РÆСТАДИ БУНДОРБÆЛ АРÆЗТ ГЪУДДАГ ХАЙИРДÆР ÆЙ
Кæстæрти куст уарзунбæл ахур кæнуни гъуддаг, уæдта æхсæнади медæгæ фæллойнадон рахастдзийнæдтæ берæ зæрдæмæдзæугæдæр хузи æнхæстгонд цудæнцæ советон цардарæзти рæстæги. Уæд æцæгæйдæр рæстмæ адтæй уруссагау загъд: «Кто не работает, тот не ест!..» Æма цæмæй адæймагæн адтайдæ косуни, æхе фæллойнæй æхе дæр æмæ æ бийнонти дæр фæддаруни равгитæ, уобæл паддзахади ‘рдигæй ауодундзийнадæ адтæй.
Фал уæдмæ рæстæгутæ бустæги фендæрхузон æнцæ, советон доги берæ зæрдæмæдзæугæ æгъдæуттæ ‘рцудæнцæ бунихæлд, уотæ фæллойнадон къабази дæр. Уой фудæй хъæбæр тухст уавæрти равзурдæнцæ – кæмæндæрти æ бон нæй уæддæр ести куст иссерун, кæмæндæрти ба æ дæсниадæмæ гæсгæ аккаг кустбæл фæххуæст ун…
Уæхæн уавæр, еуемæй сагъæссаг æй адæмæн, иннемæй ба зæранхæссæг æй паддзахадæн дæр, уомæн æма кустдæтгутæй беретæ сæ косгутæн федунцæ «сосæггаг» мизд, цæмæй федуйнаг син ка ‘й, еци хъалонтæ æма феддонтæ ма хæссонцæ паддзахадон къазнамæ. Е цæйбæрцæбæл сагъæссаг фарста æй, уобæл еудадзуг дзубанди бæргæ цæуй аллихузон æмбурдти. Зæгъæн, æрæги Уæрæсей Президенти Æнхæстбаргин минæвар Цæгат Кавкази Юрий Чайки разамундæй арæзт æрцудæй фæллойнадон рахастдзийнæдтæ хузæнон кæнуни фарстати фæдбæл федералон зилди къамиси урух æмбурд. Фембæлди видеоконференций бастдзийнади фæрци архайдта Цæгат Иристони Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис дæр.
Дзубанди си цудæй, аци анзи фараст мæйей дæргъи Цæгат Кавказаг федералон зилди регионти фæллойнадон рахастдзийнæдти уавæртæ ци хузи рауадæнцæ, уæдта фæллойнадон бадзурдтæ нæ исаразгæй ка косуй, еци адæми «аууонæй» ракæнун æма къабази æндæр фарстатæбæл ци архайд цудæй, уобæл.
Юрий Чайка æ радзубандий куд фæббæрæг кодта, уотемæй еци фарстатæ ахедгæдæр хузи лух кæнуни нисанеуæгæй федералон зилди еугур регионти дæр косунцæ фæллойнадон къабази фарстатæ хузæнонæй æнхæст кæнуни фæдбæл ведомствити ‘хсæн къамистæ. Æ загъд адтæй:
– Федералон Хецауади унаффæй еци къамистæн лæвæрд æрцудæнцæ урух æнхæстгæнæн бартæ, цæмæй сæ размæ æвæрд ихæстæбæл ахедгæ хузи косонцæ. Къамисти архайдæн аргъгонд цæуй, алли регионæн дæр рагацау ци пъланон нисантæ æвæрд æрцæунцæ, етæ къохи куд æфтуйунцæ, уомæ гæсгæ. Уомæй уæлдай, фарстамæ сæрмагонд цæстдард цæуй фæллойни федералон службæ æма æндæр профилон ведомствити ‘рдигæй.
Аци анзи фараст мæйей дæргъи архайди бæрæггæнæнтæбæл дзоргæй, бæрнон ведомствити минæвæрттæ куд фегъосун кодтонцæ, уотемæй дзуаппон рæстæгмæ федералон зилди регионти рабæрæг æй, «аууони» ка куста, уæхæн 58 мин адæймагемæй фулдæр. Уонæй 53 мин адæймагей нерæнгæ раййивтонцæ закъонмæ гæсгæ уагæвæрдбæл кустмæ. Зæгъæн, 18,5 мин адæймаги сæ кустдæтгути хæццæ бафинстонцæ фæллойнадон бадзурдтæ, 25 мин адæймагей бæрцæ регистраци искодтонцæ хе минкъий кустуæттæ, 9,5 мин адæймаги ба райстонцæ хецæн амалгъони æвдесæндартæ.
Аци æма иннæ фарстатæбæл сæрмагонд пълани бундорбæл косунцæ Уæрæсей фæллойнæ æма социалон гъæуайкæнуйнади министрадæ, фæллойни федералон службæ æма иннæ профилон ведомствитæ. Уоми нисангонд мадзæлттæ къæпхæнгай æнхæстгонд цæунцæ.
Цæгат Иристони уавæрбæл дзоргæй, аци анзи фараст мæйемæ республики рабæрæг кодтонцæ «аууони» ка куста, уæхæн 7,3 мин адæймаги. Уонæй нуриуæнгæ 6,5 мин адæймаги косун райдæдтонцæ закъонæвæруйнади уагæвæрди бундорбæл. Иннети барадон уавæр бахузæнон кæнунбæл дæр архайд цæуй.
Æмбурди докладтæ искодтонцæ æма фæндитæ бахастонцæ фæллойни Федералон служби разамонæги ихæстæ æнхæстгæнæг Иван Шкловец, Уæрæсей Федераций Социалон фонди сæрдари хуæдæййевæг Александр Чернышев, Уæрæсей Федераций медгъуддæгути министради Цæгаткавказаг управлений разамонæг Сергей Бачурин, æндæр ведомствити æма регионти минæвæрттæ.
Æмбурдæн хатдзæгтæ кæнгæй, Юрий Чайка бæлвурд ихæслæвæрдтæй байхæсгин кодта профилон ведомствитæ æма федералон зилди регионти бæрнон косгути.