17 января 2026

«СÆРУСТУР ÆМА БОЗ ДИ АН!..»

17.01.2026 | 14:45

Нæ фидтæлти зундирахастмæ гæсгæ кадгин æй, бакастæй нæ, фал уоди менеугутæй æхе ка равдесуй, уæхæн федауцæ. Æма еци федауцæй хайгин ка разиннуй, еци адæймаг ба уæлдай цитгийнаг фæууй дзилли ’хсæн.

Уæхæн адæймагæй зундгонд æй æнæгъæнæ Иристони дæр Таболти Иринæ Александри кизгæ. Уомæ гæсгæ си боз æма арфиаг æнцæ нæ дзиллæ. Уæлдай арфитæ ба ин кæнæн абони æ юбилейи фæдбæл.

Махмæ гæсгæ, Таболти Ирини нæ дзиллæн уæлдай райамонæ-байамонæ кæнун нæ гъæуй. Уотид ин æ ном ку исдзорай, уæддæр æй базондзæнæ, дзубанди ке туххæй цæуй, уайтæккæ зæрдæбæл æрбалæудзæнæнцæ æ телеуинунадон æрмæгутæ – гъудийæй, медесæй, æнкъарæнтæй идзаг репортажтæ. Иристони цæргутæ – ци Хонсари, ци Цæгати – берæ тухстдзийнæдтæ бавзурстонцæ, зиндзийнæдти сæрти хизтæнцæ. Еци-еу рæстæг сæ хæццæ æмдзо кодта, алли тухстаг фарстабæл дæр æнхæст æма гъæугæ дзуапп ка лæвардта, еци номдзуд журналист Таболти Иринæ.

Æгæрон берæ ’нцæ æ хуарздзийнæдтæ, уомæ гæсгæ ба си боз дæр æма сæрустур дæр ан. Æма ин, абони æ райгурæн бони фæдбæл зæрдиагæй арфæ кæнгæй, зæгъæн: «Æнæнез æма зæрдрохс уо, дæ кæстæрти цийнæй цийнæйдзагæй цæрæ, Иристони хуæрзагадæн фæффудæбонæ кодтай, æма дин арфæ кæнæн!..»

Газет «Дигори» редакций коллектив