НÆ РАЙГУРÆН БÆСТИ НАМУС ÆМА НИФС

Дзæуæгигъæуи Плити Исси номбæл 26-аг скъолай ахурдзаутæ, Фидибæсти сæрбалтау тохи æ цард ка иснивонд кодта, уони имисæн мадзæли рæстæг.
Æнæгъæнæ Уæрæсей дæр исон, 23 феврали бæрæггонд цæудзæнæй Фидибæстæ гъæуайгæнæги Бон. Аци бæрæгбон æцæгæй еугурадæмон æй, исцитгин æй кæнунцæ куд коллективти, уотæ хецæн бийнонти ’хсæн дæр. Е лæдæрд æй, уомæн æма уæхæн бийнонтæ, æвæдзи, нæ разиндзæнæй, æма си кадæр нæ бахъиамæт кодта Райгурæн бæсти æдасдзийнади сæрбæлтау. Уой фæдбæл æрмæгутæ мухур кæнæн нæ газети абони номери.
Аци анз бæрæгбон бæрæг кæнæн уæззау уавæрти – не ’хсаргин фæсевæд уодуæлдайæй хъазауат кæнунцæ, сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй. Гъулæггагæн, кедæрти си багъудæй се ’фсæддон ихæстæ æнхæст кæнгæй сæ цард иснивонд кæнун… Зæрдхъурмæй сæ имисæн… Абони ма си ка архайуй, нæ еци æфсæддонтæн ба нæ Исфæлдесæгæй корæн, цæмæй алкедæр рæхги сæрæгасæй æма æнæнезæй исæмбæла æ фидиуæзæгбæл.
… Бæрæгбон уæддæр бæрæгбон æй, æма уой фæдбæл зæрдиагæй арфæ кæнæн нæ Фидибæстæ гъæуай кæнуни гъуддæгути раздæр ка бахъазауат кодта, уæдта абони еци гъуддаги ка архайуй, уонæн еугуремæн дæр!..