26 декабря 2024

АДТÆЙ ЗÆРДХÆЛАР ÆМА РÆДАУ АДÆЙМАГ…

05.10.2024 | 22:48

Иристони зонадон æма исфæлдистадон интеллигенций номдзуддæр минæвæрттæй еу, Галати Александри фурт Бариси райгурдбæл ауалдзæги, 10 мартъий æ райгурдбæл исæнхæст æй финддæс æма æхсæзинсæй анзи (1889-1974). Уой фæдбæл æрмæг мухургонд æрцудæй нæ газети аци анзи 14-аг номери. Абони ба ма ’й имисæн уомæ гæсгæ дæр, æма, Дзæуæгигъæуи кæддæр ци хæдзари цардæй, уой фарсбæл ин æрæги æвæрд æрцудæй къæйдорæйгонд мемориалон фæйнæг, уомæ гæсгæ ба мухур кæнæн еума æрмæг Галай-фурти туххæй 3-аг фарсбæл.

 

Иристони дзилли цалдæр фæлтæремæн Галати Александри фурт Барис хуарз зундгонд æй – куд нæ зонадон æма исфæлдистадон интеллигенций хуæздæр минæвæрттæй еу, искурдиадæгин композитор, нæ национ музыкалон культури æвæллайгæ æртасæг, зундгонд æхсæнадон архайæг.

Ци алæмæти гъуддæгутæй фескъуæлхтæй, уони банимайунæн берæ рæстæг æма бунат багъæудзæнæй. Уогæ фагæ уодзæнæй уотæ зæгъун, æма Галай-фурти номи хæццæ баст æнцæ нæ национ музыкалон аййевади алæмæти райрæзти æма нæ адæми музыкалон  исфæлдистади æвдесæнтæ æмбурд кæнуни фарстатæ. Е фæззилдæй Иристони берæ кæмтти цæргутæбæл æма æрæмбурд кодта нæ адæмон музыки мелодитæ, æма уой фæрци агъазиау бундор æвæрд æрцудæй еци къабази зонадон куст бундоронæй æнхæст кæнуни архайдæн. Зæгъун æнгъезуй уотæ, æма бæлвурдæй уой зонадон куститæ над исаразтонцæ нæ адæмон музыкалон исфæлдистадæ ахур кæнунæн.

ГАЛАТИ Барис музыкалон æрмæгути архиви.

Галати Барис райгурдæй æма исгъомбæл æй Мæздæги райони, фал æ баргъон цардвæндаги берæ æнзти дæргъи ба цардæй æма куста Хонсар Иристони. Нæ номдзуд композитор æма музыкалон архайæги хуарз зудта æма ин фæстæдæр æ исфæлдистадон архайди хабæрттæ æма цаутæ бундоронæй æрлæмбунæг кодта уæди ахурдзау, фæстæдæр ба игъустгонд ахургонд, Хонсар Иристони наукон-æртасæн институти археологи æма этнографий хайади сæргълæууæг, историон наукити доктор Республикæ Хонсар Иристони наукити æскъуæлхт архайæг Гаглойти Зинæ. Мæнæ е куд имиста:

– Галати Барис æй вокалон-инструменталон æма зартæгæнгути уадзимисти автор, кæцитæ финст æма арæзт æрцудæнцæ нæ адæмон музыкалон фольклори бундорбæл. Е бакуста берæ адæмон зартæбæл. Уони хæццæ ’нцæ «А-лол-лай», «Айс æй, аназ æй», «Æфсати» æма æндæртæ. Етæ хаст æрцудæнцæ Хонсар Иристони зартæгæнгути æма кафгути паддзахадон ансамбль «Симд» æма хехъæппæресадон зартæгæнгути репертуартæмæ. Барис музыкæ финста Къостай номбæл драмон театри спектакльтæн дæр.

Хъæбæр æновудæй балæггæдтæ кодта Хонсар Иристони музыкалон кадртæ гъомбæл кæнуни гъуддаги дæр. Галай-фурт Цхинвали цардæй 1931 анзæй фæстæмæ. Е бундор ниввардта ами музыкалон скъолайæн, куста си ахургæнæгæй æма директорæй дæр. 1931 анзæй 1951 анзи уæнгæ адтæй Хонсар Иристони драмон театри дирижер дæр æма директор дæр.

Галай-фурт устур æвæрæн бахаста Хонсар Иристони зар æма кафти паддзахадон ансамбль «Симд» исаразуни гъуддагмæ (1938 анзи). Адтæй æ æнæраййевгæ аййевадон разамонæг æма дирижер сауæнгæ 1952 анзи уæнгæ. Ансамбли адтæй сæдæ адæймагемæй фулдæр, уони хæццæ хори, национ инструментти оркестри æма кафгути къуæрттæ дæр.

Хонсар Иристони наукон-æртасæн институти косгæй, Галати Барис Иристони къумти  фæззилдæй, нæ адæми музыкалон исфæлдистади æвдесæнтæ æрæмбурд кæнуни зæрдтæй, æма уотемæй ци берæ æрмæгутæ æрæмбурд кодта, уони фулдæр хай хаст æрцудæй æ монографи «Осетинские народные песни»-мæ.

Киунугæ уагъд æрцудæй Мæскуй 1964 анзи. Æ монографий лæмбунæгæй æвзурст цæунцæ ирон адæмон музыкалон элементтæ. Автор куд финсуй, уотемæй адæмон музыкалон уадзимистæ дех кæнунцæ æртæ жанрон къуаребæл: зартæ, гъарæнгитæ æма кадæнгитæбæл. Аци æртæ жанрон номхигъди ма адæмон терминологий æнхæстгонд цæунцæ цуппæрæймагæй – кæфтитæй.

АБАЙТИ Васо (галеуæрдигæй), ÆМБАЛТИ Цоцко æма ГАЛАТИ Барис.

Автор ирон адæмон зарти сæ гъудимæ гæсгæ дех кæнуй ауæхæн хузтæбæл: 1. Историон (Чермени, Таймурази зар); 2. Революцион (Харебати Исахъи, Дриати Антони); 3. Героикон зартæ. (Етæ сæрмагонд бунат ахæссунцæ ирæнтти адæмон зарти исфæлдистади); 4. Эпикон зартæ – нарти эпоси хъайтартæбæл конд зартæ гъесин фæндури хæццæ; 5. Фæллойни зартæ (æхсæдуни зар, хуасгæрдгути зар); 6. Киндзæхсæвæри зартæ. Аци зартæ æнхæст кæнунцæ айдагъдæр нæлгоймæгтæ, сæйрагдæр киндзæ ласуни рæстæги надбæл цæугæй; 7. Финги уæлгъос зартæ, кæцитæ фулдæр æнхæстгонд фæццæунцæ фингæбæл бадгæй; 9. Симди (плясовые) зартæ, кæцитæ æнхæстгонд цæунцæ æмдзæгъдæй; 10. Уарзти зартæ (Кизги зар); 11. Силгоймаги лирикон зартæ (Софяй зар).

Монографий мухургонд æнцæ зундгонддæр адæмон зарти нотитæ, уæдта еу кенæ инней зари истори дæр. Уæлдай лæмбунæгдæрæй си дзубанди цæуй нæлгоймæгти хуари зарти туххæй. Уони æнхæст кæнунцæ айдагъдæр нæлгоймæгтæ æнæ музыкæй еуæй-еу кæфтитæ, зартæй æндæр. Барис куд финсуй, уотемæй еуæй-еу зартæ æнхæстгонд цæунцæ алли æууæлти, алли рæстæги дæр. Иннетæ ба айдагъдæр бæрæг æууæлти, хецæн, сæрмагонд рæстæги.

Галати Барис устур лæггæдтæ фæккодта Хонсар Иристони зарти культури ирæзтæн. Уой хъæппæресæй арæзт æрцудæнцæ Сталинири пединститути, культури Хæдзари æма æндæр косæндæнтти хори коллективтæ. Бариси комкоммæ архайдæй арæзт æрцудæнцæ адæмон музыкалон инструментти оркестртæ.

Е устур гъомбæладон куст кодта фæсевæди æхсæн музыкалон культури æма лæдæруни ирæзти гъуддагбæл.

ГАЛАТИ Барис æ ахурдзаути хæццæ.

Бариси монографий лæмбунæгæй æвдист цæунцæ нæ адæмон кæфтитæ. Автор куд зæгъуй, уотемæй  зундгонддæр æма рагондæр фæткон (обрядовые пляски), симд «Цоппай» æма «Чепена» æнхæстгонд фæццæунцæ айдагъдæр хори зарти хæццæ. «Симд» ба æнхæстгонд æрцæуй зари æма музыки хæццæ. «Симд» æ рæсугъддзийнадæй фиццаг бунат ахæссуй ирон адæмон кæфтити ’хсæн (Осетинские народные песни. М. 1964. 43 ф.). Автор финсуй рагон кафт «Нæртон симд» (Æддæгуæле кафт) – еуетæ иннети усхъитæбæл ку ислæуунцæ æма уотемæй дууæ рæнгъемæй ку фæссемунцæ, уой. Монографий лæмбунæгæй æвдист цæунцæ ирæнтти адæмон музыкалон иструменттæ. Уони хæццæ гъесин фæндур (цæгъдунцæ ибæл нæлгоймæгтæ); далафæндур; дууадæстæнон фæндур; уадиндзæ; стъили; федеуæг – гали, фури кенæ ба дзæбодури сикъайæй конд; къæрцгæнæн (кастаньет); ирон хъандзал фæндур. Галати Бариси кусти устур нисанеуæг ма уой медæгæ ’й, æма си ке дæттуй зартæгæнгути, кафгути æма музыкалон инструментти иллюстрацитæ.

…Галати Барис Цхинвали Пушкини гъæунги ци хæдзари цардæй, уоми имæ фæууинæн адтæй нæ адæмон музыкалон инструментти хузæгтæ. Æ дуæрттæ аллихатт дæр адтæнцæ игон музыкæ уарзгутæн. Ардæмæ цудæнцæ айдагъ ансамбль «Симд»-и солисттæ нæ, фал ма еугур интеллигенций минæвæрттæ дæр. Е сæ зæрдиагæй зонгæ кодта æ нæуæг музыкалон уадзимисти хæццæ.  Культурон æгъдауæй адтæй хъæбæр уозæлагæ æма уарзон адæймаг. Æ ахургæнуйнæгтæ абони разамунд дæттунцæ зартæгæнгути æма кафгути хехъæппæресадон ансамбльтæн. Æ зартæ ин кæнунцæ бæрæгбæнтти. Хуарз æй ка зудта, еци хестæр фæлтæр ин æхцæуæнæй имисунцæ æ ном. Е адтæй æ адæми устур патриот. Уадзæ æма ин кæстæр фæлтæр дæр зононцæ æ лæггæдтæ. Хуарз уайдæ, æма ин Цхинвали Пушкини гъæунги ци хæдзарæ адтæй, уоми æ музей арæзт ку ’рцæуидæ, уæд.

ХУРИТИ Гиви (1947-2010), журналист, финсæг