УОДИКОНДÆЙ – ЛÆГИГЪÆДГУН, ЗÆРДИХАТТÆЙ – РÆДАУ…
ГУРДЗИБЕТИ ЛАЛО – ЗИНГЗÆРДÆ РЕВОЛЮЦИОНЕР ÆМА ДИГОРИ РАЙОНИ ФИЦЦАГ СОВЕТОН МИЛИЦИ ФИЦЦАГ ХЕЦАУ
Гурдзибети Хацамай фурт Лало райгурдæй 1884 анзи Дигоргоми Хæнæзи гъæуи. Æ ниййергути бон хъæбæр зинтæй бацæй сæ биццеуæн райдайæн ахурадæ раттун. Уæдмæ, 1905 анзи тогниккалди цаутæ Петербургæй исигъустæнцæ Цæгат Иристонмæ дæр, уой хæццæ ба Лало ци изол хуæнхаг гъæуи цардæй, уордæмæ дæр. Куд Иристони еугур гъæути, уотæ уоми дæр æрлæдæрдтæнцæ революци сæ ке исуæгъдæ кæндзæнæй хуæдбарæ паддзахеуæгадæй, сæ царди уавæртæ ке фенцондæр æма фæххуæздæр уодзæнæнцæ, æма уавæр фæккарздæр æй.
Еци æнзти Гурдзибей – фурт активонæй архайдта адæмон змæлди, æдтохæнгарз исистади хуæдбарæ паддзахи минæвæртти нихмæ. Куд революцион цаути активон архайæг æма пропагандист дзиллити ’хсæн революцион идейитæ итауæг, уотæ, æ фиди хæццæ хъадамати æрвист æрцудæнцæ уазал Сибирмæ. Уоми фæцæй æнæгъæнæ фараст анзи. Æ фидæ нæ бафæразта зин уавæртæн æма æ цардæй рахецæн æй. Еци æрвисти рæстæг Лало иссæй æцæг профессионалон революционер – сосæг архайæг. Æ уодигъæдæ æма нифс фæффедардæр æнцæ. 1916 анзи Гурдзибети Лало исæздахтæй Сибирæй. Еци рæстæг карз ке адтæй, революцион змæлд æ тæмæни ке бацудæй, уой лæдæргæй, æ хæццæ исласта тохæнгæрзтæ æма сæ байурста революцион тæвагæй ка фегъæстæ ’й, еци Уорсдони цæргути ’хсæн.
1917 анзи Гурдзибети Лало бацудæй революцион-демократон парти «Кермен»-и рæнгъитæмæ. Еци парти активонæй архайдта алли революцион змæлди гъуддæгути. Гурдзибей-фурт фиццæгти хæццæ исаразта партион киртæ Дигори райони гъæутæ Хъарман-Синдзигъæу æма Къора-Уорсдони. Хъарман – Синдзигъæуи ба ма арæзт æрцудæй революций идейитæ æхемæ хæстæг ка райста, еци лæгтæй сæрмагонд къуар, разамунд ин лæвардта Гурдзибети Лало æхуæдæг.
1917 анзи Терки революцион змæлд æ тæмæни уотæ карзæй бацудæй, зæгъæн ес, æма дзиллитæн сæ фулдæр хай æ фарс рахуæстæй, æма еци фæззиндтæй фæттæрсгæй, Уæрæсей Рæстæгмæ хецауадæ уордæмæ рарвиста дæрæнгæнæг къуæрттæ, уони рæнгъити адтæнцæ æдтохæнгарз салдæттæ æма хъазахъæгтæ. Еци знаггадæхæссæг къуæрттæ сæ над исаразтонцæ Цæгат Иристони гъæутæмæ, цæмæй син «федар æгъдау» исæвæронцæ, еци нисани хæццæ. Дæлболкъон Ляхови лæгмартæ бацудæнцæ Киристонгъæумæ æма Хъарман-Синдзигъæумæ. Уоми райдæдтонцæ цæгъдун Цæгат Иристони революцион змæлди архайгути. Гъай-гъай, Гурдзибети хæдзарæбæл нæ райевгъудæнцæ. Нимад æрцудæнцæ зæнхкосгути змæлди фарсхуæцгутæбæл. Сæ хæдзарæ бунихæлд æрцудæй.
Большевиктæ-революционерти ’хсæнæй райгурдæнцæ искурдиадæгин агитатортæ, пропагандисттæ, бæгъатæр командиртæ æма комиссартæ, знаги нихмæ тохунмæ цæттæ кодтонцæ сæрмагонд тугъдон къуæрттæ. Уони нимæдзæмæ хаст æрцудæнцæ: Тогойти Данел, Рæмонти Хадзисмел, Къесати Кирилл, Зембатти Геуæрги, Беккузарти Солтан, Гурдзибети Лало, Абити Сандир, Бототи Гæмæт æма ма берæ æндæртæ. Тугъдон къуæртти командиртæ си иссæнцæ Гурдзибети Лало, Абити Сандир æма Бототи Гæмæт. 1918 анзи Цæгат Иристони сосæг куст кодтонцæ большевикон киртæ. Етæ рæвдзæ адтæнцæ, партий фæдздзурдмæ гæсгæ исистунмæ, куд тугъдон партизанти къуæрттæ.
Дигоргоми партизанти еугæндтæ цудæнцæ Деникини æфсæдтæ кæми æрбунат кодтонцæ, уордæмæ. Партизанти змæлдæн разамунд лæвардта Революцион тугъдон совет. Æ рæнгъити адтæнцæ уæди рæстæги зундгонд, æдæрсгæ, легендарон революционертæ – керменисттæ Гурдзибети Лало, Арсæгти Горга, Бетъоти Дигиса, кæцитæ уой фæсте разамунд лæвардтонцæ Дигори райони милицæн. Аци легендарон революционерти кадæ бунæттон цæргути ’хсæн адтæй бæрзонд.
Бунæттон æма æндагон контрреволюционерти нихмæ карз, лæгæвзарæн тохи рæстæг Гурдзибети Лало æхе бавдиста æцæг хъайтарæй. Уæхæн тугъдон операци нæ уидæ, кæцими ин архайгæ не ’рцæуидæ. Æдæрсгæй æхе гæлста размæ.
Гурдзибей-фурт æнхæст кодта большевикон партий тæккæ зиндæр æма ахсгиагдæр ихæслæвæрдтæ, уомæн ибæл æууæнкæ адтæй. 1924 анзи ба, кадгин уавæри ардбахуæрди фæсте, нисангонд æрцудæй Дигори райони косгутæ æма зæнхкосгути милици сæргълæууæгæй. Милици сæргълæууæг уогæй, æхуæдæг цудæй тæккæ тæссагдæр рауæнтæмæ. Еу æма дууæ хатти нæ фæййервазтæй мæлæтæй, фал уæддæр нæ фæттарстæй. Знаги нихмæ никки хъазауатондæрæй тох кодта.
Лалой уарзтонцæ хумæтæг адæм æ дессаги уодигъæди фæрци, знаг ба си æ уод иста, уомæн æма æгъатирæй тох кодта сæ нихмæ. Еци хъазауатон æнзти уагæвæрд ихалгутæ аллихузи знаггадæ миутæ аразтонцæ бунæттон паддзахеуæггади кусти, цæмæй фехæла советон цардиуагæ, мардтонцæ партион косгути, къуæрттæ-къуæрттæй давтонцæ адæми фонс æма мулк. Æма еци знаггадæхæсгутæн Гурдзибей-фурт лæвардта федар нихкъуæрд е ’мкосгути хæццæ.
Устур лæгдзийнадæ, бæгъатæрдзийнадæ ке æвдиста æ хъазауатон кусти, е æнæргъудийæй нæ байзадæй Иристони медгъуддæгути разамунд æма Терки республики адæмон комиссартæй, хуарзæнхæгонд цудæй цитгин хуæрзеугутæй.
Гурдзибети Лало, гъулæггагæн, æ цардæй рахецæн æй цардгъæуагæй – дууинсæй анзи дæр ибæл нæма цудæй, уотемæй, фал æ фæсте ба ниууагъта æцæг намус æма бæгъатæрдзийнадæ æвдесæн дæнцæнтæ, уонæбæл абони ахур кæнун гъæуй ирæзгæ фæлтæри.
КЪОРНАТИ Кристинæ