21 декабря 2024

ÆНÆНЕЗДЗИЙНАДÆ

27.05.2023 | 22:15

Æнæмæнгæ медицинон фæдзæхстади Цæгат Иристони территориалон фонди разамонæг Дзæгъойти Алани игъосункæнуйнагмæ гæсгæ, 2021 анзи хæццæ рабаргæй, Фонди æфтуйæгтæ евгъуд анзи рауадæнцæ 10 миллиарди 140 миллион сомемæй, кенæ ба 3,7 процентемæй минкъийдæр, бюджети ’хсæн трансфертæ ке фæмминкъийдæр æнцæ, уомæ гæсгæ, хæрзтæ ба рауадæнцæ 10 миллиарди 173 миллион соми, кенæ ба 2021 анзи хæццæ рабаргæй, 4,7 проценти минкъийдæр. Фонди хæрзтæн сæ тæккæ фулдæр хай – 90 проценти – багъудæнцæ, Æнæмæнгæ медицинон фæдзæхстади территориалон фонд медицини къабази ци программитæ æнхæст кæнуй, уонæн. Дохтиртæн сæ мизд фæффулдæр æй 9,7 проценти, медицинон хуæртæн – 8,8 проценти, кæстæр медицинон косгутæн ба 10 проценти.