21 ноября 2024

ХУАРЗ БӔЛАСӔ ХУАРЗ ТАЛАЙӔЙ ИРӔЗУЙ!..

22.03.2022 | 12:32

«ИСОНИБОН АРАЗГӔ ӔЙ ДӔХЕЦӔЙ!..»

Дзӕуӕгигъӕуи футболон скъола «Ӕвзонгадӕ»-йи стадиони евгъуд къуӕрей ерис кодтонцӕ Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий седзӕр сувӕллӕнтти хӕдзӕрттӕ ӕма интернатти гъомбӕлгӕнуйнӕгти футболон командитӕ.

Аци еристӕ рацудӕнцӕ Уӕрӕсей ахуради министрадӕ, компани «Мегафон», Уӕрӕсей спорти министрадӕ ӕма нӕ бӕсти Футболон федераций хъӕппӕресӕй. Еристӕ исхудтонцӕ «Исонибон аразгӕ ӕй дӕхецӕй!..»

Цӕгат Иристони регионалон турнири архайдтонцӕ: Дзӕуӕгигъӕуи командитӕ «Хори тунӕ» ӕма «Гастелло», Мӕздӕги скъола-интернати командӕ «Мӕздӕг», Дур-Дури скъола-интернат «Нифс».

Еристӕ рауадӕнцӕ цӕмӕдессаг. Ӕригон футболисттӕ (2007-2008 ӕнзти игурдтитӕ) хъӕбӕр зӕрдиагӕй бӕлдтӕнцӕ сӕ еузӕрдиуон фарсхуӕцгути зӕрдитӕ барохс кӕнунмӕ, ӕма син е бантӕстӕй. Кӕд ерис кодтонцӕ фиццаг ӕма фӕстаг бунӕттӕ байахӕсгутӕ, уӕддӕр уӕхӕн уавӕри ӕхе фӕххуӕрдбӕл неке банимадта. Ӕма, ӕцӕгӕйдӕр, стадионмӕ ка ‘рбацудӕй, етӕ ӕвдесӕн адтӕнцӕ зӕрдхӕлар ӕма игъӕлдзӕг спортивон мадзалӕн.

Еристи бӕрӕггонд цудӕй нӕ республики номӕй аци нӕуӕг футболон еристи Уӕрӕсей Хонсар ӕма Цӕгат Кавкази федералон зилдти еумӕйаг еристи ка архайдзӕнӕй, еци командӕ. Уӕхӕн халӕ исхаудтӕй Мӕздӕги командӕн. «Мӕздӕг» байахӕста 1-аг бунат. Мӕздӕггаг футболисттӕ ци ӕртӕ гъазти ракодтонцӕ, уоми фӕууӕлахез ӕнцӕ дууӕ хатти, еу гъазт ба фӕцӕнцӕ хӕрӕгсаст Дзӕуӕгигъӕуи «Гастелло»-й хӕццӕ.

Уӕлахездзау ӕма призон бунӕттӕ байахӕссӕг командитӕ хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕнцӕ майдантӕ, кубоктӕ ӕма ӕндӕр лӕвӕрттӕй.

Турнири бӕрӕггонд ӕрцудӕнцӕ хуӕздӕр гъазгутӕ дӕр, етӕ хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕнцӕ майдантӕ, кубоктӕ ӕма ӕндӕр лӕвӕрттӕй: «Хуӕздӕр дуаргӕс» – Наташӕ Борисенко («Хори тунӕ»), «Хуӕздӕр гъауайгӕнӕг»  – Тохсирти Ермак («Нифс», Дур-Дур), «Хуӕздӕр ӕрдӕггъӕуайгӕнӕг» – Тасойти Азӕмӕт («Мӕздӕг»), «Хуӕздӕр размӕбурсӕг» – Цӕллагти Ацӕмӕз («Гастелло»), «Еугуремӕй рӕстдзӕвийнӕдӕр» – Тасойти Азӕмӕт («Мӕздӕг»).

Ӕригон футболисттӕн зӕрдиаг арфӕ ракодта Республикӕ Цӕгат Иристон – Аланий Футболон Федераций президент Зозурти Игорь. Ӕ радзубандий Зозурти Игорь зӕрдӕ байвардта, аци еристӕ аллианзон ке исуодзӕнӕнцӕ, уомӕй.

Еристи 1-аг бунат байахӕссӕг командӕ «Мӕздӕг» нӕ республики номӕй архайдта Уӕрӕсей Хонсар ӕма Цӕгат Кавкази федералон зилдти еумӕйаг еристи. Етӕ ӕрӕги рацудӕнцӕ Краснодари.

КА ФӔТТУХГИНДӔР УОДЗӔНӔЙ?..

Тагъд рӕстӕги ба нӕ республики ӕригон футболисттӕн равгӕ фӕууодзӕнӕй сӕ арӕхстдзийнадӕ дессаги еристи равдесун. Циуавӕр, уой ба базондзинайтӕ, мӕнӕ дӕлдӕр ци ӕрмӕг мухур кӕнӕн, уоми.

Нӕ респубики дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити минӕвӕртти хӕццӕ ӕрӕги фембалдӕй зундгонд футболист ӕма тренер, республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕги унаффӕгӕнӕг Гӕззати Юрийӕн.

Дзубанди цудӕй, ӕрӕги нӕ республики скъоладзаутӕн футболӕй ци нӕуӕг еристӕ исаразуни фӕндӕ федаргонд ӕрцудӕй, уой фӕдбӕл. Гӕззати Юрий уой туххӕй загъта:

– Мӕнӕн ӕхцӕуӕн адтӕй, еци фӕндӕ нӕ республики Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло ке бахаста, е. Ӕнӕмӕнгӕ, нӕ ирӕзгӕ фӕсевӕдӕн уӕхӕн еристӕ уодзӕнӕнцӕ пайдай хуасӕ сӕ физикон цӕттӕдзийнадӕ фӕффедардӕр кӕнунӕн. Иннӕ хуарздзийнадӕ ба ма уой медӕгӕ ‘й, ӕма цӕмӕй ӕригон футболисттӕ сӕ арӕхстдзийнадӕ бӕрзонддӕр кӕнонцӕ, уой туххӕй син аразун гъӕудзӕнӕй гъазӕн фӕзтӕ. Етӕ ба цӕйбӕрцӕбӕл фулдӕр уонцӕ, уойбӕрцӕ фулдӕр уодзӕнӕнцӕ сӕхе ерхӕфсӕнтӕ дӕр. Еристи архайдзӕнӕнцӕ, нӕ республики еугур районти ци 200 скъолай ес, еци командитӕ. Фиццаг бӕрӕггонд цӕудзӕнӕнцӕ районти хуӕздӕр командитӕ, уой фӕсте ба Дзӕуӕгигъӕуи исбӕрӕг кӕндзӕнӕнцӕ Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕги Кубок рамолгутӕ ӕма призон бунӕттӕ байахӕсгути. Етӕ хуарзӕнхӕгонд уодзӕнӕнцӕ Кубоктӕй, майдантӕ ӕма ӕндӕр хуарзӕнхитӕй. Еугур футболисттӕ дӕр райсдзӕнӕнцӕ зӕрдӕбӕлдарӕн лӕвӕрттӕ. Фӕндуй нӕ еристӕ ӕхгӕнуни мадзал бӕрӕгбон хузи искӕнун. Еристӕ исаразуни сӕйраг нисан ӕй нӕ республики ӕригон фӕсевӕди (7-13-анздзудтӕ) спорт ӕма физикон культурӕмӕ ӕмхецдӕр кӕнун. Иннемӕй ба, се ‘хсӕн ци искурдиадӕгин сувӕллӕнттӕ фӕууй, уонӕн сӕ идарддӕри ирӕзтӕн фадуӕттӕ аразун…

 

БАСКАТИ Урузмӕг