ÆРИМИСУЙНАГ БÆРÆГБОН
АДТÆЙ СÆ ТОХ АДÆМÆН РÆСТАДИ СÆРБÆЛТАУ
Советон доги нæ паддзахадон бæрæгбæнттæн сæ сæйрагдæр адтæй Цитгин Октябри Бон. Хъæбæр кадгинæй бæрæггонд цудæй 7 ноябри. Уæдмæ Советон Цæдес фехалдæй æма «нæуæг» Уæрæсей «нæуæг» цардиуагæ аразгутæн сæ уодесæги хузæн адтæнцæ советон цардарæзти хæццæ цидæриддæр баст адтæй, еци æгъдæуттæ æма фæткитæ, цæмæй сæ кой æгириддæр нæбал игъустайдæ, уобæл еци мæстæлгъæй байархайдтонцæ æма Цитгин Октябри Бони бæсти æримистонцæ нæуæг бæрæгбон – аразидзийнадæ æма бафедуддзийнади Бон. Уогæ еци ном дæр фæстæдæр æййивд æрцудæй æндæр нæуæг номæй æма абони хуннуй адæмон еудзийнади Бон. Бæрæггонд цæуй 4 ноябри. Аци бæрæгбони туххæй ма дзордзинан нæ газети хæстæгдæр номертæй еуеми. Абони ба уæ зонгæ кæнæн, евгъуд æноси райдайæни фæллойнæгæнæг дзиллæ сæ барти æма сæ сæребарæдзийнади сæрбæлтау рæстзæрдæй куд тох кодтонцæ, уой фæдбæл хабæртти хæццæ. Æрмæг кæсетæ 4-5 фæрстæбæл.