22 декабря 2024

РÆСТÆГÆЙ РАСТДÆР ТÆРХОНГÆНÆГ НÆЙЙЕС…

06.04.2024 | 14:20

Мартъий мæйæ кæд æма райевгъудæй, уæддæр ма ни берæ рæстæгути нæ феронх уодзæнæй, ци цаутæ æма хабæрттæ си æрцудæй, уонæмæ гæсгæ. Куд уалдзæги райдайæн, куд æрдзæ райдзастгæнæг æма нæуæггæнæг, уотæ ибæл нæ зæрдæ дардтан цийнæдзийнæдтæй…

Æма уотæ дæр бæргæ гъæуама адтайдæ. Аци мæйи рацудæнцæ нæ бæсти Президенти æвзурститæ. Æма етæ æнтæстгинæй ке рацудæнцæ, уомæй æнæгъæнæ дуйнейæн дæр нæ адæм бавдистонцæ, Фидибæсти сæрбæлтау архайунмæ цæйбæрцæбæл нифсхаст æма æмвæндæ ’нцæ æма уой фæрци ба Уæрæсе алкæддæр тухгин ке адтæй æма алкæддæр тухгин ке уодзæнæй, уой.

Нæ адæми еци разæнгарддзийнадæ кæмæндæрти, еудадзуг нæ нихмæ фудмиутæ аразгутæн мастгæнæг фестадæй. Сæ фурмæстæй ма ци ракодтайуонцæ, æма сæ ардудæй азуймаг террористтæ исаразтонцæ æверхъаудзийнадæ Мæскуй «Крокус Сити Холл»-и, бастъалдæнцæ си сæдæгай æвуд адæймæгутæ – ка си фæммард æй, ка ба си уæззау цæфтæ фæцæй…

Еци фудракæндæ ка исаразта, уонæн сæ сау бæлдæ адтæй нæ адæми нифс басæттун, уæхæн таси нæ бафтаун, цæмæй нæ размæцуди агъазиау гъуддæгутæ аразунгъон мабал уæн… Фал сæ еци фæндитæй фæффудевгед æнцæ… Нæ адæммæ алкæддæр разиннуй хъаурæ æма рауон-циуондзийнадæ цийфæнди тухæвзарæнти дæр хъаурæгин унæн æма син ниффæразунæн, исонибонмæ уодфедарæй цæунæн… Уой фæдбæл нæ газети мухур кодтан æма ма кæндзинан гъæугæ æрмæгутæ, абони ба нæ фæндуй æримисун, мартъи Уæрæсей историй цæмæй фæббæрæг æй, уой туххæй хецæн цаутæ.

Исистан сæ дзиллон хабархæссæг аллихузон фæрæзнитæй. Зæгъæн, газет «Советская Россия» кæддæр куд финста, уотемæй 1878 анзи мартъий сахар Константинопольмæ хæстæг рауæн Сан-Стефаний Уæрæсей императори æрвист лæг Игнатьев исфедар кодта сабурдзийнади уæрæсейаг-турккаг бадзурд. Гъе уомæй фæцæй 1877-1878 æнзти тугъд, кæци Уæрæсейæн рауадæй уæлахезон. Уой фæрци е байста Осмайнаг империй европаг хай, зæгъун æнгъезуй, æнæгъæнæйдæр. Мадта Константинополь ба ахæст не ’рцудæй уой фудæй, æма, куд уой размæ дæр, уотæ бабæй уæди гъуддæгути дæр нигулæйнаг паддзахæдтæ сæхе ке ратъунстайуонцæ. Великобритани æма Франци Уæрæсей гъомусади уоййасæбæл тухгин райрæзтæй хъæбæр тарстæнцæ, уидтонцæ си æвзедæн сæхе гъавæнтæ æма бæлдитæн. Гъе уомæ гæсгæ ба уоми донкъобалитæмæ æвæстеуатæй фервистонцæ сæ флоттæ – сæ хъаурæ бавдесунæн æма, æвæдзи, тæрсунгæнæнæн. Турки хæццæ еци Сан-Стефайнаг бадзурдæй ба Уæрæсей гъавта е ’нтæстдзийнæдтæ исфедар кæнун, æма Турк ба уобæл барæ-æнæбари дæр исарази æй.

Сан-Стефайнаг бадзурдæй нимад æрцудæй Сербий, Черногорий æма Румыний хуæдбарадæ, сæ зæнхити фæзуæттæ зингæ фæффулдæр æнцæ. Босни æма Герцоговинæ гъæуама исаразтайуонцæ автономон облæст. Арæзт цудæй Балканти нæуæг автономон славайнаг къниазадæ – Болгари, кæцими гъæуама еугонд æрцудайуонцæ фидтæлтиккон болгайраг зæнхитæ. Болгари рапарахат æй цæугæдон Дунайæй ба Эгейаг денгизи, Сау денгизæй ба Охридтаг цади уæнгæ æма дууæ анзей дæргъи гъæуама адтайдæ уруссаг разамунди дæлбарæ, уой фæсте ба иссайдæ æнæгъæнæйдæр автономон, æма уотид номбæл феддон фистайдæ Турккæн. Уомæ гæсгæ еци бадзурд бафинсуни бон нимайун байдæдтонцæ Болгарий национ бæрæгбонбæл. Бæрæг кæнун байдæдтонцæ болгайраг паддзахади исуæгъдæ уни æма ’й нæуæгæй райарæзти Бон. Аци гъуддаг Уæрæсей фæрци арæзт ке ’рцудæй, е нури Болгарий «сæрбæлдзоргутæй» феронх æй æма сæ ервæзунгæнæгбæл гадзирахаттæй цæун байдæдтонцæ… Баруагæс уи уæд, нуртæккæ дуйней, уæлдайдæр ба Европи ци æнахур хабæрттæ цæуй, уони нимайгæй, тæссаг æй аци бæстæ бабæй уæхæн тухст уавæрти ку бахауа, æма æ «раздзæугутæн» сæ абони æбознæдзийнади миутæ фæсмойнаг ку исуонцæ…

*  *  *

Евгъуд рæстæгути Уæрæсейæн æ цардвæндагмæ цæхгæр æййивддзийнæдтæ бахæссæги хузи мартъи куд фæббæрæг æй, уой туххæй «Российская газета»-йи алликъуæреуон уæлæнхасæн рауагъд «Неделя» æрæги (13 мартъий) ниммухур кодта журналист Яков Миркини уац. Бæлвурдæй ба си дзубанди цæуй 1881 анзи мартъий цаути туххæй. Куд си финсуй, уотемæй мæйæн æ фиццаг бони æхсæнадæ «Адæмон барвæндæ» («Народная воля») исаразта æверхъаудзийнадæ – æ тугъдонтæ рамардтонцæ Уæрæсей император Александр Дуккаги. Аци паддзахеуæггæнæги туххæй æрæги финстан нæ газети фарæстæймаг номери. Куд си загъд ес, уотемæй Александр Дуккаги айдагъ нæхе бæсти нæ, фал æндæр паддзахæдтæй дæр беретæми цитгинæй нимадтонцæ, уарзонæй æй худтонцæ «Сæребарæгæнæг» æма адæмти уæхæн нимайундзийнадæй фæххайгин унæн ба берæ агъазиау гъуддæгутæй фескъуæлхун гъæуй.

Нæ бæсти анзфинсти ба байзадæй куд император-сæребарæгæнæг.1861 анзи 3 мартъий (зæронд нимадмæ гæсгæ –19 феврали) Александр Дуккаг бафинста сæрмагонд Манифест «О всемилостивейшем даровании крепостным людям прав состояния свободных сельских обывателей», уой хæццæ ба ма зæнхкосгути туххæй Уагæвæрд, кæцими адтæй æвддæс закъондæттæг акти. Зæнхкосгутæн лæвæрд цудæй хе сæребарадæ, сæ бон адтæй сæ есбонадæй сæхе фæндон пайда кæнун.


РАСТ ЗАГЪДÆН Æ ТУХÆ – РÆСТДЗИЙНАДÆ

Михаил САЛТЫКОВ-ЩЕДРИН (1826-1889), финсæг: «Ирисхъи æверхъау азарæй махмæ еудадзуг уотæ рауайуй: ести хуарз гъуди нæмæ ку фæззиннуй, æма ’й царди рауадзунмæ ку фæгъгъавæн, уæд æй кæронмæ рахъæртун кæнун нæ бон нæ бауй. Еци хуарз гъуди бенцъу дæр нæма исуадзуй, уотемæй имæ аллирдигæйти ниххелæ-ниххелæ кæнун байдайунцæ. Ниххелгутæн ба сæ сæйраг нисан фæууй хердæмæ ести æрбанхуæрсун.

Лæмбунæгдæр сæмæ ’ркæсæ, æма уайтæккæдæр рахатдзæнæ æнæгъæнæ легиони марггъæстæ нисантæ…»

 


Уогæ Александр Дуккаги еци хъæппæрес æма æндæр арфиаг гъуддæгути туххæй бæлвурдæй загъд ес, мæнæ уæлдæр цæй кой ракодтан, уоми.

Император Александр Дуккаг ма историй байзадæй еума цитгин номи хæццæ – худтонцæ ’й «Сабурдзийнадæхæссæг». Уой доги Европи еунæг хатт дæр тугъд не ’рцудæй. Зæгъун æнгъезуй, е дæр Европи байергъæв кодта тугъдтитæй.

Е ’мдогонтæ куд дзурдтонцæ, уотемæй: «Александр Дуккаг Уæрæсе уæхæн бæрзонд цæстивардмæ исиста æма, æнæ уой унаффæ хинцгæй, нæдæр Европи, нæдæр ба азиаттаг бæстити еунæг устур гъуддаг дæр лухгонд нæ цудæй…»

Аци хабар уой æвдесæг æй, æма Уæрæсе некæд адтæй æндæр бæстити нихмæ тугъдтитæ ракъахæг – е нæ, фал исуидæ, тугъди азари бахауæг адæмти ервæзунгæнæг.

Æма Александр Дуккаги хъæппæресæй ци хуарздзийнæдтæ арæзт æрцудæй, уони æ маргутæ нецæмæ æрдардтонцæ æма ’й æгъатирæй бастъалдтонцæ…

Еци æверхъаудзийнадæ арæзт æрцудæй, император паддзахади уæди цардарæзтмæ циуавæрдæр зингæ æййивддзийнæдтæ, бæлвурдæй ба хецауеуæггæнæг уæлдæр къабæзтæн, хуæдхуæцæгади бартæ æгириддæр нæ цубуртæ кæнгæй, бартæ раттун ку багъавта, раст еци рæстæг. Еузагъдæй, райеудагъ æй империй сæргълæугути нихмæ террор.

Мах абони нæ аци æрмæгæй нæхемæ нæ есæн Цитгин Октябри размæ Уæрæсей паддзæхтæн сæхецæн дæр æма сæ арæзт гъуддæгутæн еугæндзон аргъ кæнуни ихæс. Е уотæ æнцонтæй исæнхæстгæнæн гъуддаг нæй, уæлдайдæр ба нури рæстæгути, сауæнгæ дæснийæй-дæснидæр историктæ дæр еу гъудимæ ку нæма æрцудæнцæ. Зæгъæн, мæнæ «крепостное право», зæгъгæ, ке хонунцæ, уой Александр Дуккаг ке раййивта, уой ахедундзийнадæ æма фæстеугути туххæй дæр нерæнгæ еухузон гъудимæ нæма æрцудæнцæ: кадæртæ ’й æстаунцæ, кадæртæ ба ’й фаунцæ…

Уомæ гæсгæ ба нæ абони дзубанди аразæн, мæнæ раздæр ке кой искодтан, еци «Неделя»-йи мухургонд уаци амунд хабæрттæмæ гæсгæ. Уоми куд загъд ес, уотемæй 1861 анзи Александр Дуккаги рамаруни фæсте, 10 мартъий фæззиндтæй «Адæмон барвæндон»-и домæн: фудракæнгутæн хецауади ’рдигæй хатир æма паддзахадон æма æхсæнадон царди уæвæг хузтæмæ æркæсунæн, еугур уруссаг адæми номæй минæвæрттæ æрæмбурд кæнун, æма ма æндæр домæнтæ дæр…

Еци хабæртти хуæдразмæ, 8 мартъий æдзард императори фурт, Уæрæсей нæуæг паддзах Александр Æртиккаг (уæд ибæл цудæй æхсæрдæс æма инсæй анзи) Санкт-Петербурги Зуймон галауани исаразта æмбурд. Уоми ка архайдта, еци æртæ æма инсæй адæймаги, хецаудзийнади бæрзондибадæги, гъæуама сæ гъуди загътайуонцæ, хецаудзийнади уæлдæр къабæзти æвзурст минæвайрадæ уа æви нæ, уой туххæй. Дзубанди цæй фæдбæл адтæй? Паддзахадон совети рази сæдæ æвзурст (губернитæй, земствитæй) адæймагемæй арæзт Редакцион къамиси туххæй, кæцимæ адтайдæ гъæлæс кæнуни фæрци Уæрæсей империй закъонтæ цæттæ кæнуни архайуни барæ. Уомæн æма етæ, дан, хуарз зонунцæ цард æма закъонтæ багъæуай кæндзæнæнцæ æдулидзийнæдтæй.

Æндæр неци! Хуцау ма зæгъæд æма æвзарæн къамиси иуонгтæн фулдæр æвзарæн бартæ лæвæрд æрцæуа.

Паддзахи бартæ гъæуама æгириддæр гъигæдард æма дæлдæргонд æрцæуонцæ.

Уæд еци æмбурди дзубанди куд цудæй, уомæн æвдесæнæн байзадæй Паддзахадон секретарь Е. Перетини бонуг. Æрхæсдзинан си, уоми ка радзурдта, уони зæгъдтитæй кæцидæрти.

Цитгин къниаз Константин Николайи фурт, 53-анздзуд, 1860 æнзти пайдайаг реформити сæйрагдæр амидингæнгутæй еу:

– Пайдайаг гъуддагбæл нимайун, паддзах æма адæми ’хсæн бастдзийнадæ æнгондæр куд уа, еци гъуддаг. Уой фæрци уруссаг монарх никки хуæздæр зондзæнæй, разамунд ци паддзахадæн дæттуй, уой æцæг гъæугæдзийнæдтæ, уæдта къæбинетти бадæг адæймæгутæ ци закъонадон хъæппæрестæ бавдесунцæ, уони гъæуагæдзийнæдтæ. Еци цæг циуавæр уа, е ба нерæнгæ ма æрдзубанди кæнуйнаг æй.

Цубурдзурдæй: гъуди кæнун гъæуй, еци архайд ци хузи æма куд банхæстдæр кæнун гъæуй, уобæл.

Уодзæнæй ма.