ДЗУБАНДИ – ГЪАЗÆН ФÆЗТÆБÆЛ
Сувæллæнтти гъазæн æма спортивон фæзтæй пайда кæнуни рæстæг архайæг закъонæвæрунади домæнтæ æнхæстгонд куд цæунцæ, Ирæфи райони прокуратурæ уой исбæлвурд кодта.
Куд рабæрæг æй, уотемæй Чиколай, Секер æма Толдзгуни ка æрбунæттон æй, еци цуппар гъазæн фæземæн хецæуттæ нæййес æма сæмæ зелгæ дæр неке кæнуй, уой хæццæ, бунæттон хеунаффæйади оргæнтæ аци фæзтæ æнæхецау бундорон есбойнади объектти хузи номхигъдмæ бахæссунбæл нæ байархайдтонцæ.
Райони прокуратурæ амунд гъæути сæргълæугутæн бафæдзахста æргомгонд аййеппитæ райеуварс кæнун. Фал гъæугæ мадзæлттæ æнхæстгонд ке не ’рцудæнцæ, уой нимайгæй, райони прокурор тæрхондонæмæ ке барвиста, еци гъасти курдиади финст ес мæнæ уотæ: «Чиколай, Секер æма Толдзгуни гъæути бунæттон хеунаффæйади оргæнтæ ке неци архайунцæ, е нимад æрцæуæд æнæзакъон æууæлбæл, æма аци гъæути бунæттон хеунаффæйадон оргæнтæн байихæс кæнун æмбæлуй сувæллæнтти гъазæн фæзтæ æнæхецау бундорон есбойнади объектти хузи номхигъдмæ бахæссун».
Гъасти курдиадæбæл æрдзубанди кодтонцæ æма ин аразий дзуапп равардтонцæ.
Тæрхондони унаффитæ куд æнхæст кæнунцæ, райони прокуратурæ уомæ æ цæстæ даруй.
Юлия КОЛЛЕГОВА