21 ноября 2024

ПЕНСИТÆ, УЛУПАТÆ… ÆФТУЙГÆ СÆБÆЛ БÆРГÆ КÆНУЙ, ФАЛ…

27.07.2024 | 20:58

Нури пенсиесгутæй  2023 анзи косгæ ма ка кодта, уони фæдзæхстадон пенсити бæрцæ нæуæгæй нимад цæудзæнæй 1 августæй фæстæмæ фæффулдæр кæнуни туххæй.

Еци нæуæгдзийнади фæдбæл, Уæрæсей социалон Фонд куд игъосун кæнуй, уомæ гæсгæ пенсиесгути сæрмагондæй цæун некумæ гъæуй гæгъæдитæ бацæттæ кæнуни туххæй  – уотемæйдæр сæ пенситæбæл бафтуйдзæнæй пенсиесæн бони.

Сæ пенситæ фæффулдæр уодзæнæнцæ, кустдæтгутæ фарæ фæдзæхстадон феддонтæ ке туххæй фистонцæ, еци каргун æма сахъат пенсиесгутæн, уæдта æнæдарæгæй ци бийнонтæ байзадæнцæ, уонæн дæр.

Социалон фонди куд балæдæрун кодтонцæ, уомæ гæсгæ, косгæ ма ка кæнуй, еци пенсиесгутæн сæ  пенситæ фулдæргонд цæудзæнæнцæ сæ кусти миздмæ гæсгæ. Куд фулдæр уа мизд, уотæ ибæл фулдæр æфтуйдзæнæй, фал æртæ пенсион коэффициенттемæй фулдæр ба  гъæуама ма уа. Никки ба ма пенсибæл бафтауни бæрæггæнæнтæ баст æнцæ, пенси ци анз есун райдæдта, уой хæццæ. 2024 анзи еу пенсион коэффициент  хъæртуй 133,05 сомемæ.

Уæрæсей пенсион фонди фагæ фæрæзнитæ ке нæ адтæй, уомæ гæсгæ пенситæ фулдæр кæнуни гъуддаг уорæд æрцудæй 2016 анзи. Нуртæккæ ба финансон уавæртæ  фæххуæздæр æнцæ, æма  фадуат ес еци гъуддаг фæстæмæ иснæуæг кæнунæн.

Уæрæсей Федераций Президенти унаффæмæ гæсгæ ба 2025 анзи еугур косæг пенсиесгути пенситæбæл дæр æртæ хатти бафтуйдзæнæй. Фиццаг хатт фæффулдæр уодзæнæнцæ: 1 феврали, уæдта 1 апърели æма августи. Куд ма дзорунцæ, уотемæй косæг пенсиесгутæн никкидæр ма уæлæнхасæн сæ пенситæбæл бафтуйдзæнæй, гъома, августæй фæстæмæ ци бакосонцæ, уомæй хатдзæгтæгæнгæй.

Паддзахадон Думи фæллойнæ, социалон политики æма  ветеранти гъуддæгутæмæ цæстдарæг Комитети сæрдар Ярослав Нилов «Уæрæсейаг газет»-и куд финста, уотемæй, кæд пенсиесæг æ къохтæмæ райсуй 10 мин соми, уæд æ куст ку ниууадза, уæд æ пенси фæффулдæр уодзæнæй –  20 мин соми (дууæ хатти фулдæр).

***

Уæрæсей фæллойнæ æма социалон гъæуайкæнуйнади министрадæ æхсæнади размæ ци закъони проект рахаста, уоми куд амунд ес, уотемæй кусти фæдбæл улупай тæккæ минкъийдæр бæрцæ 2025 анзи 1 январæй фæстæмæ гъæуама исуа 22 440 соми. Уой фæдбæл министр Котякови загъдмæ гæсгæ, кусти улупай тæккæ минкъийдæр бæрцæ  медианон улупай 48 проценттемæй минкъийдæр ма уа. Ами ма байамонун гъæуй, медианон улупа ци æй, уой дæр. Финансти гъуддæгутæ ке къохти ‘нцæ, етæ ‘й куд амонунцæ, уотемæй е æй адæми æфтуйæгтæ нимайуни фæрæзнитæй еу. Мизди еумæйаг бæрцæ æ раст æмбесбæл дех кæнуй, æма граждæнти еу хай есуй еци бæрцæн æ фулдæр хай, граждæнти иннæ хай ба – æ минкъийдæр. Ести ин балæдæрдтайтæ?..

Пенситæ æма улупатæбæл бæргæ бафтуйдзæнæй, фал уæддæр уоййасæбæл цийнаг ба нæй еци хабар – уомæн æма се ‘мбæрцæ кенæ уонæй фулдæр ба ирæзунцæ нæ абони цардиуаги хæрзтæ. Æма еци фулдæргæндтити бæркадæ уайтæккæ æрбасатар уй…