21 декабря 2024

ФÆРНÆЙДЗАГ ЦАРД ХУÆДЗУНД АДÆМ АРАЗУНЦÆ!..

27.05.2023 | 22:30

Кавкази цæрæг адæмти цардиуаги æносон къæдзæхти федардзийнадæй федардæр адтæнцæ се ’хсæн хæлардзийнади рахастдзийнæдтæ. Уæлдай ирдæй е рабæрæг æй, Уæрæсей хæццæ ку байеу æнцæ, æ хæццæ æнсувæрдзийнадæ ку разагътонцæ, уæд.

«Адæймагæн хуæрзадæймагон равгитæй æнхæст уæн ке ес, е ни кæд æма æруагæс кæнуй, уæддæр гъæуама нæ зæрдæбæл ба уой дарæн, æма рæстзæрдæ адæймæгутæ ’нцæ æма, æвæдзи, алкæддæр уодзæнæнцæ адæмæн сæ минкъийдæр хай. Гъе уомæ гæсгæ ба ни алкедæр рæстуодæй хата еци минкъийдæр хаййи хæццæ байеу уни туххæй фæдздзурд. Гъуддæгутæ лæгъуз æнцæ, æма  нæ бон цидæриддæр æй сæ фæххуæздæр кæнунæн, уой æнæгъæнæйдæр ку нæ кæнæн, уæд никки фæллæгъуздæр уодзæнæнцæ…»

Аци гъуди номдзуд австриаг психиатр Виктор Франкл (1905-1997) кæд раги  загъта, уæддæр нин нури цардарæзти дæр бабæззидæ æ фæдзæхст. Уомæн æма абони дæр нæ гъуддæгутæ бустæги хуæрзтæй нæ ’нцæ, æгæр берæ нæмæ ’нцæ, хъæбæр нæ ка хъор кæнуй æма нæ гъигæ ка даруй, уæхæн аллихузон фарстатæ. Уонæн сæ ахсгиагдæртæй еу – æхсæннацион рахастдзийнæдтæ.

Рæстмæгъудигæнæг адæймагæн лæдæрд æй: еу бæсти цæрæг адæмти медастæу кæрæдзей лæдæрундзийнадæ æма нимайундзийнадæ ку нæ уа, æмзунд-æмвæндæй ку нæ архайуонцæ сæ карни гъуддæгутæ аразунбæл, уæд, баруагæс уи уæд, сæ абони дæр амондæй æнхæстæй хайгин нæ уодзæнæнцæ, сæ исонибон дæр син хъæбæр æгудзæггомау рауайдзæнæй…

Уæрæсей медæгæ æхсæннацион рахастдзийнæдти хуæрзконддзийнадæ цæйбæрцæбæл ахсгиаг æй, уæлдайдæр ба абони, нæ бæстæ нин бустæги фехалуни зæрдтæй знаги цæстæй нæмæ кæсæг паддзахæдтæ нæ нихмæ аллихузон фудракæндтитæ ку аразунцæ, уомæн ирд æвдесæн æй, æрæги сахар Пятигорски арæзт ке ’рцудæй æхсæннацион рахастдзийнæдти фæдбæл Совети æмбурд. Разамунд ин лæвардта Уæрæсей Федераций Президент Владимир Путин. 

Абони берæ тасдзийнæдти фудæй сагъæссаг рæстæгути, фæсарæйнаг паддзахæдтæй кæцидæртæ Уæрæсей нихмæ ку иссæнцæ æма нин нæ фудæнæн аллихузон хæрандзийнæдтæ ку аразунцæ, уæд нури цардарæзти æййивддзийнæдтæ нимайгæй, нæ медбæсти нæ лæмбунæгдæр цæстингасæй æркæсун гъæуй нæ национ политики арæзтадæмæ, уæлдайдæр ба, фæстаг рæстæги нæ паддзахадæбæл нæуæг бæстихæйттæ ке ’рбафтудæй, уой нимайгæй дæр. Уой туххæй сæрмагондæй æрлæудтæй æ радзубандий Уæрæсей Федераций Президент В.В. Путин, адæмти ’хсæн рахастдзийнæдти Совети æмбурди сахар Пятигорски.

Куд бафеппайдта, уотемæй нæ тухæ æма нæ уæлахез æй нæ еудзийнади. Айдагъдæр нæ еци еудзийнадæ æма æмвæндæ ун кæнуй æнæбасæтгæ.

 

СÆЙРАГ ТУХÆ – АДÆМТИ ЕУДЗИЙНАДИ

Национ æхсæн рахастдзийнæдти Совети æмбурди Владимир Путин æ радзубандий райдайæни куд фæннисан кодта,  уотемæй нуртæккæ Уæрæсей нихмæ арæзт æнцæ Нигулæн бæстити еугур тухтæ дæр:

– Нæ истори, нæ культурæ, уодварнон гъæздугæй-гъæздугдæр хæзнатæ ниллицъæ кæнунæй не ’нцайунцæ, къæхти буни сæ æрæнсæндунбæл архайунцæ æвæллайгæй, уой хæццæ ба ма аразунцæ аллихузон мадзæлттæ нæ берæнацион бæсти цæрæг адæмтæн сæ кæрæдзей лæдæрундзийнади, æнсувæрдзийнади  ’хсæн маргæйдзаг цорк никъкъуæрун, фæккæрæдземæ сæ кæнун, се ’хсæн цæмæй буцæутæ, сауæнгæ ма гæрзефтонг нихмæлæудтитæ дæр æвзура, уой фæдбæл.

Уæрæсей президенти гъудимæ гæсгæ, нæ бæсти нихмæ архайгутæ  ин æ тæккæ æнцондæр фæццæфгæнæн бавналæнбæл нимайунцæ æ берæнациондзийнадæ, æма гъавунцæ дæсгай листæг паддзахадæгæндтитæбæл æй ниддехтæ кæнун, цæмæй уони ба уой фæсте сæ дæлбарæ искæнонцæ.

– Уонæмæ æндæр нисантæ уогæ дæр нæййес. Уæхæн фæндитæ кæмæ ес, етæ исахур æнцæ еугур гъуддæгутæ дæр нигулæйнаг идеологон геппитæмæ гæсгæ, кæцитæн сæ медес ба æй расистон æма неоколониалон рахаст, еуæй-еу адæмти уæлиауондæр æвæрун, иннети ба бустæги аййепгунтæбæл нимайун, адæмти фиццаг, дуккаг, æртиккаг сорттæбæл дехтæ кæнун.

Уой фæдбæл Владимир Путин æ радзубандий сæрмагондæй куд баханхæ кодта,  уотемæй Уæрæсей æмæ æ зæнхитæбæл цæрæг адæмихæттити ’хсæн рахастдзийнæдтæ ирæзтæнцæ æма федаргонд цудæнцæ мингай æнзти дæргъи æма паддзахадæ æхуæдæг дæр арæзт цудæй берæнацион æмзæлдзийнади хæзнати фалдзос. Уæрæсей национ берæхузæнондзийнадæ ’й айдагъдæр тухгинæй-тухгиндæр. Раст гъе уой ба кенæ æцæгæй нæ балæдæрунгъон нæ ’нцæ, кенæ ба сæ æ балæдæрун нæ фæндуй.

– Уомæ гæсгæ ба, абони сæмæ ци фудвæндитæ ес æма уони исæнхæст кæнуни зæрдтæй цæбæлти архайунцæ, етæ сæ къохи ке нæ бафтуйдзæнæнцæ, уобæл мах æгириддæр дузæрдуг нæ кæнæн. Æз ба ма уотæ дæр зæгъдзæнæн, æма неоколониалон гъудитæбæл хуæст ка ’й, етæ æдулитæ ’нцæ, æма, зæгъæн, нуртæкки æдулитæн æркаст исаразæ, уæд тæккæ минкъийдæр дуккаг бунат байахæстайуонцæ æнæмæнгæ. Бæрæгдæр ба цæмæн дуккаг бунат? Уомæн æма ’нцæ, сæ уæле тапкатæ кæмæн нæййес, уæхæн æдулитæ…


ÆРГОМ ЗАГЪД

ДЗАХÆТИ Ларисæ, Цæгат Иристони паддзахадон университети философий æма æхсæнадон наукити кафедри сæргълæууæг:

– Æхсæннацион рахастдзийнæдти фæдбæл Совети æмбурди В.Путин раст баханхæ кодта: патриотизм, уæрæсейаг граждайнаг æмхузондзийнадæ ’нцæ, нæ бæсти берæнимæдзон адæмихæттити ка ’нгом æма еу кæнуй, еци бундортæ. Æма уонæн сæ фехалун некæд æма неци хузи неке бон исуодзæнæй. Уомæн ирд æвдесæн недзамантæй ба абони уæнгæ цаутæ æма хабæрттæ – цал æма цал хатти не ’знæгтæ багъавиуонцæ нæ бæсти цæрæг аллихузон адæмти кæрæдземæй фæддехтæ кæнунмæ æма сæ фæккæрæдземæ кæнунбæл. Фал сæ фудвæндитæй некæд неци рауадæй – е нæ, фал ма сæхуæдтæ гириззаг састи бунати равзуриуонцæ. Нурæй фæстæмæ дæр æностæмæ уотæ уодзæнæй – нæ Фидибæсти адæмтæ куд еумæйаг уæрæсеуон æхсæнадæ, уотæ сæ карнæ еузæрдиуонæй араздзæнæнцæ зæрдæмæдзæугæй…


Президенти аци загъдмæ гæсгæ æмбурди архайгутæ еугурæйдæр аразий худт никкодтонцæ – æцæгæйдæр, кæд нуртæккæ нæ нихмæ архайгутæ æцæгæйдæр æдулитæ нæ ’нцæ, уæд уой нæ зонунцæ, æма нæ Фидибæсти адæмти еудзийнадæ æма æмзæрдиуондзийнадæ фехалунмæ беретæ багъавиуонцæ, фал си некæд некæмæй неци рауадæй.

Нури уавæрти нæ адæмти ’хсæн еудзийнадæ фехалунбæл фæсарæнтæй карз архайд ке цæуй, уой фæдбæл æ дзубандий рæстæг æ гъудитæ загъта финнаг-угораг Ассоциаций сæрдар Петр Тултоев:

– Нигулæйнаг бæстити сæ разамунди аразийæй аллихузон радикалон националон организацитæ, кæцитæ сæхемæ есунцæ финно-угораг адæмихæттити номæй дзоруни бартæ.

Уомæн дзуапп дæтгæй, Владимир Путин зæрдæбæл æрлæуун кодта уой, æма славайнаг æма финно-угораг адæмихæттитæ фæрсæй-фарсмæ хæларæй цардæнцæ, сауæнгæ Уæрæсей еумæйаг паддзахадæ ку нæма иссæй, уæдта финно-угораг адæмти паддзахадæгæндтитæ ку нæма фæззиндтæнцæ, еци рæстæгути дæр.

Президенти загъдмæ гæсгæ, æнгъезуй лæдæрун уой дæр, æма, ке кой рацудæй, еци мордоваг адæм ке дзорунцæ фондз дзурдиздæхебæл, æма си ка пайда кæнуй, етæ дзæвгарæ идард æнцæ кæрæдземæй, нæ лæдæрунцæ кæрæдзей æвзæгтæ. Уомæ гæсгæ ба син дессаги агъазгæнæг иссæй уруссаг æвзаг, пайда си кæнунцæ сæ медастæу рахастдзийнæдти, кæрæдзей æнхæстдæр лæдæруни фæрæзнæ син æй. Фал етæ, гъома, нигулæн бæстити политиктæ, уой ке нæ тергади кæнунцæ… Уой фæдбæл президент уотæ дæр ма загъта:

– Ка ’й зонуй, е хуæздæрæн дæр æй, æгайтима нæ нихмæлæугутæ уоййасæбæл æнæлæдæргитæй æнцæ….

Хæлардзийнади монумент. Æвæрд æй Дзæуæгигъæуи Хæлардзийнади фæзи.

Уæрæсей паддзахадон националон политики стратеги нур дæс анземæй фулдæр косуй, æма лæдæрд æй, уойбæрцæ рæстæги фæсте нуриккон уавæрти ба ’й гъæуй фæннæуæгдæр, фенхæстдæр кæнун, уæлдайдæр ба, нæуæг регионтæ ке бафтудæй Уæрæсебæл, уомæ гæсгæ сæмæ гъæуй нæуæг цæстингасæй æркæсун. Президент куд баханхæ кодта, уотемæй Уæрæсебæл фæстаг æнзти бафтудæнцæ Херсони облæст, Запорожье, Донецки æма Лугански адæмон республикитæ, æма етæ дæр, куд нæ бæсти иннæ бæстихæйттæ, уотæ ’нцæ берæнацион. Уруссæгтæ æма украинæгтæй уæлдай ма си цæрунцæ белоруссæгтæ, бердзейнæгтæ, тæтæйрæгтæ, дзиуиттæгтæ æма ма никкидæр берæ æндæр адæмихæттити минæвæрттæ. Етæ сæхебæл бавзурстонцæ киеваг режим, кæци 2014 анзи паддзахадон фæлхатæни фæрци хецаудзийнадæ байсгæй ци хузи «цардарæзт» си æрфедар кодта, уой фæстеугутæ – тухæй архайæг национализм, ксенофоби æма æндæр фудмиутæ.

– Раст зæгъгæй, уой фæсте си æвзурститæ дæр ке исаразтонцæ, уой зонгæ дæр кæнæн, уæдта игъосгæ дæр, фал Киеви абониккон хецаудзийнади райдайæн ба уæддæр æй паддзахадон фæлхатдзийнадæ.

 

КУД ФУЛДÆР НÆ НИХМÆ АРХАЙУНЦÆ, УОТÆ ÆНГОМДÆР КÆНÆН

Уæрæсей националон гъуддæгутæмæ цæстдарæг Федералон агентади разамонæг Игорь Баринов В.В. Путинæй ракурдта, цæмæй Херсони, Запорожьей облæсти, Донецки æма Лугански адæмон республикити скъоладзаутæн уруссаг-украинаг адæмти ’хсæн ци этикон, культурон æма историон рахастдзийнæдтæ адтæй, уони арфдæр æма хуæздæр базонунæн сæрмагонд методикон фæрæзнитæ бацæттæ кæнун ихæсгонд æрцæуа, гъуддаг ка гъæуама исараза, уонæн. Æ гъудимæ гæсгæ, еци гъуддаг устур агъаз фæууидæ, нæ паддзахадæ адæмти ’хсæн рахастдзийнæдтæ федардæр кæнунмæ алкæддæр ци устур æргом æздахта, уой хуæздæр æма æнхæстдæрæй балæдæрунæн.

Уæрæсей президент æ радзубандий уой дæр баханхæ кодта, æма нуртæккæ ци сæрмагонд тугъдон операци цæуй, уоми ке архайунцæ нæ бæсти еугур адæмихæттити минæвæрттæ дæр. Уомæн бæлвурд æвдесæн æй, еугур еци адæмихæттити сæдæгай тугъдонтæн устур паддзахадон хуæрзеугутæ лæвæрд ке ’рцудæй, е дæр. Æ загъдмæ гæсгæ:

– Хумæтæг адæймаг хуарз лæдæруй, айдагъдæр нæ нæ еудзийнадæ тухгин æма æнæбасæтгæ ке кæнуй, уой. Е ба ’й сæйрагдæр, уомæн æма нæ исонибони идарддæри рохс цард комкоммæ уой хæццæ баст æй. Уомæ гæсгæ ба никки хъæбæрдæр æрбангом æнцæ нæ бæсти адæмихæттитæ кæрæдземæ.

Уой хæццæ ба ма е ’рдзубандий уотæ дæр загъта:

– Уæрæсей берæнациондзийнади медæги æй нæ тухæ. Нуртæккæ нæ нихмæ ци фæсарæйнаг бæститæ райистадæнцæ, уони бон уомæн неци æй, æма кæрæдзебæл æнгом хуæст æнцæ Уæрæсей адæмтæ.

Æ гъудимæ гæсгæ, нæ нихмæ цæйбæрцæбæл фулдæр санкцитæ аразунцæ, цæйбæрцæбæл фулдæр цъифкалæнтæ нæбæл кæнунцæ фæрсæрдиги, цæйбæрцæбæл фулдæр нæ сæхецæй еуварс кæнунцæ, уойбæрцæбæл тухгиндæр кæнуй не ’нгомдзийнадæ…

Еума агъазиау фарста – миграци. Уой хæццæ баст фарстати фæдбæл дзоргæй, Владимир Путин æрхаста уæхæн дæнцæ: кæцидæр бæститæмæ æндæр бæститæй ци адæм бацæуй цæрунмæ æма косунмæ, етæ уоми дæсгай æнзтæ ци адæми ’хсæн фæццæрунцæ, уомæн е ’взаг ба нæ базонунцæ.

– Е устур дессаг уогæй, æцæгæй ба уотæ ’й, – загъта Владимир Путин. – Махмæ æндæр бæститæй цæрунмæ æма косунмæ ка ’рбафтуйуй, уонæмæ мах æрдигæй алкæддæр фæууй еу домæн: гъæуама аргъ кæнонцæ æма нимайуонцæ нæ бæсти æгъдæуттæ, уагæвæрдтитæ, фæткитæ. Уæрæсей дуæрттæ алкæддæр игон адтæнцæ æма ’нцæ, нæ паддзахадон экономики ирæзтæн агъаз дæттунгъон каддæриддæр æй, еци специалисттæн.

 

РАФИ АБДУЛ ДЖАБАР: «ÆЗ ДÆН УРУССАГ ÆФСÆДДОН!..»

Æмбурдмæ хунд æрцудæнцæ сæрмагонд тугъдон операций Уæрæсей адæмихæттити минæвæрттæй ка архайуй, уæхæн æфсæддонтæ. Се ’хсæн адтæй Рафи Абдул Джабар. Райгурдæй Афганистани, хауй пуштуйнаг адæмихатмæ, цæргæ ба кодта Ростови облæсти. Цубурдзурдæй – «æцæг донаг хъазахъаг». 2014 анзæй абони уæнгæ архайуй Донбасси тугъдон гъуддæгути. Баринов æмбурди рæстæг куд радзурдта, уотемæй аци бæгъатæрæн, тугъдон мадзæлтти уоййасæбæл уæззау цæфтæ фæцæй, æма æ дууæ къахи дæр лухгонд æрцудæнцæ. Нур æ протезтæ æнæмæнгæ æййевуйнаг æнцæ. Баринов ма куд загъта, уотемæй аци æфсæддон нецихузи арази кæнуй протезтæ раййевуни туххæй Донбассæй рандæ ун, уомæ гæсгæ ба ракурдта Владимир Путинæй, цæмæй фæййагъаз кæнонцæ еци гъуддаги: «Мах бон ин неци æй, айдагъдæр дæумæ байгъосдзæнæй…»

Президент зæрдæ байвардта, еци тугъдони хæццæ æнæмæнгæ лæгæй-лæгмæ ке радзордзæнæй, уой туххæй:

– Федарæй ми æруагæс кæнуй, еци фарста, куд хуæздæр æй, уотæ æнхæстгонд ке ’рцæудзæнæй, е.

Джабар æхуæдæг ба, дзурди барæ ракоргæй, куд радзурдта, уотемæй 2017 анзи уæззау цæфтæ фæууогæй, æхе лæдæргæ дæр нæбал бакодта дзæвгарæ рæстæгути. Æримиста уой дæр, æма сауæнгæ киристон дини кустгæнгутæ сæ  аргъауæндæнттæмæ цæуæг адæмæй курдтонцæ, цæмæй ин етæ тог раттонцæ.

– Хъæбæр берæ адæм: студенттæ, дохтиртæ, шахтертæ, æфсæддонтæ, аллихузи адæмихæттити минæвæрттæ æнæгъæнæ Донбассæй цудæнцæ цæф æфсæддонæн сæ тог раттунмæ. Не ’знæгтæ сæ пропагандистон мæнгæ дзубандити мæнæ мæн хузæн æфсæддонти оккупанттæ, гъома, еске зæнхæмæ балæборгутæ хонунцæ. Фал еци зæнхæбæл цæрæг бунæттон адæм хевæндонæй некæд æма нецихузи дууæ суткей дæргъи æрбалæборæгæн лæвардтайуонцæ сæ тог. Æз дæн уруссаг æфсæддон. Устур кадæбæл æй нимайун мæхецæн, уруссаг æфсæддон ке дæн, уой!..

Паддзахадон Думи фракци «Еумæйаг Уæрæсе»-й раздзæуæг æма «Уæрæсей адæмихæттити Ассамблейи» сæрдар Владимир Васильев президенти базонгæ кодта Уæрæсей Федераций Бæгъатæр Балдан Цыдыпови хæццæ. Лæгæхсарæ равдесгæй, е уацарæй æма мæлæтæй фæййервæзун кодта нæхе тугъдонтæй 200 адæймаги. Владимир Васильеви дзубандимæ гæсгæ, сæрмагонд тугъдон операций архайгутæй Уæрæсей Федераций Бæгъатæри ном лæвæрд кæмæн æрцудæй, уонæй 168 æнцæ нæ бæсти инсæй адæмихаттей минæвæрттæ.

Балдан æхуæдæг куд загъта, уотемæй нуртæккæ сæрмагонд тугъдон операций ка архайуй, етæ ’нцæ нæ доги бæгъатæртæ:

– Тугъдæн æ тæккæ раззагдæр рауæнти ка тох кæнуй – етæ еугурæйдæр æнцæ нæ уæлахезхæсгутæ… Цийфæнди хуæрзеугутæй хуарзæнхæгонд дæр уæнтæ, уæддæр æнцæ бæгъатæртæ!.. Уомæй æ хæццæ Владимир Путин дæр исарази æй:

…Нæ  рагфидтæлтæй нин байзадæй мæнæ ауæхæн курухон загъд: «Фæрнæйдзаг цард хуæдзунд адæм аразунцæ!..» Махмæ гæсгæ, махбæл, Уæрæсей цæрæг адæмтæбæл уæхæн бон искодта, æма фæрнæйдзаг цардмæ бæлгæй, гъæуама æмзунд-æмвæндæй карз нихкъуæрд раттæн, нæ зæрдиаг фæндитæ исæнхæст кæнунæй нæ кадæриддæр хъор кæнуй, нæ нихмæ нин аллихузон къахкъуæрæнтæ ка аразуй, уонæн. Нæ еци ихæс исæнхæстгъон ба гъæуама æнæмæнгæ исуæн, уомæн æма е айдагъ мах, абони фæлтæрти нæ гъæуй, фал гъæуама бæрнонæй байауодæн нæ исонибони фæлтæрти карнæбæл дæр.


АДÆМИ ЦÆСТÆ УИНАГÆДÆР ÆЙ!..

Дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг Еугуруæрæсеуон центри æртасгутæ нæ бæсти цæргутæй кæцидæр хаййи, Фидибæстæй цæйбæрцæбæл сæрустур айтæ, уæд уонæн сæ 62% куд загътонцæ, уотемæй евгъуд анзи нæ бæстæй зингæ фæссæрустурдæр æнцæ. Уæхæн сæрустурдзийнадæ зингæ фæббæрзонддæр æй Хонсайраг æма Цæгат-Кавказаг федералон зилдти цæргутæмæ, уæдта хестæр фæлтæрти минæвæрттæмæ. Сæрустур ба фиццагидæр æнцæ уæрæсейаг адæмæй, е ’нгомдзийнадæй æма фидибæстæ уарзундзийнадæй, æ тухгиндзийнадæ æма æнæбасæттондзийнадæй, æ анзфинст æма дуйнеуон тонхи гъомусадæй. «Уæрæсей нуриккон историй ахедгæдæр цаутæбæл нерæнгæ дæр ма ’нцæ Донбасс багъæуай кæнун, Лугански æма Донецки адæмон республикити банимайундзийнадæ æма Хъирим Уæрæсемæ æрбайеу кæнун, уæдта Хъиримаг хеди исарæзт (17%), – игъосун кæнунцæ социологтæ.

Сумах ба, нæ газеткæсгутæ, куд гъуди кæнетæ?..