ФИДИБÆСТИ БÆГЪАТÆРТÆ
Нæ абони царди уавæрти нин кæд æма сагъæссаг хъæбæр берæ хабæрттæ ’нцæ, уæддæр нæ еугур дзиллæн дæр уæлдай зæрдхъурмæ ’й, сæрмагонд тугъдон операций рæстæг не ’мзæнхон æфсæддонтæй цардгъæуагæй ке фæммард унцæ, е. Уонæн сæ бæгъатæрдзийнади туххæй сæ фæсмæрдæ ци паддзахадон хуæрзеугутæ аккаггонд æрцæуй, уони син нæ республики æма æфсæддон разамунд раттунцæ сæ хеуæнттæмæ.
Æрæги бабæй уæхæн хуæрзеугутæ лæвæрд æрцудæнцæ, сæрмагонд тугъдон операций рæстæг ка фæммард æй, еци тугъдонти хеуæнттæмæ. Зиангинти хæццæ фембæлди рæстæг син нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло хъæбæр зæрдхъурмæй ратæфирфæс кодта:
– Дуйнебæл нæййес уæхæн дзурдтæ, кæцитæ уин уæ зæрдрист фæннидæндæр кæндзæнæнцæ… Уæ зин кæд æгæрон æй æма уæ цардбæнтти уæ зæрдити нæ банцайдзæнæй, уæддæр уин уой зæгъуйнаг дæн, æма уæ фурттæй, уæ цардæмбæлттæй, æнсувæртæй, фидтæлтæй гъæуама сæрустур уайтæ – етæ се ’фсæддон ихæс æнхæст кæнгæй, бавдистонцæ алæмæти лæгдзийнадæ æма уодуæлдайдзийнадæ. Гъулæггагæн, сæ цард иснивонд кæнгæй. Мах син алкæддæр имисдзинан сæ рохс нæмттæ, цитгин сæ кæндзинан…
Республики разамонæг федарæй зæрдæ байвардта, тугъдонти бийнонтæн идарддæр дæр алцæмæйдæр агъазгонд ке цæудзæнæй, уомæй.
Се ’фсæддон ихæс æнхæст кæнгæй, лæгдзийнадæ, бæгъатæрдзийнадæ æма уодуæлдайдзийнадæ ке бавдистонцæ, уой фæдбæл Уæрæсей Федераций Президенти Указæй Лæгдзийнади орден аккаггонд æрцудæй (фæсмæрдæ):
– дæлболкъон Данилов Валентин,
– сержант Хугати Артур,
– сержант Джантемиров Ширвани,
– хестæр лейтенант Фæрниати Олег,
– лейтенант Хъæцмæзти Эдуард,
– прапорщик Арапов Юрий,
– рæнгъон Бойко Максим,
– рæнгъон Цхурбати Роланд,
– рæнгъон Тотити Таймураз,
– рæнгъон Хъалати Валерий,
– рæнгъон Хъантемурти Заур,
– рæнгъон Мацкевич Андрей,
– рæнгъон Очеретлов Дрес.
Æдзард тугъдонти хуæрзеугутæ лæвæрд æрцудæнцæ сæ хеуæнттæмæ.