НÆ ЕУГУР ХУÆРЗТÆН СÆ ХУÆЗДÆР – БЕРÆ ЦÆУÆТ!..
Нæ нури цардиуаги сагъæссагдæр фарстатæй еу æй демографион уавæр, гъома, нæ адæми бæрцæ, куд нæ фæндуй æма гъæуама куд уа, уотæ ке нæ ирæзуй, уобæл æй нæ тухст. Æма куд нæ хетуйæн.
Цæгат-Кавказстат куд фегъосун кодта, уотемæй аци анзи январæй сентябри уæнгæ Цæгат Иристони цæргути нимæдзæ 3221 адæймагей бæрцæ фæмминкъийдæр æй. Фараст мæйей дæргъи нæмæ райгурдæй 5594 сувæллони – е æй, фари еци рæстæги хæццæ рабаргæй 4,4 проценти минкъийдæр. Раст зæгъгæй, фари хæццæ рабаргæй, ка рамардæй, уони нимæдзæ фæмминкъийдæр æй 6,7 проценти (6075 адæймаги). Аци анзи фараст мæйемæ нæ республики арæзт æрцудæй 1987 къайади, ихæлд къайæдти нимæдзæ ба рауадæй 2894. Ихæлд къайæдти бæрцæ фари хæццæ рабаргæй фæффулдæр æй 37,5 проценти, арæзт къайæдти бæрцæ ба 4,2 проценти фæмминкъийдæр æй.
Нæ республики демографион уавæри æма уой фæххуæздæр кæнунæн циуавæр мадзæлттæ исаразун гъæуй, уой фæдбæл ахургонд-демограф, экономикон наукити кандидат Къаберти Нодар зæгъуй æ гъудитæ.
– Нодар, 2022 анзи демографион уавæр нæ республики циуавæр æй, уой фæдбæл ес статистикон бæрæггæнæнтæ. Æма етæ цæйбæрцæбæл æнхæст æнцæ?
– Раст зæгъгæй, мæ зæрдæмæ нæ цæуй, демографион уавæри бæрæггæнæнтæ мæйæгай ке нимайæн, е. Ахид рауайуй уотæ, æма анзи райдайæни еу хузи демографион статистикæ фæууй, анзи кæронмæ ба – æндæр хузи. Уой туххæй, мæнмæ гæсгæ, статистикæ гъæуй аразун анзи кæрони.
Еумæйагæй статистикæ ку райсæн, уæд ан хъæбæр лæгъуз уавæри. Æз бæлвурддæрæй зонун демографи амонæг нимæдзтæ, æма уин зæгъдзæнæн, гъуддаг хуæздæрæрдæмæ ке нæ цæуй, уой. Демографион процесстæ ’нцæ цалдæр: сувæллæнттæ цæйбæрцæ райгурдæй æма адæмæй цæйбæрцæ рамардæй, цал нæуæг бийнонти фæззиндтæй æма цал бийнонти рахецæн æнцæ, æма миграци, уонæй еу дæр нæ республики нæ фæррæстмæ ’й. Айдагъ 2022 анзи нæ, фал нур дæс æма инсæй анзей дæргъи нæмæ демографион уавæр фуддæрæй-фуддæр кæнуй.
– Æма уæд уавæртæ фæххуæздæр кæнунæн ци гъæуй?
– Аци фарстæн зин æй раттун алцæмæй дæр æнхæст дзуапп, уомæн æма дуйнейи демографтæ кæдæй æма кæдæй ардæмæ уобæл косунцæ æма архайунцæ, фал, еузагъдæй, нæййес фæннисан гæнæн, ци гъæуй исаразун демографи фæххуæздæр кæнунæн, уой туххæй. Уомæн æма алли бæстити, алли регионти дæр ес хецæндзийнæдтæ æма демографи фæххуæздæр кæнуни фæдбæл си хе мадзæлттæ гъæуй, цæмæй бæлдтаг пайда хæссонцæ. Уой туххæй регионти ес сæхе демографтæ, етæ исбæлвурд кæнунцæ демографион къурцдзæвæни лазæ æма уавæр цæй фæрци фæххуæздæр кæнæн ес, еци гæнæнтæ æма равгитæ.
Сагъæссаг уавæри айдагъ Цæгат Иристон нæй. Уотæ ’й Уæрæсей регионти 24 процентеми. Раст зæгъгæй, ес цалдæр региони, кæцитæми уавæр æй хуæздæр – Мæхъæли, Цæцæни, Дагестани. Фал Уæрæсей регионтæ ’нцæ хъæбæр тухст æма, федералон программитæй уæлдай сæ регионтæ не ’скæнунцæ хецæн программитæ демографион уавæр фæххуæздæр кæнунæн. Махмæ дæр уæхæн программæ нæййес. 2010 анзмæ адтæй циуавæрдæр, фал уомæй дæр берæ пайда нæ адтæй. Нуриуæнгæ ба нæ регионæн уæхæн дæр нæбал ес. Хуарз æма уæддæр Федералон министради проектти фæрци куддæртæй цæрæн.
Демографион уавæр фæххуæздæр кæнуни мадзæлттæбæл ку дзорæн, уæд фиццаг гъæуама лæмбунæгæй бакосæн къурцдзæвæнмæ нæ ци рæуæнттæ тæрунцæ, уонæй нæхе иссæребарæ кæнунбæл. Етæ ба ’нцæ мæнæ ауæхæн фарстатæ: «Цæмæннæ цæунцæ киндзи?..», «Цæмæннæ кæнунцæ бийнонтæ?..», «Цæмæннæ бæллунцæ æригон бийнонтæ зæнæг æнтæсун кæнунмæ?..», «Цæмæн хецæн кæнунцæ бийнонтæ кæрæдземæй?..», «Цæмæн цæунцæ нæ фæсевæд Иристонæй?..», «Цæмæн уоййасæбæл берæ адæм ни мæлуй?..»
Статистикæмæ ку ’ркæсæн, уæд уæлдай лæгъуздæр уавæри æй миграций къæпхæн – республикæй æригон адæм ледзунцæ æндæр рауæнтæмæ. Еци æригæнттæ цæунцæ ахур æма кусти туххæй – сæ цард фæххуæздæр кæнунмæ. Етæ хуарз царди фæдбæл рандæунцæ, республики ба фæсевæди нимæдзæ минкъийдæр кæнуй. Еугонд Нацити Организаци исаразта демографий къуæртти нимайæн барæн (шкала). Аци къуарæн си ес æхе менеугутæ. Миграци нимайæн шкала ба зæгъуй, æртинсæй анземæй фулдæр ци адæмбæл цæуй, уони нимæдзæ 18 процентей бæрцæй ку рахеза, уæд наци райдайуй зæронд кæнун. Махмæ ба Иристони рацæргæ адæми нимæдзæ ’й 22 проценти. Æригон адæми нимæдзæ ба анзæй-анзмæ минкъийдæр кæнуй.
Миграций рандæуæг адæми нимæдзæ æма цæй фудæй рандæнцæ, е ба ’й демографион къæпхæнтæй алкæмæй дæр æнцондæр нимайæн. Сæ сæйрагдæр – мизд. Уæрæсей мизди статистикæмæ ку ’ркæсæн, уæд уинæн Иристон, иннæ регионти ’хсæн, 65-аг бунати ке лæууй, уой. Еци статистикæ, куд æхсæнади цардарæзти иннæ къабæзти уавæртæ равдесунæн, уотæ демографи равдесунæн дæр, алли анз искæнуй Уæрæсей федералон паддзахадон статистики службæ.
Демографион процесстæ еугурæйдæр баст æнцæ кæрæдзебæл: æригон адæм ку рандæунцæ кустагор, уæд сæ нимæдзæ фæмминкъийдæр уй, уой хæццæ ба ма нæмæ сувæллæнттæ игуруни бæрцæ дæр фæмминкъийдæр уодзæнæй. Зæрæндтæ байзадæнцæ – мæлæг адæми нимæдзæ дæр фæффулдæр уй. Еци процесстæ ци уавæрмæ тæрунцæ нæ Иристон, е æй æнцон нимайæн.
Ахид фегъосун, региони кусти равгитæ ку ес, хуарз кæми ’нцæ, уордæмæ уæд æригæнттæ цæмæннæ цæунцæ бийнонти гъуддаг бакæнгæй, уоми цæмæннæ æрцæрунцæ, зæгъгæ. Фал, æркæсæнай, циуавæр куст æма си ци мизд ес? Кæд æма си уавæртæ уæхæн æнцæ, æма æригон адæймаг айдагъ æхе фæддарунгъон дæр си нæ уодзæнæй, уæд бийнонти гъуддаг куд бакæндзæнæй? Нæ рагфидтæлтæ хумæтæги нæ зæгъиуонцæ: «Кæсалгæ дони арфмæ цæуй, лæг ба, кæми ин хуæздæр æй, уордæмæ…»
Куд загътон, уотемæй миграцион статистикæ Цæгат Иристони тæккæ лæгъуздæр уавæри æй, фал ма уой хæццæ ба зæгъун гъæуй уой дæр, æма ка рамардæй, уони нимæдзæ дæр æй устур, нæ синхæгти демографион уавæри хæццæ рабаргæй. Бустæги хестæр адæм ке мæлунцæ, е лæдæрд æй, базæронд æй æма рамардæй, фал, гъулæггагæн, æригон адæм дæр мæлунцæ – аллихузон фидбилизти, уотæ наркотиктæ, фурниуæзти æма æндæр адзæлтти фудæй.
– Ниййергути капитал, зæгъгæ, ке хонунцæ, е уавæр фæххуæздæр кæнунæн агъаз æй?
– Мæнмæ гæсгæ, е хуарз æргъудигонд мадзал æй, æма агъаз дæр кæнуй, фал си ес цалдæр аййеппи: зæгъæн, фиццаг сувæллон æхца райсуни зæрдтæй дин исæнтæсæд, е раст æй? Украини раздæр æргъуди кодтонцæ аци мадзал, æма уотæ рауадæй – силгоймæгтæ, ниййерæги капитал райсгæй, сæ сувæллæнтти ниууадзиуонцæ. Махмæ ’й уайтæккæдæр уой туххæй нæ дæттунцæ, фал уæддæр æ тухæ демографийæн уоййасæбæл ахедгæ нæй. Еци капитал, нæ бæсти рæстæмбес миздмæ бафтаугæй, уæддæр не ’ййафуй размæцуд бæстити ци мизд ес, уой.
Уоййасæбæл зæрдæмæдзæугæдæр нæ кæнунцæ нæ царди уавæртæ. Адтæй Уæрæсей уæхæн хуарз демограф – Валерий Елизаров. Е дзурдта, зæгъгæ, куд гъæуама фæххуæздæр уа демографион уавæр, кæд æма уосæ æма лæг дууемæй дæр косунцæ, фал син дуккаг сувæллон ку райгура, уæд бийнонтæн сæ равгитæ нæбал хъæртдзæнæнцæ, зæгъгæ. Германий ба ес уæхæн политикæ – паддзахадæ æ адæми материалон æма социалон уавæр фæххуæздæр кодтонцæ æма бийнонтæ сæхуæдтæ унаффæ кæнунцæ, цал сувæллони сæ гъæуй, уобæл. Махмæ ба бийнонтæ æнгъæлмæ кæсунцæ, ниййерæги капиталмæ, кæд сæ уавæртæ уой фæрци фæххуæздæр уайуонцæ. Уотемæй ниййерæги капитал æнæгъæнæй уоййасæбæл агъаз нæ кæнуй аци фарста ралух кæнунæн.
– Дæумæ гæсгæ, никкидæр ма ци мадзæлттæ исаразун гъæуй, цæмæй нæ адæм сæ исонибонмæ зæрдæрайгæй кæсонцæ?
– Цæмæй демографион политикæ коса, уой туххæй гъæуй цуппар мадзали: æхца, демографион политикæ æнхæстгæнæг паддзахадон оргæн, закъон кенæ программæ, цуппæрæймаг ба – адæмæн балæдæрун кæнун, ци уавæрмæ цæуй нæ наци, уой. Еугурæйдæр гъæуама еумæйагæй косæн нæ демографион уавæр фæххуæздæр кæнунбæл.
Алцæмæй раздæр демографион къурцдзæвæни равзурдæй Франци. Æма си хецаудзийнадæ хуарз байархайдта демографион мадзæлттæ искæнунæн. Зæгъæн, фидæн æртиккаг сувæллон ку райгуридæ, уæд ин æ мизд дууæ хатти фæффулдæр кæниуонцæ. Фал алцæмæй дæр хуæздæр ба паддзахадæ байархайдта адæми зундирахастбæл – балæдæрун син кодта, ци уавæрмæ æрцæудзæнæнцæ, ку нæ æнтæсун кæнонцæ зæнæг, уæд – Франций цæргутæ французæгтæ нæбал уодзæнæнцæ. Фæстаг рæстæги, раст зæгъгæй, уонæн дæр сæ уавæр фæффуддæр æй.
Куд загътон, уотемæй ранимад цуппар мадзали еумæ ку косонцæ демографибæл, уæд нæ республики уавæр хуæздæр уодзæнæй.
– Социологтæ куд исбæрæг кодтонцæ, уомæ гæсгæ тæккæ зиндæр æй, берæ сувæллæнттæ кæмæн ес, уонæн. Уæхæн дзубанди дæр цæуй, гъома, скъолай дзаумæуттæ, ахургæнæн киунугутæ син дæттун гъæуй лæвар…
– Фæстаг рæстæгути муггаги кувдтитæ ахид райдæдтонцæ кæнун, æма мæ еууæхæни Плити кувдмæ фæххудтонцæ. Еу æмбал мин ес Плитæй, ес ин авд сувæллони, æма син кувди уой кой ракодтон, зæгъун, искæнетæ æма ин муггагæй фæййагъаз кæнетæ. Æма мин си кадæртæ уæхæн дзуапп равардтонцæ: «Æма сæ нæ нифсæй æнтудта?..» Гъулæггагæн, берæсувæллонгин бийнонтæмæ уæхæн цæстæй кæсун, æма уонæн фæййагъаз кæнуни гъуддаги туххæй уотæ ку гъуди кæнæн, уæд нæ ирондзийнадæ æма еудзийнадæ ци ’нцæ?
Нури Цæгат Кавкази федералон зилди зæнхæбæл цæрæг адæмихæттити ’хсæн, 1959 анзи ирæнтти нимæдзæ адтæй 11,2 проценти, нур ба ан 7 проценти. Æма уой фæдбæл фарста: 4 проценти ци фæцæнцæ? Уæрæсей федералон паддзахадон статистики служби бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, 15 анзей фæсте уодзинан 6 проценти, уой æз нæ æримистон, сæ сайти сæ иссерун æнгъезуй. Уой хæццæ, Хонсари адæм нæмæ ку не ’рбалигъдайуонцæ, уæд 6 проценти дæр нæ адтайанæ.
Мадта берæсувæллонгин бийнонти уавæртæ дæр хуарз нæ ’нцæ, æма син паддзахадæ ке агъаз кæнуй, е хъæбæр хуарз æй, фал ма син мах дæр ма ку агъаз кæнианæ, уæдта бустæги хуарз уайдæ хабар.
– Нæ адæми фæстаг съезди ци ахсгиаг фарстатæбæл цудæй дзубанди, уонæй еу адтæй, гъæутæ æдзæрæгæй ке байзадæнцæ, е. Берæ сувæллæнттæ кæмæн ес, уонæн гъæуи зæнхи хай лæвæрд ку ’рцæуидæ, уæд син уоми бæлдтагдæр æма æнцондæр цæрæн уайдæ?
– Кæддæр уæхæн фембæлдтитæй еуеми пайда кодтонцæ мæ киунугæй – истонцæ си æрмæг, дзурдтонцæ ибæл, фал, еци киунугæ ка ниффинста, уой ба нæ зудтонцæ. Уотæ рауадæй æма Къесати Славик дæр уоми адтæй, æма син уотæ загъта, Къаберти Нодари, дан, цæмæннæ фæрсетæ, е демограф ку ’й. Е ба, дан, ка ’й, зæгъгæ, фæккодтонцæ. Уæд æз дæр мæ къох исдардтон, е адтæй, фиццаг хатт дзурди барæ ку райстон, уæд. Статистикæ син равдистонцæ, фæдздзурдтонцæ, дæнцæгтæ фæххастонцæ. Загътонцæ: гъæуй демографибæл бакосун, дæу ба не ’мбурдмæ æрбахондзинан еци фарстати фæдбæл. Уобæл фæцæй сæ фæндæ. Куд фæззæгъунцæ, абони бони дæр ма мæ хонуйнаг æнцæ.
Уæхæн æмбурдти адтæн дууæ хатти – Хонсар æма Цæгати. Дууæ хатти дæр си дзубанди цудæй, хестæр кæми гъæуама бада, сæр æма бæрзæй æвæруни æгъдау куд æнхæст кæнун гъæуй, кæстæр кæци рауæн гъæуама лæууа æма уотæ идарддæр. Æндæр сæмæ нецæй сагъæс адтæй… Нæ адæми исонибони фæдбæл арæзт фембæлдтити уæхæн фарстатæй ку нæ рахезæн, уæд исæфтмæ цæуæн.
– Нæ алфамбулай цæрæг адæмихæттити кой ку кæнæн, уæд æй зонæн, берæ сувæллæнттæ син сæ дин дæр амонуй. Æма махæн дæр нæ фидтæлтæй е байзадæй, цæмæй бийнонтæ уонцæ берæцæуæтгин. Фал нæ адæми «сæрбæлдзоргутæ» нæ еци æгъдæуттæбæл нæ дзорунцæ, фал цæмæдæр гæсгæ, сæ дзубандитæй иселлæг унцæ цидæр фæрсаг гъуддæгутæбæл. Ду куд гъуди кæнис?
– Цæмæдæр гæсгæ, рæвдзæ ан Европи адæмти царди уагæвæрд фæнзунмæ, уоми ба уоййасæбæл хуарзæй неци ес, уой хæццæ ба берæ цидæртæ зæранхæссæг æнцæ нæ демографийæн. Нæ фидтæлтæй нæмæ хуарз æгъдæуттæ байзадæй еци фарста ралух кæнуни фæдбæл: зæгъæн, бийнонти гъуддаг бакæнун ке фæндадтæй, уомæн агъаз кодтонцæ, зеутæ дæр исаразиуонцæ, седзæртæн дæр агъазгонд цудæй. Æнсувæртæй еу ку рамæлидæ, уæд е ’нсувæрæн барæ адтæй уой бийнойнаги ракорун, кæд æхецæн бийнонтæ уидæ, уæддæр седзæртæ æ бæрни бацæуиуонцæ. Е дæр уой туххæй, æма седзæр бийнонти фæккæсæг гъудæй. Уой хæццæ, бийнонтæ исаразунæн æригæнтти кæрæдземæн амонгæ кодтонцæ. Дууæ муггаги ци хæстæгдзийнадæ разагътонцæ, уой фехалун бавзаронцæ, рахецæн уонцæ! Кунæг!.. Уæдта ма иннæ хабар ба уой медæгæ ’й, æма нури уавæрти фулдæр хæттити бийнонтæ рахецæн унцæ, цæмæй син закъонмæ гæсгæ равгæ уа социалон феддонтæ есунæн. Е дæр, ке зæгъун æй гъæуй, æй устур аййеп нæ экономикон уагæн.
– Нодар, куд дæмæ кæсуй, нæ адæми æгъдæуттæ æма фæткитæ царди аккаг бунат ку æрахæссиуонцæ, уæд иннæ фарстатæн дæр æнцондæр лухгæнæн нæ уайдæ?
– Дзорун еу æй, иннæ ба – аразун. Гъулæггагæн, абони мах аразгæ нæ, фал фулдæр дзоргæ кæнæн. Иннæ æведауцæ хабар ба ма е æй, æма абони беретæ се ’рвадтæлти нæ, фал сæ хуæрти æма се ’нсувæрти хæццæ син ци хеуондзийнадæ ес, е хъæбæр æрнидæн æй, ка си куд цæруй, цитæ косунцæ, сæ уавæртæ куд æнцæ – уомæн Хуцау æ зонæг.
Æгъдæуттæ еугурæйдæр сарсинæй лæуарун гъæуй: сæ хуæздæртæй син пайда гъæуама кæнæн, абони аккаг си ка нæбал æй, уонæй ба гъæуама цох уæн. Æма уæд, ке зæгъун æй гъæуй, берæ фарстатæ растдæрæй, пайдадæрæй æма æнтæстгиндæрæй лухгонд цæудзæнæнцæ.
КЪАБЕРТИ Нодари хæццæ
дзубанди кодта ГОБОЗТИ Агундæ.