04 июня 2025

ЦÆРДЗÆНÆНЦÆ ÆНОСТÆМÆ СÆ РОХС НÆМТТÆ КАДГИНÆЙ…

24.05.2025 | 21:23

ХОРТИТИ Артем æ хъæппæреси фæрци арæзт мемориали рази.

Евгъуд авдисæри Толдзгуни уиндгундæр рауæни кадгин уавæри байгон кодтонцæ, Устур Фидибæстон тугъди æнзти гъæуи цæргутæй знаги нихмæ карз тохи Райгурæн бæсти сæрбæлтау ка фæммард æй, уонæн номерæн мемориал. Еци æдзард тугъдонтæ адтæнцæ гъæубæсти алли муггагæй дæр –  æдеугурæй адтæнцæ дууадæс æма æртинсæй адæймаги. Мемориали къæйдорбæл уони рохс нæмттæ финст æрцудæнцæ, уой хæццæ ба ма еци номхигъдмæ бахастонцæ, немуцаг-фашистон æрбалæборгутæ гъæуи ци цубур рæстæг фæцæнцæ, уæд партизантæн агъаз кæнунцæ, зæгъгæ, ке фæффудгин кодтонцæ, æма ке рамардтонцæ, еци фондз  бунæттон цæрæгей муггæгтæ дæр – етæ ба адтæнцæ: Хæмицати Данел æма Сандир, Сандири цуппæрдæсанздзуд биццеу Пълан, Хортити Тубу, Габети Хазби.

Толдзгунæй рацæуæг бæгъатæр тугъдонти рохс нæмттæ исæносон кæнуни ихæс æхемæ райста амалгъон Хортити Хаджумари фурт Артем. Е берæ æнзти дæргъи фæццардæй Нальчикки, нуртæккæ æрбунæттон æй æ райгурæн гъæуи, байгон кодта минкъий кустуат, æ агъази хай хæссуй е ’мгъæуккæгти царди социалон-экономикон фарстатæ лух кæнуни гъуддæгутæмæ.

Номерæн мемориал исаразуни туххæй еугур хæрзтæ дæр Артем æхемæ райста. Зæрдиаг агъаз ба ма ин кодтонцæ Толдзгуни бунæттон администраций сæргълæууæг Темурти Таймураз, е ’рвадтæлтæ Хетæг æма Алан, Габети Рафаэль, Хортити Алан, бунæттон скъолай коллектив.

Зæгъун гъæуй уой, æма Таймураз хуæрзæрæги райдæдта косун гъæубæсти администраций сæргълæууæгæй, фал нуриуæнгæ æхе равдиста хъæппæресгун разамонæгæй. Куд нин радзурдта, уотемæй Толдзгуни зингхуст тугъдонтæн уæхæн номерæн мемориал исаразунбæл Хортити Артеми хæццæ рагацау архайун райдæдтонцæ, дзæвгарæ лухкæнуйнаг фарстатæ си адтæй. Сæ нисанти хæццæ базонгæ кодтонцæ Ирæфи райони администраций сæргълæууæг Хамихъоти Роберти дæр, е хъæбæр хуарзбæл банимадта сæ хъæппæрес.

Номерæн мемориал ку исцæттæ ’й, уæд æ игон кæнуни фæдбæл кадгин мадзали Хамихъоти Роберт æ радзубандий зæрдиагæй райарфæ кодта æ исаразгутæн. Загъта, ауæхæн мадзæлтти ахедундзийнадæ агъазиау æй, уомæн æма агъазгæнæг æнцæ абони нæ адæми фæлтæрти патриотон-гъомбæладон гъуддаги, уони фæрци нæ хестæрти æнæмæлгæ æскъуæлхтдзийнæдтæ нæ дзилли, уæлдайдæр ба кæстæрти зундирахасти аккаг бунат  ахæсдзæнæнцæ.

Кадгин мадзали ма радзубанди кодтонцæ Ирæфи æма Дигори районти еугонд æфсæддон комиссаради сæргълæууæг Хъайирти Тимур, Ирæфи райони ветеранти Совети сæрдар Бетрозти Майрæн. Уоми ма Иристон гъæуайгæнгути Цæдеси номæй ба Хортити Артемæн равардтонцæ Кади гæгъæди æма майдан «Уæлахез уодзæнæй мах».

 

ХÆМИЦАТИ Морис.

Къарæ исиста БЕТРОЗТИ Майрæн.