26 декабря 2024

ИРОНХ НÆ ’НЦÆ Æ АГЪАЗИАУ ХЪИАМÆТТÆ…

27.08.2022 | 11:46

Зундгонд ахургонд, филологон наукити кандидат, Цæгат Иристони науки æскъуæлхт архайæг ХÆМИЦАТИ Алексейи кизгæ Тамарæ æ наукон карнæ иснивонд кодта нæ адæмон исфæлдистади хæзнадзийнадæ исбæлвурд кæнун æма ‘й багъæуай кæнуни сæрбæлтау.

Гъулæггагæн, Тамарæ абони не ‘хсæн кæд нæбал æй, уæддæр нæ дзиллæй иронх нæ ‘нцæ адæми этнографи æма фольклори цардгъондзийнади сæрбæлтау æ агъазиау хъиамæттæ. Уомæ гæсгæ имисæн æма имисдзинан Хæмицати Тамари рохс ном, уæдта ма уомæн дæр, æма 31 августи æ райгурдбæл æнхæст кæнуй дæс æма цуппаринсæй анзи (1932-2011). Уой фæдбæл æрмæг кæсетæ 3-аг фарсбæл.