ХУАРЗ ХАБАР – НИФСДÆТТÆГ!..
***
Нæ республики бонигъæди æгæр тæвдæ рæстæгутæ ке ралæудтæнцæ, уой фудæй зингæ фулдæр агурд цæуй Тагъд агъази службæ – сутки дæргъи ардæмæ æрбадзоргути бæрцæ исхъæртуй 700 уæнгæ. Тухст фулдæр æййафунцæ, зæрди æма тогдадзинти незтæ кæмæ ес, уæдта сæ тоги æлхъивдадæ æгæр бæрзонд кæмæн æй, етæ.
Дууæ сахарей – Дзæуæгигъæуи æма Ялти разамонгутæ бафинстонцæ 2022-2024 æнзти дæргъи æмгустади туххæй бадзурд. Еци рæстæг кæрæдзей хайгин кæндзæнæнцæ, цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради, ахуради, культури, туризми æма спорти си кæмæ ци фæлтæрддзийнадæ ес, уомæй.
Æрæги Уæрæсей Федераций Хецауади æмбурди исарази ‘нцæ Дагестан, Цæгат Иристон æма Мæхъæлæн æхцай фæрæзнитæ энергетики æма цæрæн-коммуналон кустуæтти æнæфæккеугæ райрæзти туххæй Хецауади фæстауæрци фондæй æхцай фæрæзнитæ радех кæнунбæл.
***
Цæгат Иристони скъоладзаутæн фæззиндзæнæй сентябрæй фæстæмæ республики театртæмæ лæвар цæуни равгæ. Уой хæццæ ба ма син гъæуама фæззинна уæхæн барæ иннæ социалон-культурон рауæнтæмæ цæунæн дæр. Уой фæрци парахатдæр кæндзæнæнцæ ахурадон гæнæнтæ.
***
Аци анзи кæронмæ Цæгат Иристонæн 13 социалон объекти арæзтадæн федералон бюджетæй дехгонд æрцæудзæнæй 35 миллион соми. Уой фæрци районти гъæутæй кæцидæрти арæзт æрцæудзæнæнцæ медицинон, культурон, социалон къабази æма æндæр ахсгиаг косæндæнттæ.
***
Транспорт æма нæдти инфраструктури республикон Комитети сæрдар Солити Тариэли загъдмæ гæсгæ, цæмæй Дзæуæгигъæуи æхсæнадон транспорти куст фæййахедгæдæр уа, уой туххæй гъавунцæ аци анз 300 маршрутон хуæдтолги, æхсæнмуниципалон маршруттæн ба 190 хуæдтолги исамал кæнун.
***
Цæгат Иристони арæзтади министрадæ 200 миллион соми радех кæндзæнæй ахурадæ æма науки министрадæн, капиталон цалцæггонд ци скъолатæ цæунцæ, уони гъæугæ косæн дзаумæуттæй æнæгъæнæй дæр исефтонг кæнунæн.