ХАБÆРТТÆ. ЦАУТÆ.
Аци анзи январæй ба августи уæнгæ Цæгат Иристони ци цæрæнуæттæ арæзт æрцудæй, уони еумæйаг фæзуат иссæй 365 мин квадратон метри. Нæ республики арæзтади æма архитектури министр Атарати Геуæргий загъдмæ гæсгæ, берæфатерон цæрæнуæтти арæзтади бæрцæ фари аци рæстæги хæццæ рабаргæй иссæй 200 процентемæ хæстæг, Цæгат Иристони 2023 анзи январæй августмæ берæфатерон цæрæнуæттæ арæзт æрцудæй 208 мин квадратон метри. Хе хæдзæртти арæзтадæ – 157 мин квадратон метри.
* * *
Республики ниллæгдæр кæнуй сувæллæнтти игурунадæ. Зæгъæн, кæд аци анзи июли райгурдæй 535 сабийи, уæд фарæ ба еци афони – 633. Уотемæй ба фæффулдæр æй, ка рамардæй, еци адæми бæрцæ (аци анз 521 адæймаги, фарæ ба – 509). Еуцæйбæрцæдæр зæрдæ рохс кæнуй, уомæй æма Алагири, Æрæдони æма Дигори районти игурунадæ ке фæффулдæр æй, уомæй. Бæргæ-бæргæ, нæ республики иннæ рауæнти дæр уотæ ку уидæ…
* * *
Уæрæсей социалон фонд куд игъосун кæнуй, уотемæй сахъат сувæллæнтти ниййергутæн аци анзи фиццаг сентябрæй фæстæмæ сæ бон уодзæнæй, анзи дæргъи син ци фæлладуадзæн бæнттæ лæвæрд цæуй закъонмæ гæсгæ, уони байеу кæнун, уæд уодзæнæнцæ æнæгъæнæ 24 бони. Раздæр уæхæн барæ нæ адтæй, еци бæнттæй пайдагæнæн адтæй айдагъдæр хайгай.
Ниййерæгæн, фæккæсæгæн Уæрæсей Фæллойнадон кодекси 262 статьямæ гæсгæ алли мæйæ дæр æнгъезуй раттун цуппар уæлæнхасæн фæлладуадзæн бони, æхца син фист цæуй – алли уæлæнхасæн бонемæн дæр ниййерæги рæстæмбес миздæй нимайгæй.
* * *
Уæрæсей хецауади сæрдари хуæдæййевæг Татьянæ Голиковай загъдмæ гæсгæ, нæ бæсти кустадон къабæзти ци 30-39-анздзуд косгутæ гъæуй, уони бæрцæн е ’ртиккаг хаййæй фенæхай уодзæнæнцæ. Уотемæй ба еци кари косгутæ уæлдай хъæбæрдæр агурд цæунцæ, уомæн æма етæ ацъагъуæгиндæр æнцæ рæстæгути нæуæгдзийнæдтæмæ гæсгæ архайунмæ. Уæхæн кари косгути кадавардзийнадæ уæлдай хъæбæрдæр ба бæрæг æй промышленнон, транспортон æма арæзтадон къабæзти. Еци уавæр сагъæссаг æй абони Цæгат Иристони дæр.