22 декабря 2024

«АХУРДЗИЙНАДÆ ДÆ МÆСУГИ СÆРМÆ ЕСУЙ!..»

15.04.2021 | 07:47

Еумæйагнацион проект «Ахурадæ» æма нæхе республикон сæрмагонд программитæ Цæгат Иристони æнхæстгонд ке цæунцæ, уой фæрци нæмæ аци ахсгиаг социалон къабази цалдæр анзей дæргъи фæззиндтæй берæ зæрдæмæдзæугæ æййивддзийнæдтæ. Уæдта ма ес берæ равгитæ еци архайд идарддæр дæр æнтæстгинæй аразунæн. Уой фæдбæл Цæгат Иристони Хецауади Сæрдар ТУСКЪАТИ Таймораз лæмбунæгæй æрдзубанди кодта нæ республики ахуради æма науки министр Людмилæ БАШАРИНАЙ хæццæ сæ косгæ фембæлди рæстæг.

 

ХУАРЗ КУСТ ХУАРЗДЗИЙНÆДТÆЙ БÆРÆГ ДАРУЙ!..

Еци фембæлди туххæй нæ нæ радзубанди райдайун фæндуй еу  дæнцæй. Цæветтонгæ, уæрæсейаг культури игъустгонд архайæг Николай Губенко кæддæр, нæ адæмон ахурадæ бустæги æдзæллаг уавæрти ку бахаудтæй, уæд уой фæдбæл бахъонц кодта: «Нури скъола берæ сабийтæн берæ цæмæйдæртæй исæфтмæ нади хузæн æй. Уой туххæй берæ финсунцæ, берæ дзорунцæ. Фал неци æййивд цæуй хуæздæрæрдæмæ. Уомæн æма еци гъуддаг кæмæй аразгæ ‘й, етæ æндæр хузи гъуди кæнунцæ.

Еу гъæуккаг ахургæнæг мæмæ ниффинста, сайун, дан, байдæдтон, цæмæй маддæлон æвзаг æма литератури сахæттæ фæффулдæр кæнон, уой туххæй. «Уæле», дан, уадзæ æма алцитæ имисæнтæ, æз ба, дан, мæхеуæнттæ кæндзæнæн. Æма, дан, мин æнтæсуй къуæре еу кенæ дууæ сахатти бафтаун, цæмæй сабийтæ маддæлон æвзаг хузæнон ахур кæнонцæ, уой туххæй.

Еци æргомдзурд ахургæнæги тухст лæдæргæй, боз си дæн æ «сайæггади» туххæй. Фал нæмæ уæхæн ахургæнгутæ берæ ес? Уæдта фæстæдæр фæффулдæр уодзæнæнцæ?..»

Дзæуæгигъæуи 44-аг астæуккаг скъола æдзард æхсаргин афицер КУДЗОЙТИ Владимири ном ке хæссуй, уомæй æй ссæрустур, уæдта архайуй бæгъатæри номи аккаг арфиаг гъуддæгутæй æскъуæлхунбæл. Фиццагидæр ба ирæзгæ фæлтæрти патриотон гъомбæлади.

Аци фарстатæ ахид исæвзурунцæ, адæмон ахурадæмæ уæддæр еу минкъий барæ ка даруй, уонæмæ. Нæ рагфидтæлтæй нин уæхæн загъд байзадæй: «Ахурдзийнадæ дæ мæсуги сæрмæ есуй!..» Æма нæ советон дзамани ахуради уагæ еци мæсуги ци бæрзонддæр уæлиндзæмæ исиста, уордигæй нæ фæссоветон доги «нæуæгдзийнæдтæ» бустæги дæлæмæ расхустонцæ. Е цæйбæрцæбæл зæран æрхаста, уой бæсти разамунд дæр куд нæ балæдæрдтайуонцæ, æма фæстаг рæстæгути уавæр фæррæвдзæдæр кæнуни туххæй арæзт цæуй бæлвурд мадзæлттæ.

Еци æгъдауæй мах республики ахуради къабази архайд нуриккон домæнтæмæ гæсгæ райаразуни фæдбæл ци конд æрцудæй æма ма ес искæнуйнаг, уой фæдбæл адтæй сæ дзубанди Тускъати Таймораз æма Людмилæ Башаринайæн сæ косгæ фембæлди рæстæг. Зæгъæн,  фæббæлвурд кодтонцæ математики æма химион-биологон ахуради райрæзти республики программитæ куд æнхæстгонд цæунцæ, уой.

Математикон лицейи бундорбæл нури уæнгæ игонгонд æрцудæй æртæ профилон къласи, иннæ ахурадон косæндæнтти ба рапарахат æй математикон къуæртти архайд. Математикæбæл æхцул скъоладзаути хæццæ архайунцæ Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети физикон-техникон, математикон æма компьютерон техники факультетти специалисттæ æма студенттæ дæр.

Дзæуæгигъæуи 27-аг æма цалдæр районеми скъолати ба фæззиндтæнцæ хими æма биологий профилон кълæстæ. Уонæми нуртæкки ахур кæнуй 270 биццеуи æма кизгемæй фулдæр.

Фембæлди рæстæг лæмбунæгæй æркастæнцæ, е ‘нæнездзийнадæ цауд кæмæн æй, еци сувæллæнттæн ахурадон косæндæнтти ци уавæртæ арæзт цæуй, уомæ дæр. Министри дзубандимæ гæсгæ, республики скъолатæмæ ахур кæнунмæ цæунцæ 2122 уæхæн сувæллони (уонæн се ‘мбесæй фулдæр æнцæ сахъат). Уæхæн сувæллæнтти уавæрмæ ес уæлдай лæмбунæг цæстдард. Зæгъæн, цуппар ахурадон косæндонеми еци сувæллæнтти ахур кæнунцæ сæрмагонд программитæмæ гæсгæ. Сæ еу хаййи хæццæ ахургæнгутæ косунцæ, сæ хæдзæрттæмæ сæмæ бацæугæй, аст æма инсæй скъоладзауемæн ба ахурадæ аразунцæ идæрддзæгмæ технологити фæрци…

Фембæлди рæстæг ма дзубанди цудæй агъазгъæуагæ сувæллæнтти реабилитаций, интернаттæ æма æндæр уæхæн сæрмагонд косæндæнтти архайди ахсгиаг фарстати туххæй дæр.

АХУРГÆНÆГИ ЦИТГИН КÆНУНÆЙ ÆХСÆНАДÆ ÆХЕ КАДГИН КÆНУЙ…

Æрæги исбæрæг æнцæ педагогон дæсниади еугурадæмон регионалон конкурс «Анзи ахургæнæг», «Педагогон дебют» æма «Анзи гъомбæлгæнæг», зæгъгæ, номинацити уæлахезонтæ. Мадзал арæзт цæуй нæ республики ахурадæ æма науки Министради хъæппæресæй. Конкурсæн бундор æвæрд æрцудæй дууæ анзей размæ, æма, кæд нерæнгæ цубур рæстæг рацудæй, уæддæр бæрзонд цæстиварди иссæй ахуради къабази. Уобæл дзорæг æй айдагъ е дæр, æма æ архайгути нимæдзæ минкъий нæй.

Аци анз конкурси архайдтонцæ 87 ахургæнæги нæ республики алли районемæй. Сæ зонундзийнæдти æмвæзадæ сæ еугуремæн дæр æй бæрзонд, фал си уæддæр ахурадæ æма науки Министрадæ уæлдай фулдæр аргъ кæмæн искодта, еци уæлахездзаутæн æрæги Дзæуæгигъæуи сувæллæнтти исфæлдистади республикон Галауани лæвæрд æрцудæй Кади гæгъæдитæ, дипломтæ æма æхцай сертификаттæ.

Кæронбæттæни мадзали архайгæй Цæгат Иристони Сæргълæууæг Битарти Вячеслав зæрдиаг арфæ ракодта конкурси еугур архайгутæн дæр æма зæрдиагæй уой дæр баханхæ кодта, æхе царди æма алли рæстæги дæр ахургæнæг куд ахсгиаг æма кадгин адтæй æма нерæнгæ дæр ма ‘й. Æ радзубандий загъта:

– Ахургæнæги кустæн аргъ искæнун зин æй, уомæн æма ирæзгæ фæлтæри гъомбæлади е ци фудæбон кæнуй, сувæллони раст надбæл исæвæруни гъуддаги æ хъауритæ, æ зонундзийнæдтæбæл куд нæ ауæрдуй, еци æскъуæлхтдзийнадæн æмбал нæййес. Абони берæ арæзт цæуй нæ республики нæуæг скъолатæ æма рæвдауæндæнттæ, æндæр социалон объекттæ, фал профессион æгъдауæй цæттæгонд кадртæ ку нæ уа, уæд еци нæуæг скъолатæн сæ ахедундзийнадæ дæр æмбæлгæ уавæри нæ уодзæнæй. Нæ республики разамунд архайуй, ахургæнгутæн агъази мадзæлттæ æма сæ иннæ фарстатæ æнхæст кæнуни гъуддæгутæбæл. Уой туххæй ес сæрмагонд паддзахадон программитæ. Конкурси еугур архайгутæн дæр лæвæрд æрцудæнцæ нæ республики ахурадæ æма науки Министради кадгин дипломтæ æма гæгъæдитæ.

Æхцай сертификат 200 мин соми æма фатер фиццаг бунатæн райста Дзæуæгигъæуи 38-аг скъолай ахургæнæг Слохати Розæ; æхцай сертификат – дуккаг бунатæн (300 мин соми) исаккаг кодтонцæ Дзæуæгигъæуи физикон-математикон лицеййи ахургæнæг Бибуати Татьянæн. Æхцай сертификат æртиккаг бунатæн (200 мин соми) ба лæвæрд æрцудæй Дзæуæгигъæуи 14-аг скъолай ахургæнæг Остъати Хетæгæн.

Аци æхцæуæн цауи фæдбæл мæ дзубандий кæронбæттæни ма уой зæгъуйнаг дæн, æма цæйбæрцæбæл хуарз æй, æгайтима нæ республики ахуради къабази æнтæстгиндæр косгутæн кадæ кæнуни туххæй нисангонд æрцудæй ауæхæн арфиаг мадзал. Дзубанди дæр ибæл нæййес, берæ, хъæбæр берæ нæмæ ес, нæ кæстæрти гъомбæлгæнгутæй уомæй исцитгин кæнуни аккаг ка ‘й, уæхæнттæ. Лæдæрæн уой дæр, æма еци-еу рæстæг сæ еугурей исцитгин кæнуни равгæ нæййес. Фал нæ зæрдæ дарæн уобæл, æма сæ рæстæги кадæгонд æрцæудзæнæнцæ.

НÆУÆГ СКЪОЛАТÆ – АХУРАДИ РАЙРÆЗТÆН НÆУÆГ РАВГИТÆ

Нæ республики ахуради къабази ци берæ зæрдæмæдзæугæ æййивддзийнæдтæ фæззиндтæй, уонæн сæ агъазиаудæртæй е æй, æма нæмæ арæзт цæуй нæуæг скъолатæ, берæ рауæнти ба бундоронæй исцалцæг кодтонцæ скъолати раздæриккон азгъунститæ. Е æхцæуæн куд нæ уодзæнæй ахургæнгутæ æма ахурдзаутæн дæр, уæдта ниййергутæн дæр.

Евгъуд къуæрей уæхæн æхцæуæн цаубæл зæрдиагæй бацийнæ кодтонцæ Дзæуæгигъæуи 44-аг астæуккаг скъолай ахурдзаутæ æма ахургæнгутæ. Се скъоламæ бафтудæй никкидæр ма еу бæстихай – филиал. Е арæзт æрцудæй паддзахадон программæ «Ахуради» бундорбæл. Скъолай ес бунæттæ 550 ахурдзауемæн, æнхæст æй нуриккон техникæ æма æнтæстгин ахурæн еугур фадуæттæй дæр.

Æртæуæладзугон бæстихаййи арæзт æрцудæй 34-35-аг микрорайонти цæргутæн. Уомæн æма сæйраг бæстихаййи бунæттæ нæбал фагæ кодтонцæ. Аци скъола сахари нимад цæуй хуæздæрбæл. Хæссуй, æ рауагъдон æдзард бæгъатæр тугъдон Кудзойти Владимири ном. Æхсаргин афицер фæммард æй Цæцæни тугъди 90-аг æнзти, æма ин æ кадгин ном исаккаг кодтонцæ, кæми ахур кодта, æ бафæнзуйнаг уодиконд кæми исфедар æй, еци ахургæнæндонæн.

Скъолай нæуæг хай байгон кæнуни фæдбæл цитгин мадзали архайдта нæ республики Сæргълæууæг Битарти Вячеслав æма зæрдиаг арфитæ ракодта скъоладзаутæ æма ахургæнгути коллективæн, æ сæргъи директор Цуцити Татьянæ, уотемæй.

БИТАРТИ Вячеслав æма ахургæнгути конкурси уæлахездзау СЛОХАТИ Розæ.

– Нæ республики фæстаг æнзти берæ объекттæ арæзт цæуй. Уонæн сæ тæккæ ахсгиагдæртæ ‘нцæ скъолатæ æма рæвдауæндæнттæ. Аци скъолати азгъунститæ игонгонд æрцæудзæнæнцæ Цæликки, Хъизлари æма Черменигъæуи. Цæликки скъола адтæй бустæги æдзæллаг æма тæссаг уавæри. Гъæуи цæргутæн зæрдæ байвардтан, нæуæг скъола син ке исараздзинан. Æма нæ дзурд исæнхæст кодтан. Уомæй уæлдай нæуæг скъолати арæзтадæ райдайдзæнæй станицæ Черноярскийи. Æ бунати ци зæронд скъола ес, уордигæй рацудæнцæ берæ зундгонд адæймæгутæ. Æ рауагъдонтæ иссæнцæ тугъдон æма æфсæддон разамонгутæ, Уæрæсей паддзахи дзамани æфсади инæлартæ. Уомæ гæсгæ, станицæ Черноярскийи скъолай раздæри бунати арæзт æрцæудзæнæй музей.

Скъолати ефтонггади фарста хаст цæуй национ проекттæмæ æма ефтонггонд цæудзæнæнцæ еугур гъæугæ мадзæлттæй дæр. Уомæй уæлдай ма идарддæр игонгонд цæудзæнæнцæ районти дæр кванториумтæ. Фал гъæунцæ ахуради къабази нуриккон домæнтæмæ гæсгæ æ куст аразунмæ ка арæхса, уæхæн косгутæ. Уомæ гæсгæ нæмæ арæзт æрцудæй сæрмагонд къуар, кæций ихæс æй нæ республики ахуради ирæзтæн программæ исаразун, æма еугур гæнæнтæй дæр ахуради фарстатæ бæрзонддæр æмвæзадæмæ ракæнунбæл байархайун