27 декабря 2024

АБОНИ ДÆР МА СИ ЗÆРДРОХС АН…

25.11.2020 | 15:35

Мæнæ дæлдæр ци æрмæг мухур кæнæн, уой нæмæ редакцимæ  æрбахаста Дзæуæгигъæуи Централон киунугæдони инновацион-методикон хайади сæргълæууæг Хутъиати Зойæ. Куд нин радзурдта, уотемæй финсгæ ба ’й никкодта сæ киунугæдони косæг Къæбулти-Текъойти Тамилæ. Æма ни Зойæ ракурдта, цæмæй æй ниммухур кæнæн нæ газети: «Аци финстæг ка бакастæй, уони зæрдæмæ хъæбæр фæццудæй, Тамилæ æ хъиамæтгун мадæ Зæгæлти-Текъойти Ленки туххæй куд зæрдæбунæй ниффинста, е. Æма ’й сумахмæ, редакцимæ дæр мæхе æма уони фæндонæй æрбахастон: еуеумæй, еци мадæ уой аккаг æй, цæмæй æй æ хуарздзийнæдтæй адæм зононцæ, иннемæй ба, уой дессаги уодиконд кæмæндæрти кæд  зунди хуарзæн исбæззидæ…» Æма син сæ еци курдиадæ æнхæст кæнæн…

 

КЪÆБУЛТИ-ТЕКЪОЙТИ Тамилæ, Цæгат Иристони культури æскъуæлхт косæг

Æз дæр, æнæ мадæй райзайуни зин ка бавзурста, уонæй дæн… Æноси цуппæрæймаг хай райевгъудæй, мæ уарзон мадæ æ уæлзæнхон цардæй ку рахецæн æй æма е ’носон дуйнемæ ку банæхстæр æй, уæдæй. Фал уæддæр абони дæр ма хъонцгæнгæй гъенцъун кæнун, еудадзуг æй имисун, æримисдзæнæн æй мæнæ хуцаубони дæр – Мади Бони.

Мæ абони дзубанди мæ фæндуй райдайун мæнæ ауæхæн цауæй. Цæугæ ба æркодта мæ мади рамæлæти фæсте еу дууæ къуæрей  ку рацудæй, уæд. Цæветтонгæ, гъе уæд дууæ зонгæ силгоймаги фембалдæнцæ æма сæ еу иннемæн дзоруй:

– Æрæги еу зиани адтæн æма уоми ци адæм æрæмбурд æй, уонæй  дессаги зæрдиаг дзубандитæ фегъустон, ка рамардæй, уой туххæй, æма уæд мæхецæн федарæй загътон: амæйфæстæмæ æз дæр, ци гæнæн æма мин амал уа, уомæй архайдзæнæн хуарз гъуддæгутæ кæнунбæл, цæмæй, еуемæй, адæми зæрдити уæхæн рæсугъд имисуйнæгтæ ниууадзон, иннемæй ба, мæ уæлзæнхон царди фæстаг бон мæ ме ’носон дуйнемæ фæндараст кæнгæй мæнæн дæр мæ хуарзи кой кæнонцæ…

Ке зиани адтæ, зæгъгæ, ’й ку бафарста иннæ силгоймаг, уæд ин загъта:

– Текъойти Зæгæлони,  æ ном Ленкæ.

Дуккаг силгоймагæн Ленкæ æ  хæстæг  разиндтæй, æ цардвæндаги хабæрттæ ин хуарз ка зудта, уæхæн. Æма ин уотæ ку зæгъидæ:

– Мæнæ хуарз уосæ, æгæр ферæгæмæ кодтай. Текъойти Ленкæ хуæрзæригонæй фæстæмæ хуарзи цудæй, æ агъаз гъæуагæ ка адтæй, уонæн…

Æма мæнæн дæр абони мæ дзубанди уой фæдбæл æй. Зæгæлти Къостани кизгæ Ленкæ Текъойтæмæ æрцудæй æхсæрдæсанздзудæй. Курдуати ма адтæй, уотемæй имæ æ фидæ фæдздзурдта æма ин, курд кæмæн адтæй, уой минкъий хуæрæмæ, еу аст-фараст анзи кæбæл цудæй, уæхæн куройнæдзау кизгæмæ байамонгæй, уотæ цубурæй загъта:

– Текъойти  къæсæрæй ци бон баковай, уомæй фæстæмæ ма аци сувæллони куройнæмæ цæугæ фæууидтон, зæгъгæ, уæд мин  дæ гурæй ирайгæ уо!..

Е Ленкæн адтæй, нæуæг хæдзарæмæ цæугæй, æ фиди фæдзæхститæй еу.

Ленкæ æ минкъий лæгихуæрæ Саринкъабæл уоййасæбæл æновуд адтæй, раст æхе сувæллони хузæн, седзæр сувæллон си мади рæвдуд базудта. Сæ карæмæ гæсгæ сæ астæу кæд уоййасæбæл берæ æнзтæ нæ адтæй, уæддæр æй Саринкъа нимадта æ мадæбæл. Фæстæдæр, рæстæг куд цудæй, уотæ ба дууæ хуæрей цард фæккодтонцæ.

Ленкæн æ сæри хецау Асæге æма æ хестæр æнсувæр Бидзеу еумæ цардæнцæ. Бидзеуæн адтæй æртæ сувæллони, æ бийнойнаг ба адтæй хъæбæр уæззау сæйгæ. Уомæ дæр, æ сувæллæнттæмæ дæр ин Ленкæ, цæйбæрцæ æ бон адтæй, уотæ кастæй. Уæдмæ æхецæн дæр цæуæт рацудæй, æма дууæ æнсувæрей сувæллæнттæ еумæ ирæзтæнцæ. Файностæ æ уæлзæнхон дуйнейæй ку хецæн кодта, уæд  ма æ фæстаг дзурдтæ адтæнцæ Зæгæлонмæ:

– Мæ сувæллæнттæ де ’уазæг…

Е адтæй евгъуд æноси 30-аг æнзти… Уæдæй фæстæмæ дууæ æнсувæрей цæуæт бацæнцæ Ленки евгед, сæ еугур дæр мадæн зудтонцæ Ленки, е дæр дусфæлдæхтæй архайдта сæ гъомбæл кæнунмæ. Æ теуи цæуæти уотæ æрбахæстæг кодта æхемæ, æма скъолай ахургæнгутæ, уæдта еуварсдæр синхти ка цардæй, етæ дæр æй бæлвурдæй нæ зудтонцæ, цæуæтæй ка кæци  æнсувæри æй, уой.

Ленкæн æ сæрихецау тракторбæл куста колхози, æма имæ мæ сувæллæнттæн хецæнæй хæдзарæ искæнон, зæгъгæ, фæндæ кæддæр ку фæззиндтæй, уæд æй Ленкæ  кой кæнун дæр некæд исуагъта, æз мæ мæгур седзæрти нецæй туххæй ниууадздзæнæн, зæгъгæ.

Еу седзæр дæр ма адтæй æнсувæрти барæ – Текъойти Сослæнбеги фурт Адулгерий. Уомæн дæр Ленкæ мадæ раййевунбæл архайдта. Аци бийнонти фæрци Адулгерий рабфаки исахур кодта, уæдта бабæй уони агъазæй Алма-Атай исахур кодта медицинон косæги дæсниадæбæл, иссæй  хуарз дохтир. Чиколай сæйгæдони берæ рæстæг фæккуста сæйраг дохтирæй, уой фæсте ба Ленинабадмæ рандæй. Æ фæстаг бони уæнгæ Иристони æ фидиуæзæгбæл нимадта Ленки хæдзарæ, фæлладуадзæнти иссæугæй дæр æ фусун ами адтæй.

Устур Фидибæстон тугъд ку райдæдта, уобæл еу анзи æрдæг рацудайдæ, уотемæй Асæгей рарвистонцæ фронтмæ, уæдта æнсувæри цæуæти хестæр Савелийи дæр. Асæге æртæ мæйей фæсте, 1942 анзи мартъий Ростови алфамбулай тугъдтити фæммард æй, Савелий ба 1944 анзи – Польший.

Зæгæлонæн гъе уæд ралæудтæнцæ æ зиндæр бæнттæ – тухкуст æма барст къæбæрæй сувæллæнттæ дарун. Уæддæр ин си уæлдай гъолон неке адтæй. Æ нартихуари кæрдзин син æмбæрцæй иурста, уой дæр уотемæй, æма фиццаг къæбæр райсуни барæ адтæй теуи фурт æма кизгæн – цæмæй уотæ маке бангъалдтайдæ, гъома, æхеуонтæн устурдæр хæйттæ равардта, зæгъгæ. Ескæцæй имæ ести дæрдгун уæледарæс ку æрбахауидæ, уæддæр фиццаг равзаруни барæ – уони.

Тугъдонти седзæргæстæ ци цард æма хъиамæттæ фæккодтонцæ, уомæн æвдесæнтæй нур дæр ма цардæгас беретæ ’нцæ, æма сæ сæ зæрдæбæл дарунцæ. Куд си гъæуама феронх уа, феврали еци арф метбæл, сæ къæхтæбæл айдагъдæр къимбус дзабуртæ, уотемæй нартихуар къохæй куд тудтонцæ. Уой хæццæ ба ма еци тухст рæстæги уæхæн карз фæткæвæрдтитæ адтæй, æма  колхози тиллæгæй еу нартихуари æфсерæ радавуни туххæй дæр ахæстдонæмæ кодтонцæ… Уæддæр аци  мæгуртæн æндæр гæнæн нæ адтæй, æма сæ рони къумти цидæртæ баримæхсиуонцæ,   се ‘стонг сувæллæнтти си ервæзун кодтонцæ.

Мæнæугæрдæнти даргъ бæнтти ба сæ сæрбæттæнти къумти бабæттиуонцæ, сæхецæн син бахуæрунæн ке радтиуонцæ, еци кæрдзини хæйттæ æма сæ изæрæй ба æрбахæссиуонцæ сæ седзæртæн… Ленкæмæ ба еци ихæстæ хаудтæнцæ дувæрæй.

Зуймон даргъ æхсæвти ба Ленкæ æ цъинда бийуйнаги кенæ е ′мпъозуйнаги хæццæ æрбадидæ, æхе дæр туххæйти ка гъар кодта, еци пеци фарсмæ, æ седзæртæ æ алливарс, уотемæй, æма къохтæ сæ куст кодтонцæ, сæр ба  мæтæй дунстæй æма  æ меднимæри цидæртæ гум-гум кодта. Сувæллæнттæй уотæ заргæ кæнуй, уæдмæ «зарун» тухгинæй-тухгиндæр кæнун байдайидæ æма разиннидæ гъарæнгæ… Ленкæ æхуæдæг куд кудтæй, сувæллæнттæ дæр уотæ… Гъе  уотемæй берæ æхсæвтæ æрвистонцæ.

Бидзеуæн æ дуккаг уосæ Тадеуонæй 1947 анзи райгурдæй фурт – Олег. Еу анзи фæсте фидæ рамардæй. Сувæллонæн къахæй рауайуни рæстæг ку æрцудæй, уæд рабæрæг æй, къахæй сахъат ке æй, е. Æма æ хæццæ дохтиртæбæл зелæг  дæр адтæй Ленкæ (Олегæн æхе мадæ хъæбæр сахъат адтæй). Уæдмæ Олегæн Евпаторимæ сувæллæнтти санаториймæ путевкæ равардтонцæ, æма ′й уордæмæ дæр, уруссаг æвзаг нæ зонгæй, Ленкæ фæхъхъæртун кодта.

Олеги мадæ Верæ рамардæй 1956 анзи. Биццеу бацудæй скъоламæ, æма Ленкæ æ кæстæр кизгуттæн бафæдзахста:

– Игъосетæ, – скъолай ку уа, уотемæй уаргæ ку кæна, уæд имæ, цит, фæццотæ æма ’й хæдзарæмæ исхонетæ…

Олег ахурмæ тулаваст адтæй, æвзестæ майдани хæццæ каст фæццæй астæуккаг скъола æма бацудæй фæсаууон ахурмæ  юридикон факультетмæ. Æнтæстгинæй æй каст фæццæй, берæ рæстæгути фæккуста слестгæнæгæй, прокурорæй Кирови, Ирæфи, Дигори районти.

Ленкæ æ уоди гъар æма æ бауæри тухæ æнæвгъауæй лæвардта æмхузæнæй, æнæ фæгъгъолон кæнгæй æхе цæуæтæн дæр æма æ теуи цæуæтæн дæр. Теуи цæуæтæй дууæ райстонцæ уæлдæр ахургонддзийнадæ, еу иссæй дæсни хуйæг. Ленкæн дæр æхе цæуæтæй еу райста уæлдæр, еу ба сæрмагонд астæуккаг ахургонддзийнадæ. Сæ кæцифæндидæр си адтæй æма æй адæми астæу нимад, хæрзæгъдау, æгадæдзийнадæ си æ сæрмæ некæд неке æрхаста. Сæ ниййерæг æма исхæссæг мади дæр рæвдудтонцæ, цалинмæ уодæгас адтæй, уæдмæ, некæд си некæмæй фæкъкъæндзæстуг æй.

Ленкæн тухст рæстæгути равгитæмæ гæсгæ æ къох кæд уоййасæбæл берæ нæ амудта, уæддæр уодиконд æма æ зундирахастæй ба хъæбæр берæ цæбæлдæрти хъæрдтæй. Е бæрæг адтæй уомæй дæр, æма адтæй хеуæнтти кæрæдзебæл бæттæг, ци муггагмæ æрцудæй, уой уарзта, æ алли гъуддаги дæр си цудæй разæнгардæй, уой ба муггаги астæу куд нæ нимадтайуонцæ, адтæй нимад адæймаг.

Фондз æма инсæй анзи рацудæй, Ленкæ æ уæлзæнхон цардæй ку рахецæн æй, уæдæй… Фал ма ′й ка  æрæййафта, ка ’й зудта, етæ ба ′й сæ зæрдæбæл дарунцæ. Хуарз адæймаг æ хуарз гъуддæгутæй уæлæбæл фарнæ уадзуй æма ’й адæм дæр нæ иронх кæнунцæ берæ рæстæгути.

Уомæ гæсгæ ба мæ абониккон радзубандий кæронбæттæни ма уой зæгъуйнаг дæн, æма мæнæ райдайæни ци дууæ силгоймагей кой ракодтон, етæ раст æнцæ: сæ еу уомæй, æма адæм ди цæмæй арфиаг уонцæ, уой туххæй архайун гъæуй ести хуæрзти син бацæунбæл, иннæ ба уомæй, æма уобæл архайун гъæуй сауæнгæ хуæрзæригонæй фæстæмæ. Æма еудадзугдæр дæ зæрдæбæл дарæ, аци дуйнебæл еунæг ке нæ дæ æма, дæ цардиуаги гъуддæгутæ циуавæр æнцæ, уой дин дæ рæбун дзиллæ æргомæй уинунцæ, аргъ син  кæнунцæ. Гъе уой гъæуй лæдæрун æма си хатдзæгтæ кæнун… Сæйрагдæр ба – нæ хъиамæтгун мадтæлтæ сæ цардиуагæ федауцæ æгъдæуттæ æма фæткитæмæ гæсгæ ке аразтонцæ, уой зæрдæбæл дарун æма сæ уомæй фæнзун.  Сæ хуарздзийнадæ махæн нæхецæн дæр пайдахæссæг уодзæнæй, иннемæй ба, абони си цардæгас ка нæбал æй, уонæмæ е се ’носон дуйнемæ уодæнцойнæ хъæртун кæндзæнæй.