ХЪИАМÆТТÆЙ-ХЪИАМÆТДÆР АДТÆЙ ЕЦИ ТУГЪД ДÆР…
Фондз æма цуппаринсæй анзей размæ, 1939 анзи 30 ноябри райдæдта советон-финнаг тугъд (фæцæй 1940 анзи 12 мартъий), уæд федаргонд æрцудæй сабуйради бадзурд, кæцимæ гæсгæ ССР Цæдеси æма Финляндий æхсæн исбæрæг кодтонцæ нæуæг паддзахадон арæнтæ. Аци тугъди туххæй советон доги уоййасæбæл парахаттæй койгонд нæ цудæй, æвæдзи, уомæ гæсгæ æма си Советон Цæдес кæд фæууæлахез æй, уæддæр си берæ цæмæйдæртæй ба къæндзæстуг адтæй нæ бæсти разамунд. Раст зæгъгæй, фæстаг рæстæгути еци тугъди туххæй æрмæгутæ ахиддæр мухургонд цæуй, фал етæ дæр фулдæр хæттити фæуунцæ, кæцидæр политиктæн кутемæй пайдадæр æнцæ, еци хузи.
Нæ зонæн, аци тугъди 85 анзей бон ести хузи бæрæггонд æрцæудзæнæй, уой. Фал æй мах ба уæддæр имисæн æма уой фæдбæл æрмæг мухур кæнæн 2-3-аг фæрстæбæл.
Цийфæнди карз тугъди дæр зæнхкосæгæй хъæбæрдæр гъигæдард неке баййафуй, фал си уæлахезæй дæр е рацæуй. Царди гъæдгинтæ дæр е бадзæбæхтæ кæнуй, æма бабæй æ сойнæ къохти фæрци цард æ тухи бацæуй…
Æма уотæ нæ рауадæй советон-финляндиаг тугъди хабар дæр? Нæ балхонтæ берæ цæмæйдæрти нæ исарæхстæнцæ, æма уой фудæй ба æверхъаудзийнæдти бахаудтæнцæ хумæтæг советон æфсæддонтæ, мингæйттæ си цагъди фæцæнцæ. Æма уæд уонæн кадæ ма кæнæ, еци хъиамæтти хабæрттæ æргомæй ма кæнæ, е уотид раст нæй, е хъæбæр устур тæрегъæд æй. Уомæ гæсгæ ба абони, еци тугъд имисгæй, нæ мухур кæнæн нæдæр историкти, нæдæр ба политикти дзубандитæ. Мухур кæнæн, нæ зундгонд финсæг Бицъоти Гриш (1932-2014) æ райгурæн гъæу Ставд-Дорти туххæй кæддæр ци документалон уацау ниффинста, уордигæй скъуддзаг – дзубанди си цæуй, е ’мгъæуккæгтæй еци тугъди ка архайдта, уони туххæй.
* * *
Минкъий ма адтæн, уæд æй балæдæрдтæн, орденхæссæг адæми ’хсæн куд кадгин адтæй, уой. Æнæгъæнæ гъæубæстæ дæр си сæрустур адтæнцæ. Фидибæстон тугъди агъоммæ уæхæн кади аккаг разиндтæнцæ Фæрниати Батæрбег æма Закати Хадзимурзæ. Хадзимурзæ мæ цæсти адтæй, адæми ’хсæнмæ æргом ка рацудæй, аргъæутти уæхæн хъайтари хузæн. Советон-финнаг (Гриш æ уацауи финста куд Финнти тугъд, æма ’й уотемæй уадзæн – Ред.) тугъди рæстæг фескъуæлхтæй æма ’й исхуарзæнхгин кодтонцæ Тугъдон Сурх Турусай орденæй. Батæрбег ба адтæй Советон доги хестæр фæлтæри ахургæнгутæй, уомæн ба исаккаг кодтонцæ Фæллойни Сурх турусай орден. Гъæубæстæ сæрмагондæй сæ дууей номбæл дæр исаразтонцæ митинг, æрцудæй имæ берæ адæм, фæййарфитæ син кодтонцæ, уой фæсте ба кувди фингæ райвардтонцæ…
Финнти тугъд райдæдта 1939 анзи 30 ноябри æма рахаста 1940 анзи 12 мартъий уæнгæ. Ставддортæгтæй Финнти тугъди архайдтонцæ Закати Хадзимурзæ, Токати Дзандар æма Барис, Уарзиати Тотр, Сохити Сослæнбег, Æлбегати Валоди. Мæ фиди æнсувæр Дзибой кæддæр фарстон æ уæди хабæрттæбæл дæр, фал нæ исразæнгард æй дзорунмæ. Геналдухъо (гъулæггагæн, уацауи æ муггаг цæмæдæр гæсгæ амунд нæй – Ред.) Финнти тугъди туххæй хуæрзцубурæй загъта:
– Уæхæн зумæг искодта æма басудан. Финнти федæрттæ уотæ дæсни арæзт адтæнцæ æма сæмæ æмгæрон бацæуæн нæ адтæй…
Советон мухури Финнти тугъди туххæй бæлвурд дзубанди некæд загътонцæ. Еци тугъди æверхъау æцæгдзийнадæ базудтон Токати Дзандари дзубандитæй. Дзандари æз æ тухсти дзамани базудтон – цæстирохсæй фенæхай æй. Финнти тугъди агъоммæ Дзандар ахур кодта сахар Старая Русайи æфсæддон скъолай. Уой фæсте бахаудтæй пулеметæй æхсæг взводмæ. Æфсæддон скъолай размæ ма куста æфсæддон заводи æма уомæ гæсгæ ба тактикон ахурти рæстæг уроктæ лæвардта æхуæдæг. Уæззау сæйгæ фæцæй æма госпитæлмæ бахаудтæй. Ку исдзæбæх æй, уæд æй бакодтонцæ фестæг æфсæддон хаймæ. Уалинмæ Германи тугъд ракъахта Польший нихмæ. Е адтæй 1939 анзи 1 сентябри. Дзандар кæми адтæй, еци æфсæддон хаййи багæлстонцæ Нигулæн Украинмæмæ, уоми сæхе бафæсвæд кодтонцæ гъæди. Еууæхæни сæ немуци æфсад æрæстæфтæнцæ æма сæ дзармадзантæй æхсун байдæдтонцæ. Фæстæдæр етæ сæхе раст кодтонцæ, мах уæ польшæгтæ æнгъæл адтан, зæгъгæ.
Уой фæсте син се ’фсæддон хай багæлстонцæ Финляндий арæнмæ. Æхсæвеуат кодтонцæ зæнхи буни арæзт сигиткъæсти. Уомæлæй си æрлæууæн нæ адтæй, дон сæбæл æнæсцохæй тагъдæй. Уоми фæцæнцæ сауæнгæ ноябри уæнгæ. Сæ медастæу дзурдтонцæ: «Тугъдæн æнæ райдайæн нæййес». Сæуми аст сахаттебæл дæр ма хъæбæр талингæ адтæй. Калд бæлæстæ нæдтæбæл рæдзæгъдæй лæудтæнцæ. Сæ надбæл, Карели зæнхкъобалæ ке худтонцæ, еци федар, Финнаг донбакæлæнтæй хъæрттæй сауæнгæ Ладожски цади билæмæ (худтонцæ ’й «Линия Маннергейма»). Федармæ бацæун гъудæй дони сæрти. Не ’фсад финнти зæнхæбæл бацудæнцæ дæс æма инсæй километрей бæрцæ. Уоййасæбæл берæ адтæнцæ æма сæ зæнхæ нæ уорæдта. Фæсæмбесæхсæвæ цуппар сахатти адтайдæ, уæд нæ дзармадзантæ финнти æхсун райдæдтонцæ, фал етæ сæ бунатæй æзмæлгæ дæр нæ фæккодтонцæ. Уæд дивизий исистун кодтонцæ æма ин бардзурд равардтонцæ дони сæрти бахезуни туххæй. Ралæгарстонцæ размæ.
Æфсади разæй ранæхстæр æнцæ бæхтæй ласгæ дзармадзантæ. Уони хæццæ адтæй Дзандар дæр. Донмæ куд хæстæгдæр кодтонцæ, уотæ сæ финнтæ сæ дзармадзантæй æхсун райдæдтонцæ. Нади дæллæй циуавæрдæр гъæмпинсæр хæдзарæ исцæфстæй. Зæнхæ фунхтæй дзармадзанти нæмгути рæмугъдтитæй. Не ’фсæддонтæ фæззæрддзæф æнцæ æма сæхе фæффæстæдæр кодтонцæ. Дони сæрти бахезун фиццаг ка бавзурста, етæ цагъди фæцæнцæ. Хуæздæр бон не ’ркодта, дуккаг хатт дæр ка ’взурста, уонæбæл дæр. Сæ уæле адтæй маскхалæттæ, арф мети сæ къахдзонæгътæ ниххастæнцæ æма син размæ цæунæн неци æнтæстæй, адæймаг мисан фестадæй. Уазал хъæрттæй 50 градусемæ. Зæлланггæнагæ уазал. Сæ уæледарæсти нецибал тафс адтæй. Финнтæ махонтæмæ гъавтонцæ æртæуæладзугон федари сæрæй, бæлæстæ бахсастонцæ æма си хе байаууонгæнæн нæбал адтæй. Салд зæнхæ уотæ ниддæвдæг æй, æма ’й тæккæ уæззаудæр бомбæ дæр нæбал цъола кодта. Финнаг рæстдзæвинтæ бæлæсти сæрти астъæнттæ сæхецæн искодтонцæ æма мах тугъдонти мисанæн агурдтонцæ. Не ’фсæддонтæ кумæ бацудæнцæ, еци комæн æ дууæ фахсебæл дæр финнæгтæ бадтæнцæ федаргонд акъоппити, дууердигæй æхстонцæ махонти æма сæ биндзити цагъд кодтонцæ.
Еци зиндонæй ма райервазтæнцæ еугæйттæ. Махонтæ ци федар акъоппитæ байстонцæ, уордæмæ финнтæ дон рауагътонцæ æма си лæууæн нæбал адтæй. Финнæгтæбæл адтæй царæй конд дарæстæ, махуæнттæбæл ба – медæггæгтæ, гъар хæдæнттæ æма хæлæфтæ, гъосгинходтæ, бæмпæггинтæ. Æма си неци тафс адтæй. Ку рату кодтайсæ, уæд зæнхæмæ ехин нæмуг æрхаудтайдæ. Нæ размæмпурсæг тугъдонтæн лæвардтонцæ водкæ. Еци ниуæзтæ берети бабун кодта. Ниуæзтæй тог базмæлидæ, бауæрбæл гъар уолæн райвулидæ æма адæймаги хуссæг райахæссидæ. Ка рафунæй уидæ, етæ ниссæлиуонцæ, фестиуонцæ ехин къотæртæ.
Финнаг федар арæзт адтæй немуцаг инженерти гъудимæ гæсгæ. Дзармадзанти нæмуг ибæл ку исæмбæлидæ, уæддæр фæстæмæ расхъеуидæ. Уогæ еци уазали алли нæмуг ихæлгæ дæр нæ кодта.
Дзандари тугъдон æмбæлттæй ка фæццæф кенæ фæммард уидæ, уони бæсти нæугутæ ’рбарветиуонцæ. Финнаг тугъдонтæ къахдзонæгътæбæл хъæбæр дæсни уадæнцæ, бæгъатæр адтæнцæ, сæхе уацари нæ лæвардтонцæ. Мах госпитæлмæ си ка бахауидæ, етæ сæхе дзæбæх кæнун нæ уагътонцæ.
Финнтæмæ ма уæхæн фæткæ адтæй – дæс уæрæсейаг æфсæддони ка рамаридæ, уой сæрмагонд бардзурдмæ гæсгæ æрвистонцæ уолæфунмæ.
Мах танктæ адтæнцæ згъæрцъарæ, æвардтонцæ сæ цонæгътæбæл. Æ аууон æрлæууиуонцæ фестæгæфсæддонтæ æма ’й размæ ’схустонцæ. Финнæгтæ нæ танкти рацæуæнти райтигътонцæ электрон ток уагъд кæми адтæй, уæхæн телтæ. Танк телбæл ку бамбæлидæ, уæд æрлæууидæ. Финнæгтæ махонтæбæл хийнæй дæр цудæнцæ. Æхсæвигон уони ’рдигæй уруссагау райгъусидæ лигъстæгæнæги фæдздзурд: «Помогите, пожалуйста! Помогите!» Агъаз кæнунмæ ка ратагъд кæнидæ, етæ сæ амæттаг бауиуонцæ. Махонтæй сæмæ уацари ка хаудтæй, уони бауæрбæл зинг стъалуйæй æвардтонцæ игакæ. Кенæ ба ибæл хуаси лæвæрæн бабæттиуонцæ, арт ибæл бафтауиуонцæ æма ’й уотемæй рауадзиуонцæ. Уотæ дæр уидæ, æма уони æфсæддон æхе мардæфсон искæнидæ, æма махон æ сæрти ку рахезидæ, уæдта ’й фæстегæй барæхуайидæ.
Уæди рæстæг, æвæдзи, финнæгти хузæн тугъдон федар некæмæ адтæй. Æ цæуæнтæ зæнхи бунти арæзт.
Нæ тугъдонтæн лæвардтонцæ сонгун хуæруйнаг, исæдонуг уиуонцæ, фал ниуазуни дон ке къохи æфтудæй. Дон истонцæ, ех дзармадзани нæмгутæй кæми фегон уидæ, еци рауæнтæй. Фал не ’фсæддонти финнæгтæ донесæнтæмæ хæстæг бацæун нæ уагътонцæ, нæмуги амæттаг сæ бакæниуонцæ. Кæцæй сæ æхстонцæ, уомæн базонæн нæ уидæ. Уой махонтæ æрæгиау базудтонцæ. Финнæгтæ бавналдтонцæ æма бæласи сæрти рагацау гъаргæнæнтæ исæвардтонцæ (электрон гъаргæнæнтæ адтæнцæ, æндæр ци), уомити бадтæнцæ сæ рæстдзæвинтæ æма махонти цагътонцæ.
Дзандар уотæ дзурдта:
– Финнæгти нæмгутæй ни ка фæгъгъудæй, уазали азарæй нæбæл уомæй фулдæр зиантæ ’рцудæй…
Финнæгти хæццæ тугъд ку банцадæй, уой фæсте Закати Хадзимурзæ иссудæй Ставд-Дортæмæ. Бæрæгбон исæййафта. Гъæубæстæ æрæмбурд æнцæ гъæуи æндеггæй догъуадзæн обауи размæ. Чисиати Ануси е ’мгарæ кизгуттæй цалдæрей хæццæ хебарæй лæудтæнцæ. Хадзимурзæ сæмæ бацудæй, медбилти ходгæй син салам равардта, æ цæстæ сæбæл рахаста æма уотæ бакодта:
– Изæри клубмæ рацотæ, кинонивæ си æвдесдзæнæнцæ. Зæрдиуагæй уæ хонун.
Изæри клуби фембалдæнцæ Хадзимурзæ æма кизгуттæ. Даргъ къелатæй еуебæл исбадтæй лæхъуæн æма Анусийæн æ фарсмæ райамудта: «Мæнæ ами исбадæ». Исбадун кодта иннæ кизгутти дæр. Фарсбæл итигъд гæгъæдибæл фæззиндтæнцæ кинониви райдайæни финститæ… Бакастæнцæ ставд дамугъатæй финст: «ЛИНИЯ МАННЕРГЕЙМА». Æнахур хузи рауадæй: нæ тугъдонтæн зæнхон зиндони хузæн ка фестадæй, еци тугъди хузтæмæ кастæй тугъди хъайтар, рæстæгæй-рæстæгмæ кæцидæр хузти медес кизгуттæн æхе дзурдтæй балæдæрун кæнидæ, уотемæй. Æнæргъудийæй уиуонцæ æ зæгъуйнæгтæ, æма кизгуттæ балæдæрдтæнцæ, зинтæн фæразон тугъдон лæги уод цæйбæрцæбæл æхсист исуй…
Кувд ин ку искодтонцæ, уæддæр Хадзимурзæ исхудта Анусий æма е ’мбал кизгутти. Уати сæ исбадун кодтонцæ, исбадтæй сæ хæццæ фингæбæл æхуæдæг дæр. Еу рæстæги хатир ракурдта æма уатæй рацудæй æндæмæ. Уой фæсте сæмæ силгоймæгтæ еугай-дугайæй цæун райдæдтонцæ. Къæразгæй дæр сæмæ æрбакæсиуонцæ, дуарæй дæр. Ануси еци бон неци балæдæрдтæй, фал ин фæстæдæр Хадзимурзæ æ зæрдæ ку раргом кодта, уæд æ зæрдæбæл æрбалæудтæй, кувди бони æй уоститæ сæ цæститæй куд нихъуардтонцæ, е.
Закати Хадзимурзæ райгурдæй 1917 анзи, инсæй анзи ибæл ку исæнхæст æй, уæд службæ кæнунмæ рандæй. 1939 анзи сентябои мæйи уæнгæ раздæр службæ кодта Нигулæн Украини, уой фæсте ба Белоруссий. Уордигæй æй ракодтонцæ Финнаг тугъдмæ. 1940 анзи 5 январи хуарзæнхæгонд æрцудæй Тугъдон Сурх Турусай орденæй. Советон хецауадæ æма Финляндий разамунди федуди бардзурд ку исфедар кодтонцæ, уæд уой фæсте Хадзимурзи раййивтонцæ сахар Нальчикмæ бæхгин æфсади 10 дивизимæ. Уордигæй ба ’й 1941 анзи апърели раййивтонцæ Дзæуæгигъæумæ Фиццаг фестæгæфсæддон училищемæ. Каст æй фæцæй æхсæз мæйемæ æма ’й рарвистонцæ Керчи десантон бригадæмæ. (Ами дзубанди цæуй Фидибæстон тугъди цаутæбæл). Фæцæй цалдæр цæфи, бахаудтæй Еревани госпитæлмæ. Æнхæст не ’сдзæбæх æй, уотемæй æй фæлластонцæ Челябински облæсти сахар Кыштыммæ. Уордигæй æхе рарветун кодта фронтмæ. Нæуæгæй бабæй фæццæф æй, бахаудтæй Ворошиловгради госпитæлмæ. Æ бийнойнаг Ануси си фæстаг финстæг райста 1942 анзи 20 июни. Финста: дæн Брянски фронти тундзæг æфсади. Уæдæй фæстæмæ си нецибал райгъустæй.
Закати Битти хестæрти дзубандитæй куд багъуди кодта, уотемæй Хадзимурзæ уацари бахаудтæй æртæ хатти. Æртæ хатти дæр раледзидæ, дууæ хатти бæргæ фæййервазтæй, фал æй æртиккаг ба рамардтонцæ. Уацари дæр, загътонцæ, æ хуæрзеуæг æ хæццæ дардта – сапойни къæртти æй баримахста. Кæцидæр лагермæ Саулати Додтий хæццæ еумæ бахаудтæнцæ, зæгъгæ дæр дзурдтонцæ.
Хадзимурзæ æма Ануси сæ цард бабастонцæ, лæхъуæн нæхе сахари ку ахур кодта, уой размæ, 1941 анзи январи мæйи. Еумæ ци рæстæг рарвистонцæ, е куд кадавар рауадæй, куд кадавар! Анусий цæститæ æнгъæлмæ кæсунæй ниууорс æнцæ. Фæстаг хатт ма кæрæдзей фæууидтонцæ 1942 анзи 3 январи. Хæдзимурзæ уæд Керчæй æхсгæуад искодта æма нимадæй æ рази фæцæй дууæ бони æмæ дууæ ’хсæви. Æхе рази райгурдæй сæ еунæг бæдолæ, сæ бундор Владик. Фидæ цийнæ кодта, фæккастæй имæ æма ’й еу рæстæги сæрустурхузæй рафарста: «Мæхе хузæн нæй?»
Медгъæубæсти уогæй, Хадзимурзæн æ рæстæг уотæ цубур адтæй æма ’й æ тугъдон хабæрттæй ести радзорунмæ дæр некæд райевдалдæй. Еу хатт имæ Финнаг тугъди кой рауадæй: «Хъиамæти зумæг нæбæл искодта. Нæхе нæбал æхснадтан – бауæр дони гъæстæ фæцæй, уæд нискъудтæ уидæ. Къохтæ, цæсгон исарстан вазилинæй. Кæрæдзей нæбал бафæсмæрианæ, уотæ ниссау æнцæ нæ цæсгæнттæ…» Еу финстæги ба уотæ финста: «Цалинмæ Советон Цæдеси Бæгъатæр исуон, уæдмæ нæ ниууадздзæнæн!..»
Хадзимурзи мадæ Софийæй ахид уæхæн загъд исхауидæ: «Цалинмæ мæ фурттæ нæ фæззиннонцæ, уæдмæ мæ Хуцау ма рамарæд…» Æ хестæр фурт Гаврил фæммард æй Белоруссий зæнхæбæл, сахар Барановичи алфамбулай.
Ануси финста алли рауæнтæмæ, æ цардæмбал Мурзæн (уотæ хониуонцæ Хадзимурзи – Ред.) кæми будури, кæми хонхи, кæми сахари фескъудæй æ тугъдон над, зæгъгæ, агурдта ин æ фæдтæ æма бабæй ин аллихатт дæр дзуапп раттиуонцæ: мах номхигъдти уæхæн нæййес… мах бон уои фæййагъаз кæнун нецæмæй æй…
Хадзимурзæ æма Гаврили мадæ æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 1953 анзи…
БИЦЪОТИ Гриш (1932-2014) финсæг