АБОНИ ÆНТÆСТДЗИЙНÆДТИ ХУАРЗÆЙ ХУÆЗДÆР КУД УОНЦÆ ИСУЙНАГ ÆНТÆСТДЗИЙНÆДТÆ…

Цæгат Иристони промышленности æма инвестицити министр АТАРАТИ Олег (галеуæрдигæй) завод «Сослани æнгурæ» («Радуга») бабæрæг кæнгæй, кустуати генералон директор ТАУАСИТИ Эльбруси хæццæ æ дзубанди уæлдай зæрдæхцæуæн адтæй, уомæн æма аци кустуат айдагъ нæ республики нæ, фал Уæрæсей дæр нимад цæуй тæккæ нимаддæр кустуæттæй еуебæл.
Аци анзи январи-феврали Цæгат Иристони косæндæнтти зелдохи бæрцæ (хе уагъд æвгæд товарти, уæдта хе хъауритæй æнхæстгонд куститæ æма лæггæдти аргъ, æндæр рауæн æлхæд товартæ уæйæ кæнунæй ист æфтуйаг) рауадæй 64821,1 миллион соми, гъома, фари хæццæ рабаргæй, архайæг æргътæй нимайгæй, 114,8%.
2025 анзи январи-мартъий, 2024 анзи, еци рæстæги хæццæ рабаргæй, промышленнон кустади индекс рауадæй 75,0%.
Листæг хурæ, хурæ æма къирдори кустади бæрцæ ке фæффулдæр æй, уой фæрци пайдайаг къахуйнæгти амалкæнуйнади кустади индекс рауадæй 104,4%.
Фидæй конд уазалгонд, салд хуайраг – 8,2%, иуонгрæуæггæнæн ниуæзтæ – 5,9%, керамикон агоридортæ – 23,9%, æнæ арматурæй къæйтæ, сифтæ æма полимерон пленкитæ – 8,0%, цемент æма бетонæй бæстихæйттæн блоктæ æма æндæр æмбурдгæнæн дзаумæуттæ ба, 24,1% минкъийдæр ке рауагътонцæ, уой фæрци 2025 анзи январи-мартъий хомаг-косæг кустади индекс рауадæй 85,0%.
Электрон тухæ, газ æма дони тæфæй æфсесадæй; уæлдæф кæдзос кæнунæй кустади индекс рауадæй 115,8%.
Донæй æфсесадæй; дон еуварс уадзунæй, гæлдзуйнæгтæ æмбурд кæнун æма сæ се ’фснайунæй, цъумурдзийнæдтæ еуварс кæнуни фæдбæл архайдæй кустади индекс рауадæй 44,5%.
2025 анзи январь-мартъий экономикон архайди хузæ «Арæзтадæ»-мæ гæсгæ æнхæстгонд кустити бæрцæ рауадæй 4527,7 миллион соми, гъома, фари хæццæ рабаргæй, рабаргæ æргътæй нимайгæй,74,1%.
2025 анзи январи-мартъий исаразтонцæ 199689 квадратон метри цæрæнуæттæ (рæзæдонæ дзæхæратæ дарунæн, зæнхи хæйттæбæл арæзт хæдзæрттæ дæр нимайгæй), гъома, 2024 анзи еци рæстæги хæццæ рабаргæй, 12,1% минкъийдæр. Хецæн адæймæгутæ ке исаразтонцæ, еци хæдзæртти хай еугур цæрæнуæтти бæрцæй рауадæй 46,3% (еумæйаг фæзуатæй 92504 квадратон метри, гъома, фари хæццæ рабаргæй, 16,1% фулдæр).
Рагагъоммæ бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, 2025 анзи январи-мартъий еугур гъæууонхæдзарадон кустуæтти кустади бæрцæ рауадæй 4903,0 миллион соми, гъома, 2024 анзи еци рæстæги хæццæ рабаргæй, æргътæй нимайгæй,101,3%.
Ранимадмæ гæсгæ, 2025 анзи мартъий кæрони еугур хузти хæдзарæдти адтæй сторвонси 99,1 мин сæри (гъома, фари хæццæ рабаргæй, 02,5 минкъийдæр), анæй гъоцитæ адтæнцæ 42,1 мин сæри (0,9 минкъийдæр), хутæ – 8,7 мин сæри (35,9% минкъийдæр), фустæ æма сæгътæ – 86,5 мин сæри (38,4% минкъийдæр), мæргътæ – 1165,5 мин сæри (1,8% фулдæр). 2025 анзи мартъий кæрони, 2024 анзи еци рæстæги хæццæ рабаргæй, гъæууонхæдзарадон кустуæтти сторвонси нимæдзæ 15,1% фæмминкъийдæр æй, гъоцити нимæдзæ фæмминкъийдæр æй 17,0%, фустæ æма сæгъти нимæдзæ – 26,9%, мæргъти нимæдзæ ба 35,9% фæффулдæр æй. 2025 анзи январи-мартъий еугур хузти хæдзарæдтæ, ранимадмæ гæсгæ, æвгæрдунæн рауагътонцæ 8,2 мин тонни фонс æма мæргътæ (уодæгас уæзæй нимайгæй), 35,8 мин тонни æхсир, уæдта 18,8 миллион айки).
2025 анзи мартъий кæрони, фари хæццæ рабаргæй, фонс æма мæргътæ æвгæрдунæн (уодæгас уæзæй нимайгæй) рауагътонцæ 0,4%, æхсир – 16,4%, æйкитæ ба – 52,3% фулдæр.
2025 анзи январи-мартъий архайди еугур хузти кустуæтти автомобилон транспорти уæзти зелдохи бæрцæ рауадæй 2279,3 мин тоннæ-километри, гъома, 2024 анзи еци рæстæги хæццæ рабаргæй, 1,1% фулдæр. Еци рæстæгмæ бæлццæнтти зелдохи бæрцæ 7,9% фæмминкъийдæр æй.
2025 анзи январи-мартъий розници базаради зелдохи бæрцæ рауадæй 47230,4 миллион соми, гъома, фари хæццæ рабаргæй 105,3% (2024 анзи январи-мартъий – 106,6%). Базарадон косæндæнтти æма базари æндеггæй архайæг индивидуалон амалеуæггæнгути зелдохи бæрцæбæл бафтудæй 4,0%, розници базартæ æма армукъати ба товартæ уæйæгонд æрцудæй 8,8% фулдæр.
2025 анзи январи-мартъий æхсæнадон хуæлци зелдохи бæрцæ рауадæй 2488,9 миллион соми, гъома, фари хæццæ рабаргæй, рабаргæ æргътæй нимайгæй, 115,4%.
2025 анзи январи-мартъий оптон базаради зелдохи бæрцæ рауадæй 14573,0 миллион соми, гъома, фари хæццæ рабаргæй, 23,2% минкъийдæр.
2025 анзи январи-мартъий адæмæн æхцабæл лæггæдти зелдохи бæрцæ рауадæй 10783,4 миллион соми, гъома, фари хæццæ рабаргæй, 23,2% фулдæр.
2025 анзи мартъий кæрони, 2024 анзи декабри хæццæ рабаргæй, товартæ æма лæггæдти фæлхасадон æргътæбæл бафтудæй 3,0%, уой хæццæ хуайраги æргътæбæл – 4,4%, промышленнон товарти æргътæбæл – 1,4%, лæггæдти æргътæбæл ба – 2,5%.
Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Финансти министради бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, 2025 анзи январи-феврали республики еугонд бюджет æнхæстгонд æрцудæй 1031,5 миллион сомей бæрцæ кадавари хæццæ (2024 анзи январи-феврали ба – 27,5 миллион сомей бæрцæ профицити хæццæ). 2025 анзи январи-феврали кустуæтти рабаргæ финансон бæрæггæнæн (æфтуйагæй хæрзтæ рагæлдзгæй) æвæрцаг уагæй, æ бæрцæ адтæй 1062,8 миллион соми. 2025 анзи январи-феврали æфтуйагæй фулдæр ке хæрзтæ ’нцæ, 2025 анзи январи-феврали уæхæн кустуæтти бæрцæ, 2024 анзи январь-феврали хæццæ рабаргæй, 0,6 процентон хаййи фæмминкъийдæр æй æма рауадæй 38,4%.
2025 анзи январи-феврали хумæтæги рæстæмбес нимад мизди бæрцæ рауадæй 49129,3 соми, гъома, евгъуд анзи январи-феврали хæццæ рабаргæй, 15,6% фулдæр. Æцæг мизди бæрцæ рауадæй 105,5%.
Ке æмгъуд райевгъудæй, экономикон архайди æртæстгонд хузти косæндæнтти мизди уæхæн ихæс (минкъий амалеуæгади субъекттæй фæстæмæ), аци ихæси туххæй бæрæггæнæнтæ бавдесæг косæндæнтти 2025 анзи 1 апърели нæ адтæй.
2025 анзи январи-феврали цæргути нимæдзæй фæгъгъудæй 180 адæймаги, 2024 анзи январи-феврали ба – 130 адæймаги. Райгурæг сувæллæнтти нимæдзæ фæмминкъийдæр æй 5,1%, рамæлæг адæми нимæдзæ ба рауадæй 0,7% минкъийдæр. Рамæлæг адæми нимæдзæ рауадæй райгурæг сувæллæнтти нимæдзæй 16,4% фулдæр, фари хæццæ рабаргæй, январи-феврали ба – 11,3% фулдæр. 2024 анзи январи-феврали хæццæ рабаргæй арæзт къайæдти нимæдзæ 12,9% фæффулдæр æй, ихæлд къайæдти нимæдзæ ба 43,4% фæмминкъийдæр æй.
2025 анзи мартъий кæрони Республикæ Цæгат Иристон-Аланий адæмæн кустдæттæг Комитети регистрацигонд æгуст адæми нимæдзæ рауадæй 1938 адæймаги, гъома, фари хæццæ рабаргæй, 22,7% минкъийдæр. 2025 анзи феврали кæрони косæг адæми нимæдзæй официалон уагæй регистрацигонд æгуст адæми бæрцæ рауадæй 0,6%, 2024 анзи амунд рæстæг ба – 0,8%.
«Цæгат Кавказстат»-и Республикæ Цæгат Иристон-Аланий управлени