21 ноября 2024

«СÆУМОН РОХСИ  ЗÆЙÆ, – ТÆЛÆН  КÆМÆ ХÆССÆН…»

16.11.2024 | 22:43

* * *

Æхсæвæн æ саути

Фæлсугъд æй и бон.

Фæцъцъæх æй, аргъаути

Рæсугъд æй и ком.

 

Хуæрзигон – хуæнхбæсти

Æмбæрзæн пæлæз.

Сæумигон – тæмæсти

Минмурон гъæлæс!

 

Ехх, гъæдæ, арауæ!

Нæ рæхцуй и маргъ!

Рæу-уадæ, æрдауæ

И рæгътæн сæ рагъ!

 

Дунд кæнуй и таги

Сауæри фунæй!

Дон кæлуй адаги

Сау мæри бунæй.

 

Фæззигон царцати

Талгъæр æй сифтæр!

Сæ сир-сир æхцати

Сир-сирæй хуæздæр.

 

Ехх, думгæ, æрфасæ

Фæсалæн æ сæр!

Рауæзуй бæласæ

Дæ батæй куддæр.

 

Иссеруй æ уасæ,

Разелуй æ сæр,

Ракеуй бæласæ,

Æгъзæлуй сифтæр.

 

Бакæнуй ирд цадæ

Бауæрау зир-зир.

Расайуй и уадæ

Науæри бизирт.

 

Ци нивæ ’й, ци хуасæ

Къотæри æзмæлд!

О, сифæ, ниуазæ! –

Уоддзæфи æмбæлд!

 

Рагвæззæг царцати

Талгъæр æй сифтæр.

Азæлуй аргъаути

Сауæри унæр…

 

СÆУМÆРДÆМÆ

Уæллæй – идзаг мæйæ,

Дæллæй – хорискæсæн,

Сæумон рохси зæйæ, –

Тæлæн кæмæ хæссæн.

 

Мæнæ и цъæх мæйрохс

Уорси ку фæттайуй…

Хуцау, дæхецæй-боз, –

Дуйней бонивайуй…

* * *

Устур Фидибæсти тугъди

ка фесавдæй, уонæн.

 

Дæ сорæт мæ хуæруй уодæй-уодмæ, –

Æ билти ба, æдта, ци хуарз æй,

Уой нæ зони ду ба, изол уогæй,

Кæмæндæр æ цауд уодæй гъазгæй.

 

Арси дзæмбу мæнæн дæу лæвар æй,

Фидибæсти сæраппонд тохгæй,

Æмпурсун, тугъди кæрон æсгаргæ,

Фидибæстæ мæнæн Ду уогæй.

 

Бамæхезæ, исковæ, разарæ,

Фæтти бунæй ку сервæзон, уæд

Æнæфатæй ду мæн ма рамарæ,

Дæ уазал каст уодзæй мæ мæлæт.

 

Дæ нифсæй исервæзун цъæх артæй,

Нæ зонун, ци мæ хезуй, уæддæр

Нур бал мин дæ сорæт æзгъæр уарт æй,

Æгъзалуй къæхти бунмæ фæттæ…

 

КЪÆХТÆ

О мæгур къæхтæ,

Хеддон цулухъти

Сау нæдти ругтæ

Кумæ хæссетæ?!

Бæрзонд къæдзæхтæ,

Куйгæлдзæн дзухъти,

Хæрдтæ-урдугти

Цæмæ хæтетæ?!

 

Кæми н’ адтайтæ

Зæнхи цъарæбæл?!

Ку æрзилдайтæ

Арви кæрæнтти.

Нæ ниууагътайтæ

Къум-къæразæ дæр.

Ци агурдтайтæ

Катаййи бæнтти?

 

Ци над надтайтæ, –

Циргъ къæйдор ибæл

Нæ ниууагътайдæ

Уæхæн никъæттæ.

Уæ дугкаг хаттæн

Зæнхи къоребæл

Ку ниххаудтайтæ

Уæхе къахт фæдти.

 

Берæ бæллæхтæ

Баæвзурстонцæ

Уæ хъæбæр нихтæ,

Уæ къуæлли къелтæ.

О, мæгур къæхтæ,

Рауæмардтонцæ

Зинбони уæргътæ, –

Æруодæнсетæ…

 

ЦАЗÆ БОН

Цазæ бон – раст адзал.

Лæкъун цади бæлæстæ – ауиндзæг ’ма  усхъунмæ.

Уазал син æй, уазал,

Катайгæнгæй, змæлгæй сæ уинун къуру  хъуммæ.

 

Цади сæрæй – билгон,

Сæ хузтæбæл бунмæ ниттадзунцæ сæ  сугтæ.

Сæ сифтæй фæззигон

Уомæл уæлдæфи ’ртæх лæмарунцæ  урдугмæ.

 

Нæбал бухсун, нæбал, –

Исесун сæ гъæуй дони хурфæй бæлæсти…

Фæккудтæй хъурройбал, –

Тухст бæлæсти мæстæй нæбал лæууй а бæсти.

 

О, зæрдрист хъурройбал,

Цал зæнхеми кæндзйайтæ сæ кой хъурмæ  уасти?!

Æрбадетæ, æр-бал,

Уæ фæлмæнуод хуæртæн сæ цори сæ  масти…

 

Цазæ бон – сау адзал,

Хæрæмегъи бæзди хор тогау ниййигъанст  æй,

Нæбал тавуй, нæбал.

Донихъæзтæ сæ хъуртæ ’йвазунцæ  Хуцаумæ…

 

БÆЛАСÆ

Ду кæддæр и мæйрохсмæ кафтай

Дæ бунати.

Рæсог уæлдæф дуйнемæ уагътай

Царди уати.

Ду куддæр рæудунгæмæ кодтай

Тасæ-уасæ.

Арви дони дæхе æртадтай

Гъæди астæу.

Дæу кадæр фæууидта десгæнгæй:

«Уæд цæй асæ ’й?!»

Дæу гъеуæд ракодта дæ зæнгæй

Фадзæласæ.

Дæ дзигготæ тудтонцæ хуртæй,

Циргъ къузуртæй.

Æстъихстæй дæ лигъз цъар бугъзуртæй, –

Ниббузуртæ ’й.

Дзиназтай: «Мæ тæрегъæд, мæ зин

Куд фæрази?

Кæрдæгбæл мæ ласæ, – мæ сæр мин

Пихцил фаси!»

Нур, уæууæй, дæу бауæр лæг хуайуй

Æхснеуæнæй.

Циргъ листитæ, хъуæлтæ фæххауй

Æ неунæй.

Лæг дæ реуи низдохуй бурæу

’Ма нæ реси.

Гæрр, куд ниддæ сау ристмæ хъæрæу,

Маст нæ еси?!

Лæг дæ сунти къуæруй циргъ зæгæл

’Ма не ’змæли.

Хирхæй ди æрлух кæнуй гæппæл

’Ма нæ мæли.

Ду кæддæр дæ рохс уод исистай, –

Мабал тæрсæ.

Мард мæлгæ нæбал кæнуй, – фист æй

Дæ сау хæрсæ…

 

ЛУХГОНД КЪАЛЕУТÆ

«Кадæр лухгонд къалеутæ фæснадмæ рагæлста æма къуæрей фæсте къомбох ракалдтонцæ».

Хадати Виталий

 

Лухгонд къалеути ма ци тавуй хор,

Расæ-гæлст киндæй дивилтау, уæууæй,  фæснадмæ.

Къуæрей размæ кедæр кодтонцæ хъор,

Райтиндзунмæ никки пархатдæр  хæдзарæ.

 

Къуæрей размæ, – ку райдзулдæй  уалдзæг,

Æнхæст нæма ’суолæфтæй гъарæй лагъз бæласæ,

Минкин къалеутæ кодтонцæ ’йгъæлдзæг,

Кизги цæнгтау, думгæй бæласæбæл рæутасæ.

 

Лухгонд къалеутæ ма уæддæр къомбох

Ракалдтонцæ, æвгæрстæй ’ма гæлстæй фæстегъæ,

Уотæ ма рацæуй мардбæл кири сау рехæ,

Къанау кодта седзæр мадау богъ-богъ.

 

Иронх къалеути уадæ истулдта, –

Стухта ма сæ бæгънæг зæнгæбæл нур фæстаг хатт,

Фал сæ е ба гъуди дæр нæ кодта, –

Æ фур æрхунæй æрбахускъæ йæй уайсахат…

 

* * *

Кизгай, деденæг райсай,

«Сурх» мæмæ байдзулæ!

Ма мæ бангъæлæ, оххай,

Тæхгæсæр, æдули.

 

Дæ рохс тунтæй, хори хай,

Рамæбæл ивулæ.

Гиризæй мин разæгъай,

Руги, дан, нивдулæ!

 

Кæдзос фунти, гæлæхха,

Фæууинун дæ гурæ…

Ниддæкæнун, ухæха,

Фур æнгон мæ хъури.

 

Тæнæг пъолций рæуæг уарзт,

Ци уæззау стур тухæ ’й!

Куресау хаун си, раст,

Кæрдздзухæй – кæрдздзухмæ.

 

Фæлмæн билти æллау ба,

Ци цъæх арт-пеллон æй!

Куд мин басугътай, æдта,

Мæ тæнуод гъеууомæй.

 

И дуйне мæ æ фазон

Рахудта дæ фæрци.

Нецибал ес нæуарзон

Нур уоми, æвæдзи…

 

ЗÆРОНДИ ХАЛОН

Уæлæ халон, мæ лимæн,

Гъосæй хуарз не ’гъосун,

Ку «фæггарк» кæнис нидæн, –

Никкæун мæ къоси.

 

Уæлæ халон, мæ лимæн, –

Дзорæ и дзæбæхтæй,

Еугур æдзæллаг ниддæн

Аци сау бæллæхтæй.

 

Уæлæ халон, мæ фæлмæн,

Уасæ зуймон хормæ,

Ракалуй мин гъар тæмæн,

Ку ’ртæхи мæ цормæ.

 

Уæлæ халон, сатæг-сау,

Фæууи ду мæ бони,

Адзал мин нæййес дæуау,

Мæ цард дæр – зиндони.

 

Уæлæ халон, курухон, –

Ду кæси иуони,

Дæумæ-æнгæс ку мурхон, –

Ци уодзæй кæрони?!

 

УÆД…

I

Уалдзæг. Гъæугæрон. Сурх-Дигорæ.

Кæнуй си изæрмелтæ.

– Æна, нур ма мæ ма йагорæ, –

Уинун дæ дæ къох телгæ…

 

Цæргæс æхе ’нгъæлуй и æсмæ,

Нийтиндзгæ æ къабæзтæ.

Æз дæр ахсæви дууадæсмæ

Дардзæн арвбæл мæ цæстæ.

 

Кæсай! Калунцæ зинг-цæхæртæ

Æстъалути дзугуртæ.

Думгæ систонцæ, сæ пæр-пæртæй,

Изæдти уорс базуртæ.

 

Мæйрохс! И мæргътæ кæцæйдæрти

Зарунцæ сæнттæсайгæ.

Барæн! Хезуй ма мæ нурмæти

Мæ мадæ зæрдæхсайгæ…

 

II

…Уалдзæг. Гъæугæрон. Сурх-Дигорæ.

Рандæнцæ дууин анзи.

Лæуун будури, æнæдзоргæ,

Бæдолæ дæр – мæ рази.

 

Кæсай! Изæдтæ, дан, цъæх арвбæл

Тæхунцæ пæр-пæргæнгæй.

Дессаг, калунцæ, дан, цæхæртæ

Æстъалутæ пæртгæнгæ.

 

Не ’гъоси, – мæргътæ куд зарунцæ…

Цъæрæхснæгти цъæр-цъæртæ?!

– Нæ, нæ! – Даргътагæй араунцæ

Мæн гъостæ хæпси гъæртæ…

 

III

…Будур. Гъæугæрон. Мæ хуæд фæсте –

Мæ фиди калд хæдзарæ.

Разæй – уæлмæрдтæ. Æддæгвæсте

Ингæнтæ – зинæвзарæн.

 

Уæгæ! Мæйрохс мин мæйи тарф æй,

Хуцау, кæд мæ феронх дæ?!

Кадæр уæлмæрдти тæккæ арфæй

Телуй мæмæ æ къохтæ…

 

Æна! Мæйæ нæ фал хор адтæ, –

Гъавтай ми фæццох унмæ.

Уæууæй! Уæд дæмæ куд нæ уадтæн

Дæ хъури ниттохунмæ?!

 

ÆЗМÆЛУНЦÆ БÆРЗИТÆ

Æзмæлунцæ бæрзитæ.

Уæ хъисмæти тауси амонд æма рист.

Никъкъолæ ’нцæ бæрзæйтæ, –

Уæ рæстæгæй фæцæй усмæ бабæй æрвист.

 

Ци берæ ’нцæ зæнхæбæл!

Цал зæрдемæн фæууй уæ иуæнгти кæлд зин!

Сумахæн фудæнхæбæл

Ка уодуй, – макæд бахуæрæд е гъар кæрдзин.

 

Фал уе ’мбестæ, – дессæгтæ!

Зæнхи буни хетунцæ, – иннетæ сæрæй.

Нæ уадзунцæ уедæгтæ

Ледзун дæр уæ, нæдæр, нæ ба хъан – бурдæнæй.

Ци лигъз æнцæ уæ гуртæ,

Ци цæфст айтæ уæддæр уæ зæнхæбæл æнгон!

Цæбæл фæууй уæ хъурмæ,

Ку неке уи ’й седзæр, – нæ уи хатæн не ’ргон?!

 

Бæрзбæлæстæ гъæрзунцæ,

Сæ уедæгтæ хелунцæ мæ реуи хинттау,

Мæ зæрдæй ирæзунцæ,

Æгъатирæй кæлунцæ сифтæртæ бæнттау…

 

* * *

Дуйне – не ’нæкæрон авар,

Хауй зæнхæбæл нур æ цар,

Бæлæстæ ин – буцæутæ, – арв

Зиннуй гъолон.

Бурдæн, дунгæ ’ма мети уард,

Мегъæ, ехæн æма æнкъард,

Зумæг сæнадæ уй нæ цард, –

Е дин нæ бон!

 

Адæн – цæгиндзитæ – уазал,

Дадзинтти тог, цума – нæбал,

Тундзуй сæ цармæ фудадзал,

Кæми ’й сæ уарт?!

Къæразгæ – ех, йæ авгæ – мард,

Уобæл бæлæсти хузтæ – салд,

Æнде къотæртæ – кирсæфхуард,

Гъæуй сæ арт…

 

Неке ’й нецæмæ æнгъæлдзау,

Унгæг – и бон, мæтъæл – æ зар,

Хуарзбæл кæнуй фуд уæлазар,

Æй раст – мæнгæ!

Алке феронх æй æ Хуцау,

Уæрмæ, гитдонæ æма бар,

Ниуæзт, хæтун æма азар, –

Хилтæ, нæмгæ!..

 

Зæрдæ æхгæд æма мæгур,

Бастæй нæ куй кæнуй гъур-гъур,

Бостæ ’й дзигкабæл æ рист хъур,

Æ зин гъаруй…

Æсмæ – цъæхснаг, гъиггаг – Æнсур,

Мардау радæргъæмæ ’й будур,

Сау сунтти сæрбæттæн туппур

Уобæл даруй…

 

Зумæг сæнадæ уй нæ цард,

Уалдзæг нæ Зин не ’рцæуй тард,

Сæрдæн æ тæвди – иуæнгмард,

Фæззæг – æнкъард!

Дуйне – не ’нæкæрон авар,

Ескæд байгон уй арви дуар,

Рæстæг скæнуй нин уас лæвар –

Сесуй мæйдар…

 

* * *

Сауæдони билгон

Донæхсинцъи къалеу

Ниррæсагъта бæлццон

Æнæмæтæй.

Ниуазгæй рæсог дон,

Е ’сирæзтæй уæлиау, –

Цъæх бæласи цæсгон

Ниффæтæнтæ ’й.

 

Донæхсинцъæ æ дон

Сауæдонæн цъирдта, –

Е фæстагмæ бунтон

Баисустæй.

Æхе дæр ин еу бон

Æдонугæй ’ссирдта

Æнæхатир тæрхон, –

Æрбахускъæ ’й.

 

* * *

Сæумæраги нæ дзæхæрай

Уги уасун игъусуй.

Хъæбæр ресуй нæ фидихай, –

Æ хуссæни нæ хуссуй.

 

Æрзæронд æй, фæллæмæгъ æй,

Нези лазæй истухсуй.

Нæтгæ кæнуй æхсæвдæргъæй,

Мæ уод имæ нæ бухсуй.

 

– Ци ди ресуй, нæ фидихай, –

Куд некæд æй исзæгъис?!

Бонæй-римæхст – дæ уодагъай,

Дæ уæлфунти ба – гъæрзис…

 

Цитæ бамурхунцæ æнзтæ

Адæймагæн уогæ ба?!

Ку æримисун, – ци уæзтæ

Бафæразта «сæ» баба!

 

Лухтæ саста, хуасæ карста,

Бæзæрхуг ’ма фæйнæгфарс!

Æ сæрмæ дæр некæд хаста

Зинтæй рацæун еуварс.

 

Æ уонæхсарæ фæсонтæй

Æнæуаг тухæ цудæй.

Æ хедæйдзаг фæтæн ’уонтæй

Ергъæвта нæ и фудтæй.

 

«Исæмпъохидæ» гъæдбунмæ

Æнæтопп ’ма æнæкард.

Ислохидæ бæхуæрдунмæ

Калд бæласæ æд бунгард.

 

Ниддасидæ устур фæхцæ

Игуæрдæни цæвæгæй.

Неке фæразта æ хæццæ

Уотæ косун рæуæгæй.

 

Æ хумæтæг, сабур касти

Ци егъау нифс æвардта.

Æ дигорон уездон уарзти

Куд арф римæхсти дардта.

 

Æ федар æфсарст зæнхæбæл

Ци зингæ фæдтæ уагъта!

Дон ка калдта æ цæнхæбæл, –

Уонæн дæр æй лæвардта.

– Цард цæй адгин æй, мæ цæстæ,

Фал фур берæ ку цæрай, –

Нæ фæрстæй сласуй æ хуæрзтæ

Гъезæмæрттæй нæ зæруай.

 

Сумах дæр, дан, мæхе дæр, дан,

Ухерийæй ку марун.

Нæбал бухсун уæхæн цардæн,

Хуцауæй, дан, ци дарун?!

 

Зæрдигъæлдзæг цæмæй зинна, –

Æ цæститæ сор дардта.

Æ уæззау сугтæ фур зинæй

Æ хурфæмæ нихъуардта.

 

– Ци æрцудæй, нæ хуарз фидæ,

Ка дæбæл кæнуй хъур-хъур?!

Маци дзорæ æнæниндæй,

Ма нæ кæнæ зæрдмæгур.

 

Мама рамæлæ, нæ фидæ,

Зиндзийнæдтæй нæ тæрсæн.

Нæ царди нифс – дæ цæстити ’й, –

Дæ цæститæмæ кæсæн…

 

* * *

Тарст тæрситæ безарунцæ æзнæт дунги фæззигон,

Низзарунцæ, нигъгъарунцæ, – ку фæззиннуй уорс бæлццон,

Нигъгъæрзунцæ, никкæрзунцæ сæрæй – къахмæ, мæгурбон!

Æстъегъуй син агъуд бурдæн сæ сифтæртæ, сæ цæсгон.

 

Æрлæбурдта гъæди къохмæ хонхи сæрæй уорс бæлццон,

Мет – цæстити, итигъд хъурти бæх цæфхæттæй рæдзæхсуй.

Метхъæппæлтæ, финкæ калгæй, æрфæлдадта таги дон,

Нæзи гъæдæн æ фуртухстæй æрбауорс æй æ дзигго.

 

Мет нимбарзта бони ’рдæгмæ, – арви бунмæ цидæр ес,

Нæбал ерун дин дæ фæдтæ, мæ уарзон фæззæг, фæдес!

Æхсæрлæсед, гъæддаг кæрдту, къумтæрситæ ’нцæ нигæд,

И дуйне, цума, фесавдæй, – еугурæй дæр æй æхгæд!

 

Æрæллау æнцæ бæлæстæ, – метфæлдзæгъдæн сабургай!

Æ амондбæл гъæу сарази ’й иуæнгкалдæй, æд тæргай.

Гъеууотæ ма æ медфуни æ нæййерæги мæрдтæй

Æ хæдзарæмæ, фæстæмæ, фæццæйхонуй сувæллон, –

Æригъал уогæй, хуссæнæй нæбал фæууй истунгъон…