта хъаурӕгин цӕфтӕ. Владимир ӕхе бӕгъатӕрдзийнади туххӕй неци дзурдта, фал сӕрустурӕй кодта е ’мбӕлтти кой, етӕ тугъди сӕхе куд ӕхсаргинӕй равдистонцӕ, уой фӕдбӕл адтӕй ӕ радзубанди.

– Райдайӕни нӕ авиаций агъаз ӕфсӕдтӕн хъӕбӕр лӕмӕгъ адтӕй, – дзурдта Владимир. – Уомӕн берӕ анхосӕгтӕ адтӕй, фал махӕн, тӕхгутӕн, зин адтӕй нӕ фестӕг тугъдон ӕфсӕдтӕн байагъаз кӕнун цӕйбӕрцӕ нӕ фӕндӕ адтӕй, уойбӕрцӕ нӕ бон ке нӕ адтӕй, е.

Не ’фсӕдтӕ еугурӕйдӕр ку нимпурстонцӕ, уӕд уавӕр бустӕги раййивта. Ӕз службӕ кодтон 230 штурмовикти авиаций ӕвдӕймаг полкки, ӕма нӕ куддӕр сахар Орджоникидзей размӕ ӕрбарвистонцӕ, уотӕ активонӕй архайун райдӕдтан знаги нихмӕ тугъдтити, нӕ сӕйрагдӕр ихӕс адтӕй немуцаг танкитӕ ӕма хӕрдмӕхсӕн артиллерий батарейтӕ дӕрӕн кӕнун. Уӕд мах райстан хъаурӕгин хуӕцӕнгарз – реактивон дзармадзанти нӕмгутӕ, ӕма си пайда кодтан айдагъдӕр знаги танкитӕ ӕма хӕрдмӕхсӕн артиллерий нихмӕ.

Майрӕмадаги размӕ берӕ немуцаг танкитӕ ӕрӕмбурд ӕй, зӕгъгӕ, нин ку фегъосун кодтонцӕ, уӕд мах нӕ них хъӕбӕрдӕр исаразтан уордӕмӕ. Штурмовиктӕ тахтӕнцӕ 600 ӕма сауӕнгӕ 150 метрей бӕрзӕндӕн. Ӕма кӕд уотемӕй мах хъӕбӕр тӕссаг рауӕн ӕвардтан нӕхе, уӕддӕр нӕ нисан къохи ӕфтудӕй берӕ ӕнтӕстгиндӕрӕй. Ниллӕгути тӕхгӕй немуцаг танкити ку басугътан, уӕд нӕ тугъдонтӕ акъоппитӕй рагӕппитӕ кӕниуонцӕ ӕма нин ӕрдзӕф кодтонцӕ.

Нӕ авиаци тахтӕй эшелонгай. Бомбитӕгӕлдзгутӕ тахтӕнцӕ 2-2,5 километрей бӕрзӕндӕн. Устур ахсгиаг адтӕй, нӕ авиаци фестӕг ӕма иннӕ ӕфсӕдти хӕццӕ ӕмархайд гъӕугӕ уагӕбӕл ке кодта, е. Еци гъуддаги Гизӕли тугъдон операцийӕн ес устур ахедундзийнадӕ.

– Сахар Орджоникидзей бунмӕ, – загъта ӕ радзубандий кӕрони Владимир, – немуцаг-фашистон ӕфсӕдти агъазиау къуар дӕрӕнгонд ке ‘рцудӕй, е фӕссикк кодта фашистон командӕкӕнуйнади нисантӕ. Ӕма уой фӕрци, сӕ бон нӕбал бацӕй Цӕгат Кавказӕй е ’ннӕ ӕфсӕдтӕн фӕййагъаз кӕнуни туххӕй, еу салдат дӕр барветун.

Нимпурсти дзамани тугъдтити аллихузон ӕфсӕдтӕ еумӕйагӕй куд тох кодтонцӕ, уой туххӕй радзурдта запаси болкъон Валентин КАЛЕНЮК.

– Гизӕли тугъдон операций рӕстӕг артиллери ӕхуӕдӕг цудӕй фестӕг ӕфсади ӕмрӕнгъӕ, – загъта е. – Нӕ полкки адтӕнцӕ, ӕфсади тугъди агъоммӕ ка службӕ кодта, уӕхӕн салдӕттӕ ӕма афицертӕ. Ардӕмӕ ӕрцӕугӕй, мах ӕрбунат кодтан сахарӕй минкъий уоддӕр. Ами артиллери хъӕбӕр берӕ адтӕй, ӕма нимпурст ку райдӕдта, уӕд мах полк дӕр минкъий гъуддӕгутӕ нӕ исаразта.

Немуцӕгтӕ Иристони дӕрӕнгонд ку ’рцудӕнцӕ, уӕдта нӕ рарвистонцӕ Кубанмӕ. Уоми дӕр полк ӕхе равдиста бӕгъатӕрӕй. Тугъд фӕцан Берлини.

Устур ахедундзийнадӕ адтӕй Малгобеки ӕма Елхотти размӕ тугъдтитӕн. Уой туххӕй ба дзурдтонцӕ иннетӕ.

– Ӕз уӕд адтӕн 28-аг фестӕг ӕфсади снайперти роти командири хуӕдӕййевӕг, – загъта Михаил МЕДНИКОВ. Нӕ бригадӕ адтӕй Малгобеки рази. Ами 1942 анзи октябрӕй 1943 анзи январмӕ цудӕй карз тугъдтитӕ. Ӕма кӕд знаг Малгобек байахӕста, уӕддӕр ӕ бон нӕбал бацӕй идарддӕр ӕмпурсун. Сахар Орджоникидзей размӕ немуцӕгтӕ дӕрӕнгонд ку ’рцудӕнцӕ, уӕд мах дӕр размӕ ӕмпурстан. Уӕд фӕццӕф дӕн, ӕма цалинмӕ исдзӕбӕх дӕн, уӕдмӕ не ’фсӕддон хай адтӕй идард, Хорискӕсӕни. Уоми ӕй баййафтон ӕз дӕр.

Малгобеки размӕ тугъдтити сӕхе бӕгъатӕрӕй равдистонцӕ нӕ дууӕ ӕмбӕстаги – Советон Цӕдеси Бӕгъатӕр Абайти Ӕхсарбег ӕма Зӕлети Михаил.

– Мах фараст лӕхъуӕни адтан Дигори гъӕуӕй. Ӕз ӕма Михаилбӕл цудӕй ӕвддӕсгай ӕнзтӕ, – загъта Ӕхсарбег. Нӕ еугурей дӕр рарвистонцӕ еу ротӕмӕ. Нӕ Райгурӕн Иристон багъӕуай кӕнунбӕл нӕ хъауритӕ равдесун нӕ хъӕбӕр фӕндӕ адтӕй. Малгобеки тугъдтитӕ карз адтӕнцӕ. Ӕз си фӕдтӕн уӕззау цӕф. Госпитӕли фӕсте тугъдтити адтӕн Кубани ӕма Керчи. Фиццаг къуӕрттӕй еуети хӕццӕ ӕз дӕр рахизтӕн Хъирими зӕнхӕмӕ, ӕма дууӕ суткей дӕргъи ме ’мбӕлтти хӕццӕ гъӕуай кодтан плацдарм. Уой туххӕй мин лӕвӕрд ӕрцудӕй Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном.

Малгобеки размӕ тугъдтити, – загъта Зӕлети Михаил, – махӕй еу дӕр ӕ бунат нӕ ниууагъта, еу дӕр нӕ фӕттарстӕй.

Мӕздӕги размӕ тугъдтити архайдта НИГКОТИ Беза дӕр. Уӕд е службӕ кодта 409-аг сомехаг фестӕг ӕфсади дивизий, взводи командирӕй.

– Ӕртӕ суткей дӕргъи мах ӕнӕсцохӕй адтан тугъди, ӕма нӕ къохи бафтудӕй немуцӕгти сӕ фиццаг акъоппити рӕнгъӕй расорун. Нӕ артиллери фестӕг ӕфсӕдти хӕццӕ кодта ӕмдзо. Фал уӕддӕр знаги тухтӕ ами адтӕнцӕ фулдӕр ӕма дууӕ мӕйей дӕргъи размӕ рацудан айдагъдӕр фондз километри. Сахар Орджоникидзей бунмӕ фашистон ӕрдонгтӕ сӕ мӕлӕт ку ‘ссирдтонцӕ, уӕд мах дӕр декабри мӕйи размӕ бампурстан ӕма знаги дӕрӕн кодтан.

Тугъдтитӕ Иристони ӕндӕр рауӕнти куд цудӕнцӕ, уой туххӕй ба радзурдта уӕди 351-аг фестӕг ӕфсади пулеметти взводи командир РӔМОНТИ Геуӕрги.

– Нӕ полккӕн бантӕстӕй размӕ рацӕун. Не ’фсӕддонтӕй беретӕ ами равдистонцӕ устур лӕгдзийнадӕ. Роти комиссар Агънати Барис, зӕгъӕн, атаки ракодта батальон, берӕ немуцӕгтӕ цагъди фӕцӕнцӕ, фал Барис ӕхуӕдӕг дӕр фӕммард ӕй. Декабри кӕрони нӕ полк рампурста размӕ ӕма карз тугъдтити архайдта Сурх-Дигорӕ байсунбӕл. Аци гъӕу къуар хатти цудӕй къохӕй-къохмӕ.

Немуцаг фашистон знӕгти нихмӕ карз тугъдтити сӕхе бӕгъатӕрӕй равдистонцӕ айдагъ фестӕг ӕфсӕдтӕ нӕ, фал артиллери ӕма фӕсфронти ка ’дтӕй, еци ӕфсӕддонтӕ дӕр, зӕгъӕн, медицинон косгутӕ. Уони арӕхстдзийнадӕ ӕма бӕгъатӕр гъуддӕгути туххӕй радзурдта 276-аг дивизий 404-аг полкки хестӕр дохтир Антон КОЗЛОВСКИЙ.

Тугъдон намуси циртдзæвæн Мичуринигъæу æма Æрæдони ‘хсæн.