ÆНОВУД РАЗВÆНДАГАМОНÆГ НИН АДТÆНЦÆ НÆ НИЙЙЕРГУТÆ ÆМА СÆ ЗÆРДИРАЙÆЙ ИМИСÆН…
Нæ абони цардиуагæй хъæбæр райдард æй, еци евгъуд рæстæгути, цæргæ кæмæн нæ рауадæй, уонæн уæди хабæрттæ æма цаутæ уоййасæбæл дессаг кæми уодзæнæнцæ. Е лæдæрд æй – сæ зиндзийнæдтæ дæр æма цийнæдзийнæдтæ дæр син сæхебæл нæ бавзурстонцæ, уомæ гæсгæ ба син ахедгæ куд уонцæ… Фал æхе карни хай кæмæн иссæнцæ, уонæн ба цийфæнди тухст æма нæхъæртондзийнæдтæй цъоппидзаг адтæнцæ, уæддæр зæрдтагон æнцæ…
Нури æригон фæлтæртæ ба гъæуама сæрустур уонцæ еци рæстæгути цæрæг æма архайæг дзиллæй – етæ еугур фудæвзарæнтæн дæр ниффæразгæй, разиндтæнцæ дессаги хъаурæгин уодигъæдæй, сæхе карнæ дæр разæнгардæй аразтонцæ æма Фидибæсти сæрбæлтау дæр арфиаг гъуддæгутæй æскъуæлхтæнцæ. Сæйрагдæр ба – сæ цæуæт гъомбæл кодтонцæ кустуарзонæй, рæстуодгинæй…
Еци менеуæг уæлдай бæлвурдæй рабæрæг æй Устур Фидибæстон тугъди рæстæг. Хестæрæй-кæстæрæй, сауæнгæ ма силгоймæгтæ дæр фæдесонæй нæхстæр кодтонцæ немуцаг-фашистон цъамар æрбалæборгути нихмæ тохмæ. Уой нимайгæй, бæргæ хуарз уидæ Уæрæсей нæмæ федаргонд ку ’рцæуидæ «Тугъдон намуси бийнонтæ», зæгъгæ, кадгин ном дæр.
Æма уæхæн бийнонтæ цæйбæрцæ æма цæйбæрцæ разиндзæнæй нæ Иристони!.. Нимайгæй сæ нимад дæр нæ фæууодзæнæ!.. Фал сæ зонгæ ба уæддæр гъæуама кæнæн, цæмæй фæнзуйнаг уонцæ, уæлдайдæр ба нæ фæсевæдæн. Гъе уомæ гæсгæ аразийæй мухур кæнæн, Бæлæути-Дзагойти Сарæ Генардухъи кизгæ нæмæ ци æрмæг æрбарвиста æ ниййергути, æ хеуæнтти туххæй, уой. Æ дзубанди ба райдæдта евгъуд æноси 20-30-аг æнзти, советон цардарæзт Иристони федар кæнун ку райдæдта, еци рæстæгути имисуйнæгтæй.
ÆМВÆНДÆ ÆМА РАЗÆНГАРД АДÆМÆН ЦИ БА НÆ БАНТÆСДЗÆНÆЙ!..
Фæндуй мæ ракæнун мæ фидæ Дзагойти Гуймани фурт Генардухъ æма мæ мадæ Катаути Бицой кизгæ Марицки цардвæндаги хабæрттæ, етæ цитæ бавзурстонцæ сæ карни бæнтти, уони туххæй радзорун.
Дигоргоми хуæнхон гъæути цæрæг адæмæн сæ уавæртæ унгæгæй-унгæгдæр ке адтæнцæ, уомæ гæсгæ ба куд нæ фæппайда кодтайуонцæ, советон цардарæзт æ хъаури цæун ку байдæдта, уæд син будуйрон рауæнтæмæ раледзуни равгæ ку фæцæй, уæд уомæй. Æма 1929 анзи си сæ еу хай сæхе райвазтонцæ будури гъæутæмæ. Уотæ мах бийнонтæ дæр. Нæхецæн нæуæг цæрæн рауæнæн ба равзурстан, уæд хуæрзæрæги ка фæззиндтæй, еци Сурх-Дигори гъæу.
Нæхъæртондзийнæдтæй æ тæккæ идзаг адтæй раледзæг адæмæн сæ будуйрон цардиуаги райдайæн. Фал уæддæр æрледзæг адæмæн сæ уæгæ, куд фæззæгъунцæ, нæ мардæй. Генардухъ разæнгардæй архайдта бунæттон колхоз æ къæхтæбæл ислæуун кæнуни гъуддаги, æвæллайгæй, дусвæлдæхтæй, æ астæутæ сæумæй изæрмæ раст дæр некæд искæнидæ, уотемæй мадзæлттæ кодта æ бийнонтæ фæддарунæн. Хæдзарæ гъудæй аразун, дзаумау си æрæвæрун, косæнгæрзтæ, мадта фонсдарæн бунæттæ дæр куд нæ гъудæй аразун.
Уæдмæ аразун байдæдтонцæ колхозтæ. Еци нæуæгдзийнадæ адæмæн уоййасæбæл æнахурдзийнадæ адтæй, æма имæ сæ нифс æнхæст нæ хастонцæ, расагъæс-басагъæстæ, равзарæ-бавзаритæ кодтонцæ. Куд фæстæдæр, уотæ фæрразæнгарддæр æнцæ, æмзунд-æмвæндæй архайун байдæдтонцæ еци нæуæгдзийнади гъуддæгути. Æрæги Сурх-Дигори туххæй ци агъазиау киунугæ уагъд æрцудæй, уоми кæнунцæ мæнæ ауæхæн цауи кой.
Цæветтонгæ, уалдзигон куститæ райдайуни размæ нæуæгарæзт колхози разамунд устур сагъæсти бафтудæнцæ: куд æнтæстгиндæрæй исæнхæст кæнонцæ тауни гъуддæгутæ. Æма сæ правлений æмбурди уобæл куд дзубанди кодтонцæ, уотемæй сæмæ фæззиндтæй Цакъоти Слангерий – гъæуи курдон, адтæй имæ дессаги курдбадзæ. Æмбурд кæми адтæй, еци уати бадгути бафарста:
– Уотид дзубандитæй ка кæд циуавæр будур бахумæ кодта?
Слангерий цæйбæрцæбæл арæхстгин, фæллойнæгæнæг, ацъагъуæгин адæймаг æй, уой куд нæ зудтонцæ, уомæ гæсгæ ба бадес кодтонцæ, аци лæг сæмæ гъæуи еу кæронæй иннемæ хумæтæги нæ фæззиндтæй. Æма е дæр æнæ уæлдай радзорæ-бадзорæй син загъта:
– Зонетæ ’й, мæ бийнонтæ æз мæ курдбадзи фæрци дарун. Абони ба, куд æй балæдæрдтæн, уотемæй еугурæйдæр багъудæй нæ колхози. Æма си пайда кæнетæ. Готæнттæ æма похцитæ кæми цалцæг кæнуйнаг айтæ? Мадта гъе уотæ бакæнæн, æма тæккæ сæумæ мæн курдбадзи сæ цалцæг кæнун байдайæн. Æз мæхуæдæг дæр цæмæдæрти ма арæхсун…»
Гъе уотемæй ирæзтæй æма æ хъаури цудæй сурхдигойраг еумæйаг хæдзарадæ. Уæдмæ ба «бонгиндæр» кæнун байдæдта аллихузон гъæууонхæдзарадон техникæй дæр, фиццагидæр – трактортæй. Æма багъудæй, уонæбæл косунмæ ка исарæхстайдæ, уæхæн адæймæгутæ. Раст зæгъгæй, трактористи дæсниадæбæл исахур кæнунмæ ке байагориуонцæ, еци фæсевæдæй беретæ сæ нифс нæ хастонцæ – нæ исарæхсдзинан, кенæ ба сæ æндæр цидæр хъор кодта… Фал аци гъуддаг дæр рæхги фæррæстмæ ’й. Хестæрти унаффæмæ байгъосгæй, трактористтæ иссæнцæ Гауисти Æндрей, Къалати Семен, Хайманти Хадзимæт, Гæбути Гобе…
Уæдмæ ба ма трактористтæ иссæнцæ нæ фидæ Дзагойти Генардухъ æма ма гъæуи берæ æндæр лæхъуæнтæ.
Уæдта айдагъ етæ нæ – трактористи дæсниадæбæл исахур кодтонцæ сурхдигойраг кизгуттæ дæр – Секъинати Уарзетæ æма Насиран, Тъурити Гæмисæ, Перисати Мæдинæ, Зурати Маня, Чихтисти Зæлда, Хæмицати Навескæ, Уæзæгти Веричкæ, Хъамболти Гуассæ æма ма берæ æндæртæ.
Еузагъдæй, гъæубæсти цард зæрдæмæдзæугæдæр кодта. Аци цæрæг адæм нифсгунæй-нифсгундæр кодтонцæ сæ разæнгарддзийнадæй, сæ исонибон фæрнæйдзагдæр ке уодзæнæй, е си федарæй æруагæс кодта. Æма, æвæдзи, уогæ дæр уотæ адтайдæ… Фал… Сæ царди нæуæг уагæ æнхæстдæр нæма æрфедар æй, уотемæй ба зæнхæ æмрезæги нирризтæй: райдæдта Устур Фидибæстон тугъд.
Райгурæн бæстæ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй багъæуай кæнунмæ цудæнцæ, æ къохтæй тохæнгарз уорамунгъон кадæр адтæй, етæ еугурæй дæр. Гъе уотемæй ранæхстæр æй арти цæхæрмæ Дзагойти Генардухъ дæр, æ хæдзари æ зæронд мадæ æма æртæ æнагъон сабийи ниууадзгæй.
Æ зæрдæ федарæй дардта æ цардæмбалбæл, æ бийнонтæ фæккеун ке нæ бауадздзæнæй, уобæл. Фæстæдæр Марицкæн лæвæрд æрцудæй «Мадтæлдзийнади» фиццаг къæпхæни майдан.
ЕЦИ ФУДÆВЗАРÆН РÆСТÆГИ БЕРÆ ЗИНТÆН НИФФÆРАЗТАН
Тугъдмæ ку нæхстæр кодта Генардухъ, уæд ма æ фондзанздзуд биццеу Лерикмæ бацудæй, æ гъæбесмæ ’й исиста æма ин фæдзæхсæгау загъта:
– Мæ фæсте дæ хæдзари хестæрæн уадзун…
Гъæуи ма байзадæнцæ айдагъдæр æнæхъаурæ хестæртæ æма силгоймæгтæ се ’нагъон сабийти хæццæ. Лерик æхемæ райста бийнонти гъуддæгутæ, хестæр гъæддзаути хæццæ цудæй гъæдæмæ сог ласунмæ, уæдтæ æндæр кустити дæр се ’мбæрцæ.
Немуцаг æрбалæборгутæ нæ гъæумæ ку ’рбайервазтæнцæ, уæд си мах хæдзари дæр кадæртæ æрфусунуат кодтонцæ. Мах ба уæрмæмæ ниххизтан… Гъуди ма ’й кæнун, уæд нæ фуртухстæй нин хæдзари райзадæй, уой размæ дзол кæнунæн ке æрцæттæ кодтан, еци къинсæ. Нана бæргæ лигъстæ кодта Марицкæн, цæмæй æй нихъхъуæтти уадза, фал имæ е нæ байгъуста æма ’й уæрмæмæ æрмедæг кодта.
Нæ фидæн тугъди æ сæйраг æфсæддон гъуддаг адтæй бастдзийнадæ дарун. Æнцон нæ адтæй телефони телтæ кæрæдзебæл бæттун, дæ алфамбулай дзармадзанти фæттæ æма бомбитæ ку ихæлонцæ уæд, фал цийфæндийæй дæр бастдзийнадæ дарун гъудæй æма бурдæй еу хъан телигъæдæй иннемæ. Еу уæхæн тохгæ бони æ рахес къох фæццæф æй æма фати æсхъиуццаг æ цонги байзадæй цæрæнбонтæмæ.
Уоми ци лæгæхсарæ равдиста, уой туххæй ин лæвæрд æрцудæй майдан «Æскъуæлхтдзийнади туххæй».
ТУГЪДИ ТЪУФУЛИ ДÆР ÆМА ФÆЛЛОЙНИ ДÆР – ХЪАЗАУАТОН
Æнцон нæ адтæй æригон тугъдонтæн тугъди, æгæрмæгур ма тохæндзаумауи хæццæ рæстмæ архайун дæр нæ зудтонцæ, уæдта ’й уомæй размæ уингæ дæр кæми гъæуама фæккодтайуонцæ. Фал æзнагмæ ци æнæуинон цæстингас дардтонцæ, уой фæрци хатгай равдесиуонцæ, баууæндæн дæр зинтæй кæбæл уидæ, уæхæн бæгъатæрдзийнадæ.
Тугъди будури Генардухъи райстонцæ Коммунистон партий рæнгъитæмæ æма си цæрæнбонти сæрустур адтæй еци гъуддагæй. Æ кæронмæ дæр, æ хузæ ци партион билети цъарæ исæййивта, уой æ дзиппи фæддардта, коммунисти кæдзос ном некæд фегадæгæнгæй, уомæн æма ’й зудта, тугъди рæстæг партий рæнгъитæмæ истонцæ тæккæ хуæздæрти æма бæгъатæрти, тæккæ раззагдæр æма æууæнкгундæрти.
О, мæ зæрдтагон Иристон! Цал æма цал бæгъатæри исгъомбæл æй дæ реубæл, цæйбæрцæбæл агъазиау тугъдон æскъуæлхтдзийнадæ равдистонцæ, нæ райгурæн зæнхæ цъамар знаги æверхъаудзийнæдти пеллонæй ку сугъдæй, уæд!.. Æма уони хæццæ адтæй мæ фидæ Дзагойти Гуймани фурт Генардухъ дæр. Уой æма уой хузæн тугъдон хъазауатонти фæрци ралæудтæй Уæлахези бон! Æма сæ райгурæн гъæутæмæ, сæ уарзон бийнонтæмæ еугай-дугаййæй æздæхун райдæдтонцæ нæ намусгин тугъдонтæ, беретæбæл си тугъд цæргæ-цæрæнбонтæмæ ниууагъта æ уæззау «бæрæггæнæнтæ» – кæбæл си къох, кæбæл къах нæбал адтæй, кæмæн æ бауæр еугур ностæ, уотемæйти, фал уæддæр сæрæгасæй. Æрæздахтæй æ хæдзарæмæ нæ фидæ дæр нæ устур цийнæн. Райдæдта бабæй нæ сабур цард.
Фал нæхъæртондзийнадæ алкæддæр нæ разæй цудæй. Гъудæй нæ еумæйаг хæдзарадæ фæстæмæ æ къæхтæбæл ислæуун кæнун, хумæ кæнун, таун. Фæстугъд ба уазал æма æстонг æнзтæ. Гъудæй бийнонтæ дарун, кæстæртæ гъомбæл кæнун, мадтæлтæ æма силгоймæгти уомæл цæститæ ниссор кæнун. Рæстæг нæ адтæй цæнгтæ æруадзунæн, евгъуди мæгурбæнттæ имисунæн.
Æма бабæй Генардухъ нæуæгæй тракторбæл рабадтæй. Еци рæстæгути хъæбæр тæссаг адтæй трактортæбæл косун, уомæн æма сæдæгай минитæ байзадæй будурти æнæихæлдæй æма сæбæл готони фий ку рандзæвидæ, уæд фехæлиуонцæ æма – дæ балгъетæг уотæ… Еу æма дууæ трактористи нæ фæммард æй фæстугъд уотемæй. Фал тугъди уойбæрцæ зинтæ ка фæууидта, еци æхсист лæгтæ цæмæй гъæуама фæттарстайуонцæ? Æдæрсгæй рауадзиуонцæ еу ауæдзæ инней фæдбæл.
Генардухъи иснисан кодтонцæ трактористти къуари бригадирæй. Е зин æма бæрнон ихæс адтæй: трактортæ зæронд, æййевæн хæйттæ син нæ, трактористтæ сæ сæхе хъауритæй куддæртæй исцалцæг кæниуонцæ. Æхсæвæй-бонæй трактортæ кустонцæ будурти. Бригади иуонгти хуссунмæ евдæлгæ дæр нæ кодта, уæд ма сæ бригадири уавæр ба куд адтайдæ?
Генардухъ домагæ адтæй кусти, фиццагидæр, æхецæй, уæдта æ дæлбарæ косгутæй дæр, сæ хæццæ æмгуст кодта, цалцæг кодта техникæ, трактористтæй ескæмæ ести фарста ку фæззиннидæ, уæд си алкæмæ дæр лæмбунæг байгъосидæ æма архайдта гъуддаг куд хуæздæр адтайдæ, уотæ райаразунбæл. Трактористи куст æнцон некæд адтæй. Æфсæн бæхæн æ хурфæ лæдæрун гъудæй, алли стуф дæр гъæуама музыки зæлау зæрдæмæ гъара.
Æ УОТИД ЦÆСТИНГАСÆЙ ДÆР ЛÆДÆРДТАН НÆ ФИДИ
Сауæнгæ рагуалдзæгæй ба фæззæги уæнгæ, цалинмæ будуйрон куститæ нæ фæцайуонцæ, уæдмæ трактористтæ бустæги æнæевдæлон уиуонцæ. Мадта зуймон мæйти дæр уотæ – техникæ гъæуама цæттæгонд æрцудайдæ уалдзæгмæ, дæ цæнгтæ еугур цъидагъæ, уотемæй гъæуама косай, архайай зуймон уазал бæнтти, сахæттæ нæ нимайгæй. Нæ фидæ ба техникæ уæлдай æновудæй уарзта, уарзта фæллойнæ кæнун, æнæ уотемæй ба кусти æскъуæлхтдзийнадæ равдесæн неци хузи адтæй…
Уалдзæги ба райдайиуонцæ будуйрон куститæ. Алли бригадæ дæр архайдта хуæздæр бакосунбæл æма фулдæр тиллæг æрзайун кæнунбæл. Адæм сæхуæдтæ куд фæйнæхузон æнцæ, сæ архайд дæр уотæ адтæй, фал Генардухъмæ ба уæхæн лæгигъæдæ адтæй æма алке зæрдæмæ дæр дæгъæл иссеридæ. Устур цæстиварди имæ адтæй трактористи хъиамæт – зудта ’й, уой хуарз бакусти хæццæ баст ке ’й исонибони тиллæги бæрзонд æрзад. Æма сæбæл ауодгæ дæр кодта, уæдта си сæрустур дæр адтæй. Кацанти Ламбег – бæрзонд, хуæрзконд механизатор – нæ фиди фæсномугæй худта «министр», мах ба, «министри цæуæт», зæгъгæ. Иннæ уæхæн Хайманти Æхсарбег – федартæ арæзт æфсæрмдзæстуг лæхъуæн.
Фæстæдæр нæ фидæн æ уодуæлдай кусти фæдбæл аккаггонд æрцудæй майдан «Фæллойнадон æскъуæлхтдзийнади туххæй».
Нæ фидæ тугъди хабæрттæ махæн æстæн хатт кæнидæ, фал сæ нæ мадæн ба изæригæнтти фæскуст даргъ æхсæвти дзорун райдайидæ æма махæн дæр нæ еугур бауæртæ дæр гъостæ фестиуонцæ, уотæ цæмæдесаг уиуонцæ æ дзубандитæ.
Уазал дони астæумæ ниддонвæлдад уогæй, цæуиуонцæ дзæвгарæ рæстæг, сæ зæнгитæ сæ буни фæттасиуонцæ, нецибал лæдæриуонцæ, сæ цæститæ цæугæ-цæун кæрæдзебæл æрниндæдзиуонцæ, еу сор зæнхи гæппæл алфамбулай некæми. Айдагъдæр лæугæ-лæуун дæ тохæнгарзбæл дæхе æрæнцойнæ кæнæ, цæмæй дæ цæститæ рауолæфонцæ æма бабæй идарддæр фæццæуис.
Райгурæн бæстæ тугъди рæстæг Генардухъæн ци хуæрзеугутæ исаккаг кодта, уонæбæл фæстугъд бафтудæнцæ цалдæр: майдантæ «1941-1945 æнзти Устур Фидибæстон тугъди фæууæлахези туххæй», «Уæлахези 20 анзей кадæн», «Уæлахези 30 анзей кадæн», «ССР Цæдеси Гæрзефтонг Тухти 60 анзей кадæн».
Нæ фидæ æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 1982 анзи. Махæн Генардухъ айдагъ фидæ нæ адтæй, фал хестæр, æ уотид цæстингасæй дæр ке лæдæрдтан, уæхæн адæймаг.
Хуæрзæгъдау æма курухон адæймагæй æй имисунцæ гъæубæсти цæргутæ абони дæр ма. Æ фæлмæн зæрди рахаст, æ фарнæ мæрдтæмæ нæ фæххаста Генардухъ, фал æй æ кæстæртæн ниууагъта устур хæзнайæн.
ХЕСТÆРТÆН СÆ УСТУРДÆР АМОНД – СÆ КÆСТÆРТÆ РÆСТВÆНДАГ КУ УОНЦÆ!..
Мæ дзубанди æнхæстбæл нæ нимайун, нæ фидæ æ фæсте ке ниууагъта, уони кой ку нæ искæнон, уæд.
Нæ хестæр æнсувæр Лерик, райгурдæй 1937 анзи. Райста аразæги дæсниадæ. Нæ фидæ тугъдмæ ку рандæй, уæд асæ адæми хæццæ æмгуст кодта, ци хузи куст ба нæ бавзурста æ хуæрзæригон кари. Гъæди куститæй æрæздæхгæй, æ минкъий къохтæй ма æ хæццæ хускъитæ дæр æрхæссидæ æ гъæбеси. Царди еугур гъуддæгути дæр æ фиди хузæн хуæрзæгъдау, адæмуарзон.
Нæ иннæ æнсувæр Матвей райгурдæй 1946 анзи. Куста цардиуаги домæнтæ æнхæстгæнæн къабази сæйраг энергетикæй, фæстæдæр ба æ цард æнæгъæнæйдæр исбаста кæстæр фæсевæд гъомбæл кæнунади хæццæ: «Ахургæнæг нæ рандæуй цардæй, е ниххуссуй хорау, фал æ гъуддæгутæ ба цæрунцæ адæми ’хсæн æностæмæ…» Аци арфи дзурдтæ загъд æрцудæнцæ Матвейи туххæй, æ уæлзæнхон цардæй 2010 анзи ку рахецæн, уæд… Финддæс æма инсæй анзи 10-аг лицейи фæккуста мастерæй, алли ахурдзауи зæрдæмæ дæр æ бон адтæй над иссерун, исфæлдистадон хузи гъуди кæнунбæл сæ бафтаун. Ци фæсевæд гъомбæл кодта, уонæй беретæ фæстæдæр иссæнцæ устур æма номдзуд лæгтæ, бæрнон бунæтти косгутæ, лауреаттæ. Æ уодуæлдай кусти туххæй ин лæвæрд æрцудæй «Уæрæсей профессионалон ахуради Кадгин косæг»-и ном. Æ къарæ берæ рæстæгути адтæй республикон Кади фæйнæгбæл.
Максим райгурдæй 19 июли 1949 анзи. Æрдзæй рæстзæрдæ, уодæй кæдзос, æ медбилхудтæй æлхæдта адæми зæрдитæ. Астæуккаг скъола каст фæууни фæсте службæ кодта Советон Æфсади рæнгъити. Хъæбæр æй фæндадтæй артист исун, фал, æвæдзи, цардæн æхемæ æндæр домæнтæ фæууй адæймагмæ. Актер си нæ рауадæй, фал берæ æнзти дæргъи ба фæккуста ювелирæй Дзæуæгигъæуи кустуæттæй еуеми. Фæстæдæр байгон кодта дзолфицæн кустуат, цæмæй æ бийнонти материалон уавæр еу гæзæмæ фæххуæздæр кодтайдæ, уой туххæй. Цæйбæрцæбæл хæларзæрдæ адтæй, уомæн ба æвдесæн æй е дæр, æма багъæуаги имæ æхе кадæриддæр бахатидæ, уонæй некæд неке раздахта æнæ фæййагъаз кæнгæй. Уойбæрцæбæл фæлмæн æма адæймагуарзон адтæй, æма 2012 анзи 12 майи æ уæлзæнхон цардæй ку рахецæн æй, уæд ибæл хъæбæр берæ дзиллæ зæрдихæлдтитæ кодтонцæ.
Куд нæ фидæ, уотæ Матвей æма Максим дæр цардæнцæ адæми цæрайæй. Уомæ гæсгæ сæ абони дæр ма еци зæрдхъурмæй имисунцæ айдагъ сæ хеуæнттæ нæ, фал сæ зонгитæ, æмзæнхонтæ, синхæнттæ… Кæмифæнди дæр сæ кадæ сæ разæй цудæй. Уомæ гæсгæ си дæн сæрустур абони.
Нæ адæм, нæ Иристон алкæддæр сомигъон адтæнцæ сæ разагъди лæгтæй, уомæн æма етæ æнцæ тухгин, рæстуод, кæдфæнди дæр балæудзæнæнцæ адæймаги фарсмæ. Мæ зæрдæ зæгъуй нæ нури доги фæсевæдæн уой, æма, етæ ци зинвæндæгтæбæл рацудæнцæ, уони куд некæд бавзаронцæ, еци амонд!