28 марта 2026

«ГЪÆУККАГ АХУРГÆНÆГ»

28.03.2026 | 16:52

Цæгат Иристони идарддæр æнхæстгонд цæуй федералон программæ «Гъæуккаг ахургæнæг». Уой фæрци аци анз республики гъæууон скъолати косун райдайдзæнæнцæ нæудæс ахургæнæги.

Цæгат Иристони Сæргълæууæг æма Хецауади пресс-службæ куд игъосун кæнуй, уотемæй цалдæр анземæ программи архайæг иссæнцæ æртинсæй ахургæнæги (куд фæлтæрдгин, уотæ райдайгæ специалисттæ дæр). Гъæуккаг скъолати косун ке райдæдтонцæ, уой туххæй син сæрмагонд паддзахадон зæрдæлхæнæни хузи лæвæрд æрцудæй фæйнæ еу миллион соми (еци грант си алкедæр исхарз кæнуй æхе фæндонмæ гæсгæ).

Аци анзи райдайæнæй фæстæмæ программæ «Гъæ-
уккаг ахургæнæг» æнхæстгонд цæуй фиццаградон национ проект «Фæсевæд æма сувæллæнттæ»-йи уагæвæрди бундорбæл.