«УÆДТА РАЙДÆДТА ТУГЪД…»
Нæ зундгонд финсæг, публицист, аййевадон архайæг ТОКАТИ Инуси фурт Асæхи тугъдон имисуйнæгтæ ке мухур кæнæн, уомæн ес цалдæр ахсгиаг рæуаги. Нæ Цитгин Уæлахезбæл исæнхæст æй цуппаринсæй анзи; аци анз Уæрæсей нимад цæуй Фидибæстæ гъæуайгæнæги Анзбæл. Аци нисанеуæггин гъуддæгутæмæ комкоммæ барæ даруй Токай-фурт дæр – Устур Фидибæстон тугъди архайæг, е уодуæлдайæй фæттох кодта немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ, хуарзæнхæгонд æрцудæй цалдæр тугъдон хуæрзеуæгемæй. Уæдта аци анз Токай-фуртæн æй юбилейон – æ райгурдбæл 10 майи исæнхæст æй финддæс æма фондзинсæй анзи (1910-1994). Уой фæдбæл мухургонд æрцудæнцæ хецæн æрмæгутæ на газети 18-аг номери. Абони ин ци имисуйнæгтæ мухур кæнæн, етæ ба, махмæ гæсгæ, зæрдагайгæ ’нцæ, куд тугъдон хабæрттæ æхе цæститæй фæууинæг адæймаги æвдесæйнæгтæ.
Хестæр фæлтæри адæм сæ царди хабæрттæ ку фæккæнунцæ, уæд сæ радзубандити еу афони ба æнæ зæгъгæ нæ фæуунцæ, уæдта, дан, тугъд райдæдта, зæгъгæ. Уотæ радех кæнунцæ сæ ирисхъæ: раздæр – амондгун бæнттæ, сабур фæллойнæ, уалдзæг, деденгутæ, зæрдæмæдзæугæ хабæрттæ æма цаутæ, фиццаг уарзт, бийнонти амонд… Уой фæсте ба – тугъди фудæвзарæнтæ, æгæрон гъезæмæрттæ…
Æз уин идæрдтæбæл нæ фæдздзордзæнæн мæ раздæри царди туххæй. Адтæн архайæг тæккæ сабурдæр дæснийади – Цæгат Иристони драмон театри артист. Некæд службæ кодтон æфсади. Еунæг хатт мæмæ æфсæддон комиссарадæмæ фæдздзурдтонцæ циуавæрдæр къамисмæ, цæмæйдæрти мæ рафæрститæ кодтонцæ æма рацудтæн. Уой фæсте куд балæдæрдтæн, уотемæй мин уæд равардтонцæ астæуккаг афицери цин.
Уæдта райдæдта тугъд…
Уæд гастролти адтан Хумæллæги. Фæстæмæ нин здæхгæ рауадæй Дзæуæгигъæумæ.
Мæ фæдздзурди гæгъæди ма нур дæр махемæ ’й. 1941 анзи 9 августи цæттæй адтæн æфсæддон комиссаради; мæ хæццæ – аййевади косæндæнтти фæсевæдæй цалдæр. Рарвистонцæ нæ Дзæуæгигъæуи бастдзийнади училищемæ. ОВУС – уотæ ’й худтонцæ. Нуртæккæ Хуæнхон гъæууонхæдзарадон институти бæстихæйттæ кæми ’нцæ, еци рауæн адтæй æ бунат. Гъæуама цубур рæстæгмæ исахур кодтайанæ æфсæддон бастдзийнади дæснийадæ.
Училищей, сахари гарнизони æма нæ къурсити хецау адтæй бастдзийнади æфсæдти инæлар-майор Аркадий Сергейи фурт Яковлев, æ хуæдæййевгутæ – дæлболкъон Соломахин æма Церин. Уогæ инæлармæ рæхги фæдздзурдтонцæ æ уæлдæр разамонгутæ æма ’й иснисан кодтонцæ 56-аг æфсади бастдзийнади хецауæй.
Дууæ мæйемæй минкъий фулдæр рахаста нæ ахур. Тугъди уавæрти бастдзийнадæ аразуни гъуддæгутæ цубур рæстæгмæ базонæн цæйбæрцæ адтæй, уоййасæ сæ базудтан, бакодтонцæ нæбæл лейтенанти нисантæ, æма – тохæг æфсадмæ.
Уотемæй 20 октябри исмедæг ан сахар Георгиевски. Уоми æмбурд кодтонцæ 56-аг æфсади бастдзийнади полк. Исæвардтонцæ мæ полкки бодистти взводи командирæй. (Адтæй, «Бодо», зæгъгæ, уæхæн телеграфон аппарат: æз æй уæди уæнгæ уингæ дæр некæд фæккодтон). Уæхæн взвод нæ разиндтæй полкки, æма мæ уæд рарвистонцæ 22-аг полкмæ. Исдæн 1002-аг телеграфон-арæзтадон хецæн роти взводтæй еуей командир. Ротæ адтæй бастдзийнади хецауи хуæдæййевæг В.Д. Церини дæлбарæ. Нæ ихæс – цæмæйдæриддæр телеграфон æма телефонæй бастдзийнадæ аразун. Роти командирæй нæмæ ’рбарвистонцæ капитан Варпетяни.
Бæхтæй уæлдай, хуæдтолгитæ нæ адтæй нæ бæрни. Равардтонцæ мин фиццаг ихæс – роти еугур техникæ, транспорт æма адæми вагæнттæмæ бакæнун. Еци гъуддаг рахецæн æй сахатмæ. 20 ноябри æхсæвæ рараст ан фронти ’рдæмæ. Знаг лæудтæй Ростовмæ бацæуæнти.
Дуккаг бон изæрæй – Батайск. Идарддæр цæуæн нæбал ес, зæгъгæ, нæ бауорæдтонцæ. Ци хабар æй? Минкъий фæстæдæр базудтан: знаг байахæста Ростов. Цубур рæстæгмæ бал байзадан сахари. Мæ взвод æрæнцадæй Батайски цæгат-нигулæн хаййи кæройнаг гъæунгтæй еуеми. Е адтæй 1941 анзи 21ноябри. Идардæй нæмæ зиндтæй содзгæ сахар Ростов. Пеллон уагътонцæ скълæдтæ, порти арæзтæдтæ, хæдзæрттæ… Бæрзонд рауæни уæлдай бæрæг дардта иуазæгдонæ «Дон». Хъæбæр идардмæ зиндтæй æ арт. Мæтъæлæй, æнæдзоргæй лæудтæн ме ’фсæддон къуари хæццæ æма зæрдристæй кастан, Цæгат Кавкази раздæри сæйраг сахар рæсугъд Ростови куд сугъдæй, уомæ.
Нæ фæллад нæма иссудæй, уотæ – нæуæг бардзурд: рацотæ станцæ Каялмæ (станицæ Самарская). Фестæгæй. Адтæй хъæбæр уазал, мет, думгæ… Æрхъæрттан. Фондз боней фæсте бабæй нæуæгæй рараст ан Ростови ’рдæмæ. 26 ноябри устур нимпурсти фæсте не ’фсад бацудæй Ростовмæ. 27 ноябри сæумæмæ ма си ефстаг рауæнти райзадæнцæ знæгти хецæн къуæрттæ æма сæ не ’фсæддонтæ кунæг кодтонцæ, цудæй ма си тугъд.
Еци сæумæ æз дæр мæ взводи хæццæ рараст дæн сахари ’рдæмæ. Надбæл нæ ’рбаййафта æхгæд хуæдтолгæ – полуторкæ. Бадтæй си Ростови кинохроники студий кинооператор Хъаирти Аслан. Е дæр нæ размæмпурсæг хæйтти фæсте цудæй Ростовмæ тугъди цаутæ исесунмæ. Нæкæси, Уæлахези фæсте Нюрнберги тæрхони рæстæг, фашистон сæркъуæрти зулунгæнгæй, æвдист цудæнцæ Аслани ист кадртæ дæр. (Редакцийæй. Хъаирти Аслан ка адтæй æма куд рауадæй æ ирисхъæ, уой исбæлвурд кæнунбæл байархайдзинан, æма нин ести базонун ку бантæса, уæд уой туххæй бацæттæ кæндзинан хецæн æрмæг).
Цæугæдон Дони галеу билгæронмæ бахъæрттан дæс сахаттебæл. Ирд бон. Цæстæ хуарз уидта, Дони уæлцъарæ куд ниййех æй æма куд æрттивта айдæни хузæн. Знаги идардмæхсæг дзармадзанти нæмгутæ ма хаудтæнцæ ардæмæ. Хуæдтæхгутæ ба уæларвæй ехуарæгау калдтонцæ сæ бомбитæ. Бомбæ ехи ранихъулидæ, фехæлидæ дони буни æма арвмæ ех æма дони пурхæнтæ истæхиуонцæ. Мах нæхе размæ гæлстан æма æнæзианæй байервазтан рахес билгæронмæ. Нæ тæккæ размæ фæцæй зæрдæунгæгкæнæн нивæ. Сугъд скълади даргъ горени рæбун лæудтæнцæ финддæс лæхъуæни мардæй. Уацайраг сурхæфсæддонти немуц уордæмæ ракодтонцæ æма сæ фехстонцæ. Адæймаги уаги дæр æма тугъди цийфæнди æгъатир æгъдауи дæр некæддæр адтæй е, æма æнæгæрзефтонг уацайрæгти фехсонцæ. Махæй никкидæр баруагæс æй, цæйбæрцæбæл æверхъау æй знаг. Нæ маст никки хъæбæрдæр исирадæй.
Билгæронæй хæрдмæ иссудан æдзард гъæунгти. Идардæй нæмæ игъустæнцæ топпити æма хуæдæхсгити къæр-къæр, гранатти исрæмугъд æма дзармадзанти нæрун. Берæ хæдзæрттæ ниффунук æнцæ, беретæ ма си сугъдæнцæ нерæнгæ дæр ма. Пурхæ техникæ. Мæрдтæ… Алли рауæн дæр мæрдтæ – немуц, махонтæ, Ростови цæргутæ. Фашисттæ æдеугурæй фондз бонемæй уæлдай нæ фæцæнцæ ами, фал син хъæбæр берæ фудмиутæ бантæстæй исаразун. Цауæн кодтонцæ коммунисттæбæл, фæскомцæдесонтæбæл, советон активисттæбæл. Ке æрахæссиуонцæ, уони еци фæдбæл æхстонцæ хæдзæрттæмæ бацæуæнти, гъæунгти. Ниццагътонцæ сæдæгæйтти.
Фæтæн гъæунги хæрдмæ ку иссудан, уæд æзмæлæг некæцæй зиндтæй. Взвод æрлæуун кодтон рæнгъæй, фæдздзурдтон нæ зарæг лæхъуæн Горячевмæ:
– Цæй, исесæ ’й!..
Е низзардта, уæдта – æфсæддонтæ æнæгъæнæ взводæй. Цалдæр къахдзæфемæй уæлдай нæ ракодтан, уотæ къæрæзгитæ æма дуæрттæ фегон æнцæ, фæззиндтæнцæ уоститæ, зæронд лæгти цæсгæнттæ, кæцæйдæр дуæртти бунтæй рауадæнцæ сувæллæнттæ. Ка нин тамакути пачкæ лæвардта, ка ци.
– Нæхеуæнттæ!..
– Нæхеуæнттæ фæззиндтæнцæ!..
– Уæ нæ ервæзунгæнгутæ!.. Уæ рунтæ уин рахуæрæн!..
Взводæн размæ цæуæн нæбал адтæй, æрлæудтан. Æфсæддонтæн равардтон, адæм син ци сали кæрститæ æма æндæр цидæртæ лæвардтонцæ, уони райсуни барæ дæр. Кенæдта цийнæгæнæг ростовæгтæн зин адтайдæ æма уони зæрдихудти бацæун нæ нæ фæндадтæй…
Нуртæккæ, уал æма уал анзей фæсте, зин æй, еугур еци хабæрттæ бæлвурдæй зæрдæбæл æрлæуун кæнун. Еци уорæд бæнтти, тугъди райдайæни бонуги нæ финстон: уобæл нæ адтæн, уæдта мин уомæн амал дæр нæ адтæй. Финсун æй райдæдтон фæстæдæр, Ростов райсгæй, анзи ’рдæгæй фулдæр махæн Ростовæй Таганроги астæу гъæуайгæнæн федæртти бадгæ ку рауадæй, уæд. Фæббæрæг кодтон уац, æ рауæн æма кæци бон адтæй, уой. Уæдæй фæстæмæ некæдбал ниууагътон еци æгъдау, финстон блиндажти, нæмгутæ æма бомбити скъотмæ, надбæл мæ фæллад уадзгæй, æдæхсæвæ-æдæбон. Берæ, хъæбæр берæ кърандасæй финст тетрæдтæ мæмæ æрæмбурд æй, æнæгъæнæй мин райервазтæнцæ тугъди будурæй. Ахид сæ райсун, æма уæд евгъуд бæнттæ цардæгасæй исистунцæ мæ рази. Аци цубур имисуйнæгтæ финсгæй дæр зæронд тетрæдтæ ’нцæ мæ рази…
Уодзæнæй ма.