НÆ БОН ÆЙ НÆ ЦАРДАРÆЗТ РАЙДЗАСТДÆР КÆНУН!..
Уæрæсей Федераций Хецауади архайди нуриуæнгæ ци бантæстæй æма идарддæр ци исаразунбæл дзубанди цæудзæнæй, уой туххæй æ Сæрдар Михаил Мишустин æрæги радзурдта Паддзахадон Думи æмбурди. Æ радзубандий депутаттæн бундоронæй фегъосун кодта нæ бæсти цæрæг дзилли фæрнугадæ, сувæллонгин бийнонтæн агъаз, экономикæ æма регионти райрæзт, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади модернизаци æма æндæр, паддзахадæн дæр æма адæмæн дæр ахсгиаг ка ’й, еци цадгъонгæнæг фарстатæбæл косгæй, ци æнхæстгонд æрцудæй, уони туххæй.
Дзубанди цæбæл цудæй, еци хабæртти туххæй æнæгъæнæй радзорунæн фадуат нин нæййес, æма уомæ гæсгæ ба си уæддæр кæцидæрти кой ракæндзинан.
Æ радзубандий Михаил Мишустин куд фегъосун кодта, уотемæй пенситæ, феддонтæ, пособитæ индексацигонд æрцудæнцæ. Уогæ уой кой ба не ’скодта, æма пенсиесгутæй ма косгæ ка кæнуй, уони пенсион феддонтæ индексаци цæмæннæ нæ кæнунцæ, æма еци æнæрастдзийнадæ еуварсгонд кæд æрцæудзæнæй. Æхца нæййес? Æгæрдæр ма ес æма уидæ, хецаудзийнади алли къабæзти бадæг давгутæ сæбæл ку нæ хæлæф кæниуонцæ, уæд.
Хецауади Сæрдар ракодта уой кой дæр, æма инфляций ирæзти хæццæ фæббæрзонддæр æй мизди тæккæ минкъийдæр бæрцæ. Миллион адæймæгути мизд баст æй еци бæрæггæнæни хæццæ. Хецауадæ еудадзуг æ цæстæ даруй, бюджетон кусти мизд куд фист цæуй, уомæ: скъолатæ æма уæлдæр ахурадон уагæдæнтти ахургæнгутæ, дохтиртæ æма иннæ медицинон персонал, культурон æма социалон къабазæ æма науки косгутæн, – загъта Михаил Мишустин.
Премьер-министр фæббæлвурд кодта куст дæттуни бæрæггæнæнтæ. Архайд цæуй кустдæттæн служби реформæ æма син уомæн уæлæнхасæн фæрæзнитæ раттуни фарстабæл.
Хецауадæ идарддæр парахат кæнуй мадтæлдзийнадæ, сабийдзийнадæ æма æнгъæлдзау силгоймæгтæн агъази системæ. Уой фæдбæл Михаил Мишустин фегъосун кодта:
– Фарæ исаразтан еугонд феддон, æма нисангонд æрцудæй 11 миллион сабийемæй фулдæрæн, уæдта 400 мин федæни мадтæлтæн. Ниййергутæн федунцæ аллимæйон феддон, уой дæр, цæйбæрцæ адтæй, уомæн е ’мбеси бæрцæ фæффулдæр æй. Максималон æгъдауæй исирæзтæй æнгъæлдзау силгоймæгтæ æма кæмæн райгурдæй, уони феддон дæр – 565 мин соми. Мадтæлти капитали программæ идарддæр косуй.
Министрти кабинети разамонæг ахуради къабази фарстабæл дзоргæй, лæмбунæг æрлæудтæй скъолати бундорон райарæзтбæл, Рохсади министради хæццæ, уой фæдбæл арæзт программи фæлгæти нæуæггонд æрцудæнцæ 4 мин скъолай азгъунсти. 2024 анзи сентябрæй фæстæмæ алли мæйæ уæлæнхасæн фæндзгай минтæ есдзæнæнцæ скъолати æма колледжти директорти унаффæгæнгутæ гъомбæладон фарстати фæдбæл. Нуртæккæ уæхæн уæлæнхасæн феддонтæ есунцæ кълæсти разамонгутæ, дувæрæй ба – 100 мин адæймагемæй минкъийдæр цæргутæ кæми ес, уæхæн сахартæ æма гъæути.
Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади модернизаций фиццаг къæпхæни программи фæрци регионти 3,5 мин объекти бундоронæй райаразун бантæстæй.
– Балхæдтан 147 мин еуæги медицинон ефтонггæрзтæ. Фондз минемæ хæстæг – тагъд медицинон агъази сæрмагонд хуæдтолгитæ, æртæ хатти фулдæр ба – дохтиртæ æма фельдшертæ ласæн хуæдтолгитæ, – загъта Михаил Мишустин.
Æхсæнадон бунæттæ æма берæуæладзугон хæдзæртти тургъти дæр агъазиау æййивддзийнæдтæ ’рцудæй – нæуæг аййев хузæ райстонцæ 65 мин фæзуати. Æнæмæнгæ райаразуйнаг ци рауæнтæ ’нцæ, е идарддæр бæлвурдгонд цæуй еугурадæмон гъæлæскæнуйнади бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ.
Премьер-министр куд загъта, уотемæй «Газпром-Межрегионгаз» еумæ кæбæл архайунцæ, социалон уæлæнхасæн газификаций еци программи фæлгæти фарæ фæлвари анзи хæццæ рабаргæй, 40 процентæй фулдæр хæдзæрттæмæ лæвæрд æрцудæй æрвхуз артаг.
РАСТ ЗАГЪДÆН Æ ТУХÆ – РÆСТДЗИЙНАДÆ
Николай ГОГОЛЬ (1809-1852), уруссаг финсæг: «Мадта уотæ: берæ æнзти куст, фæлварæнтæ æма сагъæсти фæсте æз æрцудтæн, мæ сабийбонти дæр цæбæл сагъæс кодтон, уомæ – адæймаги нисан æй косун, уæдта нæ цард æнæгъæнæй дæр куст æй. Æцæг иронх кæнун нæ гъæуй: зæнхон паддзахади дин бунат уой туххæй лæвæрд æрцудæй, цæмæй Æрвон Паддзахи ном еудадзуг дæ зæрдæбæл дарай æма дæ æ закъон иронх ма уа. Уотæ ку косай, уæд ди аразийæй байзайдзæнæнцæ еугурæйдæр: Паддзах дæр, адæм дæр, дæ зæнхæ дæр.
Аци хабармæ гæсгæ зæгъун гъæуй уой, æма уæхæн куст идарддæр цæуй Цæгат Иристони дæр. Æрæги ба нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн адтæй косæг фембæлд «Газпром межрегионгаз»-и æрдзон фæрæзнæ дех æма уæйæ кæнуни фарстабæл бæрнон, генералон директори хуæдæййевæг Юрий Похомовскийи хæццæ. Фембæлди архайдта «Газпром межрегионгаз Владикавказ»-и генералон директор Хъодзати Алан дæр.
Дзубанди си рацудæй фæлхасгæнгутæ феддонтæ куд федунцæ уобæл, уæдта региони гъардæттæн кустуæтти ихæсти уавæри фæдбæл. Куд фæббæрæг кодтонцæ, уотемæй Цæгат Иристони гъардæттæн кустуæттæн сæ ихæстæ зингæ фæмминкъийдæр æнцæ, нур гъæуама аци сæрдæй фæстæмæ еугур феддонтæ дæр конд цæуонцæ Гъардæттæни еумæйаг оператори бæрни. Уомæ хауй республики ихæстæ ниллæгдæр кæнуни ихæс.
Фембæлди архайгутæ ма æрдзурдтонцæ «Мамисон»-мæ газ бауадзуни фарстабæл. Нуртæккæ косунцæ гази хизтæбæл, уони фæрци айдагъ курорт не ’суодзæнæй æрдзон фæрæзни хецау, фал Алагири райони хуæнхон гъæутæ дæр. Камсхо, Калак, Згъил, Лисри, Тиб, Уæллаг Зæрæмæг æма Дæллаг Зæрæмæги цæргутæмæ дæр кæдæй-уæдæй газ бахъæртдзæнæй.
Дзубандий архайгутæ фæббæрæг кодтонцæ газæн федуни фæткæ фæххуæздæр кæнуни, æрдзон фæрæзнити ирæзтæн региони фадуæттæ исаразуни нисантæ. Уони фæрци раздæри фæлхасгæнгутæн сæ фадуæттæ фæгъгъомусгиндæр уодзæнæнцæ, нæуæг фæлхасгæнгути газмæ байеу кæнунæн дæр уавæртæ фæззиндзæнæй.
* * *
Михаил Мишустин ма æ радзубандий зингæ æргом раздахта, гъæути райрæзтбæл ци куст цæуй, уомæ дæр.
Куд загъта, уотемæй еци гъуддагæн еумæ райсгæй, фарæ æрвист æрцудæй 64 миллиард соми. Уой фæрци идарддæр арæзт цудæнцæ нæдтæ, банивæбæл кодтонцæ æхсæнадон бунæттæ, гъæути цæрæнуатон уавæртæ фæххуæздæр æнцæ.
Хецæнæй Михаил Мишустин æрлæудтæй сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæн агъази мадзæлттæбæл, бæлвурддæр – операций гъуддæгутæмæ кæсæг кусти къуари хъæппæрестæмæ уæлдæр ахурадон уагæдæнттæмæ бацæуни; берæсувæллонгин бийнонтæн агъази мадзæлтти; промышленность æма æндагон экономики хъæппæрестæмæ.
Кæронбæттæни премьер-министр федарæй зæрдæ байвардта, Хецауадæ идарддæр дæр ке араздзæнæй еугур мадзæлттæ, цæмæй бæсти алли региони дæр цæргутæ парахаттæй пайда кæнонцæ сæ равгитæ æма гæнæнтæй сæ цардиуагæ зæрдæмæдзæугæдæр кæнунæн. Еци гъуддаг куд æнтæстгиндæрæй рæстмæ кæна, уотæ нæ Фидибæсти гъомусадæ æнæгъæнæйдæр ирæздзæнæй, нæ исонибон уодзæнæй алцæмæй дæр æнхæстдæр.