22 декабря 2024

ДЗУБАНДИ РЕСПУБЛИКИ ЦАРДИУАГИ АХСГИАГ ФАРСТАТӔБӔЛ

19.05.2022 | 15:28

Сӕ фиццаг балци Сау денгизи билгӕронмӕ цӕгатиристойнаг сувӕллӕнттӕн уодзӕнӕй 31 майи. Аци анз денгизи билгӕронмӕ рарветдзӕнӕнцӕ 1400 сувӕллони.

Уой туххӕй аппаратон ӕмбурди фегъосун кодта Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Хецауади Сӕрдари хуӕдӕййевӕг Туйгъанти Ларисӕ. Ӕмбурд амудта Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.

Премьер-министри хуӕдӕййевӕг куд фӕббӕрӕг кодта, уотемӕй фӕллойнӕ ӕма социалон ирӕзти Министради косӕг къуар бабӕрӕг кодтонцӕ  еци объекттӕ, цӕмӕй бунати уавӕртӕ фӕууинонцӕ. Мадта Цӕгат Иристони бунӕттон лагерти цӕттӕдзийнадӕ дӕр бӕрӕг кӕнуй къуар, бахудтонцӕ имӕ еугур гъӕугӕ ведомствити минӕвӕртти дӕр.

Республики Сӕргълӕууӕг куд загъта, уотемӕй гъӕуама фарстамӕ лӕмбунӕг цӕстингас уа.

– Сувӕллӕнттӕн лагерти, денгизи билгӕрон бунӕтти  гъӕугӕ уавӕртӕ исаразун гъӕуй. Дзӕбӕхгӕнӕн афонӕбӕл цӕмӕй хузӕнонӕй исӕмбӕлонцӕ, уой туххӕй нӕ еугур фадуӕттӕй дӕр испайда кӕнун гъӕуй. Еугур организацитӕ дӕр сӕрдигон афонӕмӕ гъӕуама цӕттӕ уонцӕ. Скъолати сӕрдигон лагертӕ куд косдзӕнӕнцӕ, уобӕл нӕ рагъуди кӕнун гъӕуй, еуӕй-еуетӕми си цалцӕггӕнӕн куститӕ цӕудзӕнӕнцӕ», – фӕббӕрӕг кодта Сӕргълӕууӕг.

Фӕсевӕди сӕрдигон куститӕбӕл бафтауни фӕдбӕл разамонӕг бафӕдзахста арӕзтадӕ ӕма архитектури ӕма ахурадӕ ӕма науки Министрадтӕн, цӕмӕй студентон къуӕртти паддзахадон контракти бундорбӕл арӕзтадон гъуддӕгутӕмӕ ӕрбахононцӕ. Сӕрди каникултӕ ку райдайуонцӕ, уӕд студентон къуӕрттӕ аразунмӕ бавналдзӕнӕнцӕ.

Социалон инфраструктури объектти арӕзтадӕ ӕма цалцӕг кӕнуни куститӕ конд цӕудзӕнӕнцӕ национ проекттӕ ӕма паддзахадон программити фӕрци. Гъӕуама бӕрнон адӕймӕгутӕ Сӕргълӕууӕгмӕ бадӕттонцӕ  графиктӕ ӕмгъудти хӕццӕ. Хецӕнӕй фӕббӕрӕг кодтонцӕ, Уӕрӕсей Президент Владимир Путин ци проекттӕ бафӕдзахста, уони. Сӕ еу – Фиййагдони пульмонологон центри арӕзтадӕ, гъӕуама си исцалцӕг кӕнонцӕ рагон бӕстихай ӕма исаразонцӕ нӕуӕг бунат. Уони еугурӕй дӕр бафӕдзахста нӕ Президент.

Сергей Меняйлой дзубандимӕ гӕсгӕ, гъӕуама аци анз исцӕттӕ уа проектон хӕрзти документаци. Арӕзтадӕ ӕма архитектури ведомстви разамонӕг  Моргуати Константин куд байамудта, уотемӕй еугур документаци исараздзӕнӕй Самари проектон-хӕрзти компани. Етӕ ма бацӕттӕ кодтонцӕ Тагъд агъази клиникон сӕйгӕдони инфекцион хайади бӕстихаййи проект.

Дзӕуӕгигъӕуи бунӕттон хеунаффӕйади разамонӕг Милдзихти Вячеслав куд радзурдта, уотемӕй сахари ӕхсӕнадон бунӕттӕмӕ зелунцӕ. Фӕскомцӕдесон парки, Дони станций куститӕ цӕунцӕ графикмӕ гӕсгӕ. Хетӕгкати Къостай номбӕл фӕлладуадзӕн парки нисантӕмӕ бавналдзӕнӕнцӕ, бонирахаст ку фӕррӕвдзӕдӕр уа, уӕд. Жуковскийи номбӕл парк банивӕбӕл кӕндзӕнӕнцӕ июли.

Республикӕ
Цӕгат Иристон-Аланий