ЦӔГАТ ИРИСТОН ӔМА Ӕ ДЗИЛЛИ ХУАРЗӔН РӔСТУОДӔЙ КОСУН – НӔ ЕУГУРЕЙ СӔЙРАГДӔР ИХӔС!..
Нӕ Парламент ӕрӕги ӕ пленарон ӕмбурди исарази ‘й Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлой фӕндӕбӕл, цӕмӕй Дзанайти Барис нисангонд ӕрцӕуа Хецауади Сӕрдарӕй.
– Дзанайти Барис ци бӕрнон бунӕтти фӕккуста нури уӕнгӕ, уой зонетӕ, уӕдта уой дӕр зонетӕ, фӕлтӕрддзийнадӕ имӕ ке ес, – загъта Сергей Меняйло ӕ радзубандий Парламенти ӕмбурди. – Кӕми куста, уонӕми алли рауӕн дӕр ӕхе равдиста хъӕбӕр дӕснийӕй, алли рауӕн дӕр ин нерӕнгӕ дӕр ма ес устур кадӕ. Еумӕ берӕ рӕстӕг кӕд нӕ бакустан, уӕддӕр балӕдӕрдтӕн, ӕ кусти ихӕстӕ ӕнхӕст ке кӕнуй бундоронӕй ӕ зонундзийнӕдтӕ ӕма ӕ фӕлтӕрддзийнадӕй дӕсни пайда кӕнгӕй», – загъта Сергей Меняйло ӕма идарддӕр бафеппайдта, республики Хецауади Сӕрдарӕн ӕ размӕ ке лӕуунцӕ хъӕбӕр берӕ ихӕстӕ, уӕлдайдӕр, Уӕрӕсей Президент ци унаффитӕ рахаста ӕма ци нисантӕ ӕвӕруй, уони ӕнхӕст кӕнуни фӕлгӕти.
Ӕ радзубандий республики Сӕргълӕууӕг сӕрмагонд ӕргом раздахта ӕнхӕстгӕнӕн дисциплинӕмӕ:
– Республикӕн ӕ размӕ ци фарстатӕ лӕууй, етӕ лухкӕнуйнаг ӕнцӕ ӕнтӕстгиндӕрӕй ӕма никки цубурдӕр рӕстӕгмӕ, уой туххӕй ба гъӕуй нӕуӕг цӕстингас, сӕйрагдӕр ба – Парламенти ӕма Хецауади ӕнгом куст. Еци ӕмгустӕй аразгӕ уодзӕнӕй адӕмӕн сӕ цард ӕма сӕ уавӕртӕ дӕр.
Ӕргом гъӕлӕс кӕнуни ӕгъдауӕй Парламенти иуонгтӕн сӕ тӕккӕ фулдӕр – 56 депутати – исрази ‘нцӕ бавдист кандидатури хӕццӕ.
Ӕ цубур радзубандий Дзанайти Барис депутаттӕн райарфӕ кодта, ке ибӕл ӕууӕндунцӕ, уой туххӕй ӕма загъта:
– Республики Хецауади сӕргъи ӕрлӕуун мӕнӕн ӕй устур кади хуасӕ, ӕма зӕрдӕ ӕвӕрун, мӕ кусти ихӕстӕ цӕсгонгинӕй ке ӕнхӕст кӕндзӕнӕн ӕма еци нисанӕн мӕ хъауритӕ ӕма мӕ гӕнӕнтӕ ке нӕ бавгъау кӕндзӕнӕн, уомӕй.
Сергей Меняйло ӕрӕги сӕрмагондӕй фембалдӕй Тускъати Таймурази хӕццӕ ӕма ин зӕрдиагӕй райарфӕ кодта се ‘мгустади туххӕй. Республики разамонӕг куд баханхӕ кодта, уотемӕй, дан, Тускъай-фурти хӕццӕ ци рӕстӕг бакустан, уоми ӕ еугур ихӕстӕ дӕр ӕнӕгъӕнӕй ӕма гъӕугӕ хузи ӕнхӕст кодта. Ӕ арӕхстдзийнӕдтӕ ӕма фӕлтӕрддзийнадӕ федарӕй ми ӕруагӕс кӕнуй, ӕ идарддӕри кусти дӕр фӕййагъаз уодзӕнӕй, Цӕгат Иристони идарддӕри райрӕзтбӕл хуӕрзӕрдӕмӕ фӕззиндзӕнӕй.
Сергей Меняйло еци фембӕлди рӕстӕг Тускъати Таймуразӕн равардта майдан «Иристони Намусӕн», кӕцимӕй хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй Цӕгат Иристони сӕрбӕлтау ӕскъуӕлхтдзийнӕдти ӕма ӕ берӕанзон рӕстуодӕй фӕллойни туххӕй
Тускъати Таймураз райарфӕ кодта Меняйлойӕн, уӕхӕн бӕрзонд хуӕрзеуӕгӕй ӕй ке ӕргъуди кодта, ӕма ин устур кадӕ ке искодта, уомӕй.