22 декабря 2024

ИМИСУЙНАГ АХУРГӔНӔГ

11.11.2021 | 17:26

ГАЦОЛАТИ Виктор, (1916-1994) инæлар-лейтенант

Советон догӕ ку ралӕудтӕй, уӕддӕр Малити Геуӕрги айдагъ ӕмдзӕвгитӕ нӕ финста дигоронау ӕма уруссагау, фал кодта ахургӕнӕги куст дӕр. Ӕ финститӕ ин мухур кодтонцӕ газет «Рӕстдзинад»-и ӕма ӕндӕр рауагъдӕнтти. Уӕди цардиуаги уавӕртӕ ӕ зӕрдӕмӕ ӕнхӕст нӕ цудӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ ба Дзинагъа ӕма Гулӕри гъӕути сабийтӕн ци райдайӕн скъола адтӕй, уоми ӕрбундорон ӕй ахургӕнӕгӕй.

Еци рӕстӕги, 20-аг ӕнзти ӕмбеси, ӕз дӕр адтӕн ӕ ахурдзаутӕй еу. Ӕма мӕ бон федарӕй зӕгъун ӕй: Малити Гадой фурт Геуӕрги айдагъ дессаги искурдиадӕгин поэт нӕ адтӕй, фал ма ӕцӕг дӕсни педагогон косӕг дӕр.

Ӕз ма хуарз гъуди кӕнун зӕронд, ка фӕкъкъолӕ ‘й, еци къӕс. Ӕмбурд гъӕуӕй ӕй цидӕр мадзӕлттӕй барӕвдзитӕ кодтан. Гъӕдин цӕгиндзӕбӕл ауигъд адтӕй ӕфсӕйнаги гӕппӕл, кӕций сӕумӕ еске ниххуайидӕ ӕма еци гъӕрмӕ мах, бӕгъӕнвад биццеутӕ ӕма кизгуттӕ уадан уордӕмӕ, нӕ къласмӕ.

Адтӕй си дууӕ минкъий къӕразги, бадтан, лигъзгонд дӕр ка не ‘рцудӕй, уӕхӕн фӕйнӕгутӕй конд даргъ стъоли рази къелатӕбӕл. Райдайиуонцӕ ахури надбӕл нӕ фиццаг къахдзӕфтӕ. Геуӕргий дессаги рӕсугъд, ӕнцон лӕдӕрӕн дзубандимӕ игъосгӕй нӕ ӕригон уодтӕ тӕбар-тубур кодтонцӕ, еу къахдзӕф инней фӕдбӕл, уотемӕй нӕ худта зонундзийнӕдти дуйнемӕ.

Ахид нин дзурдта, ӕрӕги ци цаутӕ адтӕй, уони туххӕй. Бӕгъатӕр керменистти лӕгдзийнади хабӕрттӕ. Нӕ уолӕфти ӕстуф дӕр нӕбал цӕуидӕ, уотемӕй Къесати Колка, Цӕголти Геуӕрги ӕма иннӕ ӕскъуӕлхт керменистти хабӕрттӕмӕ игъустан хӕлеугъӕлӕстӕй.

Геуӕрги кӕд фулдӕр рӕстӕг лӕвар куста куд ахургӕнӕг уотӕ, уӕддӕр ӕ кусти рӕстӕг некӕд фӕццубур кодта. Мӕнӕ бабӕй райгъустӕй ӕфсӕйнаги дӕрӕгъдзӕгай, фӕцӕй фӕстаг урок. Игъӕлдзӕг сабийти къуар сӕ хъумацин баркъити хӕццӕ фӕххӕлеу ӕнцӕ сӕ хӕдзӕрттӕмӕ, цӕмӕй еу-дууӕ, ӕртӕ сахаттей фӕсте бабӕй нӕуӕгӕй ӕрӕмбурд уонцӕ скъолай минкъий тургъи.

Еци фӕсарӕфтон сахӕттӕ тӕккӕ фулдӕр уарзтан. Уалдзӕги ӕма фӕззӕги цудан ӕрдзи гъӕбесмӕ: кӕми Ирӕфи билӕмӕ кенӕ гъӕди къохмӕ, сӕрди ба нӕ над уидӕ Хускъӕ адаги гъӕдӕмӕ лискъӕфдзауӕн. Еуӕй-еу хатт нарӕг къӕдзӕ-мӕдзӕ къахнадбӕл исхезианӕ Гулӕрмӕ, кӕци лӕудтӕй кӕрзкъӕхӕни билгӕрон.

Ами дӕр нӕ уолӕфт бауорамгӕй, нӕ сибиртт ма цӕуа, зӕгъгӕ, игъустан нӕ уарзон ахургӕнӕги хабӕрттӕмӕ евгъуд рӕстӕгутӕ ӕма царди фӕдбӕл. Фал нин фулдӕр ба дзурдта нӕ исонибони туххӕй, цӕхуӕн дессаг хуарз уавӕрти цӕрдзӕнӕнцӕ адӕм хуӕнхбӕсти еу-инсӕй анзей фӕсте.