14 июня 2025

ГЪÆУБÆСТÆ ÆМА Æ ИУАЗГУТИ УОДÆНЦОЙНÆН

11.06.2025 | 01:12

Ирæфи райони устурдæр гъæутæй еуеми, Лескени,  фæззиндтæй нæуæг фæлладуадзæн бунат. Уой исфæлгонц кæнунбæл архайд цудæй 2022 анзи февралæй.

Нæуæг фæлладуадзæн бунат исаразтонцæ хуæнхрæбун, ардæмæ ка ’рбацæуа уолæфунмæ, уонæн си ес берæ аллихузон равгитæ. Зæгъæн, кæсалгæ ахæссунæн  цъæх-цъæхид дони хæццæ цадæ. Фæзуати тагъд рæстæги ци кафе байгон кæндзæнæнцæ, уоми дин кæсалгæй дæ зæрди фæндон хуæруйнаг исараздзæнæнцæ.

Иуазгутæн си ес фæллад исуадзунмæ азгъунститæ, ведосипедæн нæдтæ. Фæлладуадзæн бунат ахæссуй цуппæрдæс æма инсæй гектарей бæрцæ фæзуат. Хæстæгдæр рæстæги си исæвæрдзæнæнцæ глэмпингтæ æма æртæуатон минкъий хæдзæрттæ, уодзæнæй си спортивон æма сувæллæнттæн гъазæн фæзитæ, цæмæй сæ рæстæг æхцæуæнæй æрветонцæ, куд хестæртæ, уотæ сабийтæ дæр.

– Нерæнгæ бал нæ иуазгути хæццæ фæлварæн уагæбæл архайдзинан, цæмæй исбæлвурд кæнæн, цæбæл ма нæ бакосун гъæуй, уой, – зæгъуй амалгъон Цæрикъати Алан. – Проекти равналæнтæ урух æнцæ, æма идарддæр дæр архайдзинан хъæбæр хуарз уавæртæ исаразунбæл, ка нæмæ исаккаг кæна æ уолæфти рæстæг рарветунмæ, уонæн. Нур ба бал æнгъæлмæ кæсæн фиццаг иуазгутæмæ. Хъæбæр зæрдиагæй байархайдтан, алли листæг гъуддагмæ дæр не ’ргом раздахтан, æма ни æруагæс кæнуй, бунæттон цæргутæ æма республики иуазгутæ нæ архайд æма уавæртæй аразийæй ке байзайдзæнæнцæ, е. Арфæ кæнун, аци проект царди рауадзунмæ кадæриддæр фæккастæй, уонæн.

Ами ма бафтаун гъæуй, фæлладуадзæн базæ æнхæстæй ке исрæвдзæ уодзæнæй кæсалгахæссæги Бонмæ – 13 июльмæ.