22 декабря 2024

Æ РÆСТУОД ФÆЛЛОЙНÆЙ АДÆМÆН ФАРНÆХÆССÆГ ÆЙ

21.09.2024 | 22:58

Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй мæнæ ауæхæн загъд: «Æцæгæй хæларзæрдæ ка æй, е зонуй уарзун дæр æма син сæ хуарзæн архайун дæр…»

Æма аци фæдзæхст рæстуодæй ка æнхæст кæнуй арфиаг гъуддæгутæй, уонæн сæ фиццагдæртæй еу æй Гуæцæлти Харуми фурт Хаджиморат. Махмæ гæсгæ, сæрмагондæй æй амонун нæ гъæуй – айдагъ Иристони æма Цæгат Кавкази нæ, фал хæстæг æма идард фæсарæнти дæр берæ рауæнти зундгонд æй куд нæ доги цардарæзти сабурдзийнади æма адæмти хæлардзийнади сæрбæлтау æновуд архайæг.

Нæ кадгиндæр хестæртæй еу, дзæвгарæ æнзти дæргъи æнтæстгинæй разамунд дæттуй нæ  республики пусулмæнтти Уодварнон управленийæн. Æ фæрци аци еугонд æй Цæгат Иристони цæрæг алли æхсæнадон адæмихæттити минæвæртти æма алли динтæ æнхæстгæнæг дзилли еугæнæг, æмзунд-æмвæндæй нæ цардиуагæ аразунмæ разæнгардгæнæг.

Æ царвæндаг аци ездон лæг кæддæриддæр аразуй адæмæн гъуддагæй хуарзи цæуни уагæ æма æгъдаубæл. Æ алливарс æрбангом кодта, куд хестæр кари пусулмон динбæл хуæст  курухон адæми, уотæ – кæстæрти дæр. Æ архайди сæйраг нисан æй, цæмæй Цæгат Иристони цæрæг берæ адæмихæттити минæвæртти ’хсæн пусулмон дин ахедгæ уа фæнзуйнаг æма уодварни ирæзтбæл архайди менеугутæй, еудзийнадæ, федуд æма хæлардзийнадæ федар кæнунæй.

Гуæцæлти Харуми фурт Хаджиморат райгурдæй 1954 анзи 20 сентябри Таджикистани гъæу Ховалинги. 1977 анзи каст фæцæй Хуæнхон гъæууонхæдзарадон институт. Райста си инженер-механики дæсниадæ. Евгъуд æноси 80-аг æнзтæй сауæнгæ 90-аг æнзти уæнгæ куста нæ республики промышленнон æма арæзтадон кустуæтти. Адтæй нæ республики æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министри хуæдæййевæг. Къуар анзи разамунд лæвардта Цæгат Иристони Æнæнгъæлæги уавæрти министради паддзахадон кустуат «Защита»-йæн. Фæстæдæр æй иснисан кодтонцæ Цæгат Иристони транспорти министри хуæдæййевæгæй.

Аци бæрнон бунæттæй си алкæми дæр Хаджиморат æхе равдиста арæхстгинæй, арф æма берæвæрсуг зонундзийнæдтæ кæмæ ес, æ размæ æвæрд ихæстæ æнхæст кæнунмæ бæрнон æма лæмбунæг цæстæй ка кæсуй, фæккæсунгъæуагæ адæймагæн фæййагъаз кæнунмæ цæттæ ка æй, адæми ’хсæн нифсдæттæг æма æууæнки дзурд зæгъунмæ ка архæсуй, уæхæн разамонæгæй.

Гуæцæлти Хаджиморати разамундæй Цæгат Иристони пусулмæнтти Уодварнон управлени ци берæ арфиаг гъуддæгутæ аразуй, уонæй еу æй аллианзон спортивон спартакиадæ, фæййархайунцæ си Цæгат-Кавказаг федералон зилди регионти минæвæрттæ. Аци мадзали ахедундзийнадæ агъазиау уомæй æй, æма ’й еугур адæмти фæсевæди лимæнгæнæг, кæрæдзебæл сæ зæрдиагæй æхцул кæнуй.

Нур инсæй анземæй фулдæр Гуæцæлти Хаджиморат æй Цæгат Иристони пусулмæнтти Уодварнон управлений сæрдар-муфтий. Аци бæрнон бунати ибæл ес берæ бæрнон æма ахсгиаг ихæстæ, айдагъ пусулмон динбæл хуæст адæми размæ нæ, фал ма иннæ адæмихæттити æма иннæ динтæ æнхæстгæнæг дзилли размæ дæр. Æма сæ Хаджиморат алкæддæр æнхæст кæнуй фæнзуйнагæй. Е уотæ ке æй, уобæл дзорæг æй, Уæрæсей муфтийти Совети æмсæрдари бунати нур къуар анзи арæхстгинæй ке косуй, е дæр. Æ зунд æма æхсæнадон, паддзахадон кусти фæлтæрддзийнадæ хуарзæй зиннуй е ’мгустадæбæл Цæгат Иристони министрадтæ æма ведомствити, æхсæнадон организацитæ æма змæлдтити хæццæ æнтæстгин æмгустадæй дæр. Гуæцæлти Хаджиморат ма ’й Цæгат Кавкази пусулмæнтти Координацион центри æмсæрдар, нæ республики Æхсæнадон палати иуонг, Цæгат Иристони нацити гъуддæгути министради Æхсæнадон совети иуонг, Уæрæсей Федераций юстиций управлений цæгатиристойнаг хайади Координацион совети, нæ бæсти Слестгæнæг комитети цæгатиристойнаг управлений Æхсæнадон совети иуонг. Алкæддæр æма алкæмидæр Хаджиморати еудадзугон курухон архайд æ хуарздзийнæдтæй бæрæг даруй нæ республики æхсæнадон царди.

Нæ хъазар хестæр Гуæцæлти Хаджиморатæн æ юбилейи фæдбæл кæнæн зæрдиаг арфитæ. Нæ Исфæлдесæгæй ин абони корæн, цæмæй ин алкæддæр æнхæстæй аккаг кæна  федар æнæнездзийнадæ, нифс æма разæнгарддзийнадæ, нæ Иристони цæрæг адæмти еудзийнадæ æма еумæйаг рохс исонибони сæрбæлтау æ бæрнон архайди.

Республикон газет «Дигорæ»-йи редакций косгутæ.