21 декабря 2024

ЗУНДГИН ЗАГЪД – РӔСТДЗӔВИЙНӔ!..

28.02.2022 | 15:18

Рагонкитайаг номдзуд дзурдилӕг Конфуцийи ӕ дӕсни ахурдзау Цзы-Юй базонгӕ кодта еу министри хӕццӕ. Сӕ фембӕлди фӕсте Конфуций ку рандӕ ‘й, уӕд Цзы-Юй министри фӕрсуй, иуазӕг дӕмӕ куд фӕккастӕй, зӕгъгӕ. Е ин уӕхӕн дзуапп равардта:

– Конфуцийи ку рауидтон, уӕд мӕмӕ ду бустӕги минкъий зиннун байдӕдтай, раст цума систӕ кенӕ ӕхсӕукъӕ дӕ… Абони ‘й паддзахмӕ бахондзӕнӕн – уадзӕ ӕма ‘й е дӕр зона!..

– Ма бакӕнӕ! – уайтӕкки ин загъта Цзы-Юй. – Паддзах Конфуцийи ку фӕууина, уӕд имӕ ду дӕр систӕ кенӕ ӕхсӕукъи хузӕн зиндзӕнӕ!..

Министр рагъуди кодта ӕма ӕ фӕндӕ раййивта.


Уотӕ уӕмӕ нӕ кӕсуй, ӕма нури фӕткитӕ ка аразуй, уонӕн дӕр зундгонд ӕй аци хабар. Уомӕн ӕма паддзахеуӕггӕнӕг хецаумӕ ӕ фӕсдзӕуинттӕ ӕгириддӕр хӕстӕг нӕ уадзунцӕ, уонӕй зундгиндӕр ӕма арӕхстгиндӕр ка ‘й, уони. Ӕма хецау дӕр фенгъӕлуй, ӕ алфамбулай ка ‘й, уонӕй хуӕздӕртӕ нӕййес. Уӕхӕн рӕдуд гъудий фӕстеугутӕ ба бӕлвурд ӕнцӕ: ӕнарӕхстгитӕ гъуддӕгутӕ хузӕнонӕй райаразунгъон нӕ фӕуунцӕ. Уогӕ сӕ бустӕги ӕнарӕхсгитӕ исхонун дӕр не ‘нгъезуй. Ци бӕрнон бунӕттӕ фӕййахӕссунцӕ ӕма син ци ахсгиаг паддзахадон гъуддӕгутӕ ихӕсгон фӕуунцӕ, уони ӕгӕр арӕхстгинӕй дӕр ма райаразунцӕ айдагъдӕр сӕхе ӕма сӕ хеуӕнтти пайдайӕн. Уой фӕдбӕл дӕнцитӕ ба – гъӕуй дӕ ӕма гъӕуй! Дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити  алли бон  дӕр бакӕсӕн ес уӕхӕн игъосункӕнуйнӕгтӕ.

ПИФАГОР, рагонбердзейнаг номдзуд дзурдилӕг: «Цард театрӕй уӕлдай нӕй: ӕнаккаг адӕймӕгутӕ си ахид байахӕссунцӕ хуӕздӕр бунӕттӕ…»

Ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ке ‘й, е уӕлдай бӕрӕгӕй-бӕрӕгдӕр иссӕй абони. Царди тӕккӕ хуӕздӕр бунӕттӕ, гъома, тӕккӕ пайдайагдӕр бунӕттӕ байахӕстонцӕ тӕккӕ нецӕййагдӕртӕ. Уогӕ етӕ ӕхсӕнади гъуддӕгутӕ рӕвдзӕдӕр кӕнунӕй бӕрнон уогӕй, еци ихӕс ӕнхӕст кӕнунмӕ нецӕййаг ӕнцӕ, ӕндӕр ба сӕхе пайдайӕн паддзахадон есбонадӕбӕл ӕдзӕсгонӕй хӕлӕф кӕнунмӕ ба ӕгӕр естӕййаг дӕр ма ӕнцӕ.

 

Уильям ШЕКСПИР (1564-1616), англисаг драматург: «Денгизи кӕсӕлгитӕ дӕр адӕмӕй уӕлдай нӕ ‘нцӕ: устурдӕртӕ хуӕрунцӕ минкъийдӕрти…»

Уотӕ ба уӕмӕ нӕ кӕсуй, ӕма нӕ абони цардиуаги дӕр, цидӕр налатдзийнӕдти фӕрци ка «раустур» ӕй, етӕ цӕмӕдессаг цӕргути хуӕрунбӕл ӕгӕр ке фӕццалх ӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ фӕннезгун ӕнцӕ сӕ тогцъухдзийнадӕй дӕр: сӕ зӕрдидзӕбӕхӕн «мурст кӕнунцӕ» сӕ алфамбулай зӕнхон цӕргутӕй си ка минкъийдӕр ӕй, уони – гъома, хумӕтӕг, ӕхе фӕллойнӕй цӕрӕг адӕми!

 

Борис КРУТИЕР, дохтир-кардиолог: «Ӕнӕбазур адӕймӕгутӕ сӕхе ахид изӕдтӕ фӕххонунцӕ…»

Ӕма сӕбӕл, дессагӕн, мах дӕр баууӕндӕн. Кӕд мах «ӕууӕнки» фӕрци нӕ, уӕд мадта изӕддзийнадӕй ӕгириддӕр кӕмӕ неци ес, етӕ кутемӕй исунцӕ депутаттӕ, сенатортӕ, хецӕуттӕ?.. Ӕрӕгиау ма бӕргӕ балӕдӕрӕн нӕ рӕдуд, бӕргӕ фӕффӕсмон кӕнӕн, фал байрӕги уй – еци «изӕдтӕ» ӕгӕр ӕрфедар унцӕ изӕдон къӕлӕтгинти… Ӕма уордигӕй бӕргӕ разиннуй сӕ сайтандзийнадӕ, фал, куд фӕззӕгъунцӕ, фӕрӕтӕй ма донмӕ лӕборӕ…