ТУХСТ АДӔЙМАГМӔ ФӔККӔСУН – УОДИБӔСТӔ
«Рацӕут нӕм, рацӕут, Ирмӕ уӕ хонӕм мах!..»
Хестӕр фӕлтӕртӕй ма беретӕ гъуди кӕндзӕнӕнцӕ, аци дзурдтӕ советон доги ахид райгъусиуонцӕ нӕ дзиллӕн зӕрдтагон зартӕй еуеми. Ӕма се ‘цӕгдзийнадӕбӕл секк неке кодта – Иристони цитгиндӕр ӕгъдӕуттӕй еу адтӕй иуазӕгуарзондзийнадӕ. Ӕности дӕргъи дӕр уотӕ адтӕй. Уӕлдай рӕвдудӕй ба нӕмӕ исбоц кӕниуонцӕ, тухст уавӕрти ка бахауидӕ, уони.
Абони дӕр бабӕй нӕ Иристони дзиллӕ ӕвдесунцӕ сӕ еци уодибӕстон ӕгъдау – зӕрдиагӕй исиуазӕг кодтонцӕ, Украини нури разамунд Донецк ӕма Лугански республикити ци ӕверхъаудзийнӕдтӕ аразунцӕ ӕма си фӕййервӕзуни зӕрдтӕй, уордигӕй ка фӕлледзӕги ӕй, еци сабур цардӕй цӕрӕг адӕми.
Сӕ фулдӕр – сабийтӕ. Ӕма сӕ барӕвдаунӕн арӕзт цӕуй берӕ аллихузон мадзӕлттӕ. Уонӕн сӕ ахсгиагдӕр ӕй, цӕмӕй еци кӕстӕртӕ сӕ ахури гъуддаги къулумпи ма баййафонцӕ. Ӕма сӕ бакодтонцӕ Дзӕуӕгигъӕуи астӕуккаг скъолатӕмӕ.
Сабийтӕ хъӕбӕр бацийнӕ кодтонцӕ, уӕхӕн равгӕ син ке фӕззиндтӕй, уобӕл. Ӕма куд нӕ бацийнӕ кодтайуонцӕ! Донбассаг сабийтӕй беретӕн сӕхемӕ цалдӕр мӕйи дӕргъи ахурмӕ цӕуни фадуат нӕ адтӕй.
Республики сӕйраг сахари 43-аг ӕма 44-аг скъолати ахургӕнгутӕ ӕма ахурдзаутӕ иуазгути ӕрбацудбӕл бацийнӕ кодтонцӕ. Еуӕй-еу донбассаг сувӕллӕнттӕ уӕхӕн кадгин фембӕлдӕн ӕнгъӕл нӕ адтӕнцӕ.
Дзӕуӕгигъӕуи администраций ахуради управлений разамонӕг Батӕрти Аслан уотӕ загъта:
– Сувӕллӕнтти ахурадӕн еугур гъӕугӕ уавӕртӕ исаразтан. Ахурдзаутӕн канцелярон товартӕ ӕма пъартфелтӕ балхӕнӕг ниййергути ӕхсӕнадӕн арфӕ кӕнӕн. Ӕнӕнхӕст бӕрнондзийнади ӕхсӕнадӕ «Одежда»-йи разамонӕг Берӕгъти Юрий ӕма Цӕгат Иристони Парламенти Сӕрдари хуӕдӕййевӕг Билаонти Батраз сӕхе харзӕй ахурдзаутӕн скъоладзауи фӕлуст равардтонцӕ. Нӕ иуазгутӕ бунӕттон ахурдзаути хӕццӕ ке бахӕлар уодзӕнӕнцӕ, е ми федарӕй ӕруагӕс кӕнуй, уомӕн ӕма уинӕн, кӕрӕдзебӕл нур дӕр куд ӕхцул ‘ӕнцӕ, уой.
Донбассӕй ӕрбацӕуӕг сувӕллӕнттӕ цохгонд кӕмӕй адтӕнцӕ, скъолай еци программӕ син банхӕст кӕнуни фадуат цӕмӕй уа, уой туххӕй син сӕйраг урокти фӕсте уӕлӕнхасӕн ахуртӕ дӕр аразунцӕ.
***
Цӕгат Иристони гъуддаги балций уогӕй, Паддзахадон Думи депутат, политикон парти «Еугонд Уӕрӕсе»-й регионалон хайади разамонӕг Таймазти Артур бабӕрӕг кодта штаб.
– Мах еумӕйаг кусти фӕткӕмӕ гӕсгӕ архайӕг гуманитарон агъази ӕмбурдгӕнӕн бунат, уӕдта, Донецк ӕма Лугански адӕмон республикитӕй ӕнӕбари раййевӕг адӕм кӕми ӕрбунӕттон ӕнцӕ, сувӕллӕнтти еци санатори «Ӕвзонгадӕ». Ци фӕууидта ӕма ци базудта, уой фӕдбӕл Таймази-фурт уотӕ загъта:
– Цӕгатиристойнӕгтӕ, штабмӕ ӕрбаласунцӕ гъӕугӕдӕр дзаумӕуттӕ – кӕдзосгӕнӕн фӕрӕзнитӕ, гъазӕнтӕ, канцелярон дзаумӕуттӕ, уӕледарӕс, къахидарӕс. Лигъд адӕми фулдӕр хай сувӕллӕнттӕ ке ‘нцӕ, уой базонгӕй, исфӕндӕ кодтон комкоммӕ уагӕй сӕ фӕууинун ӕма син сӕ домӕнти туххӕй хабӕрттӕ базонун. Аст анзей дӕргъи аци адӕм ке бавзурстонцӕ, еци зиндзийнӕдтӕ нӕ нимайгӕй, сӕ равгӕ хузӕнон ке ‘й ӕма сӕхе цардбӕллонӕй ке ‘вдесунцӕ, уомӕй арази дӕн. Сувӕллӕнттӕ мин бафӕдзахстонцӕ хонхмӕ сӕ экскурсий фӕлласун. Бонигъӕдӕ куддӕр фӕххуӕздӕр уа, уотӕ син сӕ курдиадӕ банхӕст кӕндзинан, – загъта Таймази-фурт.
Гуманитарон агъаз парахаттӕй ка ӕмбурд кӕнуй, уӕдта Донецк ӕма Луганскӕй ӕнӕбари раййевӕг адӕмӕн рӕстӕгмӕ цӕрунӕн бунӕттӕ ка бацӕттӕ кодта, парламентари нӕ республики еци бархеуонтӕн арфӕ ракодта.
***
Нӕ республики дзиллӕ агъаз кӕнуй, аци бӕнтти ке исиуазӕг кодтан, уонӕн дӕр, уӕдта ма Донбасси ка байзадӕй, уонӕн дӕр. Ӕрӕги бабӕй гуманитарон агъаз рарвистонцӕ Донецки Адӕмон Республики сахар Мариупольмӕ.
Цалдӕр уӕзласӕн машини байдзаг кодтонцӕ, берӕ гъезӕмӕрттӕ ка баййафта, еци цӕргути ӕнӕмӕнгӕ ци ахсгиаг продукттӕ гъӕуй – инсад, картоф, сауфагӕ, сӕкӕр, зети, пириндз, минералон дӕнттӕ ӕма уотӕ идарддӕр.
Уӕзласӕн машинттӕй еуей шофер Танделати Валоди куд зӕгъуй, уотемӕй гуманитарон агъаз ӕртинсӕй тонни фӕлласун адтӕй сӕхе фӕндӕ. Нади хӕрзтӕ дӕр ӕнӕгъӕнӕйдӕр сӕхемӕ райстонцӕ.
– Нӕ хуӕртӕ ӕма не ‘нсувӕртӕ бахаудтӕнцӕ уӕззау уавӕри ӕма нӕхецӕн ихӕсбӕл банимадтан уонӕн фӕййагъаз кӕнун.
Нӕ республики Сӕргълӕууӕг ӕма Хецауади пресс-служби разамонӕг Дзгойти Ольгӕ куд загъта, уотемӕй Цӕгат Иристон фиццаг хатт не ‘рветуй гуманитарон агъаз Донбассмӕ:
– Айразмӕ дӕр рарвистан арӕзтадон ӕрмӕгутӕ, хуастӕ ӕма хуаллӕгтӕ. Аци гъуддаги нин алкӕддӕр зӕрдиагӕй фӕййагъаз кӕнунцӕ нӕ республики амалгъон адӕм. Зӕгъӕн, абони ци гуманитарон агъаз ӕрветӕн, уой бацӕттӕ кодта Бердити Вадим.