30 апреля 2024

«ЦАРД ÆЙ ДЕССАГ, ÆМА ‘Й ДЕССАГÆЙ БАЦÆРÆ!..»

29.07.2022 | 12:42

Уотæ кæддæр загъта нæ национ культури номдзуд архайæг, Цæгат Иристони адæмон хузæгæнæг Цæрикъати Осмæни фурт Маирбег. Æма æ еци гъудий аккаг хузи аразта æхе царди хабæрттæ дæр. Абони ба ‘й уомæ гæсгæ имисæн, æма 29 июли æ райгурдбæл æнхæст кæнуй финддæс æма цуппаринсæй анзи (1927-2018). Æ ном ин ци хузи æргъуди кæнæн, зæгъгæ, гъуди кæнгæй, æрцудан еу хатдзæгмæ: номерæнæн еума хатт ниммухур кæнæн, зундгонд журналист Тепсихъоти Зойæ (е дæр, гъулæггагæн, абони цардæгас нæбал æй…) ци интервью бацæттæ кодта, уой. Уой дæр, æ рæстæги кутемæй мухургонд æрцудæй уотемæй – уомæн æма æ еци гъудитæ абони дæр, куд фæззæгъунцæ, нуриккон æнцæ.