21 декабря 2024

ЗÆНХÆ НЕКЕ САЙУЙ, ÆХЕ ИН КАДÆР САЙУЙ…

27.04.2024 | 23:01

Аци анз январи мæйи аппаратон æмбурди нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло нæ республики паддзахадон есбойнадæ æма зæнхи рахастдзийнæдти Министрадæн байхæс кодта, цæмæй кæрæй-кæронмæ бæлвурдгонд æрцæуа, Цæгат Иристони зæнхитæ куд æма циуавæр закъонти рæуонæй уæйæгонд æрцудæнцæ, уой. Аци фарстай фæдбæл куст абони дæр ма цæуй, фал нуриуæнгæ бал ци бантæстæй исбæрæг кæнун, уой фæдбæл адтæй æ дзубанди Сергей Меняйлойæн æрæги нæ республики дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæртти хæццæ фембæлди рæстæг. Æма æ радзуандий куд баханхæ кодта, уотемæй  2021 анзи байхæс кодта, цæмæй лæмбунæгдæр каст æрцæуа, зæнхитæй пайда кæнуни туххæй хъалонтæ федуни, уæдта зæнхитæй раст пайда кæнуни хæццæ баст фарстатæмæ. Еци рæстæг зæнхити гъуддæгутæбæл бæрнондзийнадæ хастонцæ бунæттон хеунаффæйади оргæнтæ, фал аци анз 1 январæй фæстæмæ еци бæрнондзийнадæ закъони бундормæ гæсгæ æййивд æрцудæй. Нæхуæдтæ байуарæн зæнхитæ, зæгъгæ, уой туххæй нæ, фал, ци æгъдауихæлдтитæбæл исæмбалдан, уони райеуварс кæнуни туххæй. Зæнхи «уæгъдæ» гæбазæ нæ республики нæбал байзадæй. Хуæнхти æма къæдзæхти фæхстæ дæр, гъæдтæ дæр уæйæгонд æрцудæнцæ. 2022-2023 æнзти уголовон гъуддæгутæ арæзт æрцудæй еуæй-еу гъæути сæргълæугутæбæл, хæдзарадон хигъди киунугути мæнгæ бæрæггæнæнтæ ке ниффинстонцæ æма æнæзакъонæй зæнхитæ ке фæууæйæ кодтонцæ, уой фæдбæл. Прокуратурæмæ балæвардтан 43 гъасти æнæзакъонæй уæйæгонд 543 зæнхи хаййей фæдбæл. Уобæл нæ архайд нæ фæцæй. Куст идарддæр цæуй. Зæнхи фарстати æнæзакъон æгъдауихæлдтитæ ке ’рцудæй, уонæн  сæ фулдæр æнцæ Дзæуæгигъæуи. Уæхæн цаути хигъди  ’нцæ  Уæлахези парк, Дендрарий, Нæртон, Дони станцæ æма Терки билгæрæнтти зæнхитæ. Никкидæр ма прокуратурæмæ  балæвардтан, Дзæуæгигъæуи, Алагири, Мæздæги, Дигори, Кирови æма Горæтгæрони районти зæнхити хæйтти фæдбæл курдиæдтæ. Нæ республикæ берæ паддзахадон программитæ æма национ проектти архайуй, ци нин æнтæсуй, уомæй нин зингæ фулдæр æнтæсидæ, фал фæззиннуй, æгæр нæ ка хъор кæнуй, уæхæн хабæрттæ. Зæгъæн, нæ бæсти Президент унаффæ рахаста никки фулдæр скъолатæ æма рæвдауæндæнттæ аразуни фæдбæл. Æма программæмæ бæргæ хаст æрцудæй, махмæ дæр, нæуæг скъолати арæзтадæ. Фал куд рагъæр æй, уотемæй кæми сæ райдæдтайанæ аразун, уæхæн гъæугæ зæнхи  бунат нæ разиндтæй.  Куд æма ци уавæрти исæнхæст кæнæн еци ихæстæ? Мах республики райрæзтбæл архайун гъæуй, фал зæнхæ ку нæ уа, уæдта кутемæй? – дзурдта Сергей Меняйло.

Пресс-конференций рæстæг видеоæрмæгути фæрци æвдист æрцудæнцæ,  дзубанди ци зæнхитæбæл цудæй, етæ. Уоми бæлвурдæй бæрæг адтæй,  гъæдти дæр аллихузон арæзтæдтæ ке райдæдтонцæ, е. Уой туххæй Сергей Меняйло загъта:

– Гъæдтæ нæ гъæздугдзийнæдтæ ’нцæ, Уæрæсей Федераций фæзуæттæ æма нин Дзæуæгигъæуи сæрмæ Реданти æма Дендрарийи фæзтæ паддзахадæ равардта, кедæрти зæрдидзæбæхæн арæзтæдтæн нæ, фал  парки хузи си пайда кæнунæн. Мæскуй сахари медæгæ ци минкъий гъæдтæ ес, уоми дæр ма æгъдæуттæ ихæлд ку нæ цæунцæ, уоми цæрæгойтæбæл дæр си цауæнгæнæн нæййес закъони бурдорбæл. Махмæ ба си арæзтæдтæй идзаг  кæнунцæ.


НÆКÆСИ

Салтыков-Щедрин (1826-1889), финсæг: «Æстъегъæгмæ гъуди нæййес. Исонбони мæтæ нæ кæнуй, æ фæсте ма ескетæ ’рбацæудзæнæй æма фингæбæл айдагъ уæлдæйттæй æндæр ке неци иссердзæнæнцæ, етæ ’й не ’ндавунцæ, исон дуйней исæфт дæр æрцæуæд! Нæхецæн дæр фесæфунæй тæссаг ке æй, уобæл рагъуди кæнунæн дæр нæбал ан. Гъема къазнатæ къахунцæ, æхсæнади мулкбæл хæлæф кæнунцæ, хумæтæги æфсармæн æ кой, æ гъæр дæр нæбал ес.

Кæд ескæмæн цард ес, уæд давгутæн, къазна æстъегъгутæн. Кæмæдæрти си прокурори къох бахъæрттæй, фал ци? Гъуддæгутæ уомæй фæххузæнондæр æнцæ?..»

 


Бустæги дессаг ба ’й Уæллаг Фиййагдони зæнхити уавæр. Адæм гъаст кæнунцæ, къæдзæхти фæхстæ æма хуæнхрæбунти кадæртæ нæуæг арæзтæдтæ ке райдæдтонцæ, уой фæдбæл. Уотемæй еци бунæттæ ’нцæ тæссаг зæйтæ æма  ламитæ калунæй. Уомæй уæлдай, цæугæдон Фиййагдони билгæрæнтти исаразтонцæ дачитæ. Æгириддæр куд нецæбæл гъуди кæнæн? Абони иннæ регионти ци бæлæхтæ цæуй, адæм дони буни куд фæцæнцæ, уой дæр нæ уинæн? Цæгат Иристони дæнттæ дæр еу æма дууæ хатти нæ райвулдæнцæ. Уæ зæрдæбæл æрлæуун кæнайтæ еци цаутæ. Хъолай цъетей фудбæлахи мемориали бакомкоммæ дæр агъазиау зæнхитæ ахæст æрцудæнцæ, æма сæ габазгай уæйæмæ равардтонцæ.

Е дæр син фагæ нæ адтæй, æма  Фиййагдони бунæттон администраци унаффæ рахаста гъæуи арæнтæ никкидæр ма дæс километрей бæрцæ радаргъдæр кæнун, цæугæдон дæлæмæ куд цæуй, ецирдæмæ. Уоййасæбæл зин балæдæрæн нæй, циуавæр нисани хæццæ баст æй еци унаффæ, е дæр. Прокуратури хæццæ байархайдтан, цæмæй еци фæндæ æхгæд æрцудайдæ, уобæл.

Фал гъуддаг гъæуама уобæл ма хецæн кæна – еумæйаг закъонадон уагæвæрд ка ихалуй, етæ гъæуама æфхуæрд баййафонцæ!

Аци анзи райдайæнæй фæстæмæ зæнхи гæппæлтæ дех кæнуни гъуддагмæ сæ барæ нæбал дардзæнæнцæ бунæттон администраций хеунаффæйадон оргæнти косгутæ. Уæхæн барæ лæвæрд æрцудæй еци фарстатæмæ цæстдарæг республикон оргæнтæмæ. Нурæй фæстæмæ æнæзакъонæй дехгонд нæбал æрцæудзæнæй  зæнхити еунæг  гæппæл дæр.

Еци гъуддаг рагацау зонгæй, берæ гъæути бунæттон администрацити сæргълæугутæ тæвдхæлæфæй февналдтонцæ, ци уæгъдæ, гъома, æнæхецау, æнахæст бæстихæйттæ ма си адтæй, уони иуарунмæ.

Фарæ бардзурд лæвæрд æрцудæй, цæмæй Дигори райони зæнхи гæппæлтæ дехгонд мабал цæуонцæ, уой туххæй, фал бунæттон хецауадæ рахуæстæнцæ еци уагæвæрди нихмæ æма сæ гъаст балæвардтонцæ прокуратурæмæ. Æма прокуратурæ республики разамонæги бардзурд банимадта æнæрастбæл, цидæр дзурдтæмæ гæсгæ си къæмæ иссирдта.

Фарæ республики æртæ гъæуей сæргълæугутæбæл арæзт æрцудæй уголовон гъуддæгутæ, сæ хеуæнттæ æма хæстæгутæн зæнхитæ æнæзакъонæй ке байурстонцæ, уой фæдбæл. Уæхæн закъонихæлдтити нимæдзæ абони уæнгæ исхъæрттæй æртæ æма дууинсæйей уæнгæ.

Дон райвулунæй тæссаг кæми æй, уæхæн рауæнти  ци фæлладуадзæн азгъунститæ æма дачитæ арæзт æрцудæй, уони æвæстеуатæй гъæуй  нийхалун, цалинмæ сæ дони гулфæнтæ сæхуæдтæ нæма фæлластонцæ, уæдмæ. Айразмæ уотæ рауадæй Хонсари поселокки дæр. Уоми дæр зæнхитæ æнæзакъонæй лæвæрд æрцудæнцæ.

Зæнхæ гъæуама фарнæхæссæг уа еугур адæмæн дæр, уæлдайдæр ба, ка имæ зелуй, уонæн.
Хузæ ист æй социалон хизæгтæй.

Мах комкоммæ кедæрти нихмæ нæ тох кæнæн, фал еци æнæзакъон миутæн ба æвæстеуатæй гъæуй кæрон искæнун, цæмæй нæ еумæйаг республикæ еугур хæлæйфаг æма уæййаг ма исуа, уой туххæй, – баханхæ кодта Сергей Меняйло. Архайун гъæуй республикæн æ идарддæри ирæзтбæл, гъæуай кæнун гъæуй æ цæргути æма æрдзи интерестæ. Еци фарни гъуддагбæл куст райдæдта æма идарддæр дæр æнхæстгонд цæудзæнæй.

Цимитий гъæу ни ка нæ уарзуй, уæхæн адæймаг нæ разиндзæнæй. Е нæ фидтæлти рагон историон рауæн æй, цæмæдесаг музей игон арви буни, фал си фæстаг рæстæгути ци арæзтæдтæ фæззиндтæй, етæ нури гъуддæгутæ нæ ’нцæ, фал дæсгай æнзти дæргъи конд ка цудæй, уæхæн  хабæрттæ. Уоми, æвæдзи, нецибал нæ бон бауодзæнæй, уавæр фендæрхузон  кæнунæн,  фал ма си ци зæнхи гæбæзтæ байзадæй, уонæми уæхæн арæзтæдтæ фæззиннунæн ба  æруадзæн нæбал ес. Еци гъуддаг хауй Дзиуаригъæуи бунат «Цъæйаг»-мæ дæр. Гъæди объект аразун райдæдтонцæ, уобæл куститæ æрлæуун кæндзинан, арæзтæдтæ фехалдзинан æма гъæдтæ фæстæмæ паддзахади есбойнадæмæ бахæсдзинан. Хецæн адæймæгути къохти нæбал уодзæнæнцæ.

– Æз районти сæргълæугутæн федарæй балæдæрун кодтон, уой æма зæнхити фарстати фæдбæл бæрнон ке ’нцæ, закъони размæ дзуапдæттæг ке уодзæнæнцæ, уой, – загъта Сергей Меняйло. – Зæнхити хæццæ баст фарстатæ закъонади домæнтæмæ гæсгæ аразуни куст нерæнгæ нæма фæцæй, ес ма берæ æркæсуйнаг  гъуддæгутæ Дигоргоми дæр. Цалинмæ иннæ кæмтти дæр Уæллаг Фиййагдони хузæн уавæр нæ исæвзурдæй, уæдмæ нæ байархайун гъæуй, цæмæй ма байрæгæмæ уа.

Æмбурди куд загъд æрцудæй, уотемæй нæ республики зæнхитæй пайда кæнуни гъуддæгутæ закъонади домæнтæмæ гæсгæ æнхæст кæнуни фæткитæ исфедар кæнуни фæдбæл куст идарддæр æнхæстгонд цæуй. Уой фæдбæл мах газети дæр мухургонд цæудзæнæнцæ хецæн æрмæгутæ.

БИЧИЛТИ Алетæ