09 майя 2025

«ÆРУАГÆС НИ КÆНУЙ, МАХ КЕ ФÆУУÆЛАХЕЗ УОДЗИНАН!..»

30.04.2025 | 20:12

Чиколай дзиллæй Райгурæн бæсти сæрбæлтау æ цард ка иснивонд кодта, уони номерæнæн мемориал сæ райгурæн гъæуи.

Номдзуд финсæг æма журналист, æхсаргин тугъдон Хуадонти Басиати фурт Исси райгурдбæл 3 майи æнхæст кæнуй финддæс æма фондзинсæй анзи (1910-1942). Устур Фидибæстон тугъд ку райдæдта, уæд уайтæккæдæр фæннæхстæр æй Райгурæн бæстæ немуцаг-фашистон æрдонгтæй фæййервæзуни тохмæ. Еци рæстæгути æ цардæмбал Меримæ рæстæгæй-рæстæгмæ ци финстæгутæ исæрветидæ, уонæй еуеми нифсгунæй финста: «Нæ еугуремæй дæр æруагæс кæнуй, мах ке фæууæлахез уодзинан, е…» Æма æцæгæйдæр уотæ ке рауадæй, уой Хуадони-фурт æхе цæститæй, гъулæггагæн, нæбал фæууидта – æ цард иснивонд кодта уарзон Фидибæсти сæрбæлтау…

Æма ин абони æ рохс ном æримисун æма исцитгин кæнунæй нæхе ихæсгинæй нимайгæй, мухур кæнæн æ цардвæндаг æма исфæлдистади туххæй æрмæгутæ, уæдта æ зундгонд роман «Устур горæти»-æй кæронбæттæн хай. Нæ радзубанди идайгæ ба кæнæн, Цæгат Иристони адæмон поэт Бабочити Руслан ци æмдзæвгæ ниффинста Хуадонти Исси номерæнæн, уомæй.

ХУАДОНТИ

ЗИНГХУСТ ИССÆН

Фудæзнаг нин нæ бæстæмæ

Ку исбуцæу кодта æ реу,

Нæ фæккастæ ду фæстæмæ

Уæд, Хуадонти сахъ биццеу.

Дæ финсæн сес, бæрзæй къолæй,

Рацæй кодтай уæд еуварс.

Ду æ размæ и фудголæн

Æристадтæ, куд цæф арс.

Æндури хузæн фестадтæ

Къахæй сæрмæ фур итинг.

Тохи медæг æндон адтæ,

Нарти лæгдæрау – сурх зинг.

Æнæравги уæззау тугъди

Ку бафтудтæ ду, Иссæ,

Уæд лæгмарти исрæмугътай

’Ма фестадæнцæ къинсæ…

Фал, бастъæлгæй æвадуати,

Тар ку кодта дæ дуйне,

Уæд загътай ма: «Хъазауати

Æнæ уотæ уæн нæййес…»

Æвæдзи ма, дæ уод есгæй,

Дигорон дон имистай,

Еци тухсгæй, еци ресгæй

Фæстагæнттæн фæдзахстай.

Цума нæмæ бараггенæй

Уотæ дзурдтай фæлмæнæй.

«О, мæ хортæ, разиннетæ

Берæ нивгундæр мæнæй…

Æрцæуæд уæбæл мæ й’ арфæ, –

Берæ фæццæрун хуарз æй,

Фал ку ’рлæууй тохи афæй,

Æй цæугæ уæдта разæй!

Дон ку райвулуй медгъæуи,

Ку ’стæссаг уй æ уайун,

Ауазун æй уæд фæгъгъæуй,

Уæд си фæгъгъæуй найун…

Арв е ’мбæрцæ ку ниссау уй,

Ку радаруй арв лæкъун,

Испæрт кæнун уæд федауй,

Уæд фæгъгъæуй рохс кæнун…

Дуйней зæрди фуди бони

Ку ниццæуа нидæн арт,

Гъæуама си къудуронæн

Уæд байвæра æ цард…»