27 декабря 2024

ÆНÆКÆРОН УАРЗТÆЙ БАУАРЗТОН КАВКАЗ…

25.11.2020 | 15:31

Уотæ финста номдзуд уруссаг финсæг Лев Толстой. Æма е хумæтæги нæ адтæй – æ ирисхъæ уотæ рауадæй, æма æригонæй, æфсади рæнгъити уогæй, цæйбæрцæдæр рæстæг рарвиста Кавкази, æ кæцидæр уадзимистæ ’нцæ ардигон цаути фæдбæл.

Лев Толстойи имисгæ ба абони уомæ гæсгæ æркодтан, æма 20 ноябри дæс æма фондзинсæй анзи исæнхæст æй æ рамæлæтбæл (1828-1910).

Имисæн ма ’й уомæ гæсгæ дæр, æма Лев Толстойæн зæрдиагæй абони дæр цитæ кæнунцæ Кавкази, берæ сахартæ æма гъæути ес æ номбæл гъæунгтæ. Уотæ Цæгат Иристони дæр. Нуриккон фæлтæртæ ’й, æвæдзи, нæ зондзæнæнцæ, фал нæ устурдæр гъæутæй еуей, Лескени рæбун кæддæр раги адтæй æ номбæл сæрмагонд гъæугонд. Уой туххæй ма кæддæр финстан, фал еци æрмæг нæуæгæй мухур кæнæн (6-аг фарсбæл) – уадзæ æма ’й бакæсæнтæ, нури уæнгæ ’й ка нæма зудта етæ дæр.