30 декабря 2024

ТУГЪДОН ЛÆГ БÆГЪАТÆРДЗИЙНАДÆЙ УÆЛДАЙ МА ДЗУРДАРÆХСТ ДÆР КУ УА…

28.09.2024 | 20:16

Петр I хъæбæр лæмбунæг æ цæстæ дардта, æфсадæн дарæс ци хъумацæй худтонцæ, уой хуæрзгъæдæдзийнадæмæ. Мæскуй фиццаг æсгæлладон кустуæттæй еу адтæй Серикови фабрикæ, кæцимæн паддзах балхæдта еугур гъæугæ машинттæ дæр æма ин бардзурд равардта, цæмæй нисангонд рæстæгмæ бавдеса æ исконд хъумац.

Еци-еу рæстæг паддзахи уосæ, æ лæги зæрдæ балхæнуни фæндæй, ауодудта хъæбæр æндæр фабрикантбæл – Дубровскийбæл. Æма ин бардзурд равардта, цæмæй е дæр бавдеса æ исконд дзаумауи нæуæг хузæгтæ.

Уотæ рауадæй, æма дууæ фабрикантти дæр галауанмæ еци-еу рæстæг еумæ æрбацудæнцæ сæ хузæгти хæццæ. Сериков, Дубровскийи фæлварæнтæмæ ку æркастæй, уæд æй балæдæрдтæй, етæ уой уæнттæй зингæ-зингæ хуæздæр ке ’нцæ, æма хуарзау нæбал  фæцæй. Паддзах æ уоси хæццæ рацудæнцæ, фабриканттæ сæмæ ци зали æнгъæлмæ кастæнцæ, уордæмæ. Петр бацудæй Серикови хузæгтæмæ æма сæ æ къохæй расгарæ-басгарæ кæнун байдæдта. Уæд имæ императрицæ дзоруй:

– Фæууинай, мæнæ мæн фабриканти хъумац ба дæмæ куд фæккæсдзæнæй?

Петр бацудæй æма гъе уотæ лæмбунæгæй кæсун байдæдта Дубровскийи хузæгтæмæ дæр.

– Дубровский, циуавæр цъоппæй кодтай дæ фесбун?

– Барæуадзæ цъоппæй, уæ бæрзонддзийнадæ, – растудта æхе Дубровский.

– Кæд барæуадзæ ’й, уæд фæстеуæг ба лæгъуз рауадæй. Ду ба Сериков, циуавæр цъоппæй?

– Хумæтæги æлвист цъоппæй, – резгæ гъæлæсæй ин е дзуапп равардта.

– Уинис, – загъта Петр, барæуадзæ цъоппæй гъæла дæр дзæбæхгомау хъумац искæндзæнæй, ду ба, Сериков, сæрæн дæ, хумæтæги æлвистæй хуæрзгъæдæ уæфтаг искæнунмæ ке исарæхстæ, уомæй. Амæй фæстæмæ мин дæтдзæнæ фесбун æфсадæн.

*  *  *

Кавказаг зуст бæгъатæр А.П. Ермоловæй еуæй-еухатт исхауидæ хъæбæр циргъ зæгъдтитæ. Зæгъæн, циуавæрдæр артиллерион хаййи командир ма ку адтæй, уæд уотæ рауадæй, æма æркасти бахаудтæй игъустгонд А.А. Аракчеевмæ. Е, бæхтæ бустæги лæгъуз уавæри ке ’нцæ, уой фæууингæй гурумухъ хузи бауайдзæф кодта Ермоловæн, гъома, дæ бæрни ци бæхтæ ’нцæ, уони уавæрæй аразгæ ’й дæ репутаци æнæгъæнæй дæр.

– Зонун æй, еци тарæрфугæй дзуапп равардта Ермолов, – адæймаги репутаци ахид фонсæй аразгæ ке æй, уой.

*  *  *

Инæлар Сидоренко райста Уорс цæргæси орден. Уой фæсте æй паддзах æ галауани фæууингæй, ниттергади кодта, еци хуæрзеуæг ибæл ке нæ адтæй, уой. Æма еци хуæрзеуæг ин уой хуæдразмæ ке исаккаг кодта, уомæ гæсгæ ибæл хуæрзауодæни хабар нæма исæмбалдæй, зæгъгæ, уотæ бангъæлгæй æй рафарста:

– Ке дин равардтон, еци Уорс цæргæс райстай?

– Райстон æй,  дæ бæрзонддзийнадæ, – дзуапп равардта Сидоренко е ’нæскунæггæнгæ украинаг æвзагихатти хæццæ. – Фал еци цæргæсæн хуæрун ба ци кæнун кæндзæнæн?

Паддзах ниххудтæй æма ин иснисан кодта арендæ, гъома, феддуйнаг.

*  *  *

Номдзуд япойнаг тугъдон раздзæуæг Нобунанга еууæхæни исфæндæ кодта знæгти басæттун. Уонæн ба сæ нимæдзæ адтæй дæс хатти фулдæр. Е ’фсæддонтæ уæлахезбæл сæ зæрдæ уоййасæбæл хъæбæр нæ дардтонцæ, гурусхитæ кодтонцæ. Уæд сæ сæ раздзæуæг надбæл æруорæдта æма сæмæ дзоруй:

– Æхца исгæлдздзæнæн æма кæд герб рабада, уæд мах фæууæлахез уодзинан!..

Исгæлста æхца æма… герб разиндтæй. Æфсæдтæй баруагæс æй, ке фæууæлахез уодзæнæнцæ е, размæ еци нифсгунæй рампурстонцæ æма знæгти æнцонæй басастонцæ.

Тугъди фæсте Нобунангайæн æ адъютант ку зæгъидæ:

– Уогæ ба, карни къох ци амона, уомæн æййевæн нæййес…

– Раст зæгъис, – дзуапп равардта раздзæуæг.

Æма имæ равдиста, ке исгæлста, еци æхца – дууердигæй дæр ибæл адтæй герби хузæ.


РАСТ ЗАГЪДМÆ МА ИГЪОСÆГ ДÆР КУ УИДÆ…

Уинстон ЧЕРЧИЛЛЬ, англисаг паддзахадон архайæг, 1940-1945 æнзти адтæй Устурбританий премьер-министр. Æма 1941 анзи 22 июни æ радзубандий уотæ загъта: «Цæветтонгæ, Уæрæсейæн тæссаг ци æй, е махæн дæр тæссаг æй, никки тæссагдæр æй Еугонд Штаттæн дæр. Уæдта нуртæккæ æ зæнхæ æма хæдзари сæрбæлтау ци уæрæсейæгтæ тох кæнунцæ, уони гъуддаг хауй Зæнхи тумбулæги алли къумти сæребарæй цæрæг адæймæгутæ æма адæмтæмæ дæр. Мадта нæ тухтæ фæддувæр кæнæн, æма, цалинмæ цæрдуод ан, цалинмæ нæмæ хъаурæ ес, уæдмæ знаги ниццæвæн нæ еумæйаг гъомусæй…» Цума аци номдзуд лæги аци загъд нæ зонунцæ Нигулæни нури раздзæугутæ? Кæд æй зонунцæ, уæдта уой нæ лæдæрунцæ, æма Украини нацизм рæвдаугæй, сæхе буни арт ке ’ндзарунцæ, уой?


*  *  *

Цæй, арази дæ Аннæй? – бафарста император Николай I, уой размæ уæхæн орден кæмæн равардта, еци афицери.

– Æз си бæргæ арази дæн, дæ бæрзонддзийнадæ, – дзуапп равардта афицер, – фал Аннæ æхуæдæг ба хъæбæр æнкъард кæнуй Владимирбæл.

– Неци кæнуй, – загъта император, – уадзæ æма куд фулдæр рæстæг æнкъард кæна, уотæ фулдæр уодзæнæй æ цийнæ ку фембæлонцæ, уæд.

*  *  *

Еухатт маневрти рæстæг император Николай I циуавæрдæр бардзурд равардта, фал ин æй, куд гъудæй, уотæ нæ исæнхæст кодтонцæ, æма рæнгъистади цæстæйуингæ æмæнтъери рауадæй. Паддзах уайтæккæ дæр фæдздзурдта, хæлхъой ци æфсæддон хаййи æрцудæй, уой командирмæ æма си байагурдта дзуапп. Куд рабæрæг æй, уотемæй инæлар ин нæ фегъуста æ бардзурди дзурдтæ бæлвурдæй.

– Мæ гъæлæс мин æнæгъæнæ Европæ игъосуй, мæхе инæлартæ ба ’й нæ игъосунцæ!.. Ходуйнаг æма аллайаг, инæлар! – загъта император.

*  *  *

Фидибæстон тугъди рæстæг къниаз Багратионмæ æрбахъæрттæй сæйрагкомандæгæнæги адъютант æвæстеуатæй фæстæмæцуди бардзурди хæццæ, уомæн æма «знаг нæ тæккæ фийбæл æй», зæгъгæ. Багратионбæл ба хъæбæр даргъ фий адтæй.

– Ке фийбæл? – гъазгæй рафарста Багратион. – Кæд дæу, уæд хæстæг æй, кæд мæн, уæдта рæфтад искæнун дæр ма нин бантæсдзæнæй.

*  *  *

Еухатт сæ балций рæстæг æфсæддонтæ æгти рази хуардтонцæ касæ. Еу си еци зæрдихудтæй хъур-хъур кодта хуæруйнаг син æрдæгæмбуд лæхурдæй ке искодтонцæ, уой фæдбæл.

– Кæсайтæ, цæхуæн касæ нин дæттунцæ нæ хъиамæтти туххæй! – дзурдта гъæрæй.

Петр еци рæстæг сæ рæзти цудæй æма, æфсæддони гъæститæ фегъосгæй сæ размæ бацудæй.

– Уæ къæбæр æма цæнхæ уин хæлар уæнтæ, æмбæлттæ!

– Исаккаг кæнæ æма нæ къæбæрæй исахуадæ!..

Паддзах, хæстæгдæр имæ ка адтæй, еци æфсæддонæй едуг райста æма, касæй ку искомидзаг кодта, уæд æхе неци лæдæрæг искæнгæй, загъта:

– Касæ ба, лæхъуæнтæ, ци хуарз æй, æнæнезæй æй хуæретæ!..

Паддзах ку райевгъудæй, уæд æфсæддонтæй еу еци дугъ-дугъгæнæгæн загъта:

– Фегъустай, паддзах ци загъта, уой? Уомæ касæ илгъаг нæ фæккастæй, ду ба боститæ кæнис. Ке зæгъун æй гъæуй,  минкъий тауæггомау æй, фал ци гæнæн ес, балций уомæн уæн нæййес, æма алци дæр нæуæг уа.

– Æцæгæйдæр, æнсувæр, мæхуæдæг дæр фефсæрми дæн, паддзах касæ ку растудта, уæд, – исарази æй  æфсæддон.

Петр ба еци рæстæг рандæй, хуæлци нæуæгдзийнадæмæ æ цæстæ, куд æнгъизтæй, уотæ ка нæ бадардта, еци комиссари агорунмæ æма ин æ рæдуд балæдæрун кодта, уой дæр къоболайæй æрцæфти фæрци.

*  *  *

Уруси паддзах Павел I австриаг æфсадæн разамунд дæттунмæ Александр Суворови ку ’рвиста, уæд ин æ реубæл мальтийаг дзиуарæ бакодта. Разагъди балхон загъта:

– Хуцау, паддзахи фæййервæзун кæнæ!..

Уæд ин Павел ба уотæ:

– Цæугæ, æма дæхуæдæг ервæзун кæнæ паддзæхти!..