26 октября 2025

ТОГИ ÆЛХЪИВДАДÆ ÆМА ТОГДАДЗИНТТИ ЦАВД: ЦИУАВÆР ГЪÆУАМА УОНЦÆ?

25.10.2025 | 22:42

Адæймаг дзæбæхгæнæндонæмæ куддæр бахауй кенæ имæ «тагъд агъаз» хæдзарæмæ ку ’рбацæуй, уæд ин дохтир, фиццагидæр, исбаруй æ тоги æлхъивдадæ æма базонуй тогдадзинтти цавд. Цума цæмæн уотæ ахсгиаг æнцæ аци бæрæггæнæнтæ? Цæмæ гæсгæ фæууй тоги æлхъивдадæ уæд æгæр бæрзонд, уæдта – ниллæг? Зæрдæ æгæр тагъд-тагъд кенæ хъæбæр сабургай ку гупп-гупп кæна, уæд е цæмæй тæссаг æй? Тоги æлхъивдадæ æма тогдадзинтти цавд æвдесунцæ, зæрдæ æма тогдадзинтти системæ куд косуй, уой. Бауæри алли хаймæ, алли рауæнмæ дæр тог хъæртун кæнуй тауæггурæ æма гъæугæ бауæргъæдтæ. Циуавæр бæрæггæнæн нимайгæ ’й тоги æлхъивдади гъæугæ бæрæггæнæнбæл? Уæдта, кæд байагорун гъæуй дохтири агъаз?

Куд тоги æлхъивдадæ, уотæ тогдадзинтти цавди бæрæггæнæн дæр еци-еухузонæй нæ лæууй. Алкедæр ни æнæрæстæфгæ нæ фæууй – физикон æгъдауæй еуцæйбæрцæдæр адæймаг ести ку ракосуй, уæд зæрди гупп-гупп фæккарздæр уй. Æнцад бадгæй ба, æ гупп-гупп фæууй сабур æма еци-еу хузæн.

Алли адæймагæн дæр тогдадзинтти цавди бæрæггæнæн еци– еу хузи уа, е раст нæй. Зæгъæн, сувæллонæн æма æ кари адæймагæн сæ тогдадзинтти цавд æй фæйнæхузи. Рæстæмбес бæрæггæнæнбæл нимад æй минутмæ 65-75 цавди. Аци бæрæггæнæн 20  цавдей бæрцæ ку фæмминкъийдæр кенæ ку фæффулдæр уй, уæд багъæуй дохтири агъаз æма унаффæ, уæхæн уавæри ци исаразун гъæуй, уой туххæй.

Каргун адæймагæн каст цæуй цавдæн айдагъ æ нимæдзæмæ нæ, фал, еухузон æй æви нæ, уомæ дæр. Цавд еухузон ку нæ уа, уæд е æй зæрдæн тæссаг нез – аритмия.

Спортæй ка архайуй æма физикон æгъдауæй федар ка ’й, уæхæн адæми тогдадзинтти цавди бæрæггæнæн фæууй ниллæгдæр, уомæн æма сæ зæрдæ алли цавдæн дæр тог фулдæр тæруй.

Тоги æлхъивдади бæрæггæнæн баст æй адæймагæн æ кари хæццæ, физикон æгъдауæй ибæл циуавæр уæзæ хауй, уой хæццæ, æ зæрдирахаст, эмоцитæ æма æкъарæнти хæццæ, сауæнгæ силгоймаг æма нæлгоймагæн аци бæрæггæнæн æй фæйнæхузи. Мадта организмтæ дæр аллихузон æнцæ, æма тоги æлхъивдадæ дæр фæууй аллихузон. Уомæ гæсгæ зонун гъæуй, рæстæмбесбæл нимад ка ’й, уæхæн бæрæггæнæн.

Тоги æлхъивдадæн ес дууæ бæрæггæнæни – уæллаг æма дæллаг. Фиццаг бæрæггæнæн дзорæг æй, зæрди карз кусти рæстæг тогдадзинтти фæрстæбæл тог циуавæр тухæй уæзæ кæнуй, уобæл, дуккаг ба – зæрдæ сабур уавæри ку фæууй, уæд. Аци дууæ бæрæггæнæней ’хсæн ци игъаугæдæрдзийнадæ ес, е æй тоги æлхъивдадæ, æма ниллæг ку уа, уæд адæймагмæ фæззиннуй тахикардия, бæрзонд – уæдта атеросклероз, зæрди лæмæгъ куст анемия æма æндæртæ.

Спорти ка архайуй, уонæн ахид сæ тоги æлхъивдадæ фæууй, цæйбæрцæ æнгъезуй, уомæй ниллæгдæр, зæгъæн, 100/60, фал сæхе хъæбæр хуарз фенкъарунцæ.

Адæймаг хестæргæнгæ куд цæуй, уотæ тоги æлхъивдади гъæугæ бæрæггæнæн дæр кæнуй бæрзонддæр. Нæуæгигурд сувæллонæн æ тоги æлхъивдадæ фæууй 80/50, анз ибæл ку рацæуй, уæдта ин исуй 96/66. Уой хæццæ, фондз анзей уæнгæ, биццеу  уа, кизгæ уа, уæлдай си нæййес, аци бæрæггæнæн сæ дууетæн дæр æй еухузи. 18-20-анздзуд нæлгоймæгтæн тоги æлхъивдади гъæугæ бæрæггæнæн исуй 120/80, еци кари кизгуттæн ба – 115/70. Дæс æма æртинсæй анзи кæбæл рацæуй, еци нæлгоймæгтæн хуарзбæл нимад æй тоги æлхъивдади уæхæн бæрæггæнæн – 145/80-85, еци кари силгоймæгтæн ба – 155/85.

Ес, адæймаги ка нæ хъор кæнуй æма кустгъон ку фæууй, уæхæн тоги æлхъивдадæ дæр. Гæнæн ес, æма уой бæрæггæнæнтæ хецæн кæнонцæ рæстæмбес бæрæггæнæнтæй, фал адæймаг, уотемæй дæр æхе хуарз  фæллæдæруй. Ка ин бæззуй, еци бæрæггæнæн адæймаг цæмæй зона, уой туххæй тоги æлхъивдадæ гъæуй барун еудадзугдæр. Абони е зин гъуддаг нæбал æй.

Зæрдæ æма тогдадзинтти уагæвæрди бæрæггæнæнтæ æгæр ку исбæрзонд уонцæ, уæд фæстæмæ кæсун нæбал гъæуй, бацæун гъæуй дохтирмæ, райдайун фулдæр æзмæлун, спортæй архайун. Е алке бон дæр æй. Æма уæ зæрдæбæл бадаретæ – незæй дзæбæх кæнуни бæсти си хе багъæуай кæнун æй хуæздæр.

Медицинон профилактики республикон центр