22 декабря 2024

КУСТИТÆ ÆМА ЗИЛДТИТÆ КÆРÆДЗЕЙ ÆЙЙАФУНЦÆ

21.09.2024 | 22:52

Цæгат Иристони Хецауади Сæрдар Дзанайти Бариси разамундæй  æрæги ци аппаратон æмбурд арæзт æрцудæй, уоми æркастæнцæ национ проекттæ æма паддзахадон программитæ нæ республики куд æнхæстгонд цæунцæ уомæ, уæдта ма оперативон уавæр æма æдасдзийнади фарстатæмæ.

Æмбурди райдайæни Цæгат Иристони Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Æгъузарти Мурат æ радзубандий куд фегъосун кодта, уотемæй абони уæнгæ дæр ма Цæгат Иристони районти 54 гъæуеми зингисервæзтæй тæссаг æй æма цæмæй маци фудбæлæхтæ æрцæуа, уой туххæй рагацау арæзт цæунцæ гъæугæ гъæуайгæнæн  ахедгæ мадзæлттæ.

Цæгат Иристони æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министри хуæдæййевæг Томайти Тамарæ ба æмбурди архайгутæн фегъосун кодта, хуæцгæ незтæй сæйæг сæйгити нимæдзæ нæ республики цæйбæрцæ ’й, уой. Диспансеризаци идарддæр куд цæуй, уобæл дзоргæй ба куд загъта, уотемæй, абони уæнгæ се ’нæнездзийнади уавæр исбæрæг кодтонцæ 3292 адæймаги.

Цæгат Иристони финансти министри хуæдæййевæг Оксанæ Каровай дзубанди ба адтæй,  республики бюджети фæрæзнитæ куд æма цæбæл харзгонд цæунцæ. Æ загъдмæ гæсгæ, национ проекттæ æма паддзахадон программити нисантæн нуриуæнгæ æхцай фæрæзнитæ дехгонд æрцудæй 82 проценти.

Национ прооекттæ æма паддзахадон программи нисантæбæл дзоргæй, Æгъузарти Мурат  дæр, куд загъта, уомæ гæсгæ, уони фæрци нæ республики берæ ахсгиаг гъуддæгутæ арæзт цæуй, фал си ес къулумпидзийнæдтæ дæр. Етæ еугурæй дæр баст æнцæ æхцай фæрæзнитæ ке нæййес, уой туххæй.

Цæгат Иристони арæзтадæ æма архитектури министр Атарати Георгий ба радзурдта, нæ республики арæзтадон фæзти куститæ æма бундорон цалцæг кæнуни куститæ куд цæунцæ, зæйтæ рацæунæй тæссаг кæми æй, еци рауæнти цæрæг адæми нæуæг цæрæнуæттæмæ раййевуни фарстатæбæл. Æ загъд адтæй:

– Ногири музыкалон скъола æма Дзæуæгигъæуи сувæллæнтти исфæлдистадон Галауани бундорон цалцæги куститæ ниддæргъвæтийнæ ’нцæ. Аразæг организацити архайди ес бафауйнæгтæ æма син уой фæдбæл нæ уайдзæфтæ балæдæрун кодтан. Етæ нин зæрдæ байвардтонцæ куститæ фæттагъддæр æма амунд афонæмæ сæ кæронмæ исæнхæст кæнунæй. Уомæй уæлдай, къулумпитæ исæвзурдæнцæ миграцион служби хæццæ. Зæйтæ рацæунæй тæссаг бунæтти ка цæруй, еци адæми номхигъдтæ нин абони уæнгæ дæр нæма равардтонцæ. Цæрæнуæттæ син радех кæнунæн æхцай фæрæзнитæ ба æрвист цæудзæнæнцæ æртæ анзей дæргъи.

Агротуризми æма гъæууонхæдзарадон проектти нисанти фæдбæл ба радзурдта Цæгат Иристони хуайраги æма гъæууон хæдзаради министр Къусрати Алан. Куд загъта, уомæ гæсгæ агротуризми ирæзти программæ нæ республики æнхæстгонд цæуй æнтæстгинæй. Е загъта:

– Гранттæ лæвæрд æрцудæнцæ, гъæууон хæдзаради къабази æнтæстгин куст ка кæнуй, еци амалгъон адæймæгутæн. Уæрæсей Федераций Гъæууон хæдзаради министрадæмæ агротуризми фæдбæл нæ бæсти алли рауæнтæй ци берæ проекттæ æрвист æрцудæй, уони ’хсæн Цæгат Иристони проекттæ сæ еугур дæр бæрæггонд æрцудæнцæ. Е æхцæуæн хабар æй.

Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй уæхæн загъд: «Аллибони куститæ æма зилдтитæ кæрæдзей æййафунцæ!..» Æма си алкедæр æ афони ку не ’нхæст кæнай, уæд æрæмбурд унцæ æма кæрæдзей хъор кæнун байдайунцæ. Уотæ ’й национ проекттæ æма иннæ паддзахадон программити фæткæ дæр – алкæмæн дæр си   æнхæст кæнунæн бæлвурд рæстæг ес æма бæрнондæрæй архайун гъæуй.

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта  ХЕКЪИЛАТИ Маринæ.