26 декабря 2024

ЗУНДГИН ЗАГЪДМÆ МА ИГЪОСÆГ КУ УИДÆ!..

28.01.2023 | 13:53

Кæддæр, дан, еу лæг,  исхондзинан æй Иванов, Питери ниуазæндæнттæй еуеми уоййасæбæл фæррасуг æй æма фудцъухæй æлгъетун байдæдта, бауорамæнтæ ин нæ адтæй. Ниуазæндони уæйæгæнæг дæр æй бæргæ гъавта æрсабур кæнунмæ, бауайдзæф ин кодта:

– Бафсæрми кодтайсæ – паддзахи хузæй.

Æма райамудта фарс-бæл паддзахи хузæмæ. Æма дин уæд еци расуг лæг ку ниццæлхъ ласидæ:

– Æма паддзахи хузæ ба мин ци ’й?.. Ту ибæл кæнун!..

Адтæй нæ адтæй, уæддæр еци хæлхъойгæнæги исмедæг кодтонцæ кумæ гъудæй, уордæмæ.

Хабар, гъай-гъайдæр, исæмбалдæй паддзахбæл дæр. Ка ин æй фегъосун кодта, етæ æнгъалдтонцæ, гъома, еци сæргъæн лæг карз æфхуæрд баййафдзæнæй е ’наккаг миуи фæдбæл. Фал… Паддзах хъæбæр ниххудтæй æма  загъта:

– Еци Ивановæн фегъосун кæнетæ, æз дæр ибæл ке ту кæнун, уой æма ’й рауадзетæ сæхемæ…

* * *

Нури доги ба? Уæлдай бæрзонд хецауеуæггæнгути кой нæ кæндзинан, фал зингæ ниллæгдæр ка бадуй, уæхæн «разамонгутæй» дæр еске туххæй æфхуæрæн нæ, фал уотид уайдзæфи хузæн ести ниффинсай æма дæ финстæг дзиллон рауæни ниййауиндзай!.. Дæ финстæг дин еци «зæрдихудтфæккæнæг» паддзахи хузæн æ нихмæ финстæг ниллæгдæр нæ æресун кæндзæнæй, цæмæй адæмæн æнцондæр уа æ бакæсун, фал æй æ хъозæнттæ фæддунд кæндзæнæнцæ, æ бунати ба дин дæхе æрауиндздзæнæнцæ, гъома, цийфæнди раст ку уай, уæддæр дин уотитæ бакæндзæнæнцæ æма фæффæсмон кæндзæнæ, уогæ финсун-дзорун дæ бон ке ’й, уобæл дæр.

 

Недзамайнаг Македоний паддзах, номдзуд балхон Александр Македойнагæн æ дæлбарæ æмтохгæнгутæй кадæртæ унаффæ кодтонцæ, не ’знæгтæмæ, дан, æхсæвигон бампурсæн. Е син равардта дзуапп: «Æз уæлахез давгæ нæ кæнун!..»

*  *  *

Бæргæ-бæргæ, уæхæн зундихаттæй хайгин ку уиуонцæ, нури доги нæмæ хецаудзийнади бæллуйнаг рауæнтæмæ ка тундзуй, еци «бæдæйнæгтæмæ». Фал кæми!.. Ци æведауцæ, берæ цæмæйдæрти ба илгъаг миутæ ба нæ аккаг кæнунцæ сæхецæн уæлахезмæ бæлгæй. Уæхæн «уæлахезæй» давæггагдæр ма ци уа!..

 

Шведаг Кристинæ (1626-1689), Швеций къарол: «Хестаугутæ бæгъатæр нæ фæуунцæ, бæгъатæртæ хестауæг нæ фæуунцæ…»

*  *  *

Нури хецауеуæггæнгутæй ба беретæ, æнæмæнгæ райаразуйнаг гъуддаги фæдбæл еунæг белгон исесдзæнæнцæ æма уайтæкки цъеувæдес исаразунцæ, мæнæ, дан, куд фескъуæлхтан. Æма нæ абони цардиуаги берæ нæхъæртондзийнæдтæ дæр уой фудæй æнцæ, æма уæхæн «бæгъатæрти» фудæй нæмæ исаразуйнæгтæ æрдæгарæзтæй ке райзайунцæ…

 

Отто Бисмарк (1815-1898), гермайнаг паддзахадон архайæг: «Уæрæсей нихмæ макæд маци исфæндæ кæнетæ, уомæн æма уин уæ цийфæнди хийнæ миуæн дæр дзуапп ратдзæнæй æдули миуæй…»

*  *  *

Аци загъд цæйбæрцæбæл раст æй, уой Уæрæсей нихмæ хийнæ æма фудракæндæ исаразун ка багъавидæ, етæ цал æма цал хатти бавзурстонцæ сæхебæл – уой дæр бæрзæйсæттæн нихкъуæрдæй. Уогæ Бисмарк еуемæй раст нæй: Уæрæсе æ нихмæ фудвæндæ аразгутæн аккаг дзуапп æдули миутæй нæ дæттуй, фал æ адæми лæгдзийнадæ æма хесæрустурдзийнадæй. Уой, æвæдзи, нæ лæдæрунцæ, мæнæ нур нæ Фидибæсти нихмæ фудмиутæ ка аразуй, æма син сæ еци æдулидзийнадæ ба хъæбæр фæсмойнаг фæууодзæнæй…