27 декабря 2024

УРУЙМÆГТИ ЕЗЕТХАН… ИСКУРДИАДÆГИН ФИНСÆГ, ÆЦÆГ ЦИТГИН СИЛГОЙМАГ

14.12.2020 | 13:40

Ирон намусгин силгоймаг æма искурдиадæгин финсæг берæ цæмæйдæрти адтæй æнхæст адæймаг. Финсæги сес кæд æрæгиау райста æ къохмæ, уæддæр ин берæ бантæстæй ниффинсун цубур рæстæгмæ. Фал æгæр раги бахустæй е ’стур зæрди зинг. Дæс æма ибæл дууинсæй анзи дæр нæма исæнхæст æй, уотемæй уæззау незæй фæссæйгæ ‘й, æма не ’хсæнæй фæгъгъудæй цардгъæуагæй. Е ’сфæлдистадон кусти имæ ци агъазиау пълæнттæ адтæй, цард ин æ зæрди ци хуарз исфæлдистадон фæндитæ æвзурун кодта, етæ æрдæг надбæл байзадæнцæ.

Уæддæр нæ бон æй федарæй зæ-гъун: Езетхан æ царди фулдæр хай равардта литературæн, æ адæмæн. Ирон советон культурæ æма литератури хæзнадонæмæ ци исфæлдистадон фæллæнттæ бахаста, ци бунтæ си ниууагъта, етæ агъазиау æнцæ, сæ хуарз аййевадон менеугутæн ес æма уодзæнæй устур ахедундзийнадæ.

 

УРУЙМÆГТИ Езетхан

Уруймæгти Езетхан райгурдæй 1905 анзи 12 декабри Киристонгъæуи. Е адтæй мæгур зæнхкосæг Уруймæгти Алимурзайæн е ’вдæймаг кизгæ. Æнæ уæлдай дзубандийæй дæр зундгонд æнцæ, уæди рæстæги мæгур, æнæбарæ æма æнæ зæнхæй, гъезæмарæгæнгæй æ цард ка рарвиста, уони уавæртæ. Зæнхæ æлхæнун гъудæй баделиатæй кенæ еугай кулактæй. Кæми адтæй мæгуртæн косæг фонс, косæндзаумау! Уæлдай зиндæр уавæри адтæнцæ, уойбæрцæ берæ сувæллæнттæ хæссуйнаг кæмæн адтæй, етæ. Хумæтæги нæ адтæнцæ Езетхани гъæуккаг поэт-революционер Багъæрати Созури æфхуæрæн дзубандитæ сæ гъæуи бонгинтæн:

 

Ниммæ уагътæ, уæ кувдмæ дæр нæ цæун,

Уæ мийнаси зæрдигъæлдзæг нæ фæуун.

 

Циргъзунд, адæмуарзон лæг адтæй Алимурза, дæсни адтæй таурæхътæ æма æмбесæндтæмæ, дзоридæ сæ æ сувæллæнттæн, зонгитæн. Æма имæ етæ дæр лæмбунæг игъустонцæ.

Ниййергути хъæбæр фæндадтæй сæ цæуæти исахур кæнун. Фал сæ гæнæнтæ нæ амудтонцæ. Фидæн фенхус кодта æ кæстæр æнсувæр Харитъон. Е адтæй æ рæстæги зундгонд ахургæнæг, прогрессивон зундбæл хуæст адæймаг. Ирон гъæути ахургæнæгæй косгæй, адæми астæу кодта рохсади куст. Харитъон ахид фæххонидæ æхемæ минкъий Езетхани, рæвдудта ’й, гъомбæл æй кодта æхе сувæллони хузæн. Кизгæ фиццаг хатт уомæ фæууидта киунугутæ, уой фæрци фæццалх æй уруссаг æвзаг ахур кæнунбæл, киунугутæ кæсунбæл.

1916 анзи паддзахи фæсдзæуинттæ Уруймæгти Харитъони ниййахæстонцæ æ революцион кусти туххæй. Финддæсанз-дзуд кизгæ зæрдристæй фæстæмæ æ гъæумæ исæздахтæй. Æ фидæ Алимурзай сæ хæдзари нæбал ниййафта – фронтмæ ’й рарвистонцæ. Хестæр хуæртæ банхус кодтонцæ Езетханæн сæ гъæуи дини скъоламæ бацæунмæ. Хъæбæр разæнгардæй цудæй скъоламæ Езетхан кæддæриддæр. Тæккæ зиндæр уавæрти дæр некæд фестурзæрдæ ’й æ ахурбæл. 1919 анзи бацудæй Киристонгъæуи астæуккаг скъоламæ. Уордæмæ уой размæ кизгутти нæ истонцæ. Фал Цитгин Октябри революций фæрци ирон силгоймагæн дæр фадуат фæцæй нæуæг цардмæ æндиуддæрæй ракъах-дзæф кæнунæн, ахури бæрзæндтæмæ урух над ракъæрт кæнунæн, æхсæнадон гъуддæгути нæлгоймæгти æмрæнгъæ æрлæуунæн.

1921 анзи Дигори арæзт æрцудæй фæскомцæдесон организаци. Уордæмæ ист æрцудæнцæ ирон кизгуттæ дæр. Уони хæццæ адтæй Езетхан. Нæуæг доги уолæнти æхсистæй кизги зæрдæ, æновудæй архайдта æхсæнадон кустити, адтæй активон фæскомцæдесон, уæлдай хъæбæрдæр бæлдтæй политикон æма ахурадон зонун-дзийнæдтæ фулдæрæй-фулдæр кæнунмæ.

1922 анзи æвддæс-æстдæсанздзуд кизги е ’ригон зæрдæ фæххудта Дзæуæгигъæуи горæтмæ. Нæуæгæй бабæй ахур кодта облæстон астæуккаг скъолай. Каст æй фæцæй 1925 анзи. Уой фæсте куста афтеки. Игъæлдзæг, сæрæн кизги берæ уарзтонцæ е ’мкосгутæ, аргъ ин кодтонцæ, æма ’й равзурстонцæ профцæдеси кустмæ. Æртæ анзи фæцæй еци кусти Езетхан. Æхе си равдиста хъæппæресгунæй, нифсхаст æма арæхстгинæй.

Уæддæр Езетханæй нæ иронх кодта, идарддæр æй ахур кæнун ке гъæуй, е. Æма 1929 анзи е иссæй Дзæуæгигъæуи горæти Хуæнхон педагогон институти литературон факультети студенткæ. Институти ци æнзти ахур кодта, етæ, æвæдзи, нæ финсæгæн адтæнцæ æ царди рæсугъддæр æма хъазардæр бæнттæ. Æ зæрдæ хъæбæрдæр равардта литературæмæ. Æновудæй кастæй æма ахур кодта Уæрæсей, уæдта дуйней зундгонддæр финсгути хуæздæр уадзимистæ, ахур кодта истори, философи, эстетикæ. Кæд æй гъæр нæма кодта, уæддæр бæрæг адтæй, литературон кустмæ æ зæрдæ ке бæллуй, финсæги пъеромæ бавналуни фæндæ имæ ке ес.

УРУЙМÆГТИ Алимурза – Езетхани фидæ.

1935 анзи Уруймæгти Езетхан æрвист æрцудæй уруссаг æвзаг æма литератури ахургæнæгæй æ райгурæн гъæумæ. Еци рæстæги Езетхани хæццæ ка куста, ка имæ ахур кодта, етæ сæ еугур дæр хуарз зудтонцæ уомæн æ активон æхсæнадон куст. Е исаразта скъолай литературон æма драмон къуæрттæ. Æхуæдæг син разамунд лæвардта, æ куст æнгом баста фæсевæди бæллецтæ æма ахури хæццæ. Ахургæнæг кæддæриддæр æновудæй архайдта, цæмæй е скъоладзаутæ се ’ргом хъæбæрдæр æздахтайуонцæ уруссаг литературæ, уруссаг культурæ ахур кæнунмæ. Уомæ æновудæй бæлдтæй æхуæдæг дæр.

1937 анзи Езетхан, æ бийнонти царди фадуæттæ куд амудтонцæ, уомæ гæсгæ, рандæй Белоруссий сæйраг горæт Минскмæ. Уоми бавналдта исфæлдистадон кустмæ. Æ адæми героикон истори, агъа-зиау национ колорит, Къостай гъæздуг исфæлдистадон бунтæ уой аразтонцæ финсæги надбæл, литературæмæ къах байвæрун, уоми æ фæд ниууадзунмæ.

Езетхани хæццæ, кæд уой размæ фæсаууонмæ кæрæдзей зудтан, уæддæр, фиццаг хатт исæмбалдан 1938 анзи фæззæги. Е æрбахаста финсгути Цæдесмæ консультацимæ агъазиау къохфинст.

– Мæхе дæр гъезæмарæй марун æма гæгъæдитæ дæр исафун. Зонун, берæ аййеппитæ си уодзæнæй. Фал уæддæр финсун. Хъæбæр мæ фæндуй, нуртæккæ нæ, фал дæ ку райевдæла, уæд мин мæ къохфинст ку бакæсисæ, æма мин дæ гъуди æргомæй ку зæгъисæ, е, – загъта мин къæндзæстуг хузæй.

Æз папкæмæ æркастæн.

– Уруссагау? – бадес кодтон æз.

– Гъо. Уотæ  ма бангъæлæ, æма æз иронау кенæ дигоронау финсун нæ зонун. Зонун. Ци нæмæ цæуй мухури, уони æнæ бакæсгæй, æнæ исахур кæнгæй берæ нæ уадзун!.. Æрæги «Мах дуг»-и кастæн Нигери æмдзæвгæ «Æмæ зарыд булæмæргъ нæ донбыл». Уæхæн дзæбæх мæмæ фæккастæй алли æгъдауæй дæр, уæхæн аййев!.. Нæ зонун, куд дин æй зæгъон. Уæдта ма еу радзурд. Е дæр нæ журнали мухургонд адтæй. Мæгур седзæргæси еунæг гъог – æ хæдзардар, æ сувæллæнттæ кæмæ æнгъæлмæ кастæнцæ, уой ин цъолбер дорæй куд рамардта барæй, фудæнæн, мæ игуæрдæни кæрони цæмæ хезуй, зæгъгæ. Нæ ми иронх кæнуй еци уæззау цау… Æхсæвæй-бонмæ ’й фæййагурдта мадæ æ хестæр сувæллон æма æ синхаг уоси хæццæ. Сæ куй дæр сæ хæццæ, уотемæй. Боницъæхти ’й иссирдтонцæ æрдæг мардæй… Е ’стур фæздонæ æ буни нæ цудæй. Æнæдугъдæй байзадæй æзинæ, æма нур бæзгин æхсир фадигъолтæй гъардта… Некæд ми феронх уодзæнæй… Мæнмæ гæсгæ е Мопассани психологон радзурдтæй лæмæгъдæр финст нæй. Уогæ, е ци дзоруйнаг æй: ирон æвзагбæл хъæбæр хуарз уадзимистæ финсæн ке ес, е нин, дузæрдуггаг нæй. Кæбæлти ’й Къостайæн æрмæст æхе исфæлдистадæ!..

– Уæддæр ду уруссагау финсис! – гъазгæй бафеппайдтон æз Езетханæн. Е игъæлдзæгæй бахудтæй:

– Гъо, фал æз иронау дæр финсдзæнæн… Æрмæст мин аци финст фæррæстмæ уæд. Æвæдзи, æригонæй уруссаг æвзагбæл хъæбæрдæр фæццалх дæн…

– Раздæр ма ескæд финстай?

– 1924 анзи æз скъоладзаути къохфинст журнали фиццагидæр рауагътон минкъий радзурд «Ногбон æхсæв». Æ сюжет адтæй граждайнаг тугъди рæстæгæй… Мæхуæдæг мæхе цæстæй ке фæууидтон, уæхæн цау. 1919 анзи, зуймон карз уазал æхсæвæ, Шкурой уорс æфсад нæ гъæуи ку æртухстæнцæ, уæд мах тургъæмæ æрбахастонцæ, æ тоги ка ’вдулдæй, уæхæн дууæ партизани. Етæ адтæнцæ тоггинтæ. Сæ еу æ мæлæти размæ æ астæуæй райхалдта хъатара, равардта ’й иннемæ æма ин загъта: «Кæд мæ фæсте æгасæй байзайай, уæд си марæ уорсити, етæ æнцæ не ’цæг тоггинтæ. Мæн уæд устур цæмæдеси гъудити бафтудта, дууæ æмбали – дууæ партизани, кæддæри тоггинтæ æмхузонæй куд тох кодтонцæ сæ еумæйаг ’знаг, сæ еумæйаг тоггин Шкурой нихмæ, е. Æма мæ тетради ниффинстон: «Цæмæн банимадтонцæ етæ Шкурой сæ еумæйаг тоггинбæл?» Еци темæбæл уой фæсте æз повесть ниффинсунмæ гъавтон. Финсгæ дæр æй никкодтон. 1934 анзи си еу скъуддзаг Ленингради газеттæй еуеми дæр ниммухур кодтон…

Гъе уæхæн арф дзубандитæбæл ке фæцан Езетхани хæццæ, уомæ гæсгæ мæмæ мæ зæрдæ федарæй исдзурдта: консультацимæ æ финст ка æрбахаста, е æнæмæнгæй хъæбæр хуарз лæдæруй финсæги ихæстæ, раст исфæлдистадон надбæл лæууй æма раст къах байвæрдзæнæй нæ литературæмæ…

– Æма мадта айæ, – æз байамудтон къохфинстмæ, – еци повесть æй?

– Нæ! Еци повесть æз ниууагътон… Нискъудтæ ’й кодтон… Басугътон æй… А ба роман æй, кæд æй уотæ исхонун æнгъезуй, уæд. Бакæсæ ’й. Нуртæккæ нæ!.. Ку дæ райевдæла æма дæ зæрдæ ку зæгъа, уæд. Æргом дзурдæй мин цидæриддæр зæгъай, уонæбæл æхцæуæнæй рагъуди кæндзæнæн.

Уой фæсте куд базудтон, уотемæй Езетхан уæд иссудæй Минскæй Иристони архивтæмæ. Е æрмæг æмбурд кодта 1905-1917 æнзти революцион змæлди туххæй, æ бонугмæ хаста аллихузон бæлвурд цаутæ, дзубанди кодта, Иристони граждайнаг тугъди рæстæги активонæй ка архайдта, еци æмбæлтти хæццæ. Пълантæ кодта æ романæн. Æ уадзимис ци номæй исхондзæнæй, уобæл сагъæсти бацудæй. Уæд æй исхудта «Æнæмæлæт» («Бессмертие»), уæд «Стыр хъысмæт» («Большая судьба»), уæд «Ирæттæ», уæдта «Царды размæ».

Цидæриддæр адтæй, уæддæр е адтæй æ устур романи райдайæн æма ибæл косунæй некæд бафæллад æй. Е ’сфæлдистадон кусти æхе некæд æппæлдтæй. Ка имæ фæккæсидæ, уонæй ба адтæй устур боз.

1939 анзи Уруймæгти Езетхан рандæй Мæскумæ. Дууæ анзей дæргъи (1939-1941) е æхе æнгом исбаста сахари финсгути хæццæ. Зундгонд финсгутæ Юрий Либединский æма Николай Тихонов сæ гъос  æрдардтонцæ ирон искурдиадæгин силгоймаг финсæгмæ. Уони устур æнхусæй æ романи фиццаг киунугæ гъæуама мухургонд æрцудайдæ Ленингради – журнал «Звезда» -й. Фал уæдмæ райдæдта Устур Фидибæстон тугъд æма ’й уоми ниммухур кæнуни фадуат нæбал фæцæй.

Æрмæстдæр 1948 анзи рацудæй мухури Езетхани романи фиццаг киунугæ «Осетины». 1951 анзи финсæги трилогий фиццаг киунугæ нæуæгæй рацудæй мухури æма  хундтæй «Навстречу жизни». Берæ бунæттæ фæххуæздæр кодта автор æ киунуги æма ибæл идарддæр дæр æновудæй куста.

Æ романи Уруймæгти Езетхан æхе равдиста устур реалистæй. Хумæтæги имæ нæ финста Н. Тихонов: «Уойбæрцæ берæ хъайтартæ характертæ исаразунмæ уотæ хуарз ке исарæхстæ, æрмæст уомæй дæр бæрæг æй дæ искурдиадæ…»

Хъæбæр раст адтæй уруссаг зундгонд финсæг æма æхсæнадон архайæг Тихонови еци феппайуйнаг. Берæ æнцæ æцæгæйдæр Езетхани романи хъайтартæ, уæдта айдагъ хецæн хъайтартæ нæ, фал æнæгъæнæ муггæгтæ дæр æма хецæн æхсæнадон социалон къуæрттæ дæр. Еу си инней хузæн нæй. Сæ миутæ, сæ дзубандий уагæ, сæ зæрди рахаст æнцæ фæйнæхузи. Силгоймæгтæй неке хæццæ феййевдзи кæндзæнæ Гулæрти Сæниати. Уой нихмæ автор æвæруй иннæ силгоймæгти – Зæлини, Хадизæти, Косери, Сурæти. Фал уонæй алкедæр æй æрмæстдæр æхе хузæн.

Уотæ фæйнæхузи æнцæ нæлгоймаг хъайтартæ дæр: Сафа æма æ хестæр фурт Гамази, минкъий дууæ биццеуи – Ахмæт æма Аслан, æвæрццæг хъайтартæ Атарбег æма Темур. Сауæнгæ ма Сафарæн е ’ртæ фурти: Гамази, Владимир æма Геуæрги дæр æнцæ бустæги аллихузæнттæ.

Догæ æхуæдæг, историон цаутæ, хецæн гъомбæлади уавæртæ фæйнæхузи зунд бауагътонцæ сауæнгæ еу мадæй райгургæ æнсувæрти дæр. Уотæ æнцæ Сафай дууæ фурти Владимир æма Геуæрги. Владимир ахур кодта Уæрæсей, иссæй дохтир. Кæд æнхæст революционер нæй, уæддæр лæууй прогрессивон надбæл, цæуй паддзахи нихмæ. Геуæрги ба хуæцуй æ гъæздуг фиди фарс, дзоруй паддзахи сæрбæл. Уоййадæбæл æнсувæрти астæу рауадæй устур буцæудзийнадæ. Хестæр паддзахи нихмæ ке дзурдта, уой туххæй æй кæстæр марунмæ гъавта. Сæ киндзæ фæффæдес æй фидæмæ. Сафа сæмæ балигъдæй:

– Ци ’рцудæй? – бафарста æ фуртти Сафа. – Æви еу тогæй нæ айтæ, æви уæ еу мадæ не ’схаста? Ци уин нæ фагæ кæнуй? Æви уæ фудæлгъист ракæнон, – мæстæй ниффæлорс æй, уотемæй дзурдта Сафа, æ фурттæмæ кæсгæй. – Паддзахи гъуддæгутæ кæнун сумахмæ нæ кæсуй… Сумах еу мадæй райгургæ æнсувæртæ айтæ. Уæ кæрæдзей нихмæ ке лæууетæ, уобæл цийнæ кæндзæнæнцæ мæнæн ме ’знæгтæ… Сумах мæн фурттæ айтæ, мæн фурттæ, æма иннетæй гъæуама зундгиндæр уайтæ!»

Етæ фиди дзубандитæ æнцæ. Мадæ ба куд дардта æхе еци сахат? Мæнæ уотæ:

– Ка мин фæццæстуд кодта мæ бийнонти сабур цард? Идаугутæй ке зæрдæмæ нæ фæццудæнцæ мæ кувдтитæ? Ескæд ма дууæ æнсувæри кæрæдзей хæццæ уотæ æмбалдæнцæ?»

Куд уинæн, уотемæй, ами бæлвурдæй æвдесунцæ сæхе хецæн характертæ. Фидæ фиди бунати æй. Мадæ – мади бунати.

Берæ æнцæ Езетхани романи идейон æма аййевадон менеугутæ. Агъазиау эпопейи автор равдиста, ирон адæми царди нæудæсæймаг-инсæйæймаг æности ци устур политикон æма историон цаутæ цудæй, рæстæгмæ гæсгæ си ци социалон æййивддзийнæдтæ адтæй, етæ. Уоми адтæй æнауæрдон тох хæрандзийнадæ æма мæнгарддзийнади нихмæ, рæстдзийнадæ æма сæребари сæрбæлтау. Финсæг арæхстгин æма уарзонæй исхузæ кодта, Цитгин Октябри социалистон революци нæ бæсти фæллойнæгæнæг дзиллитæн ци рохс, ци амонд æрхаста, уой; равдиста, еци амонд адæми къохи æнцонтæй ке нæ бафтудæй, берæ гъезæмæрттæ ибæл ке æрцудæй, берæ тог ибæл ке никкалдæй. Романи бæлвурдæй зиннуй знæгти нихмæ дæсни æма бæгъатæрæй цæуæг Саукуйти Темури сорæт – ирон фæллойнæгæнæг адæми сорæт. Киунуги хъайтартæ – профессионалон революционертæ кæддæриддæр æнгом бæттунцæ сæ куст, сæ зунд æма сæ архайд сæ дзилли турнундзийнæдтæ æма бæллецти хæццæ, сæ адæми хъисмæти хæццæ. Æма си беретæ сæ цард равардтонцæ, ци устур гъуддагбæл тох кодтонцæ, уой фæууæлахези сæрбæлтау. Кæд Езетхан æ роман кæронмæ финст нæ фæцæй, уæддæр си мухури ци хæйттæ фæззиндтæй, уони идейон æма аййевадон ахедундзийнадæ берæ æнцæ айдагъ ирон литератури нæ, фал еугур советон литератури дæр. Уæлдæр куд загътан, уотæ, хъаурæгин æма раст арæзт æнцæ романи фауйнаг сорæттæ. Уонæй сæйрагдæр æй Гулæрти Сæниати сорæт. Е æй ирон бонгинтæй, ирон гъæздугути бунтидзæугутæй. Зудæ, кæрæф, уосæ-берæгъ, къинди æма хийнæйдзаг. Æ цæстæ нецæмæй æфсæдуй. Хъæбæр хæстæг лæууй уруссаг финсæг Щедрини хъайтартæ – «Господа Головлевтæмæ», Горькийи пьесæ «Васса Железновамæ». Архайуй, кæцæй ци ратона, уобæл. Сæниати зундирахаст идард лæууй фæллойнæгæнæг дзиллити зундирахастмæ. Уомæн æ зæрди уагæ, æ гъудитæ хецæн æнцæ. Æнæ мулк адæймаги нецæбæл нимайуй. Хумæтæги нæ амонуй рæсугъд кизгæ Хадизæтæн, зæгъгæ, агорæ гъæздугдзийнадæ, бауарзæ гъæздуги. Уæд зунд дæр æма цард дæр дæу уодзæнæнцæ. Мæгурти адæймагбæл неке нимайуй, дæхецæй дин ка нæ тæрса, е дин дæ мулкæй фæттæрсдзæнæй. Æнæуинон син уодзæнæ, уотемæй ба дин лигъстаг уодзæнæнцæ, козбау дин кæндзæнæнцæ, нимайдзæнæнцæ дæ.

УРУЙМÆГТИ Езетхан (галеуæрдигæй) æ хеуæнтти хæццæ

Гъе уотæ адтæй Сæниати «философи». Уæхæн адтæнцæ, æ бундор кæмæн фезмалдæй, фал бустæги æмбуд ка нæма адтæй, еци æхсæнади гъæздуг цæрæг минæвæртти идеалтæ.

– Зин цæрæн æй, кизгæ, дуйнебæл æнæ берæ мулкæй. Адæм берæгътæ æнцæ, етæ равгæрдунмæ гъавунцæ сæхецæй лæмæгъдæрти. Æхцатæ кæмæ ‘нцæ, хецаудзийнадæ дæр уонæмæ ес, æхцатæ кæмæ ’нцæ, хъауритæ дæр уонæмæ æнцæ. Уотæ дзоруй Сæниат Хадизæтæн æма æхуæдæг дæр архайуй гъæздуг исунбæл. Ке зæгъун æй гъæуй, уæхæн адæмтæ царди æцæг амонд некæд иссерунцæ, «мулк-мулк» кæнгæ райгурунцæ, «мулк-мулк» кæнгæ рамæлунцæ. Фулдæр хатт сæ цард æхуæдæг еуварсмæ рагæлдзуй, фудкондæй рандæунцæ цардæй. Уотæ бабун æнцæ Сæниати бийнонтæ дæр. Царди цалх сæ æрæййафта, æ буни сæ ниллихъæ кодта. Раст тæрхон син рахаста финсæг æ уадзимиси…

Нæ райгурæн бæстæ 1942 анзи уæззау уавæри ку адтæй, гитлерон æрдонгти нихмæ Сталингради æма Кавкази тогкалæн карз тугъдтитæ ку цудæнцæ, уæд Уруймæгти Езетхан бацудæй Коммунистон партимæ. Æма, нæ иннæ финсгути хузæн, æновудæй тох кодта нæ адæми фæууæлахези сæрбæлтау. Еци рæстæги активонæй архайдта знаги нихмæ, æ публицистон статьятæй. Нæ ин адтæй фагæ рæстæг æ романбæл, æ аййевадон уадзимистæбæл косунæн. Е ’сфæлдистадон кустмæ ба  е ’ргом раздахта æрмæст тугъди фæсте.

Раст загъта кæддæр Езетхан æхуæдæг, æ маддæлон æвзаг хуарз ке зудта, уой туххæй. 1947 анзи  е ’ргом раздахта театри репертуармæ. Иронау ниффинста пьесæ «Знæгтæ» («Сæниат»). Пьеси адтæнцæ æ романи мотивтæ. Еци пьесæ ниввардта Ирон театр 1948 анзи. Агъазиау адтæй æ социалон æма аййевадон ахедундзийнадæ. Адтæй ин гъæздуг æма нивæфтуд æвзаг. Сорæттæ адтæнцæ дзæбæх арæзт. Пьеси  тексти бæрæг дардта адæмон философи. Уой фæсте финсæг бавналдта историон-революцион темæмæ нæуæгæй. Ниффинста нæуæг драмæ «Сæуæхсид». Уоми нæ финсæг равдиста Дзæуæгигъæуи сахари фæллойнæгæнгутæ 1918 анзи августи мæйи контрреволюцион хъаурити нихмæ ци устур тугъд исаразтонцæ, уой. Архайдтонцæ си Серго Орджоникидзе æма æндæр зундгонд революционертæ дæр.

Уруймæгти Езетханæн кæддæриддæр æ мæтæ, æ гъудитæ адтæнцæ адæмбæл, æ сагъæстæ баста фæллойнæгæнæг дзиллити бæллецти хæццæ. Евгъуд цардбæл ке финста, етæ федар баст адтæнцæ нæ абони царди хæццæ, нæ адæмæн æ æзини, æ абони æма æ исони хæццæ. Сабурдзийнадæ гъæуайгæнæн комитети иуонг уогæй, Езетхан æ финст статьяти карзæй архайдта тугъдæндзаргути цъумур цæсгон равдесунбæл. Нæ абони цардбæл адтæнцæ æ очерктæ æма æ радзурдтæ дæр.

Финсæг берæ рæстæг фæккуста ахургæнæгæй, нимад адтæй хуарз гъомбæлгæнæгбæл. Е хъæбæр хуарз зудта скъола-дзаути психологи. Хуарз син лæдæрдтæй кæддæриддæр сæ зæрдиуагæ æма сæ æ радзурдти дæр кæдзосæй равдиста.

Езетхани радзурдти минкъий æмбурдгонд «Седьмой сын» æрæги хецæн киунугæй рацудæй Цæгат Иристони киунугути рауагъдади. Еци радзурд уой размæ мухургонд адтæй, Мæскуй «Детгизи» ирон финсгути уадзимистæй ци хецæн киунугæ рацудæй, «На земле Сослана», зæгъгæ, уоми дæр. Езетхани еци радзурд хуарз æвдесæн æй, ирон советон фæсевæд ци кадгин надбæл рацудæнцæ, ци агъазиау æскъуæлхтдзийнæдтæ сæмæ ес, уомæн. Махмæ гæсгæ, аци радзурд æй, Иристони финсгутæ нæ сувæллæнтти литературæмæ хуæздæрæй ци бахастонцæ, уонæй еу.

Ке зæгъун æй гъæуй, бустæги æнаййеп неке æма неци фæууй. Æнаййеп нæ адтæнцæ финсæг Уруймæгти Езетхани литературон-исфæлдистадон бунтæ дæр.

Раст зæгъун гъæуй, советон литератури хæзнадони искурдиадæгин финсæг Уруймæгти Езетхан ци агъазиау исфæлдистадон фæллæнттæ ниууагъта, уони устур ахедундзийнадæбæл берæ фулдæр, берæ хуæздæр зæгъун æнгъезуй, етæ бæлвурдæй равзаруйнаг æнцæ нæ критикæн, хуæздæр исахур кæнуни аккаг æнцæ æ царди над æма исфæлдистадæ. Æма ин мах уæддæр абони зæрдибунæй имисæн æ рохс ном.

 

БЕСАТИ Тазе

(«Мах дуг», 1965 анз, №10)