21 ноября 2024

НÆ АДÆМИ УОДВАРНИ ДОНВÆД МАКÆД БАЙСУСÆД!..

22.09.2020 | 15:17

Зундгонд философ æма финсæг Николай Трубецкой (1890-1938) æ наукон куститæй еуеми уотæ финста:

«…Хуæдхуз национ культурæ агъаз æй, хецæн адæймæгутæ цæмæй сæхе балæдæронцæ, базононцæ, уомæн. Е син фæййагъаз уй сæ еумæйаг национ характери индивидуалон бæргутæ, психикæ æма æрдзон менеугутæ равзарунæн. Уомæн æма æцæг национ культури ес уæхæн æууæлтæ, хецæн адæймæгутæ сæхе медæгæ дæр ке иссерунцæ. Уой фæрци син фæууй сæ хъаппæ æнцондæрæй рартасун æма син раст аргъ искæнун (культури агъазæй). Хуæдхуз национ культурæ хецæн адæймæгутæн фадуат фæддæттуй сæ «æз» багъæуай кæнунæн, уæдта сæ адæми хæццæ еу гъуддаг аразунæн… Æма «æхе ка базудта», æхе «æз» ка иссирдта, уæхæнттæ цæйбæрцæ фулдæр уа, уойбæрцæ æнтæстгиндæрæй цæудзæнæй куст хуæдхуз национ цæсгон иссерунбæл, уæдта æцæг национ культурæ аразунбæл…»

Советон доги нæ Цæдеси цæрæг алли адæмихатти национ культури райрæзти сæрбæлтау цæйбæрцæбæл берæ арæзт цудæй, е нæ дзиллæн зундгонд æй. Фæссоветон рæстæгути хæлхъойдзийнæдти еци  æнæмæнгæ гъæугæ гъуддаг фæснадмæ гæлст куд æрцудæй, е дæр зундгонд æй. Еци æнæраст миуи фудæй  агъазиау зæран æрцудæй айдагъ айдагъ нæ фидибæстон культурæбæл нæ, фал нæ еумæйаг уодварнон хелæдæрундзийнадæ дæр хъæбæр фæннезгун æй. Æцæг цардаразæг культури хæзнадзийнæдти бæсти нæ цардиуагæмæ тасдзийнадæ хæссæг донивулди хузæн цъæхъал кæнун байдæдтонцæ зундусхъуммитæгæнæг «культурон хæзнатæ»…Хуарз æма еци гъæладзийнадæй не ’хсæнадæ æрæскъиттæй æма уавæр растгонд цæуй.

Еци гъуддаги Цæгат Иристони дæр берæ гъæугæ мадзæлттæ арæзт цæуй. Уой фæдбæл æрмæгутæ кæсетæ 2-аг фарсбæл.

Цард райдзастдæр ци кæнуй, архайун дæр уобæл гъæуй!..

Алли адæмихатт дæр цæмæй цæрæццаг æнцæ, уонæн сæ сæйрагдæр æй æ культурон уæлдзийнадæ – уодварни гъæздугдзийнæдтæй цæйбæрцæбæл æнхæстдæр уа, уойбæрцæбæл æнтæстгиндæр уодзæнæй æ цардарæзти еугур гъуддæгути. Еци бæлвурддæрæй-бæлвурддæр æцæгдзийнадæ нæмæ фæссоветон рæстæгути, гъулæггагæн, уоййасæбæл нимади нæбал адтæй. Æма уой фудæй не ’хсæнади «уодигъæди» хиццаг менеугутæй берæ кæцидæртæ куд исфудуиндæ ’нцæ, уой ба нæхе цæститæй фæууидтан, нæхебæл æй бавзурстан. Хуарз æма уæддæр æрæскъидтан æма уæддæр æрæгиау парахатдæрæй арæзт æрцудæнцæ æма нерæнгæ дæр арæзт цæунцæ мадзæлттæ, ци æгудзæгдзийнади бахаудтан, уомæй фæййервæзуни, нæ адæми уодварни урух æма рæсог донвæд ци фудуиндæ уавæрмæ æруагътан, уой исраст кæнун æма ’й гъæугæ хузи райаразуни фæдбæл.

Зингæ æййивддзийнæдтæ æрцудæй фæстаг цалдæр анзей дæргъи нæ республики культури къабази дæр, еци куст ма идарддæр дæр арæзт цæуй æма ма цæудзæнæй.

Уомæн æвдесæн – нæ республики Сæргълæууæг Битарти Вячеславæн Уæрæсей Федераций культури министр Ольгæ Любимовай хæццæ æрæги сæ косæгон фембæлди рæстæг се ’хсæн ци гъуддагон дзубанди рауадæй, е. Фембæлди рæстæг фæббæрæг кодтонцæ, Дзæуæгигъæуи культурон кластерти бунати ирæзт, гъæути культури артдзæститæ исцалцæг кæнунæн æма исаразунæн уæлæнхасæн субсидитæ райсуни гъуддаг.

Битарти Вячеслав куд бафеппайдта, уотемæй нуртæккæ республики устур æргом здахунцæ искурдиадæгин сувæллæнттæмæ, еугур фадуæттæ син аразунцæ сæ идарддæри ирæзтæн. Еци-еу рæстæг бунæттон Хецауади размæ лæууй культури артдзæстити материалон-техникон ефтонггади фарста. Региони разамонгути дзубандимæ гæсгæ, гъæуама бавналонцæ культури ахурадон нæуæг косæндæнтти райарæзтмæ, искурдиадæгин сувæллæнттæ æма фæсевæдæн интернаттæ аразунмæ.

Ольгæ ЛЮБИМОВА æма БИТАРТИ Вячеслав сæ фембæлди рæстæг.

Ольгæ Любомова куд фæббæрæг кодта, уотемæй регионалон Хецауади хæццæ æмгустадæ зингæ фæххуæздæр кодта Цæгат Иристони культури инфраструктурæ, æ историон бунтæ ин багъæуай кæнуни нисантæ. Е зæрдæ байвардта хъæппæрестæ равзарунæй, ци документтæ имæ  балæвардтонцæ, уонæмæ æркæсунæй. Дзубанди ма сæмæ рауадæй Аланибæл Исаргъуди 1100 анзи исбæрæг кæнунбæл дæр. Битарти Вячеслав куд радзурдта, уотемæй Алагири райони архайунцæ, Сугъдæг Мади-Майрæни аргъауæн багъæуай кæнунбæл.  Культури министрадæ ба гъæуама равзара, «Культурæ æма туризми ирæзти» паддзахадон программи финансон-экономикон пъланмæ ’й бахæссæн ес æви нæ, уой.


Уæрæсей культури министр Ольгæ Любимовай хæццæ фембæлди рæстæг Битарти Вячеслав, ку зæгъæн, сæрмагондæй баханхæ кодта, нæ республики цæрæн рауæнтæй кæмидæрти арæзт æрцудæй æма цæудзæнæй культури артдзæстити нæуæг азгъунститæ; кæмидæрти ба уæхæн артдзæститæ ес, фал базелуйнаг адтæнцæ, æма нерæнгæ дæр ма беретæмæ базелдзæнæнцæ, иннетæ дæр хæстæгдæр рæстæг цалцæггонд æрцæудзæнæнцæ.

Уомæн æвдесæн, мæнæ нæ иннæ уаци ци æхцæуæн цауи кой кæнæн, е дæр.

Зæрдтагон лæвар Толдзгуни гъæубæстæн

Зæгъæн, национ проект «Культурæ»-мæ гæсгæ бундоронæй цалцæггонд æрцудæй Толдзгуни культури Хæдзарæ  æма ин цитгин уавæри æ дуæрттæ байгон кодтонцæ гъæуи цæргутæн. Етæ хъæбæр зæрдиагæй бацийнæ кодтонцæ аци æхцæуæн хабарбæл – амæйфæстæмæ син равгæ уодзæнæй сæ  фæлладуадзæн рæстæг зæрдæмæдзæугæ уавæри æрветунæн – сæ культури артдзæсти ес парахат концертон зал, исфæлдистадон уæттæ, ами æрбунат кодта гъæууон киунугæдонæ дæр.

Культури Хæдзарæ байгон кæнуни фæдбæл цитгин мадзали архайдтонцæ Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Хецауади Сæрдар Тускъати Таймораз, культури министр  Къубалти Эльбрус, Ирæфи райони муниципалон зилди сæргълæууæг Хидирти Батраз, райони бунæттон хеунаффæйади администраций сæргълæууæг Лагкути Омар æма æндæр ведомствити бæрнон косгутæ.

Сæ гъæуи культурон артдзæсти нæуæг цалцæггондæй байгон уни цийнаг цауи фæдбæл Тускъати Таймораз зæрдиагæй райарфæ кодта толдзгуйнæгтæн. Æ радзубандий  сæрмагондæй баханхæ кодта, нæ республики цæрæн рауæнти цæйбæрцæбæл агъазиау зæрдæхцæуæн æййивддзийнæдтæ цæуй, уой:

–  Хецаудзийнади еугур къæпхæнти размæ дæр лæууй еумæйаг ахсгиаг ихæс – нæ адæми цардиуаги уавæртæ хуæздæрæй-хуæздæр кæнунæн еугур фадуæттæ æма гæнæнтæй дæр æнхæстæй пайда кæнун. Национ проекттæ æма паддзахадон программити архайуни фæрци нæ республики арæзт æма капиталон æгъдауæй цалцæггонд цæунцæ берæ аллихузон социалон объекттæ – ахуради, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади, культури, спорти  азгъунститæ. Еци æнæмæнгæ аразуйнаг гъуддагмæ агъазиау æвæрæн хæссуй Ирæфи райони разамунд дæр. Е уомæй дæр бæрæг æй, æма райони фæстаг цалдæр анзей дæргъи æрцудæй зингæ æййивддзийнæдтæ, берæ цæмæйдæрти æ хузæ раййивта хуæздæрæрдæмæ æма, æруагæс ни кæнуй, аци куст изолдæр дæр ке цæудзæнæй, район никки хиццагдæр æййивдзийнæдтæй ке исфедаудзæнæй, е. ■

ФÆЛИВД ДЗУБАНДИТÆБÆЛ ÆУУÆНКÆ НÆЙЙЕС…

Французаг номдзуд финсæг æма философ Мишель Монтень æ игъустгонд уадзимис «Фæлварæнти» уотæ финста:

ФÆРНИАТИ Ростикки конд хузæ

… Сайун æй адæймаги ном ходуйнаггæнæг сахъатдзийнадæ. Айдагъдæр дзурди фæрци иссан адæймæгутæ, кæрæдзей лæдæрунæн нин дзурд дæттуй фадуат. Æма ци сахъатдзийнади кой кæнун, е куд æгадæ æй, куд илгъаг æй, уой ку лæдæрианæ, уæд иннæ сахъатдзийнæдти разæй æ хæццæ тохи бацæуианæ. Сабийти ахид бафхуæрæн алли листæг гъуддæгути туххæй, фулдæр хæттити бустæги дзæгъæли, уомæн æма сæ коййи аккаг дæр нæ фæуунцæ, цæй туххæй сæ бафхуæрæн, етæ. Айдагъдæр сайун, уæдта хеваст ун  (е нæ аййеппити æхсæн дуккаг бунат ахæссуй) æнцæ, сабийти сахъатдзийнæдтæй еугуремæй карздæрæй æмæ æнæ ’рлæугæй тох кæнун ке хæццæ гъæуй, уæхæнттæ. Уомæн æма аци аййеппитæ адæймагæн æ хæццæ ирæзунцæ. Æма куддæр æвзаг сайуни надбæл рацæуй, – дессаг ба куд нæй! – уотæ ’й рæстдзийнади ’рдæмæ лæгдухæй дæр нæбал раздахдзæнæ! Уой туххæй æмбæлæн ахид æнæуой гъуддæгути раст æма æгъдаугин ка æй, фал мæнгæттæ дзоруни  незæй ка сæйуй, уæхæнттæбæл. Еу хуйæг  зонгæ мин ес, æма лæгау-лæг æй, фал си хæснагæн еунæг раст дзубанди дæр нæ фегъосдзæнæ, кæд ин пайдай хуасæ фæууидæ рæститæ дзорун, уæддæр.

Налатæн, рæстдзийнади хузæн, еу цæсгон ку уайдæ, уæд ма дæ ци гъæуй, ци! Налат лæги дзубандитæ бустæги иннердæмæ лæдæрианæ, бæргæ. Фал æ дессаг уой медæгæ ’й, æма æ  цæсгæнттæ сæдитæй нæ, фал сæдæгай минтæй нимайгæ ’нцæ, растдæр зæгъгæй ба: кæрон син нæййес.

Пифагори ахурадæбæл хуæст адæм уотæ нимайунцæ: хуарздзийнадæн æ арæнтæ бæрæг æнцæ, фал фуд арæнтæ нæ зонуй, уæдта æбæрæг æй. Нисанæй мингай нæдтæ цæунцæ, нисанмæ ба айдагъдæр  еунæг над ес. Æма, зæгъæн, устур бæлах мæбæл æрцæуйнаг æй, æма си хе багъæуайгæнæн  ес, ме ’фсарми сæрти рахезгæй, сайæн дзубанди ку ракæнон, уæд. Æгириддæр ми не ’руагæс кæнуй, уæхæн уавæри дæр рæстдзийнадæй еуварс рахездзæнæн, е.

Аргъауæни хецæуттæй еу уотæ загъта, куййи хæццæ ун, дан, нин æнцондæр æй, е ’взаги рахастдзийнадæ кæмæн нæ зонæн, уæхæн лæги фарсмæ унæй:  Ut externus alieno non sit nominus vice. (Æцæгæлон бæстæмæ ку бахауай, уæд уоми адæмæн ду адæймагбæл нимад нæ дæ. Уæхæн æй афоризми гъуди. Загъта æ Хестæр Плиний). Фал, æвæдзи, мæнгард æвзаги хецауи хæццæ дзорунæй æгириддæр нæ дзорун цæйбæрцæбæл хуæздæр æй!


Сайуни туххæй Мишель Монтени аци гъудитæ хумæтæги не ’римистан. Нæ абони цардиуаги сайунтæ æма аллихузон фæливд миутæ æгæр дæр ма исберæ ’нцæ. Сæ рæсугъд дзубандитæ æма аллихузон зæрдивæрдтитæй нæ сайунцæ депутаттæ, политиктæ, хецаудзийнади бæрнон бунæттæ æрахæссæг лæгтæ… Сауæнгæ ма сомитæ кæнунæй дæр нæ фефсæрми унцæ, зæрдæвæрдтитæ ке нæ исæнхæст кæндзæнæнцæ, уой сæхуæдтæ зондзæнæнцæ, уотемæй дæр.

Айразмæ публицист Виталий Кириченко газет «Литературон Уæрæсе»-й уотæ финста: «Политиктæмæ амонгæй, мæ мадихуæрæ уотæ загъта: «Адæми ци расайæ-басайæ кæнунцæ? Уæддæр син сæ дзубандитæбæл ку неке баууæддзæнæй! Рузвельт кризисæй Америки æртæ анземæ ку раласта. Цардæй тъæпп ка хауй, еци гъæздугутæбæл прогрессивон хъалонтæ æрæвæрæ (Рузвельт дæр уотæ бакодта), æма, нæ бюджет мæгур æй, зæгъгæ, уотæ дзорун некебал багъæудзæнæй». Хуцауистæн, мæ мадихуæрæ раст æй! Ку нæ бафæндæуа, уæд алцæмæн дæр исаразæн ес…»

Нæ царди уавæртæ фæххуæздæр кæнунæй нин зæрдитæ уотæ разæнгардæй ка февæруй, уонæй кедæрти, ка ’й зонуй, фæндгæ дæр фæккæнуй ести хуарздзийнæдтæ исаразун, фал кенæ арæхсгæ нæ фæккæнунцæ, кенæ ба се ’мдзæуинтæй айдагъдæр æхе хуарзбæл ка архайуй, етæ сæ фæкъкъех кæнунцæ, гъома, æндæр кустаг уин нæййес…

Уотæ ку нæ уидæ, æма адæмæн сæ цардиуаги гъуддæгутæ гъæугæ хузи аразунæй комкоммæ ихæсгин ка ’й, фал æй ка не ’нхæст кæнуй, бæлвурд кусти бæсти фæлливд дзубандитæй бонасадæн ка кæнуй, уонæй карз дзуапп агурд ку цæуидæ, уæд, баруагæс уи уæд, нæ размæцуди хабæрттæ зингæ зæрдæмæдзæугæдæр уиуонцæ. Уомæн ба æвдесæн – уæхуæдтæ…