Æ ЛÆГГАДÆ – ÆНÆГЪÆНÆЙДÆР НÆ АДÆМÆН, НÆ ИРИСТОНÆН!..
Иристони дзиллæ хъæбæр зæрдристæй хъонц кæнунцæ уæззау цауи фæдбæл – æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй Республикæ Цæгат Иристон-Аланий адæмон артист, Республикæ Хонсар Иристони æскъуæлхт артист, телеуинунади равдиститæ номдзуд амонæг Дудиати Дзамболати фурт Валоди.
Дудиати Валоди æ царди фулдæр æмбес лæггадæ кодта нæ дзиллитæн, алкедæр ни æй нимадта æ бийнонти иуонгбæл. «Уе ’зæр хуарз, хъазар æмбæлттæ! Косуй Цæгат Иристони телевизион студи…», зæгъгæ, ку райгъусидæ æ фæлмæн гъæлæсиуагæ, уæд адæм сæ цийфæнди куститæ дæр ниууадзгæй, æрбадиуонцæ сæ телевизорти размæ æма зæрдиагæй игъустонцæ, Валоди син ци хабæрттæ кæнидæ, уонæмæ.
Куд профессионал, уотæ ин аргъ нæ адтæй. Уотид амонæг нæ, фал куд æцæг ирон лæг, уотæ рæстзæрдæй лæдæрдтæй æ ихæстæ адæми размæ æма сæ æнхæст кодта æ царди фæстаг бæнтти уæнгæ. Е ’мкосгути хестæр æма кæстæр фæлтæри диктортæй, амонгутæй, техникон косгутæй, уотæ некæд неке загътайдæ æма зæгъдзæнæй, Валоди мæмæ зулун цæстæй ракастæй, кенæ еске зæрдихудт æрхаста, зæгъгæ. Адтæй алæмæти фæлмæнзæрдæ æма ауодагæ адæймаг.
Дудиати Валоди нæ республики телеуинунади кустмæ устур æвæрæн бахаста, æма æ берæ хъиамæттæ æнæргъудийæй нæ байзадæнцæ: хуарзæнхæгонд æрцудæй бæрзонд паддзахадон хуæрзеугутæй. Фал ин уæддæр сæйрагдæр хуæрзеуæг ба адтæй адæми уарзондзийнадæ æма нимайундзийнадæ
* * *
Нæ рагфидтæлтæ хумæтæги нæ зæгъиуонцæ, хуарзæй, дан, хуарз зæгъун гъæуй, уомæн æма е нæ адæми фарнæ ’й. Еци загъд цæйбæрцæбæл раст æй, уомæн ирд æвдесæн æй Дудиати Дзамболати фурт Валодий карнæ – нæ бон федарæй уотæ зæгъун æй, æма е айдагъ Дудиати муггаги нæй, фал æнæгъæнæ Иристони кадгиндæр фурттæй еу. Алли хæдзари дæр ибæл уотæ исахур æнцæ, æма, цума сæхе бийнонтæй æй, уотæ ’й нимайунцæ. Баруагæс уи уæд, е устур амонд æй, адæми уарзондзийнадæй, – хуæрзеугути хуæрзеуæгдæрæй – фæххайгин ун.
Валодий æнæкæрон уарзтæй уарзунцæ кæстæрæй хестæри уæнгæ фæлтæртæ, æ гъæлæс ин базондзæнæнцæ мингай гъæлæсти астæу дæр. Мадта гъæунги ку рацæуй, уæддæр æй уайтæккæ базонунцæ. Хумæтæг дзурдтæй радзорæн нæййес Валодий туххæй. Зин æй уæхæн дзурдтæ иссерун, цæмæй ин æ уодиконд æма хæларзæрди рахастдзийнадæ æнхæстæй равдистæуа…
Дудиати Валоди райгурдæй Иригъæуи 1937 анзи. Дзæуæгигъæуи 13-аг скъола каст фæууогæй куста нæуæгдзаути раздзæуæгæй. Уæдма ба имæ фæдздзурдтонцæ Советон Æфсади рæнгъитæмæ. Денгизон флоти службæ кодта æма аци рауæн æ хуарз æма фæнзуйнаг менеугути туххæй райста æ царди фиццаг хуæрзеуæг. Æфсадæй ку æрæздахтæй, уæд куд нæ расагъæс кодтайдæ æ царди идарддæри хабæрттæ аразунбæл. Уотæ рауадæй, æма еци рæстæг сæмæ Хонхи Дæргъæвсæй æ мади æрвадтæлтæй дууæ кизги иуазæгуати адтæнцæ. Сæ фæндæ адтæй ахур кæнунмæ медицинон училищемæ бацæун. Валоди дæр, е ’фсæддон дарæс нæма раййивта, уотемæй е дæр æ гæгъæдитæ уордæмæ балæвардта. Æнтæстгинæй фæлварæнтæ равардта æма иссæй еци ахургæнæндони студент. Ахури фæсте куста фельдшерæй Дзæуæгигъæуи тагъд агъази станций. Цал æма цал сæйгемæ фæттагъд кодта еци рæстæг Дудий-фурт? Æвæдзи, Хуцауæй ин лæвæрд адтæй цæргæ-цæрæнбæнтти адæмæн нифс æма уодæнцойнæ дæттун. Куста уазалгæнæн комбинати медпункти сæргълæууæгæй дæр. Кæд медицини дæсниадæ равзурста, уæддæр æ устурдæр бæлдæ ба адтæй театралон аййевадæ. Фал æ ниййерæг мадæн æ зæрдæмæ нæ цудæй, æ фурт театрмæ ке бæллуй, е.
Валоди уæлдай æновуд адтæй æ мадæбæл, дуйнебæл ин уомæй хъазардæр адæймаг нæ адтæй. Æ имисуйнæгтæ дæр фулдæр уой туххæй уиуонцæ. Кæддæр ракодта мæнæ ауæхæн цауи кой дæр:
– Минкъий ма адтæн, уотемæй æндегæй гъазгæй исæстонг дæн. Медæмæ бауадтæн æма мæ мадæй хуæруйнаг ракурдтон. Е мин мæ рази хъæдори къос æрбайвардта, æз ба хъæдорæ некæд уарзтон æма ин ку нæ бакумдтон бахуæрун, уæд мæ фæстæмæ æндæмæ рарвиста, цо æма бал, дан, рагъазæ, ку исæстонг уай, уæдта æрбацо, зæгъгæ. Æцæгæйдæр, хъæбæр ку исæстонг дæн, уæд хъæдори къос æнæгъæнæй дæр фæддæллæй кодтон. Уæдæй фæстæмæ хъæдорæ мин иссæй мæ уарзон хуæруйнаг.
Мадта имæ сæхемæ иуазæгуати ка бацæуидæ, уомæн дæр сæ дзубандий рæстæг æ мади кой æнæ ракæнгæ нæ фæууидæ. Къарти альбоммæ кæсгæй дæр æ мадæ Маняй къарæ фæххецæн кæнидæ, æма æ медгъудити бацæугæй, берæ имæ фæккæсидæ. Æ мади къохти фæд ци дзаумæуттæбæл байзадæй, етæ ин адтæнцæ адгин æма хъазар. Æ цæргæ-цæрæнбæнтти сæ цæстигагуй хузæн гъæуай кодта.
Валоди, ку зæгъæн, дохтири кустæй арази адтæй, фал ирисхъи фæндтæ ци ’рдæмæ фæззелдзæнæнцæ, уомæн ба базонæн нæййес. Еци рæстæг (1962 анзи) нæ республики байгон æй нæ телеуинунади студи. Багъудæй си аллихузон косгутæ. Æма диктори бунатмæ бацæунмæ ка гъавта, уони ’хсæн исаразтонцæ æркаст. Конкурси архайунмæ фæрразæнгард æй Дудиати лæхъуæн дæр. Телестудий диктори хуæдæййевæг Дзæгъиати Григори æй рафарста, иронау дзорун зонуй æви нæ, уомæй Григори, æвæдзи, нæ зудта, æма маддæлон æвзаг Валодийæн æ тогдадзинтти кæдзосæй ке цудæй. Маддæлон æвзагбæл æй университет нæ исахур кодта, фал игъуста ирон дзурд æ фиди хæдзари, æ уарзон, Хетæгкати Къостай номбæл 13-аг скъолай.
– Еци бон ма хуарз гъуди кæнун, – имиста Валоди. – Григори фæдздзурдта Мерденти Юриймæ æма ин загъта, цæмæй мæмæ æ цæстæ фæддара. Еу хатт ма мин текст бакæсун кодтонцæ… Цидæр адтæй, уæддæр мæ уæд кустмæ дикторæй райстонцæ.
Æнцон кæми адтæй фиццаг бæнтти æвæлтæрд æригон лæхъуæнæн, фал алцæмæн дæр рæстæг гъæуй. Валоди райста фиццаг, дуккаг æма æртиккаг уæлдæр категоритæ. Е ’нтæстгин кусти туххæй ин 1966 анзи хуæрзеуæг дæр ма лæвæрд æрцудæй – Кади гæгъæди.
Дудиати Валоди телеуинунади косгæй, фиццаг æнзти уарзта музыкалон равдиститæ аразун, интервьютæ есун, фал ибæл æнзтæ куд фулдæр цудæй, уотæ е ’ргом раздахта политикон-информацион хабæрттæмæ. Тедтойти Земфирæ адтæй æ фиццаг æмгустгæнæг, уой номи хæццæ æ зæрди берæ рæсугъд имисуйнæгтæ байзадæй.
– Уогæ æз телеуинунадæмæ æрбацудтæн Березовскаяйи бунатмæ. Е æ лæги хæццæ Иристонмæ иссудæй Харьковæй. Фал гъуддаг уотæ рауадæй, æма Березовская телеуинунадæй рандæй, – имиста Валоди.
Гъе уотемæй Дудиати лæхъуæн телеуинунади хæццæ æ карнæ исбаста – куд нæ иннæ искурдиадæгин диктортæ Мамсурати Тасолтан, Хъулати Земфирæ æма Абойти Риммæ, уотæ.
Сауæнгæ мæскуйаг профессионалтæ, еци æнзти хъæбæр устур цæстиварди ка адтæй, етæ дæр ма дес кодтонцæ, минкъий Иристони цубур рæстæгмæ дикторти тухгин скъола ке исирæзтæй, уобæл. Уой хæццæ ба ма си сæрмагондæй дикторбæл ахур неке искодта, уотемæй.
– Æз мæ царди фулдæр хай, мæ хъауритæ, мæ гæнæнтæ æма равгитæ равардтон Иристони телеуинунадæн æма мин арфиаг кадæ искодта. Некæд загътон, бафæлладтæн, сæйгæ дæн, нæмæ евдæлуй, равдист мæ зæрдæмæ нæ цæуй, зæгъгæ, – дзоридæ Дудий-фурт..
Бæрнондзийнадæ Валодийæн алкæддæр æ тоги адтæй. Æма айдагъ бæрнондзийнадæ нæ, фал ездондзийнадæ, æфсармæ æма рæстзæрдæдзийнадæ дæр. Валоди иссæй нæ еугуремæн дæр хуарз хæлар, дæ рист, дæ цийнæ дин ка балæдæрдзæнæй, дæ сосæгдзийнæдтæ кæмæн раргом кæнай, уæхæн адæймаг.
– Бафæлладтæн æви нæ, зæгъгæ, мæхемæ аци фарста некæд равардтон. Уомæн æма мæ некæд райевдалдæй уæхæн гъудитæмæ. Еудадзуг мæ сагъæс фæууй мæ кусти рæдуди хабарæй маци рауадзон, ма бакъулумпи кæнон куст.
Дудиати Владимир иссæй нæ республики телеуинунади цæсгон. Уой фæлтæрддзийнадæ æма арф зонундзийнæдтæ устур агъаз адтæнцæ æма, æруагæс ни кæнуй, идарддæр дæр уодзæнæнцæ аци къабази косæг нæуæг фæлтæртæн дæр.
Дудиати Валодийæн алкæддæр бæрзонд кадæгонд цудæй Цæгат Иристони. Æ юбилейтæй еуей фæдбæл ин Тæбæхсæути Балой номбæл Ирон театри ци цитгингæнæн мадзал исаразтонцæ, уой ма абони дæр, махмæ гæсгæ, беретæ гъуди кæндзæнæнцæ. Уæд уордæмæ хъæбæр берæ адæм ке ’рбацудæй, е уобæл дзорæг æй, æма нæ уарзон дикторæн алке дæр фæндадтæй зæрдиаг арфитæ ракæнун, æ цийнæбæл ин бацийнæ кæнун. Залмæ ку ’рбахизтæй, уæд адæм еугурæй дæр исистадæнцæ æма ин исаразтонцæ дæргъвæтийнæ æрдзæф. Алкедæр ин лæвар кодта деденгути баст. Изæр рауадæй хъæбæр рæсугъд æма зæрдæмæдзæугæ. Адтæй си, æ цæстисуг ка нæ бауорæдта, уæхæнттæ. Етæ адтæнцæ цийни цæстисугтæ, уарзон адæймаги фæууингæй.
Изæр райдæдта, Цæгат Иристони телерадиокомпани ке бацæттæ кодта, еци документалон кинонивæй. Æвдист си цудæнцæ нæ номдзуд диктори цардвæндаги æма исфæлдистади архайди цаутæ æма хабæрттæ.
Нур ба нæ фæндуй дзурди барæ раттæн, Дудиати Валодий хæццæ берæ æнзти дæргъи зæрдиагæй ка фæккуста, уонæн.
ХЪУЛАТИ Земфирæ, диктор:
– Кæстæр фæлтæр абони устур аргъ кæнунцæ, телеуинунади равзурди хæццæ сæ нæмттæ баст кæмæн æнцæ, еци хестæртæн. Æма сæ фиццæгти хæццæ уæхæн арфитæй æримисуни аккаг æй Дудиати Валоди. Мæ бон æй федарæй уотæ зæгъун, æма е æй нæ адæмихатти уодварни цæсгон, нæ адæми сæрустурдзийнадæ æй. Æхуæдæг, баруагæс уи уæд, уотæ некæд гъуди кодта, фал æцæгæй уотæ ке æй, уой ба мах сумах хæццæ бæлвурдæй зонæн. Берæ рæстæгути еумæ косгæ ни рауадæй, æма мин æнсувæри хузæн иссæй. Валоди алкæддæр лæдæрдтæй адæймаги уавæр, æма кæд æхуæдæг дæр зиндзийнæдтæ фæууидта, уæддæр сæ телевизормæ кæсæг некæд æрлæдæрдтæй.
АБОЙТИ Риммæ, диктор:
– Дикторæй косун радиой райдæдтон. Уоми мин нифсдæттæг адтæнцæ Александр Лапис æма Цæкулон. Телеуинунади ба мин цæстуарзон агъаз кодта Дудиати Валоди. Æ рази æз мæхе нифсгундæрæй æнкъардтон, федарæй зудтон, мæ тухст рæстæги мæмæ Валоди ке фæззиндзæнæй, уой. Ци дессаги адæймаг адтæй, уогæ ба, Дудий-фурт! Алли адæймаги хæццæ дæр е иссеридæ еумæйаг æвзаг, Иристони æй кæстæрæй-хестæри уæнгæ уарзтонцæ æма нимадтонцæ. Æз нæ гъуди кæнун, Валоди ескæд еске циуавæрдæр дзурдæй дæр бафхуардта, зæгъгæ, уой. Некæд неке зæрдихудти бацудæй, некæд неке фæддæлдæр кодта. Агъазмæ имæ беретæ сæхе бахатиуонцæ, сауæнгæ, иссерæн кæмæн нæ уидæ, уæхæн хуасти фæдбæл дæр æма син иссеридæ.
Цийфæнди зин уавæрти дæр бæрнондзийнадæ æхемæ райсидæ. Еухатт æз кустмæ бæрæг бæлвурд рæуонæмæ гæсгæ æрæги кодтон. Батухстæн, сагъæсæй мæ уоди нарæги бацудтæн. Æма телефонæй бадзурдтон Валодимæ. Е мæмæ байгъуста æма мин уотæ: «Мацæбæл тухсæ, æз нуртæккæ не ’мкосгутæй еске райагордзæнæн. Ку неке иссерон, уæдта мæхуæдæг рацæудзæнæн эфири». Уотемæй, æ тæвдæ бæрзонд, уæхæн сæйгæ уогæй тагъд-тагъдæй æрбахъæрттæй студимæ æма эфир байгон кодта. Уæдмæ æз дæр фæззиндтæн.
Валоди, мæнмæ гæсгæ, айдагъ телеуинунади федауцæ нæ адтæй, фал ма æй балций нæ алке хæдзарæмæ дæр сугъзæрийнæ тунæ уафуни хузæн фарнæ хæссæг дæр. Дессаг дæр æй, еу адæймаги уодиконди уойбæрцæ хуарз менеугутæ куд бацудæнцæ?
Уотæ фæззæгъунцæ, экран адæймаги уодигъæдæ æвдесæг айдæнæ æй, æма Иристони телеуинунади экрани мах дæр уидтан Дудиати Валодий ездондзийнадæ, æфсармæ, хебæлхуæцгæ æма æ адæммæ æгæрон уарзондзийнадæ. Кæдзосзæрдæ æма æнæхийнæ, уæхæнæй зудтон æз Валодий. Берæ æнзти дæргъи еумæ бакустан, æма еци æнзтæй еунæг бон дæр маст нæ фæууидтон.
Иристони алли хæдзари дæр уотид хъазар иуазæг нæ адтæй, фал ма хе бийнонти иуонги хузæн. Алли равдисти фæсте дæр Валоди алкæддæр е ’мкосгутæн арфæ кодта. Мæ цубур радзубандий æз дæр зæгъдзæнæн: «Арфæ дин кæнун, Валоди, не ’мгустади туххæй…» Кæд мæ æ æносон дуйнемæ фегъосидæ…
Кæддæр Валоди уотæ загъта:
– Берæ аллихузон хуæрзеугута мин аккаггонд æрцудæй дæр райстон, уæхæн æгъдауæй гъæстаг нæ дæн …Фал мин уонæй хъазардæр æма зæрдтагондæр ба æнцæ, нæ адæми арфитæ. Етæ мæ ихæсгин дæр кæнунцæ, уæдта разæнгардгæнæг æма нифсдæттæг дæр мин æнцæ…
Æ аци загъд ин æримисгæй, уой зæгъуйнаг ан, æма æ рохс ном нæ дзиллити зæрдити æносон уодзæнæй, æма ин е ба уодæнцойнæ хæсдзæнæй е ’носон дуйнемæ уодæнцойнæ хæсдзæнæй…
Газет «Дигори» редакций коллективи номæй æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта БИЧИЛТИ Алетæ.
Æ РОХС НОМ ÆНОСТÆМÆ ЦÆРДЗÆНÆЙ НÆ ЗÆРДИТИ
Дудиати Дзамболати фурт Владимири рамæлæти фæдбæл хъæбæр хъонцгæнгæй ратæфирфæс кодтонцæ нæ республики разамонгутæ Сергей Меняйло, Тускъати Таймораз æма Дзанайти Барис. Сæ тæфирфæси финстæги загъд ес: «Иристони национ культурæбæл æрцудæй устур зиан. Æ уæлзæнхон цардæй æ 88-аг анзебæл рахецæн æй иристойнаг телеуинунади кадæ, цæхæркалгæ телеамонæг, Цæгат Иристони адæмон артист, Хонсар Иристони æскъуæлхт артист Дудиати Дзамболати фурт Владимир.
Дудиати Владимир 1963 анзи архайдта Цæгат Иристони телеуинунади диктори бунат байахæссуни конкурси. Æригон, искурдиадæгин æма зæрдæмæдзæугæ лæхъуæнбæл сæ цæстæ æрæвардтонцæ æма ’й диктор-практикантæй райстонцæ. Уæдæй фæстæмæ Дудиати Дзамболати фурт Владимирæн райдæдта æ дæргъвæтийнæ, устур æма цæхæркалгæ над телеамонæги дæсниади уæлхонхи цъопмæ.
Советон телеуинунади номдзуд телеамонгутæ В.Балашов, А.Шилова, В.Леонтьевай ахурдзау уогæй, Дудий-фурт нæ национ телеуинунади раргон кодта æ дикторон æма актери алæмæти искурдиадæ. Е нæ маддæлон æма уруссаг æвзæгтæбæл æнтæстгинæй амудта аллихузон телеравдиститæ.
Дæсгай æнзти дæргъи æновудæй косгæй, Валоди иссæй иристойнаг телеуинунади уодæгас намус, бæрзонд дæсниади дæнцæ, уæлдайдæр ба уомæй, æма цæйбæрцæбæл арæхстгинæй æвдиста æ рахаст нæ маддæлон æвзагмæ. Ирд искурдиади, размæ хонæг хъаури хецау, хъæбæр зæрдтагон адæймаг уогæй, Дудий-фурт æвдиста фæллойнæ уарзондзийнадæ, ци гъуддаг равзурста, уобæл адтæй еузæрдиуон. Цæгат Иристони алли хæдзари дæр дикторбæл æмбалдæнцæ цийнæгæнгæй, æцæг уарзтæй æй уарзтонцæ, кадæ ин кодтонцæ, æууæндтæнцæ ибæл. Дудиати Валоди адтæй дæнцæ æригон диктортæн, телеуинунади косун ка райдæдта, уонæн фæнзуйнаг.
Æ дæсниади æнтæститæ æма иристойнаг телеуинунадæ æма национ культури ирæзтмæ æ устур байвæрæни туххæй Дудиати Валоди хуарзæнхæгонд æрцудæй берæ паддзахадон хуæрзеугутæй, аккаггонд ин æрцудæй кади нæмттæ. Иссæй Цæгат Иристони АССР-и æскъуæлхт артист, Республикæ Цæгат Иристон-Аланий адæмон артист, Хонсар Иристони æскъуæлхт артист. 2007 анзи Дудиати Валодийæн лæвæрд æрцудæй майдан «Иристони намусæн», 2021 анзи 2-аг къæпхæни «Фидибæсти размæ æскъуæлхтдзийнæдти туххæй» орден.
Иристони телеуинунади раззагдæр минæвар, ирд æма агъазиау менеугути хецау, зæрдхæлар æма багъæуаги фæййагъаз кæнунмæ еудадзуг цæттæ адæймаг Дудиати Дзамболати фурт Владимири рохс сорæт байзайдзæнæй е ’мкосгути, е ’мбæлтти, телевизормæ кæсæг дзиллити зæрдити…»