21 ноября 2024

РÆСТДЗИЙНАДÆН Æ НАД Æ ЗÆРДÆБÆЛ АДТÆЙ…

18.03.2023 | 18:51

Газет «Рæстдзинад»-и зундгонддæр косгутæй еу адтæй дессаги искурдиадæгин журналист æма æхсæнадон архайæг ТЕГАТИ Алихани фурт Сулейман. Кæд абони не ’хсæн нæбал æй, уæддæр ма ин æ финст æрмæгутæ адæм зæрдиагæй имисунцæ, æнцæ нин нæ адæми анзфинсти ирд æвдесæнтæ.

Куд Устур Фидибæстон тугъди архайæг, уотæ Сулейман æ рæстæги хъæбæр зæрдæмæдзæугæ æрмæгутæ ниффинста еци тугъди хъайтартæбæл. Уонæй кæцидæрти нæ газети дæр мухур кодтан. Абони ба мухур кæнæн Тегай-фуртæн æхе туххæй æрмæг. Финстбæл æдæуагæ æууæндæн ес, уомæн æма æ ниффинсæг, зундгонд журналист Дзампати Мæирбегæн Сулейман æ хъазар æмбал адтæй, хуарз ин зудта æ царди хабæрттæ. Дзампай-фурт дæр абони не ’хсæн нæбал æй – рохс дзенети нæ Исфæлдесæг уомæн дæр рохс бунат исаккаг кæнæд. Æ ниффинст очерк ба уой туххæй мухур кæнæн, цæмæй абони фæлтæртæ зононцæ циуавæр дессаги лæгтæй цитгин адтæй нæ Иристон, сæ кæдзос уодти æма рæстмæтундзæг зунди фæрци ин ци берæ хуæрзти бацудæнцæ, уой.

– Куддæр дæс къласи каст фæууон, уотæ ахурмæ бацæудзæнæн педагогон институтмæ. Ахургæнæг исун мæ нæ фæндуй, фал ми кæд литературон косæг рауайидæ. Райони газетмæ ци уацтæ ниффинсун, етæ адæми зæрдæмæ ку цæунцæ. Кæд, миййаг, æгирид неци нæ мæгурдзийнадæй фæййервæзианæ.

Уæхæн нифситæ ахид æвæрдта æ мадæ Зæйрæтæн чиколайаг минкъий биццеу Тегати Сулейман. Æ федæн имæ хори туни хузæн рæсугъд æма амондгун кастæй. Кæд æ седзæргæс мади æвналæнтæ унгæг адтæнцæ, уæддæр биццеуæн æ нифс нæ састæй, æруагæс си кодта, æ фæндитæ æ къохи ке бафтуйдзæнæнцæ, е.

 

АМОНДМÆ БÆЛГÆЙ, АДÆЙМАГ ФИЦЦАГИДÆР ÆХУÆДÆГ КЪÆРЦГЪОС УА…

Мадта мæнæ нур æ бæлдæ исæнхæст уодзæнæй, зæгъгæ, æхецæн ку загъта, скъолай æ ахур кæронмæ ку æрхъæрттæй, уæд, сау мегътæ хори тунти куд байаууон кæнунцæ, уотæ ин æ над æрæхгæдта цубур, фал зæрдихалæн хабар – тугъд. Немуцаг тухгæнгутæ æгъатирæй фехалдтонцæ советон адæми сабур цард.

Уæдмæ Сулейманбæл исæнхæст æй нæудæс анзи – Сурх Æфсади рæнгъитæмæ цæуни афонæ. Æфсæддон хаймæ ку бахъæрттæй, уæд ин си берæ ракæнæ-бакæнæн фадуат нæ фæцæй, цалдæр боней дæргъи ’й райахур кодтонцæ, тугъди будури æфсади хæйтти ’хсæн бастдзийнадæ куд аразун гъæуй, уобæл. Уотемæй уайтæккæ тугъди цæхæри исмедæг æй. Æригон лæхъуæн ма рæуæг фæууй, æма Сулейман æхе аууон кæнун нæ зудта. Æвæдзи ин циуавæрдæр изæд агъаз кодта, нифс ма ин лæвардта е дæр, æма æхе Уасгергибæл ке бафæдзахста. Уомæ гæсгæ цалдæр хатти, æнгъæл цæйбæрцæбæл нæ адтæй, уотæ æвудæй райервазтæй, кæд бæстæ гупп-гæрах иссæй, æма нæмгутæ æ алливарс ехуаруни хузæн калдæнцæ, уæддæр.

Æ амондæн, бастдзийнади взводи Сулейманæн фæцæй раст æхе мади зæнæги хузæн ибæл ауодæг тугъдон æмбал. Æ карæмæ гæсгæ Яков Зотов берæ хестæр адтæй Сулейманæй, æма ин алкæддæр фæдзахста, цæмæй æхе гъæуай кæна, акъоппæй æнæгъæуаги æ сæр исдарæ-исдарæ ма кæна.

– Иронх ди ма уæд, – дзурдта ин Зотов, – знаги снайпертæ хъæбæрдæр махбæл, бастдзийнади тугъдонтæбæл ке цауæн кæнунцæ, е.

Сулейман игъуста æ тугъдон æмбалмæ. Æцæгæйдæр, Яков еухатт æ фарсмæ нæ фæцæй, зæгъгæ, уæд, æвæдзи, знаги нæмуг Сулейманæн æ тæккæ тæрнихбæл исæмбалдайдæ. Фал ин е æ къахбæл фæххуæстæй æма ’й æвеппайди бунмæ æрæсхуста. Гъе, е дин æцæг амонд, гъе! Раст æй цума мæлæти дзæмбутæй байста, уотæ фæккастæй Сулейманмæ. Фал тугъд тугъд æй, æма амонд алкæд айдагъдæр еунæг адæймаги уæлгъос нæ фæллæууй, уомæ гæсгæ алкедæр гъæуама æхуæдæг къæрцгъос уа…

Батальони командир фашистти федæрттæмæ нимпурсунмæ разамунд кæцæй лæвардта, уоми бастдзийнадæ фехалдæй: раззагдæр хæйтти æфсæддонтæн ци кæнгæ адтæй, уомæн балæдæрæн нæбал адтæй.

 

«СУМАХÆЙ АРАЗГÆ ’Й НÆ ИДАРДДÆРИ НИМПУРСТИ УАВÆР!..»

Æма уæд батальони командир Зотовмæ фæдздзурдта, бардзурд ин равардта, цæмæй æ хæццæ еу æфсæддони ракæна æма цубур рæстæгмæ бастдзийнадæ исараза. Уомæй аразгæ, дан, æй нæ идарддæри нимпурст.

– Алкæд дæ хæццæ ци æригон æфсæддон фæууй, е мæмæ хъæбæр сæрæн кæсуй, – æ дзурдтæбæл ма бафтудта командир.

Фæстеуатгæнæн нæбал адтæй, тагъд гъудæй бардзурд исæнхæст кæнун. Кæд æфсæддон Уставмæ гæсгæ не ’нгъизтæй, уæддæр Яков æ дæлбарæ салдат Сулеймани «сынок», зæгъгæ, худта. Батальони командир бардзурд ку райста, уæд акъопмæ фæдесони хузæн æрбауадæй.

– Сынок, – исдзурдта бабæй имæ аци хатт дæр, – мæнæн æма дæуæн нæ бæрни бакодтонцæ ахсгиаг гъуддаг – гъæуама, цæйбæрцæбæл амал ес, уотæ тагъд исаразæн бастдзийнадæ батальони командир æма раззагдæр тохæг къуæртти астæу.

Уæхæн фæззелæнтæмæ бастдзийнади хæйттæ кæддæриддæр цæттæ адтæнцæ, æма сæ берæ фæстеуат кæнун нæ багъудæй. Знаги нæмгутæй сæр исхъелгæнæн нæ адтæй, фал дууæ тугъдони акъоппæй исхизтæнцæ: разæй хестæр сержант Яков Зотов, æ фæсте рæнгъон Тегати Сулейман.

Сæ губуни цъæрттæбæл размæ бурдæнцæ, сæ над адтæй, бастдзийнади тел кæцирдæмæ амудта, уордæмæ. Сæ алливарс ругæ æма хъуæцæй ке байдзаг æй, уой фæрци немуцаг снайпертæмæ нæ зиндтæнцæ, æма син бантæстæй еудзæвгарæ размæ бацæун. Фал уæдмæ ба тели скъудмæ сæ бон бацæун нæбал адтæй. Уалинмæ сæ къохи бафтудæй. Æ кæрæнттæ ин байеу кæнунæн берæ рæстæг бæргæ нæбал гъудæй, фал бабæй уалинмæ еу-сæдæ метри уоддæр миномети нæмуг, тел кæбæлти цудæй, раст еци рауæн фехалдæй.

Бурунцæ бабæй идарддæр сæ губуни цъæрттæбæл дууæ тугъдони – хестæр разæй, кæстæр ба æ фæсте. Бабастонцæ скъуд тели кæрæнттæ кæрæдзебæл æма раздахтæнцæ фæстæмæ.

 

ТУГЪДОН ÆНСУВÆРТИ АРДБАХУÆРДÆЙ ФЕДАРДÆР НЕЦИ ЕС!..

Æгайтима æфсæддон бардзурд æнæфидбилизæй исæнхæст кодтан, зæгъгæ, цийнæ кодтонцæ сæ дууæ дæр. Фал æгæр тагъд кодтонцæ уæхæн хатдзæг искæнунмæ. Сæ фарсбæл куд бурдæнцæ, уотæ бабæй миномети нæмуг сæ тæккæ къилдунмæ фехалдæй. Аци хатт æвудæй нæбал райервазтæнцæ: нæмуги æсхъеуæггæгтæй еу исæмбалдæй Сулейманæн æ сæрбæл, иннæ ба Яковæн æ галеу къахи хæцъæфбæл. Сулейманæн æ цæститæ ратартæ æнцæ, нæмуги æсхъеуæггаг ин æ сæри фарс кæми расугъта, уобæл æ къох радардта æма ин уайтæккæ тогæй сурх-сурхид радардта.

Яков æ дзæкъолæй бинт фелваста æма си тагъд-тагъдæй æ цæф æмбали сæр рабаста. Тог си нæбал цæуй, уой ку фæууидта, уæдта бабæй æхе къах дæр, цæйбæрцæ амал адтæй, уойбæрцæ бинтæй федар æрбабаста. Æвæдзи сæ фашистти снайпертæ æруидтонцæ æма сæ æхсун райдæдтонцæ, фал сæ дууæ дæр сæхе байаууон кодтонцæ. Цæйбæрцæ рæстæг ма рацудайдæ, ка ’й зонуй, фал еу рæстæг гæрæхтæ фенцадæнцæ. Æма бабæй уæд Яков базмалдæй. Е ’мбал æ губуни цъарæбæл бурунгъон нæбал æй, уой ку балæдæрдтæй, уæд æй æ дæларми æрбакодта, уотемæй Яков цалдæр сахатти æ фарсбæл фæббурдæй æма фæххаста е ’ригон тугъдон æмбали. Мадта нур нæхеуæнттæмæ æрбахъæрттан æма нин тас нæбал æй, зæгъгæ, уой ку балæдæрдтæй, уæд æхецæн дæр æ зæрдæ багъар æй, æма æ хъаурæ расастæй. Дууемæй дæр бахаудтæнцæ госпитæлмæ, тог си берæ ке рацудæй, уомæ гæсгæ син сæ тогæй фæххай кодтонцæ медицинон хуæртæ. Се ’фсæддон æмбæлттæмæ ку æрбаздахтæнцæ, уæд син цæмæдесæй лæдæрун кодтонцæ мах, дан, нур еунæг æмбæлттæ нæ, фал тогхæстæг æнсувæртæ ан. Æма син еци хæстæгдзийнадæ æцæгæйдæр рахаста кæрæй-кæронмæ.

Тугъд ку фæцæй, уæд Яков æма Сулейман æрæздахтæнцæ сæ хæдзæрттæмæ, бавналдтонцæ сабур цард аразунмæ. Сæ фæххецæни размæ ард бахуардтонцæ кæрæдзей ке нæ феронх кæндзæнæнцæ æма сæ хæлардзийнадæ исæфт ке нæ уодзæнæй, уой туххæй.

Ирæфи райони газети редакций уацхæссæгæй косгæй, Сулейман цанæбæрæг берæ мизд истайдæ, æхе фæддаруни фагæ дæр ин нæ кодта. Фал ин еци куст фæййагъаз æй, цæмæй æй газет «Рæстдзинад»-и редакцимæ райсонцæ, уомæн. Райдæдта си литературон косæгæй косун,  фæстæдæр æй раййивтонцæ промышленности хайади хецауи бунатмæ. Фал цалинмæ æ царди еци ахсгиаг æййивддзийнадæ æрцудæй, уæдмæ ’й багъудæй Саратови партион скъола каст фæуун, фæстæдæр ма ахур кодта Ростови дæр.

ТЕГАТИ Алихани фурт Сулейман æ карнæ æнæгъæнæй дæр иснивонд кодта нæ национ журналистики райрæзти сæрбæлтау, уой фæдбæл берæ æнзти дæргъи уодуæлдайæй фæхъхъазауат кодта. Арфиаг си адтæнцæ Иристони дзиллæ æма ин мах дæр абони гъæуама æ рохс ном имисæн, кадæ ин кæнæн, æ фæдзæхститæ ин нæ зæрдæбæл даргæй, рæстуодæй сæ æнхæст кæнæн. 

 

АМОНД АЙДАГЪ КУСТÆЙ НÆ, ФАЛ БИЙНОНТИ ФАРНÆЙ ДÆР АРАЗГÆ ’Й!..

Редакций куст уæхæн æй, æма си гъæуй хъæппæрес æвдесун, царди хæццæ æмдзо кæнун. Сæйрагдæр ба гъæуама зонай финсун, дæ гъудитæ æнцон лæдæрæн куд уонцæ, уотемæй сæ газеткæсгутæмæ хъæртун кæнун фæразай. Уæхæн искурдиадæ дæмæ ку нæ уа, уæд рагацау дæхецæн æндæр бунат байагорæ, редакций исфæлдистадон косæг ди нæ рауайдзæнæй. Сулеймани Хуцау фæххайгин кодта журналисти хуæздæр менеугутæй. Уой хъæппæресæй газети фæрстæбæл мухургонд цудæнцæ медесгун уацтæ ахсгиаг фарстатæбæл. Етæ агъаз адтæнцæ фæллойни æнтæстдзийнади ирæзтæн, заводти, фабрикти, арæзтæдти коллективти хуæздæр кустæн. Адæммæ цæйбæрцæ хуарз зæрдæ дардта, æ цæстæ син цæйбæрцæ берæ хуарздзийнæдтæ уарзта, уой хузæн рæсугъд æма царди хæццæ федар баст адтæнцæ, фæллойни раззагдæртæбæл ци очерктæ финста, етæ. Хуарз лæдæрдтæй, царди амонд æма æхсæнадон гъæздугдзийнæдтæ косгути æновуд фæллойнæ æма арæхстдзийнади фæрци ке ирæзунцæ, уой. Уомæ гæсгæ устур аргъ кодтонцæ фæллойнæгæнæг адæймагæн, æ очеркти хъайтартæ адтæнцæ Садони æрзæткъахгутæ, «Электроцинк» æма «Победит»-и металлургтæ, аразгутæ…

Газет «Рæстдзинад»-и сæйраг редактори хуæдæййевæги бунат ку исуæгъдæ ’й, уæд сæйраг редактор Хъанухъуати Валоди фæндæ бахаста, цæмæй си Тегати Сулеймани исæвæронцæ. Е æ зонундзийнæдтæ æма дæсниадæмæ гæсгæ адтæй еци бæрнон бунати аккаг.

… Цалдæр боней фæсте Сулейманæн арфитæ кодтан æ бæрнон бунати туххæй, алкедæр ни фæндадтæй, цæмæй ма берæ æнзти дæргъи фæрнæй фæккоса, нæ еугуремæн дæр уарзон ка адтæй, еци адæмон газет «Рæстдзинад»-и редакций, æ медесгун уацтæ æма очерктæй цийнæ æма амонд хæсса газеткæсгути зæрдитæмæ.

Адæймаги цард айдагъ æ кустæй аразгæ нæй, фал ма бийнонти амондæй, де ’мкъай æма дæ цæуæтæй дæ зæрдæ куд рохс кæнуй, уомæй дæр. Цæмæй Сулеймани меддуйне уæхæн хузи равдесæн, уой туххæй нæ раздæхун гъæуй евгъуд æнзти цаутæмæ, Сулейман Устур Фидибæстон тугъдæй Чиколамæ ку иссудæй, еци бæнттæмæ.

 

«СУВÆЛЛОН ХУЦАУИ ЛÆВАР ÆЙ, ÆМА СИ ЗÆРДРОХС УО!..»

Тугъд  ин æ райгурæн гъæубæл æверхъау фæд ниууагъта. Фашисттæ партион, советон, фæскомцæдесон активисттæй кæбæл фæххуæст æнцæ, уони æнæ слест æма тæрхонæй фехстонцæ, беретæн сæ фæллæнттæ  ниппурхæ кодтонцæ. Цæргути зингæ хай æнæ хæдзæрттæй байзадæнцæ. Фал, адæм хуарз æнцæ, фæззæгъунцæ. Етæ æмдухæй, æмзундæй бавналдтонцæ сæ гъæдгинтæ дзæбæх кæнунмæ. Еуетæ иннетæн агъаз кодтонцæ, уотемæй цард хуæздæр кæнун райдæдта.

Зæйрæт рагæй бæлдтæй Сулеймани амондмæ. Фæндæ ’й адтæй, цæмæй æ тугъдвæллад фурт тагъддæр бийнонти гъуддаг ку бакодтайдæ.

– Хуцау ма мин ци цæрæнбæнттæ исаккаг кодта, – дзурдта Зæйрæт, – уæдмæ ма мæ хъæболи хъæболти авдæни ку рауозинæ, е мæ хъæбæр фæндуй.

Сулейман æ мади дзурдбæл дууæ нæбал загъта, уæлдайдæр ба уомæн, æма гъæуи рæсугъддæр кизгуттæй еу – Тауасити Зæрини хæццæ рагæй уарзтонцæ кæрæдзей, еу си æнæ иннемæй цæрун нæ фæразта. Цалинмæ Сулейман тугъди будури цифуддæр знаги хæццæ тох кодта, уæдмæ дæр Зæринæбæл берæ дзоргутæ адтæй, фал  аразий дзуапп некæмæн лæвардта, æнгъæлмæ кастæй æ уарзони исæздæхтмæ. Æма нур сæ амонд байеу кодтонцæ.

Сæ фиццаг сувæллон кизгæ ке разиндтæй, уобæл уæлдай хъæбæр бацийнæ кодта бийнонти хестæр Зæйрæт. Е, дан, ку рагъомбæл уа, уæд уодзæнæй мæ царди деденæг. Дæтгæ дæр ин деденæги ном ракодтонцæ – Розæ (гъулæггагæн, абони æгас нæбал æй, ци дуйней æй, уоми ин нæ Исфæлдесæг дзенети рохс бунат исаккаг кæнæд). Дуккаг син биццеу ку фæцайдæ, уомæ хъæбæр æнгъæлмæ кастæнцæ бийнонтæ сæ еугур дæр. Фал бабæй сæ багъудæй кизги ном агорун. Исхудтонцæ ’й Валя.

– Ка ’й зонуй, е хуарз æй, – зæрдитæ син æвардта Зæйрæт. – сувæллон Хуцауи лæвар æй, æма кизгæ уа, биццеу, фаутæ æвæрæн ибæл нæййес…

Æртиккаг æма цуппæрæймаг дæр бабæй кизгуттæ ку райгурдæнцæ – Лианæ æма Фатимæ, – уæд Сулейман æ къохтæ бустæги æруагъта.

Хуцауи цæстæ мин биццеу балæвар кæнун цæмæ гæсгæ нæ уарзуй, зæгъгæ, гъенцъун кодта æхемедæгæ.  Цæмæй зудта, æма, кизгуттæ куд гъомбæлгæнгæ цæуонцæ, уотæ сæ фулдæрæй-фулдæр ке уарздзæнæнцæ еунæг бийнонтæ нæ, фал хæстæгутæ æма синхæгтæ дæр. Кизгуттæ адтæнцæ сæ еу иннемæй рæсугъддæр æма хуæрзконддæр, раст цикорай фæрдгути хузæн.

ТЕГАТИ Сулейман (ка лæууй, уонæй галеуæрдигæй цуппæрæймаг) «Рæстдзинад»-и редакций е ’мкосгути хæццæ.

Æ ЗÆРДХÆЛАРДЗИЙНАДИ ÆВДЕСÆН – Æ ÆГÆРОН БЕРÆ  ÆРДХУÆРДТÆ…

Сулейман æ къах кумæ байвардтайдæ, уоми ин кæддæриддæр фæззиннидæ хуарз зонгитæ æма æмбæлттæ. Еууæхæни Иристонмæ Болгарийæй æрбацудæй Кырджалийи зилди турккаг газет «Нова Светлина»-йи редактори хуæдæййевæг Хасан Тегкилиев. Е адтæй газет «Рæстдзинад»-и иуазæг. Сулеймани хæццæ цалдæр бонемæ уотæ балимæн æнцæ, раст цума берæ æнзти дæргъи зудтонцæ кæрæдзей. Хасанæн æ цæуни рæстæг ку æрхъæрттæй, уæд исфæндæ кодта Сулеймани цалдæр боней æмгъудмæ æ хæццæ Кырджалиймæ ракæнун. Сæ хæлардзийнадæ уотæ истухгин æй, æма кæрæдземæ айдагъ арфи финстæгутæ не ’рвистонцæ, фал ма хецæн уацтæ дæр Иристони æма Кырджалийи цардæй. Ами сæ мухур кодта «Рæстдзинад», уоми ба – «Нова Светлина».

Цæгат Иристонæй Болгаримæ 2001 анзи сæрди мæйтæй еуеми Болгаримæ ци туристон къуар рабалци кодта, уой хæццæ адтæй Плити Земфирæ дæр. Еу минкъий сахармæ ку бафтудæнцæ, уæд сæ размæ рацудæй æма син зæрдиагæй райарфитæ кодта сахари сæргълæууæг. Е разиндтæй Сулеймани рагон æрдхуард Хасан Тегкилиев. Туристти къуар сæмæ Иристонæй æрбацудæй, зæгъгæ, уой ку базудта, уæд сæ хæццæ фембæлгæй æма дзубанди кæнгæй фиццагидæр сæ Сулейманбæл рафарста. Земфирæ хуарз зонгæ адтæй Сулеймани кизгæ Фатими хæццæ, æма Хасанæн загъта, е ’мбал цардæгас ке нæбал æй, уой. Хъæбæр фæхъхъонц кодта, мæгурæг, Тегкилиев еци уæззау хабари фæдбæл.

Аци цау уомæ гæсгæ æримистон, æма уоййасæбæл  хъæбæр зин иссæй нæ дзилæн, Сулеймани кадæриддæр зудта кенæ æ кустмæ гæсгæ, кенæ ба уотид царди гъуддæгути, уонæн уоййасæбæл æгæр раги ке рандæй е ’носон дуйнемæ, æртæ æма æртинсæй анземæй фулдæр ке нæ бантæстæй уæлзæнхон цардæй фæццарун, уой фæдбæл.

ДЗАМПАТИ Мæирбег (1934-2004), 
публицист, партион æма æхсæнадон архайæг