26 декабря 2024

ПОЭЗИЙ КУРДОН

17.06.2023 | 22:38

Цæмæдæр гæсгæ, дигорон литератури ирддæр æстъалутæй еу, Багъæрати Созури исфæлдистадæн аккаг аргъгонд не ’рцæуй еухаттæй иннемæ, нæ иннæ классиктæй игъаугидæр, æ дессаги «размæуинагæ» поэзи «куддæр еуварси» райзайуй æма хатгай лæгмæ уæхæн гурусхаг гъуди фæззиннуй – поэтæн æ цард куд уæззау æма æнæнивæ адтæй, уотæ бабæй ма рауайæд æ поэзий карнæ дæр. Фал, е, æвæдзи, æнхæст раст гъуди нæй, уомæн æма Созури исфæлдистадæн мæлæт нæййес, е нæмæ кæсдзæнæй рæстæг æма царди фæззиндтитæй, цаутæй, дзиллити рахастдзийнæдтæй, æрдзи фæткитæй, уинæн æй абони æма ’й уиндзинан исон дæр нæхе цæститæй, уойбæрцæбæл зæнхон æма адæмон æй æ поэзи.

* * *

Кæмифæнди дуйней къумти фæззелæ, цийфæнди рæсугъд рауæнти фæххæтæ, уæддæр си дæ райгурæн гъæуи адæ неке искæндзæнæй, некæци царциати бæстæ райсдзæнæ дæ зæрдæмæ уотæ хæстæг. Уотæ ’й литератури гъуддаг дæр. Кæд зæнхи цъарæбæл Омар Хайям, Шекспир, Софокл æма иннæ уæхæн еугур дуйнеуон финсгути уадзимистæ адæми зæрдитæ æнкъусун кæнунцæ сæ фурдессагæй берæ æности дæргъи, уæддæр нецæй хæццæ рабарæн ес хе æвзаг æма хе дзурд ба, фæлмастдæр уогæй дæр, хъазардæр æнцæ, бауæрбæл æнгомдæр æмбæлунцæ.

Ес уæхæн поэттæ, æма æносон толдзæ бæласи хузæн е ’ставд уедæгтæй нийрæзуй хе зæнхи гъар реумæ, некæциуавæр рæстæги цардæзмæнтæн бурдæнтæ, незæфтауæн уазал уарунтæ ’й батергади кæндзæнæнцæ улинкъи бæрцæ дæр æ бунатæй, некæцихузи ивулд æрра дон æй фæлласдзæнæй æндæр бæстити денгизмæ, уæдта ’й нецихузи тæвдæ хори тунтæ фæццæстуд кæндзæнæнцæ, басодздзæнæнцæ сæ сах касти дæр. Гъе уотæ зæрдиуагæй æй фæгъгъæуай кæнуй ниййерæг мадæ-зæнхæ æрдзи аллихузи фидбилизтæй.

Дзубанди цæуй Багъæрати Созури исфæлдистади туххæй. Нæ дзубандий æцæги æвдесæн æнцæ Созури аллихузи æмдзæвгитæ. Уæд ци нæ темæмæ ба нæ бавналдта – политикæ æма æхсæнадон цардæй, уæдта ци нæ хузи мадзæлттæй ба нæ пайда кодта æ гъудитæ зæгъунмæ – психологи æма лирикæй уæлдайдæр ма.

Никки ба ма е ’мдзæвгити арæзт! Киндздзон кизгау сæ исаразидæ! Цинæхузи ба финста уæд! Рабарæ-бабарæ неци пайда æй, фал Багъæрай-фурти хузæн гъæздуг æмдзæвгити формитæй берæ нæ разиндзæнæй нæ классиктæй.

Созури рæсугъд уодæй ци тухæ цудæй æмдзæвгити хузи, е адтæй æнæрлæугæ хори лæфинтти хузæн. Нæ адæми ’хсæн зин иссерæн æй дуккаг уæхæн «сæребарæ» æма «хуæдбарæ» поэт. Сæребарæ – æ уоди ’нкъарæнтæмæ гæсгæ; еугур дæр æй куд фегъосонцæ, уотæ загъта уæззау лæгæвзарæн рæстæги. Хуæдбарæ ба уой туххæй æй, æма е ’сфæлдистадæ æй хецæн, еппард дуйне, е ’мдзæвгитæ финсгæй цæттæ сюжеттæй некæд пайда кодта, неке бафæнзта, æ еугур æнкъарæнтæ дæр цудæнцæ арти пеллонау æхе уоди хурфæй.

Цалинмæ Созури берæкъабазгин исфæлдистади арфи нæма ранигъулдан, уæдмæ бал еуминкъий нæхе райерхæфсæн литератури фалдзости гъудити балций. Æвæдзи, зæнхи цъарæбæл Хуцау цидæриддæр цæрæгой исфæлдиста, етæ фæддех кæнунцæ сæ медастæути æртæ устур муггагебæл, – дзурдæн сæ исхондзинан фæсномугæй: «уорситæ», «саутæ» æма «донхузтæ» (кенæ ба фунукхузтæ) æма уони кой нæ кæндзинан. Аци иурст хауй мæргътæ, сирдтæ, хелгутæ, накæгæнæг цæрæгойтæмæ, фал адæммæ ба, куд цæрæгойти зингæдæр æма карздæр, уотæ еугуремæй фиццагдæр, уонæн еу хузи уæн нæййес, уæд царди фæткъуй хъаппæ æмбуйгæ кæнуй. Цæмæй цард «рæхцгæ» ма кæна, гъе, уой туххæй си гъæуй æнæнцайгæ тох фæйнæхузи еугай адæймæгути, уæдта, уонæй рахезгæй ба, еугур къуæртти медастæу, уой туххæй си гъæуй æзмæлди архайд.

Æма дуйней будурти æноси тох исамайунцæ «уорситæ» æма «саутæ», рæститæ æма хæрæнттæ, хуæрзтæ æма лæгъузтæ. Фал кæми ’й еци хуæрзбарæн æма лæгъузбарæн, ка кæцитæмæ хауй, уой кутемæй рартасæн, кæд æма, дигорон æмбесонди куд æй, уотæ фуддæрти исафунвæндæ ку ’скæнунцæ, уæд фиццагидæр етæ райдайунцæ сæ кæрдтæ инсун иннетæмæ, сæхуæдтæ хуæрзтæбæл ке нимайунцæ сæхе, уомæ гæсгæ. Иннердигæй ба ма аци дзубандий сæрбæл тар мегъæ æрæвардта нæ нури дзаман. Уой ханси равзарæн нецибал ес, цирдæмæ цæугæ ’й, уой ма ка лæдæруй: кæми раст æма кæми мæнгæ, кæми рохс æма кæми мæйдар уодзæнæй. Кæци над сор, кæци ба лæкъæрдæ разиндзæнæй, уобæл ку ниххæлхъойтæ ’нцæ, æдеугурæй «дууæ бони» ци адæм цæрдзæнæй, етæ. Пурхгонд æрцудæнцæ, недзаманæй нуриуæнгæ, адæми ’хсæн ци рахастдзийнæдтæ исæвзурдæй, уони ахсгиагдæртæ.

Æнæмæнгæ, адтæй цидæр еумæйаг бæрæггæнæнтæ, хуарз ци ’й æма лæгъуз ци ’й, фал ихæлд æрцудæнцæ «саутæн» сæхе къохи финстихалæнæй. Мæнæ, къæрних кæми искадгин-радгин æй, косæг лæг ба къæбæрагори федиссаг бунати æвæрд кæми ’рцудæй, уомæй аййевдæр дæнцæн ба ма ци уа?! Раги дæр, уæдта æрæги дæр нæхъæртон царди хуæцгæ незæн адтæй еунæг хуасæ – куст!

Багъæрати Созур, 1926 анзи, куд размæ уинæг, уотæ радзурдта адæммæ:

 

Цард цæуй кустæй аразгæй.

Гъæйтт зæгъун.

Хъуæлти гъазун ме ’фсæйнагæй.

Цъингг кæнун.

 

Аци нифсæфтауæн, уодбæлхуæцæг æмдзæвги цæйбæрцæ пайдай æзмæлд ес, гъе уотæ идзаг адтæй Созурæн æхе цард æма исфæлдистади æрмадзæ дæр.

Багъæрай-фурт æ нисанеуæг æнæдузæрдугæй зæгъуй кæсæгæн æмдзæвги кæрони, уомæн, æма æ лирикон æвдесæндар – курдон, е æхуæдæг æй, е æй нæуæг цардаразæг курдон. Созур адтæй æндон, æрттевагæ æмдзæвгити курдон.

 

Цард цæуй кусти фадуатæй.

Гъæйтт зæгъун.

Зунд нæ есун магосатæй.

Цъингг кæнун…

«Курд»

 

БАГЪÆРАТИ Созур хуæрзæригонæй æ ниййергути хæццæ. Аци къарæ нин равардтонцæ Дигорай Цæголти Геуæргий номбæл мемориалон музейи косгутæ.

Уомæй рæсугъддæр æма «æнæбаридæр» ма куд бавдистæуа, – ка нин радзæгъæл æй рæстæгмæ, уæдæйти кæбæл дзурдтан, еци над рохсмæ, амондмæ.

Багъæрати Созури махæн Хуцау равардта, хъæбæрдæр ка ’рттевуй, еци адæми къуари хæццæ. Поэт æй уод кæдзосгæнæг дохтири хузæн, æма уомæ гæсгæ ба Созур æноси дæр хæрхæмбæлд кæнуй, буцæу кæнуй цъумур уодти хецæутти хæццæ. Æрмæст ибæл нæ цæфсуй уони æфтуйгæ нез, авгау кæдзосæй изайуй æхе цæсгон, сауæдонау рæсогæй – æ тог, ниййерæг мади зæрдау, фæлмæн, хæлар æма æргомæй – æ зæрдæ.

Созур æдзæстхезæй, æхемæ неци лазæ æнкъаргæй, кæсæгæн байгон кодта æ зæрди дуар, æма си е дæр еруй дессаги гъæздугдзийнæдтæ, баййафуй си фарнæ æма намус, уоди хъаурæ æма тухгин нифс, уарзт æма цийнæ.

Багъæрати Созури туххæй ци финститæ бакастæн, уонæми ’й еугур дæр хонунцæ поэт-революционер. Растдæр цæстингасæй Созури исфæлдистадæмæ æркастæй Малити Васо.

1988-аг анзи рауагъд киунугæ «Зæрди дуар»-и раздзурди е финсуй: «Все те, кто писал и пишет о нем, главным, определяющим и всеобъясняющим фактом его искусства, считают революционную тематику. Такой упрощенческий подход к изучению его творческого наследия нанес немалый ущерб его поэтической славе. Между тем, о постижении поэтической личности Баграева не может быть даже речи, если ее определять только тем в его творчестве, что имеет непосредственное отношение к революции». Багъæрати Созур революцион поэт адтæй æви нæ, уæхæн хузи дзубанди æгæр хумæтæг æй. Рæстæг куд æййевгæ цудæй, уотæ æййивта Созури меддуйне дæр æма поэтмæ нæ адтæй еунæгхузи, æнæгурусхæ гъуди цардарæзтбæл. Аци надбæл цуд адæмæн фæррæстмæ уодзæнæй, а ба – нæ, зæгъгæ, гъе уобæл адтæй е ’нæфæккеугæ мæтæ кæддæриддæр.

Созур «Кермен»-и партий иуонг уогæй æнæмæнгæ, революцимæ барæ дардта, е ’сфæлдистадæ дæр уотæ, фал аци цæстингас хауй поэти бæрæг ефстаг, еугай уадзимистæмæ. Еумæйагæй райсгæй ба, Багъæрай-фурт æй берæкъабазгин адæмон поэт. Созур æй кæдзос реалист, усхъуммæ дзурдтæй, фæсномугæй дзорун нæ зонуй, уæдта базонунмæ дæр нæ гъавуй, кæми гъæуа, уоми, æнæ фæстæмæ фæккæсгæй, æргом цæвуй тæккæ «тæрних».

 

Фæдздзæгъæл дæ сувæллонæй,

рахецæн дæ дæ мадæй;

дæ од бæзгæй, рæсугъд уогæй,

исæстур дæ æгадæй.

«Киндзæн»

 

Нæ дæ ефтигъд, фал куд неци фæйдтай?

Хæрдмæ фæккæсис, æвæццæгæн.

«Æнцон дин æй»

 

Ниммæ уагътæ, уæ кувдмæ дæр нæ цæун,

уæ минаси зæрдигъæлдзæг нæ фæуун.

«Кувдгæнгутæн»

 

Æмдзæвгæ «Æз отæ зæгъун» ба арæзт æй айдагъдæр æргом дзурдтæй:

 

Компартий сæрдар!

Ду рæсугъд дзоргæй,

цардмæ нæ хонгæй,

гъуддаг гъолæнттæ

цæмæн кæнис?

 

Æфхуæрд лæги цар,

рист, æрхæн уогæй –

гæртани фингæй

мудтæ, гогузтæ

цæмæн хуæрис?

 

Аци æмдзæвгæй хъæбæр æнцон балæдæрæн æй, Багъæрай-фурт ке сæрбæл дзурдта, е: революций дæр нæ, компартий дæр нæ, фал хъиамæтгун лæги сæрбæл.

* * *

Созур райгурдæй 1888 анзи фæлвæра – хорхæтæни мæйи 18 бони. Уæдæй нуриуæнгæ рацудæй 135 анзи, æма куд фæстæдæр, уотæ Багъæрай-фурти исфæлдистадæ никки ирддæрæй æрттевуй, арфдæр хезуй поэзиуарзгути зæрдитæмæ. Тæккæ растдæр тæрхонхæссæг æй рæстæг, æма Созури поэзи еци фæлтæрæн рацудæй.

Цубурæй радзордзæнæн, Мамайти Геуæрги куд финста Багъæрай-фурти цард æма исфæлдистади туххæй, уой.

Багъæрати Созури фиди фиди фидæ – Хасити Гуатдзау, дан, æ фурт Тасой хæццæ рацудæй Уæллагири комæй, Мизури гъæуæй Дигори бæстæмæ фиййауæй бакосунмæ. Куд æрцæуæггаг, уотæ си Хъубадтæ хъалон есиуонцæ, æма сæ хæццæ тох кæнун райдæдта Тасо. Мæрдтæмæ дæр уони бæлахæй хъæрæуæй бацудæй. Тасой еунæг байзайæггаг Хъурманæн æ фурт Созур райгурдæй Киристонгъæуи. 1904-аг анзи 16-анздзудæй каст фæцæй гъæууон скъола, уоми райста дзиуари æгъдаубæл косунмæ, зарунмæ арæхсгæ лæги ном. Идарддæр исахур кæнун æй бæргæ фæндадтæй, фал фиди равгитæ уойбæрцæ нæ амудтонцæ æма байзадæй зæнхкосæгæй. Цуппар анзи æ фидæн æнхус кодта будури кусти дæр æма хæдзари кусти дæр.

Созури дууæ æнсувæри паддзахи кусти фæдбæл фесавдæнцæ: сæ еу Япони тугъди фæммард æй, иннæ ба, æфсади службæгæнгæй, уæгъдæ цохъай басудæй æнсури мæйи. 1908-аг анзи ба Созури гъавтонцæ службæмæ ракæнун. Æ халæ исхаудтæй, уомæн æма фондз тумани гъудæй бафедун, цæмæй æй ма ракодтайуонцæ, уой туххæй. Созури æ рохсаггаг æнсувæрти мæстæй нæ фæндадтæй цæун, æма ’й хецауадæ ба агурдтонцæ. Созур загъта: «Нæ косун, нæ цæун æфсадмæ. Берæ фæууæд махæн, дууæ ни дзæгъæли фесавдæй æма берæ фæууæд. Мæ фæндон раст, лигъдæй цæрдзæнæн». Æ мадæ æма æ фидæ кудтæнцæ, фал æ хæццæ исарази æнцæ. Æригонæй дæр Созурмæ адтæй æхе гъуди, æхе цæстингас царди уагæмæ æма уæхæн унаффæ æхуæдæг рахаста. Æ ниййергутæн ма хуæздæр ци гæнæн адтæй, сæ бон ку базудтонцæ, уæд æй сæхуæдтæ æрветун байдæдтонцæ. Созур æ еу зари зæгъуй еци цауи туххæй:

 

Мадтæлтæ истунцæ сæ хуссæнтæй,

истунцæ, дзорунцæ сæ биццеумæ:

рандæ уо, феййафта дæ нæ сæумæ,

фæлледзæ идардмæ нæ гъæубæстæй.

 

Созур рандæй æма хæтун райдæдта сау гъæдти, хуæнхти æма будурти. Ци нæ бæлах не ’взурста, уæхæн нæ адтæй; кæми хуæрдгун, кæми ба стонг, кæми уазал, кæми æнæхуссæг. Еци зин уавæртæ æвзаргæй, Созур зартæ æма кадæнгитæ финсун райдæдта. Цæйбæрцæдæр рæстæг уотемæй фæццардæй. Уалинмæ ба æ фидæ Хъурман дæр рамардæй. Созур еунæгæй æризадæй, бийнонти нæлгоймаг нæбал байзадæй уомæй уæлдай. Æма æрæздахтæй гъæумæ фæстæмæ. Куд еунæг хæдзардар, уотæ ’й исуæгъдæ кодтонцæ службæй, фал хæдзари æ мади хæссун райдæдта, еугур лæги куститæ дæр æхемæ райста. 1910 анзи ба бийнонти гъуддаг бакодта. 1914 анзи устур империалистон тугъди рæстæги еунæгæй ист æрцудæй службæмæ, æма цалинмæ тугъдмæ бахъæрттæй, уæдмæ е ’хæс кодта. Тугъдмæ ку бахъæрттæй, уæдта бабæй уордигæй дæр æ сæр райста. Æма еу рауæнæй иннемæ рахау-бахау кодта – Львов, Броды, Эрзерум… Уæдмæти паддзах гæлст æрцудæй. 1917 анзи Дзæуæгигъæуи исæвзурдæй Кермени парти. Уордæмæ бацудæй фæндзæймаг иуонгæй. Æрвист æрцудæй Киристонгъæумæ, уоми дæр бацудæй партимæ. Куста еци рæстæгути фæйнæхузи бунæтти, æрмæст иннæ керменистти хузæн – лæвар. Еци рæстæги æ гъæуккæгти нæ, фал ма сауæнгæ æ муггаги зæрдæмæ дæр нæ фæццудæй, æма ибæл етæ бавдесæн кодтонцæ, фал уæддæр, «земотдели» косгæй, æ еу къохи даргъ рæхис, е ’ннæ къохи ба цубур топп, уотемæй Созур къæхтити сæрти бахезидæ, зæнхи хæйттæ иуаргæй. Шкурой хæццæ тугъди рæстæги ба Созур æхе гъæдæмæ райста æма уоми е ’мбæлттæн нæуæг царди туххæй таурæхътæ дзурдта, зæгъгæ, бафеппайдта Мамайти Геуæрги.

Багъæрати Созури цард æма исфæлдистади туххæй аци цубур уац Мамайти Геуæрги ниффинста 1926 анзи геуæргобай мæйи 2 бони. Созур уой фæсте дууæ анзи дæр нæбал рацардæй. Саугъæдти, тæссаг хуæнхти ке фæххаттæй, æнæтæрегъæд ке адтæй æхе уод æма бауæрæн, етæ ибæл æртæфстæнцæ. Рæугути нез ин æ рæсугъд цæсгони рохс фесафта, æ кæддæри федар иуæнгтæ ба никкуронуат кодта æма æ пеллонуадзагæ арт рахустæй. 1928 анзи сосæни мæйи 7 бони æ авд сувæллоней сæ мадæ Гæтини хæццæ ниууагъта. Куд устур æма зундгин лæг, уотæ æ кæрон базудта цалдæр мæйи раздæр. Еци анз кæрдæгæзмæлæн мæйи 7 бони Къосирати Сæрмæтмæ финста æ фæстаг пъисмой: «Хуæрзбон, Сæрмæт! Нур, æнгъæлдæн, æрхъæрттæй мæ мæлæт. Ка ’й зонуй, кæрæдзей ку нæбал фæууинæн… фæссаууонмæ дæ мæ хъури кæнун, мæ цæстисуг калгæй, æнсувæри адæ мин ду равардтай».

Поэтæн йæ алли æмдзæвгæ дæр цæуй æхе бауæрæй, æхецæй, æма уомæ гæсгæ ба цийфæнди темæбæл финст уогæй дæр си, уæддæр цидæр æнæзингæ фæззелæнтæ, цидæр листæг минеугутæ кæцидæрхузи форми барæ фæддарунцæ автормæ. Финсæги сæйраг ихæс ба æй æ меддуйне, æ зæрдихатт байгон кæнун, цæмæй æй кæсæг уина, æнкъара, уæдта ’й æ медзæрди ба æхебæл бара æма си ера, уина æхе уавæр, æ цард. Кæсæгæн æхебæл æууæндæн, æма фарнæитауæг поэт Багъæрати Созури цæруйнаг æмдзæвгитæ багъаронцæ æ зæрдæмæ æнæ гъаргæй, бамбæлонцæ æма ин батергади кæнонцæ, æ уод, æ зунд æма æ науæртæ. Созури æстæфагæн, Созури «циргъдзæстæн» (Къосирати Сæрмæти загъдау) поэттæ æносмæ райгуруй еугæйттæ. Æ тухгиндæр æмдзæвгитæй еу – «Бунгард», мæнмæ гæсгæ, еугурæй дæр хауй æхе трагикон зин цардмæ. Поэт адтæй толдзæ бæласæ, фал æй царди дунгитæ фæххуастонцæ, физикон хузи ин æ астæуистæг ракъæрцц ластонцæ, æ зæрдæ ин æ реуæй исрæдувтонцæ, уæддæр нæ рамардæй æ зар, æ пурхæ бауæри адæмлимæн, зæллангхъур, цардуарзагæ маргъ бацардæй æма заруй фалдзостæн, æрдзæн, уæдта, ци æгъатир адæмæн æрхаста нивонди æ сæр, уонæн фиццагидæр ба… Еци маргъ æй поэтæн æ Хуцауи лæвар исфæлдистадон искурдиади цирен.

 

Думгæ дæ æвзонгæй кæддæр расаста,

æ цæфтæ зæрдæбæл лæуунцæ.

 

Мадта идарддæр кæсæн æма игъосæн поэт куд ихалуй æ уодæй æлвист фурæнкъард зари римæхст зæлтæ:

 

Бавзарунмæ зинтæ дæу ма ниууагъта,

бунтæй дæ уедæгтæ ресунцæ.

 

Æ фæстаг хумæтæг загъд рæнгъи дзурдтæ ба, æцæгæйдæр, зæрдæзмæлæн кæнунцæ адæймаги, уæхæн уæззау, арф æнцæ, уотæ ресунцæ бæласи дарæг уедæгтæ бæласи саст зæнгæбæл æма уавæр фæррæвдзæдæр кæнун сæ хъаурæ ке нæбал æй, еци æнæбондзийнадæ ба ма æвдесуй инодгæнæг, æлхъевæг пессимизми дæлиаудæр уавæр. Еци «уæззау дор» цума ниххизтæй бæласи уедæгтæн сæхецæй бундæр сау зæнхи æнæуингæ æма æнæуагæ уомæл бæздити. Созури поэзий хегъæдондæр минеугутæй еу æй æнæнгъæлæги нивесинитæй фæлгонцгонд философи. Æркæсæнайтæ, поэт куд арф æма раст низдохуй æ дзурди, зунди æма медуинæн бурæу, цæмæй е ’мдзæвгæн идарддæр цæуни æма цæруни барæ уа, цæмæй, къахгæй иссера æнахури дессаг, зæрдагайæн сорæттæ:

 

Дæ цилпæ мæтъæлæй рахæцуй дæ сæрбæл,

бадуй дзи гъолон цъеу астъони.

 

Цæйбæрцæбæл идзаг царди хъуæл æрцудæй æвдист аци еунæг гъудиади. Ами ес æнæбон, фал кæронмæ тохæг уедæгти туххъиамæт – цилпæ. Еци цилпæ (гъома, листæг æрдæгхускъæ талати курес) ма райгурдæй сæрæвгæрст зæнги æма нифсхаст уедæгти фæстаг ухеритæй. Уобæл гъæуама бæласи содзаггаг гъарæнгæ раскъудайдæ. Идарддæр ма ци? Фал, Созур, цæстæйуингæ мæлæтæй æндæр кæми неци зиннуй, еци æнæмадзал уавæри дæр исæвзурун кодта цард: «Бадуй дзи гъолон цъеу астъони». Мæрдонхуз уазал бæласи саст къулдзахи медæгæ уод бауагъта, æма си тог, гъæддзарв рацудæй, æмир уедæгтæ цума зæнхи буни базмалдæнцæ, уотæ цæрдхуз райстонцæ. Æстæфгæ, уингæ фæккодта уæхæн æрдзи фæззинд æма ’й æхе цæстæй, цæрдæг стаййау цурд ахæст ракодта, æви æ поэтикон интуици уотæ гъæздуг æй, æма ’й еци æнæзингæ хъаури фæрци æмдзæвги тар лæгæтæй рауагъта рохс адагæмæ?! Кæронбæттæни ба поэт нæуæгæй рахизтæй бæласи уавæрмæ æма бабæй аци, еумæ райсгæй, уæззау сюжетти фæззиндтæй зæрдрохсгæнæн зæлтæ:

 

Сауæнгæ нæ кæуис уæддæр дæ зинбæл –

цъеу ма дин разаруй хор бони.

 

Аци æмдзæвги сæйраг архайæг «бунгард»-и карнæ æй Созурæн æхе карнæ. Поэти кæд сауæнгæ ма æхеуонтæ дæр æфхуардтонцæ, хумæтæг адæми цæрдтитæ зæрдæмæ уотæ хæстæг ке иста, æ еци зинбæл ин нæбал дзоргæй, уæддæр æ саст зæрди адтæй æнæбасæтгæ устур нифс – е ба алкæд иуæнгти марди хæццæ нæ мæлуй. Еци нифс ин, ка ’й зонуй, æма адтæнцæ е ’мдзæвгитæ – æ уоди ристи æвзургутæ. Ци уа, уой зæгъун бандеун фæгъгъæуй, кæд алкæд нæ, уæддæр ахиддæр, цийфæнди зин æма нин гъулæг уогæй дæр. Ес нæмæ берæ лæгъуз минеугутæ. Еци гъæнтæй дууæ æнцæ устурзæрдæ æма устурдзурд. Уони уазал æма уæззау æфсæйнагин рæхуститæ Созур бавзурста æ царбæл сауæнгæ æ тæккæ муггаги ’рдигæй.

 

Хуæрзбон, фæндараст дæн,

нæ уæ гъæун.

Зиндонæй бафсастæн,

ку уин зæгъун.

 

Алкедæр ни гъæуама лæдæра кæцифæнди поэти раст æма хуарз зæрдиуагæ хеуонтæмæ. Е гурусхаг нæ униау æй, уомæн æма поэти бæрцæ уарзун неке зонуй. Фал етæ, фиццагидæр, муггаг сæхуæдтæ ба? Циуавæр цæстæй фæккæсунцæ сæ финсæгмæ, кадæ æма син ном ка кæнуй, уæдта айдагъ уонæн дæр нæ… Цæйбæрцæбæл æгъатир æфхуæрд гъæуама баййафтайдæ Созур, фулдæр ке уарзта, æ еци хеуонтæй, цæмæй аци хъурми цæстисугæйдзаг рæнгъитæ исрæдувтайдæ æ зинæй инод реуи арфæй?!

 

Уæфсхуæрттæ тонетæ

мæ рист царæй.

Æфсæнттæ еретæ

æмбурд къуарæй.

«Багъæратæн»

 

Созурæн нæ ес, зæгъгæ, а хецау æй, æма имæ игъосун гъæуй, а зонгæ ’й æма ин козбау кæнун гъæуй, а ба хеуон æй, æма ’й лигъзласæ кæнун гъæуй, уæхæн зæрдихатт. Ес ин хуарз æма лæгъуз, раст æма хæран. Ес ин æргом зæрдиуагæ, рæсог цæсти рохс, æй бустæги рæстдзурд, æхебæл ку ’ууæнда, нæ рæдуйун, зæгъгæ, уæд фæрсаг листæг кæнгæ миутæ æ зæрди къуми дæр нæ ’нцæ, гъуди дæр сæ нæ кæнуй:

 

Зиндонæй бафсастæн,

уомæн зæгъун.

Хуæрзбон, фæндараст дæн,

нæ уæ гъæун.

 

Гъе уотæ, мæстæй туппур уогæй, фал æнæ фæстæмæ фæккæсгæй, раздахта Созур дæр æхе æ муггагæй, уомæн æма æндæрхузи нæ зудта, æ бон нæ адтæй, уæдта ибæл федаугæ дæр нæ бакодтайдæ. Æмдзæвгæ «Багъæратæн»-мæ уодигъæдæй æнгæс ма ес Созурмæ еу къуар æмдзæвги дæр. «Тухст»-и поэт æ царбæл æвзаруй æ еунæгдзийнади уæззау уаргъ æма еугур адæми æнæуинондзийнадæ.

 

Фестун сæумæ æнæбари,

незгун лæгау фæннæтун.

Нæбал фæббухсун хæдзари,

тургъи къумти фæххæтун.

 

Аци рæнгъитæ алкæмæ дæр, æвæдзи, еу минкъий хаунцæ, уомæн æма катаййи ка нæ бафтуйуй, уæхæн адæймаг зин иссерæн æй.

 

Адæм заргæ косунцæ.

Сæ хъал дзурд æй сæ дарæг.

Мæн мæ цармæ сорунцæ,

цума æз дæн сæ марæг.

СКЪОДТАТИ Эльбрус, журнал «Ирæф»-и сæйраг редактор

Уодзæнæй ма